Тест для 7 класса по осетинскому языку(основная группа)
тест (7 класс)

Битарова Диана Ильинична

Ныхасы хæйттæ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл Тест19.36 КБ

Предварительный просмотр:

Тест.

Ныхасы хæйттæ.

 7 кълас .

1. Бацамон раст æмбарынӕдтӕ.

а) Фæрсдзырдтæн ис æртæ бæрцбарæны: бындурон бæрц, барæн бæрц, уæлахизон бæрц.

ӕ) Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ фæрсдзырдтæ вæййынц фадатон дзырдтӕ.

б) Фæрсдзырдæн ис дыууæ здæхæны.

в) Фӕрсдзырд у ӕххуысгӕнӕг ныхасы хай.

2. Бацамон, нымæцонæй арæзт фæрсдзырд цы хъуыдыйады ис, уый.

ӕ) Хистæр-иу бинонты алырдæм арвыста, алы куыстытæ кæнынмæ.

б) Уазæг хæдзармæ фыццаг хатт куы æрбацæуы, уæд ыл фысымтæ бацин кæнынц.

в) Адӕм алкӕй нӕ уарзынц.

3. Бацамон дзырдбæстытæ бынаты фæрсдзырдтимæ.

а) арæхстгай фæцæуы, раджы райхъал, бынæй хъуысы, бирæ зоны, фыдæнæн худы;

æ) ардыгæй цыдис, фалæмæ азылдис, ам ныллæууыдис, дæлæрдыгæй хъуысы;

б) иухатт фехъуыста, асæрды ссыдис, иудзæвгар ахъуыды кодта, дæлиау ныххаудта;

в) рагацау йæхи цæттæ кæны, фæрсæй-фæрстæм цæрынц, бынæй хъуысы.

4. Фæрсдзырдтæ раст фыст кæцы рæнхъы сты?

а) галиуырдæм, цæгатырдæм, дæлæрдыгæй, ис кæцæй, кæцæй дæриддæр;

æ) фæстыйау, дæлыйе, фалырдыгæй, разырдыгæй, æдтыйе;

б) рахизæрдæм, ныгуылæнæрдæм, фалиау, абон, уæлæрдæм, дæле;

в) а бон, хуссарырдыгæй, ни кæцæй, тынг дæр, ма кæцы.

5. Бацамон раст æмбарынӕдтӕ.

а) Фæсæвæрд домы бæлвырд фæрстытæ.

ӕ) Фæсæвæрд хъуыдыйады уæнг вæййы æрмæстдæр, цы дзырдимæ баст у, уыимæ иумæ.

б) Фæсæвæрд фæлæууы, тасындзæг чи нæ кæны, ахæм ныхасы хæйтты фæстæ.

в) Фӕсӕвӕрд у ӕххуысгӕнӕг ныхасы хай.

6. Бацамон, бæрæггонд дзырд фæсæвæрд цы хъуыдыйады у, уый.

а) Ибрагим разы уыдис Дзамболаты бæсты хæстмæ ацæуынмæ.

ӕ) Ацы бæсты ахæм хабар никуыма уыдис, æмæ иууылдæр дис кодтой.

7. Дзырдбаст райсомæй фæстæмæ-йы фæсæвæрд раст æвзæрст кæцы пункты у?

а) фæсæвæрд, архайды бынат æвдисæг, гуырынон хауæн;

æ) фæсæвæрд, архайды хуыз æвдисæг, иртæстон хауæн;

б) фæсæвæрд, архайды афон æвдисæг, иртæстон хауæн.

 

8. Бацамон раст æмбарынад.

а) Разæвæрд йæхæдæг вæййы хъуыдыйады уæнг.

ӕ) Разæвæрд цы дзырдимæ баст вæййы, уымæн фæлæууы йæ разæй.

б) Разæвæрд нысан кæны æууæл.

9. Бацамон, разæвæрд раст фыст цы хъуыдыйады нæу, уый.

а) Зымæг æнæ худæй ма цу, дæ сæр суазал уыдзæн.

ӕ) Æнæхицау фосы бирæгъ хæры.

б) Æнæдзæбуг, æнæзæгæлæй йæхицæн скæны хæдзар.

в) Æд чингуытæ куы æрбацыдаиккам, уæд нæ ахуыртæ кæронмæ ахæццæ кодтаиккам.

10. Бацамон, разæвæрд раст фыст цы хъуыдыйады у, уый.

а) Зымæг æнæ худæй ма цу, дæ сæр суазал уыдзæн.

ӕ )Æнæхицау фосы бирæгъ хæры.

б) Æнæдзæбуг, æнæзæгæлæй йæхицæн скæны хæдзар.

в) Æд чингуытæ куы æрбацыдаиккам, уæд нæ ахуыртæ кæронмæ ахæццæ кодтаиккам.

11. Æнæ разæвæрд кæцы хъуыдыйады у?

а) (Æнæ) къахæй цæуы æмæ (æнæ) къухæй амоны.

ӕ) (Æнæ) нхъæлæджы ног хабар афтæ батыхсын кодта адæмы, æмæ сæ сдзурынхъом ничиуал уыдис.

12. Æд разæвæрд кæцы хъуыдыйады у?

а) (Æд) кусæндзаумæттæ кусджытæ цыдысты быдырмæ.

ӕ) Тыхджын дымгæ ракодта, æмæ (æд) хих бæлæстæ бындзарыл скъуыдта æмæ фæлдæхта

13. Бацамон дзырдбаст разæвæрд æнæ + номдар иртæстон хауæны:

а) æнæууæнк лæг

 б) æнæ ном

æ) æнæ аххосæй

в) æнарæхст чызг


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок - викторина в 8 класс по осетинской литературе Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.» (Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)

Урочы хӕстӕ :  1)    Сбӕрӕг  кӕнын  ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй; 2)    Сывӕллӕтты  ахуыр кӕнын раст ха...

«Тегайы бæлас» Дзесты Куыдзæг учебник 3 класса, учебник осетинское чтение

Разработка урока к рассказу "Тегайы балас", Куыдзага Дзесова. Урок комплексного применения знаний и умений. Дидактическая задача: создать условия для восприятия и осознания сюжетной линиии эмоциональн...

Тест для 7 класса по осетинскому языку(дифф.группа)

Тест для диферинцированных групп....

Презентация "Домашние животные" к уроку по осетинскому языку (для групп не владеющих языком) для пятого класса.

Ознакомление детей с домашними животными.Названия домашних животных как  на русском , так и на осетинском языке....

Открытый урок по осетинскому для девятого класса "Первая осетинская школа"

Открытый урок по осетинскому языку для девятого класса в не владеющих группах...

Тест для самопроверки. Рабочая программа по русскому языку основного общего образования - методический инструмент учителя русского языка

Тест для самопроверки. Рабочая программа по русскому языку основного общего образования - методический инструмент учителя русского языка...