Нымацон
план-конспект урока (7 класс) на тему

Черчесова Альбина Георгиевна

Ход урока

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon temae.doc474.5 КБ

Предварительный просмотр:

                              Темæ: Нымæцон. (Фæлхат кæнын)

Урочы нысан: 1. Ныффидар кæнын ра-

                             цыд æрмæг.

                            2.Фылдæр кæнын скъола-

                              дзауты ныхасы рæзт.

                             3.Уарзын кæнын Райгуы-

                               рæн бæстæ, мадæлон æв-

                               заг.

Цæстуынгæ æрмæг: таблицæ нымæцонæй, бæстæзонæн карточкæтæ, предметон нывтæ.

                     Урочы цыд.

               

 Ах. . – Уæ бон хорз, скъоладзаутæ! Абон нæ урокмæ æрбацыдис уазджытæ æмæ сын салам раттут.

Ах.  – Скъоладзаутæ, уæ тетрæдтæ бакæнут æмæ ныффыссут абоны нымæц.

(фæйнæгыл фыст)

                                               Темæ: Нымæцон.

Урочы эпиграф:

                                               Хæфс æмæ мыст

Хæфс æмæ мыст фæхыл сты. Кæрæдзийы ратон-батон кодтой. Уари( цъиусур, ястреб) сæм касти уæлейæ æмæ загъта: « Уыдон мæн ницæмæ дарынц æмæ мæ ферох кодтой,фæлæ сæм куы фæзынин!» Афтæмæй сыл йæхи рауагъта æмæ сæ ахаста.

                   

3.Урочы нысан зæгъын.

Ах. Сабитæ, абон уæ æз ахондзынæн нæ хъæуы аивгъуыд цармæ, бæстондæр та йæ царды хабæрттæм. Сымах та банкъардзыстут, нæ царды мидæг Нымæцон цы ахсджиаг бынат ахсы, уый.Махæн нæ абоны урочы нæ хæс у сфæлхат кæнын нымæцоны рацыд темæтæ.

 Куыд сæ пайда кæнут царды мидæг, раст сæ дзурут æви нæ, иннæ ныхасы хæйттимæ сæ раст æвæрын зонут. Нæ абоны урок æз схуыдтон: « Нæ ивгъуыд цард Ираны хъæубæстæйы»

       9 май, 1945 аз… Ацы бон сæрибаруарзæг адæмы зæрдæты баззайдзæн æнусон Уæлахизы бонæй. 418 боны цы хæст цыд, уый ахаста милуангай адæймæгты цард , пырхгонд æрцыдысты 1710 горæты , 70 мин хъæуы, 32 промышленнон куыст-уаты, 100 мин колхозы æмæ совхозы.

       Ираны хъæуæй æдæппæт ацыдысты 125 хæстоны. Нæ хъæумæ ма дзы сыздæхт 59 адæймаджы. Чи нал раздæхтис, уыдонæй иутæй сау гæххæтытæ ссыдис, инæтæ фесæфтысты æбæрæгæй. Скъолайы кæрты сын нæ хъæуыбæстæ сæвæрдтой æфсымæрон цыртдзæвæн. Ардæм 9 Майы Уæлахизы бон æрымбырд вæййынц ацы æдзард хæстонты хиуæттæ, зонгæтæ Ирыстоны алы рæттæй æмæ сын фæзæгъынц: « Рухсаг».

     1942 азы октябры мæйы немыцаг лæбурджытæ бацахстой нæ хъæу. Колхозы исбон дæр, стæй адæмы исбон ныххæлæттаг ис. Адæмы иу немыц тардтой Ираны хъæдмæ кусынмæ. Ам фæндаг арæзтой хъæдыл Николаевскы станицæмæ, цæмæй сын хæстæгдæр рацæуын уыдаид Дзæуджыхъæумæ Дигора æмæ Ардоны уылты, Елхотыл сын рацæуын фадат Советон æфсæдтæ нæ лæвæрдтой, уый тыххæй. Абон дæр уыцы фæндаг хонынц немыцы фæндаг.

Нæ  хъæуæй немыцы  къухæй  фæмард Баймæтаты Анишæ. Уый уыдис æхсæнадон кусæг, партийы рæнхъыты уæнг. Хæст нæ хъæумæ куы æрбахæццæ уæд ацыдис партизантимæ. Фæстæдæр уыдоны æххæст  кæнгæйæ фæзындис Ираны æмæ бахаудта немыцы къухмæ. Фæхстой йæ Ираны хъæуы сæрмæ æмæ йæ уым баныгæдтой. 1943 райдайæны нæ хъæу уæгъдгонд куы æрцыдис немыцæй, уæд æй кадимæ баныгæдтой скъолайы кæрты.

Нæ хъæу Иранæй дзы бирæтæ нал ссыдысты йæ фыдохы быдырæй, чи дзы сыэдæхтис, уыдон дæр се ́цæг дуне ссардтой. Абон нæ хъæуы иу хæстон дæр нал ис.

                                  Хъазт: «Сæрымæгъзтæ райхъал кæн.»

 Иу скъоладзау размæ рахыст., иннæтæ йæм фарстатæн дæттынц. Дзуапп кæмæн нæ ратта, уыдон сæхæдæг дзуапп дæттынц.

Ах. -Скъоладзаутæ абон нæ урочы ныффидар кæндзыстæм рацыд æрмæг нымæцонæй. Бакусдзыстæм нæ ныхасы рæзтыл.

Ах. - Цы хонæм нымæцон?  

Дзуапп: ( Предметты нымæц кæнæ

предметты рæнхъæвæрд цы ныхасы хай æвдисы, уый хуыйны нымæцон.)

Ах. - Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц нымæцонтæ?

Дзуапп: ( Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ вæййынц цыппар хуызы : бæрцон нымæцонтæ: æртæ, дæс, мин ; рæнхъон нымæцонтæ: фæндзæм, дæсæм, сæдæйæм ; дихон нымæцонтæ: фæндзгай, дæсгай, сæдæгай; мурон нымæцонтæ: фондз дæсæм хайы, иу æхсæзæм хай.

Ах. - Хъуыдыйады мидæг нымæцон цавæр уæнг вæййы?

Дзуапп: (Сæйрат,бæрæггæнæн,æххæстгæнæн)

4. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

                                                    Улæфты рæстæг( Презентации)

5. Рахизын урочы эпигрæфмæ.

Ах. - Абон нæ урочы эпигрæф у ахæм

Ах. - Ацы радзырд та  та куыд æмбарут?

Дзуапп:  ( Ома  æнгомдæр лæууын хъæуы кæрæдзимæ, зын сахат уа, хъæлдзæгдзинад уа, хъуамæ адæм кæрæдзийæн æххуыс кæной.)

Ах. - Уæдæ -ма ахъуыды кæнут æмæ зæгъут цавæр æмбисонд ис æрхæссæн ацы эпигрæфмæ?

Дзуапп: ( Гæдиаты Секъайы æмбисонд «Кæсаг, хæфс æмæ цъиусур».)

Ах. - Æрлæууын -ма йæ кæнæм нæ зæрдыл.

Дзуапп: ( Иу скъоладзау дзуры Гæдиаты Секъайы æмбисонд наизусть.)

       

                           Гæдиаты Секъа « Кæсаг, хæфс æмæ цъиусур».

Кæсаг, хæфс æмæ цъиусур                                      

денджызæй ластой иу дур                                                   

сæ фæнд иумæ нæ цыдис!

Кæсаг донмæ хæцыдис,

хæфс æй ласта суры рдæм.

Абон дæр ма уыцы дур

денджызы ис уæ мæ хур.

                                                                                                           

Ах. - Цы ис иумæйагæй эпиграф æмæ æмбисонды?

       ( Хатдзæг скæнын)

6.   Зынæмбарæн дзырдтæ фæйнæгыл фыст.

-Нæ абоны урочы фембæлдзыстæм зынæмбарæн дзырдтимæ. Равзардзыстæм сын сæ нысаниуæг, сæ растфыссынад. Сымах сæ бахъуыды кæнут. Дзырдбæстытæ семæ æрхъуыды кæнут.

            Хуыцауы зæхх.

Ис ахæм рагон таурæгъ. Хуыцау, дам, Дуне арæзта. Йæ куыст фæци æмæ загъта: «Ныр та аразын ахæм бынат, мæхæдæг кæм цæрин». Æмæ сфæлдыста… Ирыстон.

        Æнахуыр рæсугъд ран æрбынат кодта Ирыстон – Кавказы астæу. Йæ иу кæрон – Арвы комы æнусон хæхтæ, иннæ кæрон та – Мæздæджы æнæкæрон быдыртæ.

        Хæхты цъититæй райгуырынцуынæрджын цæугæдæттæ. Сæ фæндагыл донæй æфсадынц уыгæрдæнтæ æмæ дыргъдæттæ.

        Цъæх-цъæхид сæрвæтты, арвы цъæх хъæбысы, дидинæг калынц рододендронтæ æмæ эдельвейстæ. Æмæ уæлдæф та: нуаз æмæ йæ нуаз!

        Адæмаг куы ракæсы урссæр хæхтæм, æвзсит æхсæрдзæнтæм, уæд æй æцæгдæр бауырны, Ирыстон Хуыцау зæхх кæй у, уый.

Уынæрджын – шумный.

Уыгæрдæн – пашня.

Сæрвæттæ – пастбища.

Æхсæрдзæнтæ – водопады.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты