«Æгас нæм цу, зымæг!» (Афæдзы афонтæ)
учебно-методический материал (6 класс)

Урочы  нысантæ.

1. Сфæлхат кæнын афæдзы афонтæ, номдарты тасындзæг.

2. Бæлвырддæр æрдзурын зымæгыл. Бакусын Цæгæраты Г.

    æмдзæвгæ «Зымæг» - ыл. Аив кастыл бакусын, дзырдуатон

    куыст бакæнын.

3. Æрдзмæ уарзон цæстæй кæсын, йæ рæсугъддзинад ын

    хъахъхъæнын.

Урочы хуыз.

Урок - хъазт

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

 Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_6_kl._nevl_fgos_tehn_karta.docx32.37 КБ

Предварительный просмотр:

Кълас:   6  ( ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы скъоладзаутæн)

Ахуыргæнæг: Кцойты М.И.

Темæ: «Æгас нæм цу, зымæг!»

(Афæдзы афонтæ)

Урочы  нысантæ.

1. Сфæлхат кæнын афæдзы афонтæ, номдарты тасындзæг.

2. Бæлвырддæр æрдзурын зымæгыл. Бакусын Цæгæраты Г.

    æмдзæвгæ «Зымæг» - ыл. Аив кастыл бакусын, дзырдуатон

    куыст бакæнын.

3. Æрдзмæ уарзон цæстæй кæсын, йæ рæсугъддзинад ын

    хъахъхъæнын.

Урочы хуыз.

Урок - хъазт

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

 Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон.

 

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

(Дуар æрбахостæуыд. Æрбахызтис Мад йæ 4 чызгимæ (сæрд, уалдзæг, фæззæг, зымæг).

Сценкæ «Афæдзы афонтæ»

Мад:  -  Уæ бон хорз, зынаргъ æмбæлттæ! Мæнæ адон мæ чызджытæ сты. Сæ иуæй - иннæ рæсугъддæр, сæ иуæй –иннæ хуыздæр!  Мæ къонатæ, алкæйы дæр уæ тынг уарзын, алкæмæ дæр уæ бирæ хорздзинæдтæ ис, фæлæ ма мæнæ ацы адæмы раз зæгъут, чи уæ цæмæй хъал у?!

(Райхъуысы музыкæ, Зымæг æрзылд йæ бынаты)

Зымæг:  - Мæн сывæллæттæ бирæ уарзынц. Æз æрхæссын бирæ мит, æмæ сывæллæттæ фæбырынц дзоныгътыл, къахдзоныгътыл, аразынц митын лæгтæ.Ноджы ма æз мемæ æрхæссын адæмы уарзон бæрæгбон  -  Ног аз.

(Райхъуыст æндæр музыкæ. Уалдзæг æрзылд йæ бынаты).

Уалдзæг: -  Дæхицæй цы ‘ ппæлыс мæ разы? Уый мæ дын æз! Æз куы ралæууын, уæд райхъал вæййы æрдз. Кæрдæг, бæлæсты сыфтæ фæцъæх вæййынц, мæргътæ хъæлдзæгæй зарынц.

(Музыкæ, Сæрд æрзылдис).

Сæрд: - Ой, ой, ой! Худинаг уæм нæ кæсы, мæ разы уæхицæй куы ‘ ппæлут, уæд?! Æз адæмæн хæссын хуры хъарм, бæстæ дидинæг фестын кæнын. Сывæллæттæ ме’ рцыдмæ тынг фенхъæлмæ кæсынц, уымæн æмæ уæд скъоламæ нал фæцæуынц, фæулæфынц денджызы был, кæнæ æндæр рæтты.

(райхъуысы æндæр музыкæ. Фæззæг æрзылдис).

Фæззæг:  - Цæуыл дзурут, цæ? Уæ ныхæстæм мæм худын æрцыд! Æз дæн уе ‘ ппæтæй хуыздæр, рæсугъддæр.  Бæлæстыл скæнын алыхуызон сызгъæрин дарæс, æрхæссын адæмæн æмæ фосæн стыр бæркад, дыргътæ, халсартæ, нартхор, мæнæу æмæ бирæ цыдæртæ. Адæм сæ хъæздыг бæркадæй саразынц бæрæгбон Джеоргуыба.

 Мад: -  Ма быцæу кæнут, мæ хуртæ! Уе’ ппæт дæр хъæут адæмы, уе’ ппæты дæр уарзынц . Æз дæр уæ тынг уарзын!  

(Ацыдысты музыкæйы фоныл).

Ахуыргæнæг:  

- Чи уыдысты нæ уазджытæ? Цæуыл дзырдтой?  (сыв. дзуæппытæ).

- Уæдæ, куыд бамбæрстат, афтæмæй абон нæ урочы темæ у: «Афæдзы афонтæ. Зымæг». Грамматикон темæ та у «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы».

 кæсынц сценкæмæ æмæ бæрæг кæнынц урочы темæ

дзуапп дæттынц

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

Дзырдуатон  диктант: (ахуыргæнæг дзуры уырыссыгау, сывæллæттæ фыссынц иронау, алы командæйæ дæр дыууæйæ фысдзысты фæйнæгыл. Иттæг раст фыстæн лæвæрд цæуы стъалы.Иннæтæ фыссынц сæ тетрæдты.)

Дождь, облака, Владикавказ, санки, погода, Осетия, родители, природа.

 Конкурс «Эмоцитæ» ( алыхуызон эмоциты, исты архайды руаджы æнæдзургæйæ равдисын искæцы афæдзы афон, иннæ командæтæ хъуамæ базоной, цавæр афон  равдыстой. Гæххæттытæ сисынц капитантæ).

(Уæлдай  стъалы жюри саккаг кæндзæн, хуыздæр, цымыдисагдæр архайд чи равдиса, уымæн).

Фыссынц, дзуапп дæттынц

Кæсынц, ныв кæнынц, дзуапп дæттынц

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды)

коммуникативон

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

Чиныгимæ куыст

  1. Фонетикон куыст.

(СЛАЙДТÆ) (сывæллæттæ радыгай дзурынц нывтыл цы дзыртæ ис, уыдон. Иннæтæ йæ фæстæ хъæрæй дзурынц – аудирование).

2. Монологон ныхасы рæзтыл куыст.  

Капитантæ дзурынц цыбыртæй сæхи тыххæй (чи у, цал азы йыл цæуы, кæцы къласы ахуыр кæны).

3. Текстыл бакусын.

 (æмдзæвгæ  69 фарс)

1.Текст аив кæсынц сывæллæттæ радыгай æмæ тæлмац кæнынц цы бакæсынц, уый.

2.  Сæргонд æрхъуыды кæнын æмдзæвгæйæн.

(«Хъæлдзæг зымæг», «Зымæг», «Сабиты цин», «Сырхуадул зымæг»)

3.  Бафæрсын æмдзæвгæйы хицæн дзырдты, дзырдбæстыты тæлмац.

шуба - дублёнка, играя-смеясь, вынесли, искра, красные щеки, теплые дома, не страшно, облака, небо, снежинки, заболел).

4. Ссарын тексты хъæугæ бынæттæ (Ахуыргæнæг дзуры уырыссагау скъуыддзаг, сывæллæттæ йæ ссарынц æмæ йæ кæсынц иронау, стæй та – ахуыргæнæг иронау кæсы скъуыддзаг, сывæллæттæ йæ тæлмац кæнынц уырыссагау.)

  • Кто из них шубу снял и на снегу кувыркается.
  • Таким на земле совсем не страшно заболеть.
  • Играя- смеясь выбежали на улицу соседские мальчики.

Ахуыргæнæг кæсы иронау, сывæллæттæ тæлмац кæнынц уырыссаг æвзагмæ.

 (69 фарс).

5. Ссарын бирæон нымæцы номдартæ тексты æмæ сын фæбæрæг кæнын сæ хауæн æмæ кæрон.

Хъусынц, хъæрæй дзурынц

Ныхасы рæзтыл кусынц

хæслæвæрд æххæст кæнынц

æвзарынц дзырдтæ æмæ сæ тæлмац кæнынц

æвзарынц дзырдтæ æмæ сæ тæлмац кæнынц

Хъусынц æмæ талмац кæнынц

Зæрдыл æрлæууын кæнын хауæнты кæрæттæ

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын)

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

Къордты куыст:

Презентаци  бахъахъхъæнын (ахуырдзауы презентаци «Мæ уарзон афæдзы афон»)

 Конкурс «Чи фылдæр дзырдтæ зоны иронау»

(Иугай ахуырдзауы рацæуы алы командæйæ дæр. Ахуыргæнæг сын уырыссагау дзуры дзырдтæ алы темæтæй, сывæллæттæ сæ  уайтагъд хъуамæ зæгъой иронау).

Дзырдтæ:

Сова, гвоздика, осень, фасоль, Родина, верблюд, тарелка, шарфик,  дуб, сыр, ягоды, тыква, понедельник, брат, ёлка, лук, огород, Россия, времена года, мята, падежи, доска.

Нымæцонтæ (сывæллæттæ дзурынц иронау):

35,  19,  97,  246,  3521

Третий, первый, второй, 52-ой, 21 – ый, 33 – ий.

 

 «Хуыздæр  нывгæнæг»

æвдисы æмæ аргъ кæны йæ куыстæн

ерысы хуызы архайынц дзырдтæ ирон æвзагмæ талмац кæныныл

Зæдыл æрлæууын кæнын нымæцонтæ

æвдисынц æмæ аргъ кæнынц сæ нывтæн

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Хатдзæгтæ скæнын.

– Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?

– Цавæр хатдзæгтæ скодтат?

– Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн ацы дыууæ хъуыдыйадæй иуæй пайда

кæнгæйæ:

   

   Æз ацы урочы бакуыстон хорз.  

  Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз.

дзуапп дæттынц

аргъ кæнынц сæ куыстæн

Зонадон

(анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Хæдзармæ куыст.

Ныффыссын чысыл сочинени-миниатюрæ «Мæ  уарзон афæдзы афон».

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темæ: Афæдзы афонтæ"

Афæдзы афонты миниуджытæ тыххæй дзурын...

Афæдзы афонтæ

Урочы нысантæ:1.Ахуырдзауты хæстæгдæр базонгæ кæнын афæдзы афонты миниуджытимæ.Сбæрæг кæнын цавæр хицæндзинæдтæ ис афæдзы афонты æхсæн.Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын2.Æрдзæн аргъ кæнын , хъахъхъæнын æ...

Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...

Урочы нысан: Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ бафидар кӕнын,ахуыргӕнинӕгтӕ афӕдзы афонтӕй цы рацыдысты ,цы зонынц,уый.

Фæстиуджытæ Предметон Тексты номдартӕ агурын зонын.Хъуыдыйӕдтӕ интонациимӕ кӕсын зонын. ,Аив кастыл бакусын,тексты  мидис бамбарынӕн саразын уавартӕ,рӕстӕджы ӕууӕлта сывӕллӕттӕн раргом ...

Ирон æвзаджы урок 6-æм къласы. Темæ: Афæдзы афонтæ Грамматикон темæ: Миногоны бæрцбарæнтæ.

Открытый  урок по теме "Степени сравнения имен прилагательных. речевая тема: "Времена года"...