Алфавит
материал (5 класс) на тему

Черчесова Альбина Георгиевна

Ирон аргъау  алфавит

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon argau_alfavit.doc33 КБ

Предварительный просмотр:

Тынг раджы, нырма Ирыстоны адæм куы нама цардис, раст  уыцы рæстæг.  Иу комы Зæрæмæджы рдыгæй уыд  Дамгъæты паддзахады сахар. Алфавиты цардысты æмæ уыдысты диссаджы цæрджытæ- 43 дамгъæйы. Уыцы паддзахады уыдис æрмæст дæр иу уынг, фæлæ дзы тигътæ, фæзилæнтæ уыдис тынг бирæ. Йæ тæккæ кæрон цардысты æнæзынгæ цæрджытæ- кæцыты хуыдтой æрхæцæн нысантæ. Адон цардысты сæхи цардæй, никæй хъыгдæрдтой уæлдай дæр та дамгъæты. Алы дамгъæйæн дæр йæхицæн уыдис хæдзар. Хæдзæрттæ æвæрд уыдысты кæрæдзийы фæстæ, иу рæнхъыл. Уынджы ахæм закъон уыдис æмæ дзы ничи уæндыд æнæ бафæрсгæйæ йæхицæн хæдзар саразын.

             Уыцы  иунæг уынджы рахизырдыгæй цардысты Хъæлæсон дамгъæтæ- уыдонмæ æппыныдзухдæр цыдис зарын æмæ дзурын, уымæй дæр хъæрæй.

             Галиу фарс та цардысты æмхъæлæсон дамгъæтæ. Уыдон та уыдысты сабыр адæм, сæ ныхасы хъæд дæр уыдис сабыр. Тынг æнгом цардысты кæрæдзийымæ, фæлæ иу хабар сæ бон  раиртасын нæ уыд. Алчи дæр дзы йæхи хуыдта Хицау. Хуыл сæм иу рацыд æмхъæлæсон адæм ома Хъæлæсон адæм хистæр сты. Бонтæ афтæмæй цыдысты. Фæлæ алцæмæн дæр ис кæрон æмæ дзы бирæтæ кæрæдзиимæ фæхуылтæ сты. Иу фарсæй- иннæ фарсмæ хъæр кодтой.

- Мах бирæ стæм! – хъæр кодтой æмхъæлæсон адæм æмæ мах стæм сæйраг дæр.

- Малæтытæ! Сæ фæстæ хъæр кодтой хъæлæсонтæ. Дыууæ хуылгæнæг адæм- дамгъæтæ афтæ хъæр кодтой æмæ сæм Стъæлф нал фæлæууыд.

- Ныхъхъус мА ут! Бауромут. Афон у сæвæрын стъæлф.

- æртæккæ дыл куы сыхсит кæнон, уæд сфæлдæхдзынæ! – рахъæр кодта дамгъæ « С»

- Фесæф ардыгæй, гæппыда! – йæ дæндæгты къæс- къæс ссыд дамгъæ 2 Ф2-йæн.

- Цы цæрдæг дæ! – бахудти дамгъæ  « Ц»

- Хорз, - фæтæргай стъæлф. Уæдæ ма иннæты бафæрсут, кæддæра уыдон дæр афтæ нæ зæгъой.

- Ам цы хабар у, цы рцыди? Сæ рæзты рацæугæйæ сæ афарста Хъæры нысан.

- Цæуыл у уæ хъæр?

Дагъæтæ йын афтæ хъæлæбагæнгæ æмбарын кодтой хабар æмæ сын ницы бамбæрста сæ дзурынæн.

- Сабыр, банцадыстут. Иугай дзурут, кæннод стыр æфхæрд баййафдзыстут- уынаффæ хуызæй загъта Хъæры нысан.

- Тæрсын, тæрсын, тондзысты нæ æвæццæгæн, - тарстхуызæй загъта –дамгъæ « Т».

- Хатыр бакæнут, мæнмæ гæсгæ, æз афтæ хъуыды кæнын, - загъта къæдзыг, - ам хæснаг – хъæр кæнынц, чи у вазыгджын дæр Хъæлæсонтæ æви æмхъæлæсонтæ.

- æдылыдзинад! – рбамæсты та Хъæры нысан.

- Тынг раст зæгъыс, - загъта стъæлф.

- Къулбадччытæ, ацы хабарæн кæрон скæнын хъæуы.

- Фæлмæн дæр ницы хуызæн ис, хи дарын?- уæзданæй загъта – фæлмæн дамгъæ.

- Нæй, бæстæйæн хъæуы фидар къух! – дзуапп радта Хъæбæр дамгъæ.

- Чи зоны? Цы кæндзыстæм? – адæммæ басидтис Хъæры нысан.

Ничи ницы зоны цы зæгъой, уымæн. Иу цасдæр уыдис сабыр.

- æз! – фехъуыстис адæмы астæуæй хъæлæс.

- æз æй зонын цæмæй бафидауæм уый.

Размæ рахызтис дамгъæ  «æ».

- Ама, уæдæ æмхъæлæсонтæ зæгъæнт на сахары ном æнæ махæй- хъæлæсонтæй.

- Л,Ф,В,Т.!

- Мæ? Цы уын дзы рауадис? – загъта « æ».

- А,- А,-А-И!- азарыдысты хъæлæсонтæ.

- Мæ цы азарыдыстут? Загъта та Хъæры нысан.

- Ныр та иумæ! – саргъуыдта сыл дамгъæ « А»

- АЛФАВИТ! – иумæ ныхъхъæр кодтой Хъæлæсонтæ.

- Хорздзинад! Федтат! « А» СА куыд тагъд балымæн кодта- бадис кодтаХъæры нысан.

- Ныр æй бамбæрстат, мæ зынаргъ дамгъæтæ? Разы стут мемæ, æнæкæрæдзийæ уæ бон зарын нæу ууыл? – загъта Хъæры нысан.

- Разы стæм! – хъæлдзæгæй загътой Хъæлæсонтæ.

- Мах дæр! – сæ ныхас сын баххæст кодтой æмхъæлæсонтæ. Сæ цинæн кæрон нал уыд. К=рæдзийæн хъæбыстæ кæнын байдыдтой.

- Афтæмæй афонмæ дæр, - арф сулæфгæйæ загъта Стъæлф.

- Абонæй фæстæмæ уыдзæн хорз! – дзуапп радта Хъæры нысан. Æз æй зонын æмæ сымахæн дæр амонын æнæ сыхагæй тынг зын у фæцæрын. Лымæндзинад иумæ хъуамæ аразæм. Æнæ сыхагæй тынг зын у фæцæрын, - æхситгæнгæ ацыд Хъæры нысан.

  ГъЕ, афтæ фæцис  Дамгъæты Паддзах сахар АЛФАВИТ- ы аргъау.

Байтауæм мах дидинмыггаг,

Талатæ ныссадзæм!

Ацы зæххыл хорз хъуыддæгтæй

Мах нæ фæд ныууадзæм!

                        Цæрукъаты Валодя


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Модульная программа и разработка уроков русского языка в 5 классе. М№ 3- М№4 Тема: Звуки речи и буквы. Алфавит. Гласные и согласные звуки. Звонкие и глухие согласные звуки. Твёрдые и мягкие согласные звуки. Значение букв Е, Е, Ю, Я.

Модульная программа и разработка уроков русского языка в 5 классе. М№ 3-  М№4 Тема: Звуки речи и буквы. Алфавит. Гласные и согласные звуки. Звонкие и глухие согласные звуки.Твёрдые и мягкие согла...

Модульная программа и разработка уроков русского языка в 5 классе. М№ 5- М№6. Тип урока: Комплексное применение знаний Практика под руководством учителя. Тема: Звуки речи и буквы. Алфавит. Гласные и согласные звуки. Звонкие и глухие согласные звуки. Т

Модульная программа и разработка уроков русского языка в 5 классе. М№ 5-  М№6. Тип урока: Комплексное применение знанийПрактика  под руководством учителя.Тема: Звуки речи и буквы. Алфавит. Г...

Алфавит с картнками по Millie-Starter А.А. Колтавская, Е.В. Костюк и др.

      В УМК Miliie-Starter первый и второй разделы предполагают изучение английского алфавита. Буквы даютя поочередно, неспеша, подобраны необходимые упражнения как на мультимедиа диске, так и в самом...

Урок русского языка в 5 классе "Алфавит".

Этот урок я составила и провела,когда мои ученики были в 5 классе.Урок прошёл живо и интересно.Советую воспользоваться материалом, надеюсь,что он будет полезен моим коллегам....

Презентация для 7 класса "Зоологический алфавит"

Вам предлагается презентация для 7 класса, которая может использоваться  на повторительно-обобщающем уроке по теме «Классы позвоночных животных", на одном из этапов урока, для активизации з...

Как помочь ребенку выучить английский алфавит?

Как помочь ребенку выучить английский алфавит? Этот вопрос беспокоит очень многих родителей. Потому как если ребенок не учил его до школы, в школе, так или иначе, придется выучить английски...

методическая разработка урока по русскому языку для 5 класса "Алфавит"

Методическая разработка урока русского языка с подробным алгоритмом действий учителя. Кроме основного учебного материала содержится материал о самой "молодой"  букве русского языка....