план урока в 6 классе
план-конспект урока (6 класс) на тему

Алцаман дар йахи афон ис

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл otkrytyy_urok_v_6v.docx22.13 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ:«Алцæмæн дæр йæхи афон  ис»

Грамматиконхай:  Нымæцон.

Нысан:  1бакусын  ныхасы рæзтыл

Хъомыладонхæс: ахуыр кæнын сывæллæтты раст пайда кæнын сæ рæстæгæй..

Цæстуынгææрмæг:   Чиныг, тетрад ,ИКТ

                                                           Урочы  цыд.

Организацион  хай.

-Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

-Чызджытæ   сбадут.  Лæппутæ   сбадут.

-Цавæр  афæдзы  афон у ныр?(слайд№1)

- Абон  кæцы  нымæц  у?

-Къуырийы  кацы бон у?

-Боныхъæд та цавæр у?  

Фонетикон зарядка.

Кавказаг  мыртæ. Дз, дж,  гъ,  къ, пъ,  тъ,  чъ, цъ, хъ.

Мыр –дзырд- дзырдбаст- хъуыдыйад.

Лексикæ.(слайд№2)

1.бирæвæрсыг                                                  1.развлечение , хобби

2.сæйрагдæр                                                    2.способный

3.зæрдæргъæвд                                              3.многогранный

4.хиирхæфсын                               4.любой

5.бонцухæй                                                      5. через день

6.раст куызæгъон                                           6. честно говоря

7.æнкъард мын вæййы                                7.помеха

8.зæрдæмæ   айсын                                              8. мне бывает скучно

9.къуылымпыйы хос                                              9 .привязаться к чему либо  

10.кæцыфæнды                           10. Основной

 Къордгай  куыст.

Сывæллæттæ  , алы партæйыл дæр  ис къонверт , уым  ис  цæгтæ   дзырдтæ.  Ахæм хæслæвæрд уын

- Саразут  дзырдтæй рæстæджы   рæхыс. Чи  тагъддæр  амбырд  кæна  уый  йæ  къух  сдарæд.

Афæдз – афæдзы  афонтæ- мæй –къуыри- бон- сахат-минут-сикъунд( слайд №3)

- Æппæт  мæ  дæр  афтæ  у ?( все числа записываются на доске)

-Афæдзы  цал мæйы  ис?

-Афæдзы цал  афоны  ис?

-Мæйы  цал боны ис?

-Къуырийы   та ?

-Боны цал   сахаты   ис?  

-Сахаты   цал минуты ис?

-Минуты цал  сикъунды  ис?

Фæйнæгмæ  цы  нымæцтæ  рафыстам  уыдон  цавæр  ныхасы  хаймæ   хауынц? Цавæр нымæцонтæ  зонут? ( Бæрцон  Рæнхъон)

-Ацы  дзырдтæ ,сывæллæттæ,  махæн  æвдисынц  нæ цард  . Ома уый та куыд?

-Азгай цæуы  нæ  цард ,  афæдзы  афонтæ  ивынц  кæрæдзийы,  мæй  мæйы  фæстæ, къуыри    къуырийæ, бон бонæй , сахат  сахаты  фæдыл, минут  минутæй   æмæ  сикъунд  сикъундæй.

Æмæ  кæд  сикъунд  хæрз  чысыл  зыны, уæддæр  уыдон   аразынц минут, сахат………….афæдз.

Æмæ    адæймаг  алы минутæн дар  хъуамæ  аргъ    кæна.

-Дзæгъæлы   нæ   сарæзтам   ацы  рæстæджы  рæхыс.

-Абон  нæ  ныхасы   сæр  цæуыл   уыдзæн ?

Рæстæгæн  аргъ   кæнын   хъæуы.

Алцæмæн дæр  йахи   афон  ис, æмæ  дзы  раст  пайда  кæнын   хъæуы.

(слайд№4) тема урока

«Алцæмæн  дæр  йæхи   афон   ис»

Хæдзармæ   куыст     бафæрсын.

-Мах базонгæ  стæм   зындгонд   адæм   царды   сæ  уæгъд   рæстæг  куыд   æрвыстой  уыимæ.

Æрлæууын  ма  сæ  кæнæм  нæ   зæрдыл.

(слайд№5)

-Чи  у?(Абу Али Ибн Сина)Авиценна

-Цавæр       дæсныйадыл   хæст у? ( ныффыста   медицинон  зонындзинæдты    чиныг )

-Йæ   уæгъд   рæстæг  куыд    æрвыста?(аивадон   уацмыстæ    фыста)

Чи  у?  А.И. Куприн

-Цавæр     дæсныйадыл     хæст у? ( уырыссаг    фыссæг )

-Йæ   уæгъд    рæстæг    куыд   æрвыста ?(уарзта бокс, ленк  кæнын,  топпæй   æхсын, бæхыл бадын)

Чи  у?  Софья Ковалевская

-Цавæр  дæсныйадыл  хæст у? ( фыццаг   сылгоймаг математик )

-Йæ  уæгъд  рæстæг   куыд   æрвыста ?(уарзта  фыссын  æмдзæвгæтæ , романтæ, драмон  уацмыстæ)

Чи  у? А.П. Бородин

-Цавæр   дæсныйадыл  хæст у?( лæвæрдта  хими   Бетъырбухы    академийы  )

-Йæ   уæгъд   рæстæг  куыд   æрвыста? ( музыкæ  нымадта  куыд  хиирхæфсæн)

Ныртæккæ  йæ  мах зонæм  куыд  музыкант  композитор.

Чи  у?  Менделеев

-Цавæр         дæсныйадыл   хæст у? ( Ахуыргонд   бирæ  наукон куыстытæ бакодта алыхуызон къабæзты )

-Йæ  уæгъд  рæстæг   куыд    æрвыста? (тынг   уарзта   шахмæттæй   хъазын)

-Хæдзармæ   куыст  уын   уыдис   бацæттæ  кæнын   зындгонд   адæмы   тыххæй   цыбыр   зонинæгтæ.

-Зæгъут Чи у?

-Цавæр   дæсныйадыл   хæст у?

-Йæ  уæгъд   рæстæг  куыд    æрвыста?

(Байхъусын       ахуырдзаутæм)

Фысгæ       куыст.(слай№6)

Куыд  ис  æрвитæн уæгъд  рæстæг.  Бакæнæм ма фысгæ  куыст.

Райгом   кæнут  уæ  тетрæдтæ, ныффыссут  абоны   нымæц.

Баххæст    кæнут  хъуыдыйæдтæ  хъæугæ     дзырдтæй.

Мæуæгъдрæстæгæзуарзын ………….

Фæлладуадзæн бон мæфыд  …………………….

Мембал  узæрдæргъæвд  …………………….

( фæкæсычингуытæ,  шахмæттæйхъазынмæ, ныв кæнын)

Физминуткæ.

Хъазæнасастисйæсис

Систауæднæхъазфæдис.

-Махъæркæн, æгъгъæд у, цæй,

Гиноснынкæныфынæй.

Нывтимæкуыст.(слай№7)

Дардæр ма уæдæ   аныхас кæнæм,  куыд æрвитæн ис уæгъд  рæстæг

-Цы  уынут   ацы    нывты? Æрдзурын    нывтыл.

 Афтæ  сывæллæттæ  æрвитынц  сæ   уæгъд     рæстæг.  

-Фæлæ   сымахæн     æртæккæ   уæ   сæйрагдæр   хæс    цы у?

-Раст ,сымахæн   уæ   сæйрагдæр   хæс у  ахуыр    кæнын. Уæ  ныййарджытæ  фæллой  кæнынц  сæ  куысуæтты.   Уымæн  æмæ  æнæ  куыстæй  цард  нæй.  Сымахæн та уæ   куыст у ахуыр.

- æмбисæндтæ   куысты   тыххæй?

Ацы  æмбисæндтæн сæ хæйттæ  баиу  кæнæм.

Цард                                                                 куыст у.

Куыстæн  йæ   сæр    сындз,                          йæ    бын сой.

Чи   нæ   кусы ,                                              уый    нæ    хæры.

Зивæггæнаджы       мад                           мæгуыр  у.

Хæрын    уарзыс,                                          кусын   дæр   уарз.

Аудирование   .

              Иу туркаг лæг йа бæмбæджы хуымтæ æфснайынæн  æрхъуыды кодта  диссаджы  мадзал.  

Уый  туристтæн  радты бар иу сахат  бæмбæг æмбырд кæнынæн.  Куысты  иу  сахатæн туристтæ   фыстой  30 еврайы.  Уыцы куыст туристтæн уыд хиирхæфсæн.  

Бæмбæг æмбырд  кæнын  уæлдай тынгдæр  сæ зæрдæмæ  фæцыд  бельгийæгтæн æмæ  немыцæгтæн.

Афтæ  ирхæфсынц сæхи  иуæй иутæ.

  1. Чи æрхъуыды кодта  диссаджы мадзал?
  2. Цавæр бар радта  туркаг лæг  туристтæн?
  3. Кæмæн  фæцыд тынгдæр  йæ зæрдæмæ  ахæм куыст?

Куыст иу. Фæлæ бирæтæн куыст  свæййы  хиирхæфсæн.

Уæгъд  рæстæг  уый   хорз   у ,фæлæ   куыстæн дæр   æмæ    улæфтæн  дæр   сæхи   афон   ис.

- Нæ   ныхасы  сæр   абон   цы у?

Чиныгимæ   куыст.

-Райгом    ма  кæнут    уæ     чингуытæ 65-æм    фарсыл. Бакæсæм   ма  æмæ  базонæм  куыд  æрвитынц   скъоладзаутæ   сæ   уæгъд    рæстæг.( иу чызг  кæсы   ахуыргæнæджы   ныхæстæ, æмæ  дарддæрдæр    йæхæдæг   фæрсы  йе   мкъласонты)

-Чи   сæкуыд   æрвиты   йæ   уæгъд    рæстæг?

-Куыд   уæм   кæсы, мæнæ   компьютерæй  арæх   чи   фæхъазы  ,уый   раст   кæны   æви    нæ?

Кæронбæттæн.

-Цы   базыдтат  æмæ   цы   райстат   нæ   абоны   урокæй   уæхицæн   ногæй.?

Зындгонд  адæмы  царды  уаг ма скæнæм нæхицæн фæзминаг  æмæ нæ рæстæг дзæгъæлы ма хардз  кæнæм.

Алцæмæн  йæхи   афон   ис.

Хæдзармæкуыст.

Цыбыррадзырд. «Мæуæгъдрæстæг»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Планы уроков (1 класс)

Планы уроков по физкультуре для 1 класса (новые стандарты). 2 часа в неделю. Третья страница в планах это обратный лист для каждой страницы....

План урока - 8 класс по чувашскому языку

Здесь дается план урока и презентация по чувашскому языку на тему "Ãслã сãмахсем" (Умные слова) для 8 класса русскоязычной школы....

План урока 9Б класса (Вторник 7 апреля ) Урок №69 "Преломление света. Физический смысл показателя преломления.Дисперсия света. Цвет тела ."

В рамках дистанционного обучения обучающимся предлагается подробный план занятия в соответсвии с учебным планом и тематическим планированием гуманитарного профиля. Занятие составлено с опрой на видео ...

План урока 9Б класса (Среда 8 апреля) Урок №70 "Поглощение и испускание света атомами ." 9Б класс (гуманитарный профиль)

Ввиду с необходимости дистанционного обучения, в соответствии с программой и планированием учебного материала, разработан подробный план занятий для учащихся гуманитарного профилия 9 класса. Использов...

План урока 9Б класса Урок № 71 «Типы оптических спектров (§ 52). Инструктаж по ОТ. Лабораторная работа № 5 «Наблюдение сплошного и линейчатых спектров испускания»

В рамках дистанционного оучения разработан план урока для 9 класса гуманитарного профиля на основе интернет ресурсов по выполнению лабраторной работы....

План урока 9Б класса (Вторник 14 апреля) Урок №72, контрольная работа "Электромагнитное поле"

В рамках дистанционного обучения, для обучающихя 9Б класса (гуманитарный профиль), составлен план занятий по выполнению контрольной работы с подбором деманнстрационного варианта....

План урока 9Б класса (Среда 15 апреля) Урок №73 "Радиоактивность. Модели атомов ."

В рамках дистанционного обучения для обучающихся 9 Б класса (гуманитарный профиль) составлен краткий план занятий с использованием платформы РЭШ....