План конспект урока
план-конспект урока по теме

Гаппоева Зарема Ацамазовна

Тема:"Хетагкаты Къоста-ирон адамон фыссаг". Амдзавга "Арра фыййау "..

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gom_urochy_plan_kosta.docx246.01 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урочыпълан

Темӕ:ХетæгкатыКъоста-ирон адæмон фыссæг.  Æмдзæвгæ«Æрра фыййау».

Ахуыргӕнӕг:      Гаппуаты З.А.

Урочытемæ:Хетæгкаты Къоста-ирон адæмон фыссæг.Æмдзæвгæ «Æрра фыййау»

Урочынысан:1)скъоладзауты базонгæ кæнын фыссæджы царды хабæрттимæ;

                          2)Къостайы æмдзæвгæтыл афæлгæстс кæнын. Равзарын æмдзæвгæ «Æрра  фыййау».

                           3)скъоладзаутæм гуырынкæнын уарзондзинад  Къостайы сфæлдыстадмæ.

Урочы метод:беседæ.

Куысты хуызтæ: аив каст,Къостайы æмдзæвгæтæ дзурын,æмбисæндтæ сфæлхат кæнын.

Урочыцыд:

  1. Организацион хай.

а)-Сывæллæттæ,зæгъут-ма афæдзы мидæг цал афоны ис?  Ранымайут сæ?

-Ныр афæдзæн йæ кæцы афон у?

-Ранымайут фæззæджы мæйтæ.

-Зæгъут-ма цы ивддзинæдтæ æрцæуы фæззæг æрдзы мидæг?

æ) Нæ зæрдыл æрлæууын кæн æмбисæндтæ.

1)Зæххыл ис æртæ ахуыргæнæджы…

2)Чи цал æвзаджы зона…

3)Иуы зондæй…

4)Æппæтæй  тыхджындæр …

2)Хæдзармæ  куыст.

-Цæмæ арæзт æрцыд къæлиндар?

-Фыццаг къалиндар чи сарæзта?

-Афæдзы дæргъ фыццаг чи базыдта,стæй цæмæ гæсгæ?

-Цæмæ гæсгæ арæзт æрцыд къæлиндар?

-Чи базыдта фыццаг афæдзы дæргъ?

-Цæмæн хъуыди къæлиндар?

-Куыд сбæрæг кодтой египетаг адæм афæдз?

-Цал боны ис афæдзы?

3)Физминуткæ.

4)Ног æрмæг.

Дзырдуат: сфæлдыстад,къуымбил,уæзæгыл,ныххæрæгъ.

Кæфты  мæйы  15-æм бон.

-Сывæллæтæ ,абон мах нæ урочы ныхас кæндзыстæм,ирон номдзыд фыссæг,Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста у ирон литерæтурæйы бындурæвæрæг,Ирыстоны адæмон фыссæг.Райгуырд 15-æм октябры 1859 азы,Нарыхъæуы,Уæлладжырыкомы.Йæ мад ГуыбатМæрийæ ,амард Къостайы райгуырды фæстæ.Схаста йæ се `рвадæлты ус Чендзе.Чендзе Къостайы уарзта йæхи хъæбулау.

Къостайы фыд Леуан уыд æфсæддон,арæх цыди балцыты.Къостайыл 5 азы куы сæххæст,уæд Леуан æрхаста ног ус,Сухиты Хъызмыдæйы.Фыдыус нæ бауарзта лæппуйы-арæх æвзæрста æфхæрд æмæ над.

Райдиан скъола каст фæци Нары.Стæй ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы реалон училищæйы.Йæ фæстæ бацыд Стъарополы гимназмæ.Ам раргом йæ фыссæджы курдиат.Баххуысын кодтой уыцы хъуыддаджы йæ ахуыргæнджытæ:Неверов æмæ Смирнов.Иу аз-ма куы баззад ахуыр кæнынæн,уæд Къоста бацыд Бетъербухы Аивæдты академимæ.Кæронмæ йæ каст нæ фæци,уæззау царды уавæрты тыххæй.Æрцыд фæстæмæ Ирыстонмæ.Дыууæ хаты Къоста хаст æрцыд Ирыстонæй.

1899 азы рацыд «Ирон фæндыр».

Йæ цард–цæрæнбонты Къостатох кодта мæгуыр адæмы сæраппонд,сæ бартыл.

Амард  1906азы 1-æм апърелы.Ныгæд у ирон аргъуаны кæрты.

2)Скъоладзаутæ дзурынц раздæр Къостайæ цы æмдзæвгæтæ ахуыр кодтой,уыдон.

3)Æмдзæвгæ «Æрра фыййау «бакæсын æмæ йын анализ скæнын.

4)Къостайы æмдзæвгæтыл фыстæ  рцыдис зарджытæ.

Хъуысы  зарæг «Хъуыбады».

Къоста канд фыссæг нæ уыди,фæлæ мА уыди нывгæнæг .

Слайд 1.Æвдыст цæуынц  йæ  нывтæ.

Къостайы тыххæй тынг бирæ дзурын æмбæлы,æмæ хистæр кълæсты сымах дарддæр зонгæ кæндзыстут йæцард æмæ сфæлдыстадимæ.

Къостайы ном рох нæу йæ номыл ис бирæ цыртдзæвæнтæ нæ горæты.

Слайд2.Æвдыст  цæуынц йæ цыртдзæвæнтæ.

         5  Кæронбæттæн.

-Цæуыл ныхас кодтам абон нæ урочы?

-Кæд æмæ кæм райгуырдис Къоста?

-Чи схаста Къостайы æмæ цæмæн?

-Куыд хуындысты йæ мад æмæ фыд ?

-Цавæр цæстæй каст Къостамæ йæ фыды дыккаг ус?

-Фыссынæй уæлдай ма цы уарзта Къоста

--Куыд хуыйны йæ фыццаг чиныг ?

-Йæ æмдзæвгæ «Æрра фыййау « цæмæ схуыдта?

      6. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

7. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

План - конспект урока в форме презентации в программе Power Point на немецком языке по теме " Немецкая пресса для подростков" и конспект урока в программе Word к УМК И.Л.Бим., Л.В.Садомовой " Шаги 5" для 9 класса.

Презентация конспекта урока на немецком языке  в программе Power Point по теме "Немецкая пресса для подростков" и конспект в программе  Word показывают некоторые приёмы работы по теме "СМИ" ...

ПЛАН-КОНСПЕКТ УРОКА План-конспект урока в 11 классе «Фотоэффект. Применение фотоэффекта.»

Урок с использованием  ЭОР. В изучении нового материала используется информационный модуль  "Фотоэффект" для базового уровня старшей школы.  В практический модуль входи...

План – конспект урока по физической культуре в 7 классе Тема: «Баскетбол. Ловля, передача и ведение мяча» План – конспект урока по физической культуре в 7 классе Тема: «Баскетбол. Ловля, передача и ведение мяча»

Цель урока: Развитие новых умений и навыков при игре в баскетбол, воспитание  дисциплинированности.Задачи урока: 1. Совершенствование  техники выполнения  передачи  мяча ...

План-конспект урока английского языка в 6 классе УМК «Английский в фокусе» авторы Н.И.Быкова, Дж.Дули и др. Тема урока: “Holiday plans”. Планы на каникулы.

Тема урока: “Holiday plans”. Планы на каникулы. Место и роль урока в изучаемой теме: 1 урок по теме «Holiday plans» , 1 урок по разделу «Holiday time»...

План конспект урока. Требования к плану урока.

План конспект урока математики. Требования к плану урока.Система планирования урока включает:-годовое и полугодовое планирование;-тематическое планирование;-поурочное планирование.Необходимо уделять б...

План – конспект урока по физической культуре в 7 классе Тема: «Баскетбол. Ловля, передача и ведение мяча» План – конспект урока по физической культуре в 7 классе Тема: «Баскетбол. Ловля, передача и ведение мяча»

План – конспект урока по физической культуре в 7 классе Тема: «Баскетбол. Ловля, передача и ведение мяча» План – конспект урока по физической культуре в 7 классе Тема: «Б...

План-конспект урока по профильному труду 6 класс. Тема урока: «Ориентирование в задании по чертежу. Разбор чертежа. Составление плана работ изготовления скамейки».

Изучение  план изготовления скамейки, научить самостоятельно изготавливать скамейку по плану;  Развитие моторики рук, глазомер, связную речь, развить образную память, логическое мышление; Ко...