Сценарий викторины на тему "Мы гордо носим звание наследников Коста".
план-конспект занятия (5 класс) на тему

Викторина по осетинской литературе для учащихся 5 класса.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл stsenariy_na_viktorinu.docx526.72 КБ

Предварительный просмотр:

Хъуысы ирон музыкæ, командæтæ хицæнтæй бадынц залы.

1-аг амонæг: Зынаргъ æмбæлттæ! Алы боны `гас нæм цæут!

2-аг амонæг: Хистæрæй, кæстæрæй! Дунейы фарн уыл узæлæд æмæ уе `ппæты дæр нæ бæрæгбоны хорзæх уæд!

1-аг амонæг: Абон хуымæтæджы нæ фембæлдыстæм!

2-аг амонæг: Кæй зæгъын æй хъæуы! Уымæн æмæ абоны викторинæ арæзт æрцыд нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн, Къостайы номыл.

1-аг амонæг: Нæ зынаргъ, хæлæрттæ! Равдисут уæ зонындзинæдтæ æмæ уæ арæхстдзинад!

2-аг амонæг: Абоны хъазты архайынц 4 къласы командæтæ. Табуафси, бацамонут уæхи!

(командæтæ иугай сæхи тыххæй дзурынц, æвдисынц сæ эмблемæтæ)

1-аг амонæг: Нæ викторинæ райдайдзæн ахæм хæслæвæрдæй. Алы командæйæ иугай архайджытæ рацæут æмæ саразут ныв нæ темæйыл «Къостайы фæдонтæй сæрыстыр стæм мах». Рæстæг уын лæвæрд цæуы викторинæйы кæронмæ.

2-аг амонæг: Абон мах дзурæм нæ мадæлон æвзагыл, йæ номыл аразæм хъазт, зондæвзарæн хъазт. Цымæ уæ чи хуыздæр зоны Къостайы  цард æмæ сфæлдыстад, чи у арæхстджындæр, æрхъуыдыджындæр? Уый сбæрæг уыдзæн абон.

1-аг амонæг: Уæдæ райдайæм нæ хъазт. Алкæй раз дæр уæ ис дзæнгæрæг. Афтæмæй базондзыстæм чи у цæттæ дзуапп раттынмæ.

2-аг амонæг: Хъазты архайджытæ кæрæдзийæн бацæттæ кодтой фæрстытæ Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæй! Фыццаг хонæм «Зондабиты»

(командæтæ кæрæдзийæн дæттынц фæйнæ 5 фарсты, раст дзуаппæн амонджытæ дæттынц «фондзтæ»)

1-аг амонæг: Хъазты архайджытæ! Фæйнæгыл ис къамтæ. Базонут-ма чи сты?!

(фыццаг чи базона се `ппæты дæр кæнæ сæ фылдæр хай, уый райсдзæн «фондз»)

2-аг амонæг: Куыд зонæм, афтæмæй Къоста æрмæст поэт нæ уыд, фæлæ ма у курдиатджын нывгæнæг. Уæ разы йæ зындгоддæр нывтæ. Базонут-ма сын сæ нæмттæ.

(фæйнæгыл нывтæ равдисын)

1-аг амонæг: Ныр та алкæмæндæр бар дæттæм уæ сценикон дæсныйад равдисын. Къоста уыд дæсны басняфыссæг дæр. Æмæ абон мах сценæйыл равдисдзыстæм йæ хуыздæр баснятæй иу «Бирæгъ æмæ хърихъупп». Бакæсæм уæдæ!

(алы командæ дæр æвдисы йæ сценикон дæсныйад)

2-аг амонæг: Нæ зынаргъ, хæлæрттæ! Æрцыд рæстæг уæ зонындзинæдтæ равдисын мадæлон æвзагыл! Райдайдзыстæм та дзырдбыдæй. Лæмбынæг хъусут фæрстытæм:

- Чи у ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг?

- Цавæр адæмы хатмæ хауы Къоста?

- Уæлдай фылдæр кæй уарзта Къоста, æмæ кæмæн фыста йæ æмдзæвгæтæ?

- Æмдзæвгæтæй уæлдай ма Къостайæн хорз цы уади кæнын?

- Къостайы фыды ном куыд у?

1-аг амонæг: Уæ разы фæйнæгыл дзырд МАРХОДАРÆГ. Уæ хæс у цас фылдæр дзырдтæ саразын. Дæттæм уын 2 минуты. Райдыдтам!

(банымайын алы командæйы дзырдтæ)

2-аг амонæг: Къоста бирæ уарзта æмæ хорз зыдта адæмон сфæлдыстад? Цымæ сымах та йæ куыд зонут!

1-аг амонæг: Уæ разы æмбисæндты райдиантæ. Адарддæр сæ кæнут кæронмæ. Фыццаг чи фæуа, уый райсдзæн «фондз». Райдыдтам!

2-аг амонæг: Нæ хъазт кæронмæ æрхæццæ. Фæстаг равдыст у музыкалон. Табуафси, равдисут уæ арæхстдзинад!

1-аг амонæг: Нæ нывгæнджытæ дæр сæ куыст фесты, равдисут уæ куыстытæ нæ зынаргъ жюрийы уæнгтæн.

2-аг амонæг: Ныхасы бар дæттæм жюрийæн!

(командæтæ хорзæхгонд цæуынц )

1-аг амонæг:  «Кад æмæ лæджыхъæд зæххыл сты, æргуыбыр сæм кæн æмæ сæ сис»,- зæгъы ирон æмбисонд.    Фæдзæхсы нын  фæллой уарзын,  ахуырмæ, зонды бæрзæндтæм тырнын.

2-аг амонæг:  Кадыл нымад у,  нæ кæстæртæ,  намысджын æмæ цытджын мыггагæй уæвын.  Фæлæ уæ зæрдыл бадарут – уæлдай ахадгæдæр уаид, алчидæр йæ мыггаг æмæ йæ адæмы йæхæдæг кадджындæр куы кæнид, уый.

Азтæ тагъд тæхынц æмæ аргъ кæнут рæстæгæн. Цы бон аивгъуыдта, уый хуыздæр у абоны бонæй. Уый уæ зæрдыл дарут æмæ уæ ныййарджыты, уæ ахуыргæнджыты, уæ Райгуырæн бæстæйы фæндиагæй тырнут стъалытæм, ахуыры бæрзæндтæм.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Сценарий Викторины на традиционный английский праздник «Halloween» для средней школы

Сценарий на традиционный английский праздник «Halloween»Автор: учитель английского языка Бучина М.В.Основной целью данной викторины является формирование мотивации у детей узнать больше о традициях ан...

Викторина по литературе "Чины и звания литературных героев"

викторина содержит вопросы по разным классическим писателям...

Сценарий фестиваля Салют Победы под девизом Мы наследники победы

Мы наследники победыПомнить будем мы всегдаКак сражались наши дедыВсе великие года...

Сценарий концерта "Вам имя гордое - Учитель"

Сценарий концерта ко Дню учителя...

Сценарий концерта «Учитель-какое гордое имя»

В праздничном мероприятии, посвященное Дню учителя, участвовали учащиес  ТОГБОУ "Инжавинская школа-интернат для обучающихся с ОВЗ"....

сценарий итогового отчетного концерта 6-7 классов «Наследники той победы…»

Тема мероприятия и подбор материала выбран согласно возрасту и психофизических возможностей воспитанников. Цель: Демонстрация творческих достижений воспитанников. Воспитание нравственно-патриотич...

Сценарий праздника "Помним и гордимся" в подготовительной группе

Стихи, сценка "Василий Теркин", музыкальные номера....