Работа с одаренными детьми
материал
В данной работе говорится о работе учителя с одаренными детьми, как она готовит детей к олимпиадам, различным конкурсам.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
rabota_s_odar._detmi.docx | 17.45 КБ |
Предварительный просмотр:
Курдиатджын сывӕллӕттимӕ куыст.
Курдиатджын сывæллæттимæ куыст куыд нырыккон ахуырады сæйраг фæрстытæй иу . Предметон олимпиадæтæм æмæ конкурстæм цæттæкæнындзинад мæ фæлтæрддзинадæй.
Фæнды мæ мæ раныхас райдайын зындгонд В.А.Сухомлинскийы ныхæстæй :« Одаренность человека- это маленький росточек, едва проклюнувшийся из земли и требующий к себе огромного внимания. Необходимо холить и лелеять, ухаживать за ним, сделать все необходимое, чтобы он вырос и дал обильный плод».
Абон курдиатджын сывæллæтты раргом кæнын æмæ сын акках æххуыс кæнын у нырыккон ахуырады сæйраг фæрстытæй иу. Курдиатджын сывæллæттимæ куыст у æнæмæнг хъæугæ. Махæн, ахуыргæнджытæн, курдиатджын сывæллæттимæ кусгæйæ, нæ сæйраг хæс у, цæмæй сывæллон æнкъара, аргъ ын кæй кæнынц æмæ кæй хъæуы, уый.
Не скъолайы арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ, куысты хуызтæ, цæмæй раргом кæнæм сывæллæттæн сæ курдиат, сæ интеллектуалон рæзт. Ацы куысты мидæг сæйраг бынат ахсынц предметон олимпиадæтæ , алыхуызон конкурстæ æмæ форумтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ куыст дзæгъæлы нæ вæййы. Не скъолайы сывӕллӕттӕ арӕх свӕййынц муниципалон ӕмӕ регионалон олимпиадæйы уæлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ.
10 азæй уæлæмæ не скъолайы архайы интеллектуалон къорд «Иры фидæн». Уый алы аз дæр уалдзæджы æмæ фæззæджы архайы республикон хъазт «Зондабитæ»-йы , хъахъхъæны скъолайы æмæ районы намыс. Бирæ азты дæргъы у уæлахиздзау. Къорды хъазджытæ сты курдиатджын сывæллæттæ куыд ирон æвзаджы, афтæ литературæ æмæ аивады дæр. Арæх сæ дзуæппытæй дисы бафтауынц жюрийы уæнгты . Иу æмæ дыууæ хатты не скодтой нæ сывæллæттæн стыр аргъ историк, профессор Цыбырты Людвиг æмæ историк, археолог Козаты Петр. Уымæ гæсгæ сывæллæттæм фæзыны ноджы стырдæр разæнгарддзинад, цымыдисдзинад æмæ райдайынц хуыздæр цæттæ кæнын сæхи иннæ радон хъазтмæ.
Фæнды ма мæ зæгъын , актеры дæсныдзинад æмæ сценикон аивады къорды цы курдиатджын сывæллæттæ архайынц, уыдоны тыххæй дæр. Ацы къордмæ цæуынц, театр, аив дзырд чи уарзы уыцы сывæллæттæ. Уыдон архайынц , районы дæр æмæ республикæйы дæр цы мадзæлттæ фæцæуы, уым. Бацахсынц аккаг бынæттæ. Афтæ , ацы аз районы этапы дæр, æмæ республикон этапы дæр не скъолайы театралон къорд «Иры фидæн» бацахста фыццаг бынæттæ номинацитæ: « Драмон спектакль», «Ирон аргъау», « Ирон аив дзырд»-ы . Фæнды ма мæ зæгъын уый, æмæ не скъола университеты аивæдты факультеты актерон аивады хайадимæ кæй бафыстам бадзырд. Бадзырдмæ гæсгæ алы аз дæр махмæ вæййы фембæлд ацы хайады студенттимæ. Нæ сывæллæттæ дæр æмæ студенттæ дæр равдисынц сæ арæхстдзинад, сæ курдиат .
Ахæм равдыстыты æмæ фембæлдты фæстæ бирæты зæрдæты ссудзынц актеры дæсныйады арты стъæлфæнтæ æмæ сфæнд кæнынц йемæ сæ дарддæры цард бабæттын . Уымæн æвдисæн Гæбуты Алан. Уый бацыд ахуыр кӕнынмӕ Мæскуыйы Щукины номыл театралон институтмæ, у 3 курсы студент. Нæ зæрдæ йын зæгъы стыр æнтыстдзинæдтæ .
Хицæнæй ма мæ фæнды зæгъын не скъолайы рауагъдонтӕ Зæгæлты Дзерассæ æмæ Дзыгасты Дианæйы тыххæй. Мæнгæй нæ фæзæгъынц: «Курдиатджын адæймаг алы ран дæр курдиатджын у». Дыууæйæ дæр уыдысты интеллектуалон къорд «Иры фидæн»-ы архайджытæ. Фарон Зæгæлты Дзерассæ бацахста фыццаг бынат республикон конкурс «Ирон дæн æз»-ы , 2-аг бынат республикон конкурс «Цыкурайы фæрдыг»-ы, архайдта телевизион интеллектуалон хъазт «Къостайы фæндæгтæ»-йы. Дзыгасты Дианæ нымад æрцыд хуыздæр интеллектуалыл республикон конкурс « Зондабитæ»-йы, телевизион интеллектуалон хъазт «Къостайы фæндæгтæ»-йы та рацыд финалмæ.
Курдиатджын сывæллæттимæ куысты фæлтæрддзинад ахъаззаг æмæ пайда уыдзæн уæд, æмæ хорз ахастдзинæдтæ куы уа ахуырдзау, ахуыргæнæг æмæ ныййарджыты хсæн. Фæнды мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын нæ курдиатджын сывæллæтты ныййарджытæн, кæцытæ æппынæдзухдæр нæ алы хъуыддаджы дæр вæййынц нæ разы, се' ххуыс ы хай хæссынц. Уыдон сты Гæбуты бинонтæ, Пагæты, Баскаты, Дзыгасты æмæ бирæ æндæртæ.
Курдиатджын сывæллæттимæ куыст у зын, фæлæ цымыдисаг.
Ныртæккæйы сывæллæттæ сты тынг размæдзыд, бирæтæм ис диссаджы интуици, ис сын хорз хъуыдыкæнынад. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм сывæллæттимæ кусгæйæ, ахуыргæнæг хъуамæ иу санчъех раздæр цæуа уыдонæй.
Уымæ гæсгæ, нæ куысты девизæн райсæн ис ахæм дзырдтæ: « Макуы тæрс, цыдæр мын нæ рауайдзæн, зæгъгæ, - фæлвар, архай, тырн!»
Бузныг!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Выступление на заседании педагоггического совета по теме :"Одаренность. работа с одаренными детьми в свете инициативы "Наша новая школа"
Текст доклада на заседании педагогического совета по теме "Одаренность. Работа с одаренными детьми в свете идей инициативы "Наша новая школа"...
Методическая разработка с одаренными детьми в ДШИ «Особенности работы с одаренными детьми в условиях дополнительного образования»
Система работы с одарёнными детьми посвящён комплексному исследованию условий для внедрения в образовательный процесс учреждения развивающих форм и методов обучения, направленных на ...
Работа с одаренными детьми. Формы и методы работы с одарёнными детьми в школе.
Выступление на методическом объединении...
Организация работы с одаренными детьми. Индивидуализация работы с одаренными детьми.
Практика развития творческого потенциала одаренных учащихся предполагает разработку и реализацию специальных образовательных программ, учебного плана и учебных ...
Система работы с одаренными детьми. Рекомендации педагогам по работе с одаренными детьми.
Рекомендации педагогам по работе с одаренными детьми....
Работа с одаренными детьми в МАОУ СОШ № 1 г. Лабытнанги в сфере научно-исследовательской и проектной деятельности: из практики работы в области создания личностно-ориентированной образовательной среды для одаренных детей
АннотацияВ статье описывается система работы образовательной организации с одаренными детьми в области научно-исследовательской и проектной деятельности включающую в себя тьюто...