Статья "Рагон ирон чындзæхсæв".
статья по теме
Предварительный просмотр:
РАГОН ИРОН ЧЫНДЗÆХСÆВ
Уæзданæй, фæрсагæй, уæййагæй,
Хъæздыгæй, мæгуырæй æмзæрдæ
Куы уаиккам! Баууæнд, нæ бæстæ
Нæ заид фæстейæ хъуагæй.
Гæдиаты Секъа
Раздæр ирон адæммæ цы бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыдис, уыдонæй сæ иу уыд чындзæхсæвы æгъдау. Ирон чындзæхсæвæн уыдис йæхи æвæрццаг æмæ æппæццаг миниуджытæй хъæздыг кодта ирон чындзæхсæв: æфсарм, æгъдау, кафт, зард... Зындгонд куыд у, афтæмæй уæды заманты хъæздыг лæг йæ чызджы мæгуыр лæгæн нæ лæвæрдта, кæдиу чызг æмæ лæппу кæрæдзийы тынг уарзтой, уæддæр. Фыд-иу стыр ирæд куыд нæ райстаид, уæд йæ чызджы нæ лæвæрдтæ.
Сиахсаг-иу æмбалимæ ацыдис, æмæ-иу чызджы фыд фарста сиахсаджы æмбалы, лæппу фæрæзджын у æви нæ. Уæд-иу æрцыдысты фидауынмæ, æхца-иу ныууагътой нысангарз. Уый фæстæ та-иу æрцыдысты хæдзар уынæг, æмæ-иу райстой гал, хъуг æмæ фондз фысы, хуыдтой сæ фидауæггаджы гал æмæ хъуг. Иу мæйы фæстæ-иу ногæй ирæд исынмæ æрцыдысты, чызджы фыдæиу йемæ æркодта æртæ лæджы. Фыццаг истой цæджджинаг стыр æрхуы аг, стæй топп æмæ кард, цæджджинаджы хуыдтой сæр. Стæй-иу бадзыртой дарæсы ′хцайыл. Истой бæх, æртæ галлы, цыппар хъуджы. Хъуыскъаг фос, фыстæ дæс æмæ ссæдзæй – дæс æмæ дыууиссæдзмæ. Бирæтæн-иу сæ фос ирæды фаг куынæ кодтой, уæд-иу дыккаг хæдзæрттæй æфстау райстой. Чындз хастой Джеоргуыбайы фæззыгон куыстыты фæстæ. Чындзхæсджытæ-иу къуыри баззадысты, хъæубæстæ сæ рахон-бахон кодтой, хуыдтой сæ цыты уазджытæ...
Фынгтыл-иу сыкъа куы анызтой, уæд-иу æй кæстæртæм фехстой æмæ-иу æй æнæмæнг хъуамæ æрцахстаиккой. Зæронд-иу нуазæн куы радта, уæд хъуамæ дзуапп радтаид, æмæ æнæмæнг нуазгæ уыдис, дæ бон куы нæ уыдаид, уæддæр. Фынгтыл ма къухæй састой сгуы, чи-иу æй асаста, уымæн лæвæрдтой хай æмæ нуазæн. Хæрæфыртæн лæвæрдтой сгуы, уазæгæн – хай. Фынгыл хæйттæ лæвæрдтой: галы агъд-иу йæ астæуыл алыг кодтой æмæ-иу æй аст лæджы раз æрæвæрдтой. Хæйттæ чи уæрста, уыдонæй иуы къухф уыдис уис, æмæ-иу цал хайы радтой, уал угарды-иу ныккодтой.
Ноджы ма ахæм æгъдау: сыкъа-иу кæмæ радтой, уый æнæмæнг хъуамæ базарыдаид. Чындзæхсæвы хъазт къуырийы бæрц нæ мынæг кодта. Фæсивæд æхсæвæй-бонай кодтой кафгæ, заргæ. Ног чындз уыдис хицæн уаты æмæ уырдыгæй æддæмæ нæ цыд, бинонтæй никæмæ дзырдта, уайсадгæ сæм кодта. Райсом-иу раджы сыстадис, æмæ-иу скъæт æмæ уынгтæ ныммарзта. Ног чындзæн донмæ цæуыны бар нæ уыд, бар-иу ын радтой Ногбоны, кæнæ куадзæны. Донмæ-иу кувинæгтæ ныххастой, хæбизджынтæ, арахъхъ, физонæг, скуывтой-иу доны дзуæрттæн, уымæй фæстæмæ чындзæн бар уыдис донмæ цæуынмæ. Афæдз-иу рацыдис æмæ-иу чындз йæ цæгатмæ цыдис хуындæджы бадынмæ. Афæдз-иу йæ цæгаты фæбадт. Сывæллон-иу куы райгуырд æмæ-иу фæстæмæ куы здæхт, уæд-иу ын йемæ рарвыстой хорз фыр, гуыдантæ, арахъхъ. Фыр-иу аргæвстой, хъæубæсты-иу æрхуыдтой. Хистæртæ-иу зæрдæбын куывдтытæ фæкодтой. Хуыцау æмæ-иу йе скæнгæ зæдтыл бафæдзæхстой,хуын-иу чи рарвыста, уыдоны.
Тедеты Анджелæ,
Октябрыхъæуы фыццæгæм
астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.
История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кром...
Хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй –æлгъыст. Беджызаты Ч. «Æлбегаты Батай ǽмǽ Барсǽгаты чындз»-мǽ гǽсгǽ.
Закъæттæ сты хæлуарæджы здыхт тынтæ, бахауынц дзы лæмæгъдæртæ, тыхджындæртæ та сæ аскъуынынц....
«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»
laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».
Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын аив дзурын æмæ кæсыныл....
Ирон театры стъалыта Таутиаты Соламан, Хъариаты Тамара,Икъаты Маирбек, Сланты Къоста ама Саламты Къолайы ахадындзинад ирон аивады разты
В работе говорится о жизни и творчестве звезд осетинского театра, о их роли в развитии осетинского искусства...
Темæ: «Царды мæсыг амад у æгъдау, æфсарм æмæ зонды фидар дуртæй» ( Беджызаты Чермены новеллӕ « Ӕлбегаты Батай ӕмӕ Бӕрсӕгаты чындз»-мæ гæсгæ.)
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 8--æм къласы...
Анализ урока Ирон адæмы психологи «Ирон хъæуы»
Анализ урока Ирон адæмы психологи «Ирон хъæуы»...