открытое мероприятие"Коста Хетагуров"
методическая разработка (10 класс) на тему

Кораева Фиолета Тареловна

Основоположник осетинской литературы Коста Хетагуров, автор книги "Осетинская лира"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kosta.docx13.99 КБ

Предварительный просмотр:

     

 Йæ  цард гъеныр   дæр у сæдæ

Ахуыргæнæг: Къораты  Фиалетæ

Д.Саниба

Æгас нæм æрцæуат

Мæнæ зынаргъ адæм

Мæ фæндон æргомæй

Зæгъдзынæн уæ разы:

Къостйы бæрæгбонмæ

Чи фæзынд ардæм

Фæцæрæнт нын уыдон

Фæйнæ сæдæ азы!

Йæ хæхтæ йын  мысæнт

Йæ зарæг ын зарæнт

Æххæст кæнæнт а зæххыл

Уый хорз фæндонтæ.

Æрмæст уыйау тухитæ

Мачи æвзарæд

Æнæнизæй, хъæлдзæгæй

Арвитæд бонтæ

Йæ саби йæ цуры

Тагъд айрæзæд, хъазæд

Сæдæ азæй  а  зæххыл

Ма цæрæд къаддæр!

Æмæ нын Къостайау

Йæ адæмы уарзæд

Дæттæд сын æнæвгъау

Йæ хъару, йæ цард дæр!

- Фæззæг та нæм йæ сызгъæринбарц  бæхыл æрхаста цины хабар: нæ цытджын,  нæ иузæрдион  æмæ зынаргъ Къостайы райгуырдыл абон æххæст кæны 156 азы!

-Алы аз дæр Ирыстоны  адæм уæлдай æхсызгонæй сæмбæлынц 15- октябры

Уæлдай циндзинад нын æрхæссы ацы бон. Уымæн æмæ 15 – октябры райгуырд нæ бæстæйы æмæ суанг фæсаранты дæр Ирыстоны ном кадджын чи скодта уыцы уарзон хъæбул- Хетæгкаты  Леуаны фырт Къоста.

-Къоста… Æрæст номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт  Къосайы. Бирæтæ хастой уыцы ном Къостайы размæ дæр. Фæлæ йæ Къостайы хуызæн кадджынæй , Къостайы хуызæн  бæрзонд æмæ сыгъдæгæй ничи ныууагъта йæ фæстæ.

- Дзыллæйы рисæй чи фæрыст , сæ амондыл тохы чи нæ бафæллад , ахæм адæймагæн мæлæт нæй. Ис ын æрмæстдæр райгуырæн бон.. Уый свæййы адæмы бæрæгбон. Ахæм кадджын бон сси Ирыстонæн 15 – октябрь - хорз æвдисæн, йæ кадджын ном æнустм кæй цæрдзæн, æмæ нæрдзæн Ирыстоны кæмтты, уымæн.

- Алы адæмтæ дæр æхсызгон æмæ сæрыстырæй фæдзурынц дзыллæты цæсты сæ кадджын чи скодта , сæ национ гени уалдзыгон дидинæгау кæй фæрцы райхæлд, уыдоны тыххæй.

Англисаг сæрыстырæй фæзæгъы Шекспиры ном, немыцаг – Гётейы , уырыссаг- Пушкины.

-Мах, ирæттæ та фæзæгъæм Къоста! Æмæ нын уыцы ном нæ зæрдæтæ байдзаг кæны æгæрон сæрыстырдзинад æмæ хъæбулы урзондзинадæй.

- Номдзыд ахуыргонд Абайты Васо фыста : ирон аив литературæйæн Къоста сси фидар бындурæвæрæг, йæ цæугæ хох, йæ лæугæ мæсыг, йæ зæрдæйы уидаг, йæ сæууон стъалы æмæ йын  «Ирон фæндыр» баззади цырагъдарæй.

-Къостайы æмдзæвгæтæй бирæтæ систы ирон поэзийы тæмæнкалгæ налхъуыт-налмастæ. Ирдæй æвдисынц поэты хæлар æмæ уарзæгой зæрдæйы уаг, æнусты дæргъы æнæнымæц зынтæ æмæ хъизæмæрттæ чи бавзæрста, уыцы адæммæ. Гъе – уымæн афтæ азæлы уæззау хъарæгау, уады къуыс-къуысау, зæйы æхситтау йæ мæстæлгъæд хъæлæс.

-Кавказы адæмтæ бирæ таурæгътæ, бирæ æнкъард зарджытæ сарæзтой  сæ уæззау цардыл. Сæрыхъуын арц сбады, зæрдæ ныккæрзы уыдонмæ хъусгæйæ. Фæлæ дзы Къостайы хуызæн йæ зарджытæй хæхтæй бæрзонддæр ничи схызт æмæ уыцы бæрзондæй ничи федта адæмы хъыгтæ æмæ цæссыгтæ

-Къоста æнусы бæрц дæр нæ фæцард . 47 азы рацард æдæппæт. Фæлæ йæ зæрдæйы цы рухс сыгъд, уый цалынмæ зæххыл иу адæймаг уа, уæдмæ нæ ахуысдзæн. Уый æрттивдзæн стъалыйау, тавдзæн хурау, рухс кæндзæн фæрнæйдзаг бæстæмæ фæндæгтæ.

- Цæудзысты азтæ… æмæ Къостайæн йæ ном кæндзæн бæрзондæй – бæрзонддæр, кадджынæй – кадджындæр.  «Ирон  фæнндыр» зæхмæ æрхауын никуы бауаддзæн ирон лæг.

- Къостайы кадæн абон не скъолайы ис æмдзæвгæтæ кæсыны конкурс. Байхъусæм ирон аив дзырды  дæснытæм.

Ныхасы бар 1 къласæн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Коста Хетагуров

Коста Леванович Хетагуров великий осетинский поэт и художник...

Презентация "Коста Хетагуров"

Сопроводительный материал при изучении творчества Косты Хетагурова....

Коста Хетагуров. Жизнь и творчество. Сборник «Осетинская лира».

Изображение тяжелой жизни простого народа. Специфика художественной образности....

Коста Хетагуров. Картины

В документе представлены фотографии и картины к уроку "Коста Хетагуров. Жизнь и творчество. Сборник "Осетинская лира"...

Коста Хетагуров

Презентация с картинами основоположника осетинской литературы...

Коста Хетагуров "Генийы аразаг тых"

Многогранность таланта Коста Хетагурова...

Презентация к уроку "Коста Хетагуров".

Призентация к уроку "Коста Хетагуров"...