ПРОЕКТ "ИРОН ТЕАТР"
проект
Предварительный просмотр:
- Тема проекта:
«Ирон театр».
- АКТУАЛЬНОСТЬ ПРОЕКТА.
В возрасте 3 - 4 лет дети только приходят в детский сад. Многие из них неохотно включаются в совместную деятельность. У ребенка организм приспособляется к новой обстановке, а для ребенка детский сад, несомненно, является новым, еще неизвестным пространством, с новым окружением. Первые дни и даже недели проходят у всех по-разному. Кто – то буквально с первых дней с радостью идет в группу, но все – таки чаще расставание с мамой сопровождается слезами. Правда, в группе одни дети быстро отвлекаются и успокаиваются, другие плачут все время до прихода родителей. Некоторые при этом все время ищут контакта с воспитателем, некоторые, наоборот, замыкаются в себе, отказываются от общения и с детьми, и взрослыми и неохотно включаются в совместную деятельность. Но есть то, перед чем трудно устоять даже самым замкнутым детям – это игрушки, сказка. Именно сказка может помочь ребёнку сделать шаг навстречу сверстнику и приобрести первый опыт общения
Жили – были… Каждый ребенок слышит эти слова с удовольствием, теплотой и надеждой на что – то новое, интересное. Сказки рассказывают
мамы, бабушки, воспитатели в детском саду. Дети выбирают удобную позу, прижимаются к любимым взрослым или к мягким, пушистым игрушкам и слушают сказки, рассказы, истории.
Конечно, самым популярным жанром дошкольников является сказка.
Сказка - источник народной мудрости. Она учит доброте, смелости и честности. Порицая зло и несправедливость, сказка вызывает у ребёнка сочувствие к обиженным героям
Со сказки начинается его знакомство с миром литературы, с миром человеческих взаимоотношений и со всем окружающим миром в целом. Сказки преподносят детям поэтический и многогранный образ своих героев
Сказка намекает, что сделать правильный выбор помогает любящее сердце, а не расчётливый ум. И подсказывает, что добро всегда побеждает, а справедливость действенней грубой силы. Сказка учит детей учиться, познавать себя самого и мир вокруг
Актуальность создания системы педагогических мероприятий по развитию речи детей дошкольного возраста через театрализованную деятельность обусловлена тем, что театрализованная деятельность позволяет решить многие образовательно-воспитательные задачи. Через образы, краски, звуки дети знакомятся с окружающим миром во всем его многообразии. Работа над образом заставляет их думать, анализировать, делать выводы и обобщения. В ходе освоения театрализованной деятельности происходит совершенствование речи, активизируется словарь ребенка, совершенствуется звуковая культура речи, ее интонационный строй. Улучшается диалогическая речь, ее грамматический строй. Театрализованная деятельность позволяет формировать опыт социального поведения ребенка потому, что каждое литературное произведение имеет нравственную направленность.
ЦЕЛЬ ПРОЕКТА
Через осетинское народное творчество формировать думающего, чувствующего, любящего и активного человека, готового к творческой деятельности в любой области.
Задачи:
С детьми:
- Закреплять и развивать у детей устойчивый интерес к книге, воспитывать любовь к художественному слову.
- Знакомить детей с разными видами жанров.
- Помогать ребёнку не только, осмысливать поступки персонажей (героев), но и их мысли, чувства, воспитывать умение видеть скрытые причины поступков.
- Помогать ребёнку, осознавать его собственное эмоциональное отношение к героям сказок.
- Обращать внимание детей на язык литературного произведения, авторские и народные приёмы изображения.
С родителями:
- Расширять представления о детской литературе.
- Повышение читательской культуры родителей.
- Заинтересовать родителей расширением читательского кругозора дошкольника, знакомя его с произведениями различных жанров, знакомить с русскими народными сказками.
- Не допускать раннего приучения ребёнка к телевизору, видео, компьютерным играм, не заменять непосредственного общения ребёнка с родителем.
- Привлечь к участию в совместных с детьми спектаклях, литературных викторинах, театрализованных представлениях.
Ожидаемый результат.
С детьми:
- Развитый интерес и стремление к постоянному общению с книгой, удовлетворение при слушании русских народных сказок.
- Умение осознавать и оценивать мотивы поступков героев, их переживания, мысли чувства.
- Активное проявление себя в разных видах художественной деятельности.
С родителями:
- Наличие представлений о роли детской литературы в развитии детей, формировании их нравственных качеств.
- Наличие в каждой семье художественных произведений в соответствии с возрастом, в том числе русских народных сказок.
- Мотивация родителей на традиции семейного чтения
Адресный характер проекта: проект предназначен для детей среднего – старшего дошкольного возраста
Вид проекта - кратковременный
Участники проекта: дети старшей группы, воспитатели, родители.
Этапы реализации проекта.
ЭТАП ПРОЕКТА (Первый)
Подготовительный этап:
- Определение педагогом темы, целей и задач, содержание проекта, прогнозирование результата
- Обсуждение с родителями проекта, выяснение потребностей, проблеем, возможностей, средств, необходимых для реализации проекта, определение содержания деятельности всех участников проекта.
- Предварительная работа - изучение литературы.
б) изучение детской художественной литературы.
в) организация формы работы с детьми, родителями, практическая часть.
В процессе взаимодействия педагог – дети - родители в реализации проекта:
дети:
а) знакомятся с окружающим, познают мир
б) проявляют доброту, заботу, бережное отношение к книгам;
в) возрастает, активизируется, формируется речевая активность детей в разных видах деятельности;
ЭТАПЫ ПРОЕКТА (Второй) - практический.
СОЗДАНИЕ РАЗВИВАЮЩЕЙ СРЕДЫ.
Название и содержание деятельности.
Настольный театр по сказкам «Лиса и заяц», «Колобок».
Пальчиковый театр по сказкам: «Репка», «Теремок», «Колобок».
Выставка рисунков и поделок по сказкам.
Картинная галерея «Мир сказок».
Создание книжек - самоделок: «Новые приключения колобка», «Сказка на новый лад», «Сказочное попурри».
Иллюстрирование новых сказок и придумывание в сотворчестве детей и взрослых.
Создание коллажа «По дорогам сказок».
Пазлы и кубики, разрезные картинки по сказкам: «Лиса и заяц», «Теремок», «Снегурочка», «Маша и медведь».
Создание костюмов для импровизации сказок: «Теремок», «Колобок», «Заюшкина избушка», «Маша и медведь», «Лисичка со скалочкой».
Ожидаемый результат.
Создание каталога по осетинским народным сказкам.
Пополнение группы дидактическими материалами, книгами, портретами, иллюстрированными материалами.
Авторские сценарии занятий, литературных викторин и конкурсов.
Творческие работы детей и родителей.
УСГУР ЛÆППУЙЫ МÆТ
Мæ хуры хай,
Рæсугъд чызгай,
Куы нæ дæ федтаин, бæргæ!
Дæ хъазынмæ,
Дæ зарынмæ
Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!
Дæ дзыхы дзырд –
Æнæ рæдыд,-
Ныццæвы зæрдæйы кæрон!
Цы кæндзынæн,
Куыд цæрдзынæн
Æнæ дæу, амæттаг дын уон!
Фæрстытæ викторинæйæн:
1. Кæй мысы Къоста ацы рæнхъыты:
Мæн иу ус фæхаста…
Сывæллон ахуыр,
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр.
Дзуапп: Дзапарты Чендзейы
Ранымайут, Къоста сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.
Дзуапп: «Гино», «Скъолайы лæппу», «Фыдуаг», «Кæмæн цы», «Уасæг», «Лæгау», «Дзывылдар», «Зæрватыкк», «Цъиу æмæ сывæллæттæ»
(æдæппæт – 9).
Кæмæн фыст æрцыд поэмæ «Фатимæ»-йы бацæуæны акростих?
Дзуапп: Анна Паповайæн.
Цавæр зындгонд уырыссаг нывгæнджытæ ахуыр кодтой Къостаимæ Аивæдты академийы?
Кæй сывæллæтты сурæттæ равдыста Къоста йæ зындгонд нывы «Дурсæтджытæ»?
Дзуапп: Шанаты Ибрагимы.
Цавæр ирон æмбисонды бындурыл арæзт у æмдзæвгæ:
«О,о,! – бирæгъ загъта, -
Ма рох кæн дæ дзырд»,-
Арсы уым фæуагъта, -
Мехъ кæмдæр фæцыд…
Дзуапп: Бирæгъæн, дам, æмбисæндтæ хастой, уый та, дам, афтæ: «Ауадзут мæ, уæлæ сæгъ фæлидзы».
Цавæр ирон æмбисонды бындурыл арæзт у басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»?
Дзуапп: «Хорздзинад бæсты нæ цæуы», «Хорз ма ракæн, æмæ фыд ма ссарай»,
Цæмæн у Къоста нымад ирон æвзаг æмæ ирон литературæйы бындурæвæрæгыл?
Дзуапп: Аив литературон æвзагыл фыццаг Къоста райдыдта фыссын.
Цавæр бастдзинад ис се 'хсæн: грекъаг – Эзоп, французаг – Лафантен, уырыссаг – Крылов, ирон – Къоста.
Дзуапп: сæ басняты сюжеттæ сты æмхуызон. Баснятæ: «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп, «Хъазтæ».
Ранымайут, Къоста цы литературон жанрты фыста, уыдон.
Дзуапп: Поэмæ, басня, драмæ, лирикæ, очерк, литературон аргъау.
Цавæр прозаикон уацмысы æвдисы Къоста хохаг адæмы мæгуыр царды нывтæ?
Дзуапп: Радзырд «Дзæбидырдзуан».
Цавæр баснятæ ныффыста Къоста ирон æмбисæндты бындурыл?
Дзуапп: «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Марходарæг», «Саг æмæ уызын», «Рувас æмæ зыгъарæг», «Уайдзæф», «Булкъ æмæ мыд».
Къостайы афоризмтæ фылдæр чи ранымайдзæн.
Дзуапп:
Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз,
Дунетæй хуыздæр куы фестай, йе уæддæр дæхи уд ма стау,
Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы,
Ма худ аууонмæ æвзæрыл, хорзы-иу йæ цуры бафау,
Магусайæн – цæф, цырд лæппуйæн – кæф,
Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты,
Коммæгæсы ма цæв, мастæн æй хæсдзæн»,
Мæнæн мæ царды конд у ахæм:
Иæ сæрмæ схизын хохы рагъæн,
Mæ арм нæ быдыртыл
Архæссын сын хуры тафс æрхæссын.
Мæнæн мæ царды конд у ахæм:
Салам сæгуытæн радтын, маргъæн
Йæ ахстон, абабау, нæ халын,
Фæлæ йын хор, нæмгуытæ калын.
Мæнæн мæ царды конд у ахæм:
Нæ тасын, нæ, йæ быны уаргъæн,
Нæй донау байсысæн мæ тыхæн,
Сæттын йæ базыртæ мæтыхæн.
Мæнæн мæг царды конд у ахæм:
Йæ бындур амайын гæнахæн,
Мæнæн мæ заринаг - нæ бæстæ,
Мæнæн мæ заринаг - мæ рæстæг.
Мæнæн мæ царды конд у ахæм:
О, адæм, арт кæнын сымахæн,
Мæнæн мæ сафинаг - мæнгдзинад,
Мæнæн мæ заринаг - рæстдзинад!
Темæ: Дидинджытæ
Нысан: 1. Бафидар кæнын дидинджыты тыххæй зонындзинæдтæ.
2. Хуымæтæг хуызы бамбарын кæнын фарстон хъуыдыйад.
3. Ныхасы рæзтыл бакусын
4. Хъомыладон куыст бакæнын.
Занятийы цыд.
I Организацион. хай.
Ахуыргæнæг. – Абон у сабат. Афтæ нæу?
– Нæу.
– Уæдæ?
– Æртыццæг
Ахуыргæнæг. – Уцыппæрæм декабрь. Афтæ у?
- Нæу.
- Уæдæ
- Абон у фыццæгæм декабрь (фыссын нымæц фæйнæгыл).
Ахуыргæнæг. Рудзынгæй ма акæсут. Цавæр бон у?
- У уазал. Мит æруарыд. Бæлæстæ, фæндæгтæ сты урс урсид.
Ахуыргæнæг. Зæгъут – ма, дидинджытæ искуы рæзынц ныртæккæ?
- Никуы. У зымæг, у уазал.
Ахуыргæнæг. Уæдæ мах абон дзурдзыстæм дидинджыты тыххæй (темæ фыссын фæйнæгыл), фыццаг урок сыл нæ дзурæм, уымæ гæсгæ хъуамæ хорз бахъуыды кодтаиккат сæ нæмттæ, сæ хуызтæ, цы пайда хæссынц, уалдзыгон, сæрдыгон æви фæззыгон дидинджытæ сты. Ноджы ма хъуамæ сахуыр кодтаиккат æмдзæвгæтæ, сныв кодтаиккат уæ уарзон дидинджытæ.
Райдайдзыстæм нæ урок фонетикон зарядкæйæ. Уæ карточкæтæ партæтыл авæрут.
Æз дзурын дзырдтæ кавказаг дамгъæтимæ, сымах та, сывæллæттæ, æвдисут карточкæтæ æвдисынц уыцы дамгъæтимæ
Зæгъæм: джыджына (æвдисынц дж)
къоппасæр (къ)
дзæнгæрæгой (дз)
адджын
дидинджытæ
рæсугъдæг æ. а. д.
Ахуыргæнæг. Ныр та уæм æз æвдисын карточкæтæ кавказаг дамгъæтимæ. Сымах хъуыды кæнут семæ дзырдтæ. Чи фылдæр?
(сывæллæттæ дзурынц тынг бирæ дзырдтæ)
раст дзурынц хъ, къ, пъ, цъ, чъ (хъæрæй)
Ахуыргæнæг. Чи уæ сахуыр кодта æмдзæвгæтæ?
Скъоладзаутæ дзурынц.
Дидинæг доны был
Байрæзти цъæх нæуыл
Ауагъта къабæзтæ даргъ
Доны фæйлауæнты
Уддзæф ыл сæмбæлы
Базыртæ сисы куыд маргъ.
Дидинæг равзæрди
Суадоны был,
Уалдзæг æм бахудти,
Уафы йыл тын.
Дидинæг рауагъта
Пуцал сырх зынг,
Уымæн æй бауарзтæ
Буц чызгай тынг.
Ахуыргæнæг. Чи цавæр дидинæг сныв кодта. Равдисут ма сæ æмæ радзурут уæ нывты цы равдыстат, уый.
– Æз сныв кодтон æрвдидинæг.
Уый у мæ уарзон дидинæг. У æрвхуыз.
Кæны адджын тæф.
(2-3 скъоладзауы дзуапп дæттынц).
Ахуыргæнæг. Ныр та сбæрæг кæндзыстæм, чи хуыздæр зоны дидинджытæ. Кæй уæ бафæрсон, уый сусæгæй мæ хъусы бадзурдзæн дидинæджы ном. Сымах та хъуамæ фæрстыты руаджы базонат, цавæр дидинæджы ном мын бадзырдта мæ хъусы скъоладзау.
Фæйнæгмæ чи рацыд, уый мын мæ хъусы бадзырдта - урсдидинæг
Сывæллæттæ йæ иугай фæрсынц
- Уый цъæх у?
- Нæу.
- Урс у?
- О
- Хорз тæф кæны?
- О
- хос дзы фæкæнынц?
- О
- Уæдæ уый у урсдидинæг
(ромашка)
Цалдæр скъоладзауы бафæрсын.
Сывæллæтты зæрдæмæ тынг цæуы ацы куысты хуыз. Тынг цымыдисæй фæкусынц, хорз бахъуыды кæнынц æрмæг.
Ахуыргæнæг. Мах ныртæккæ цы куыстам?
- лæвæрдтам фæрстытæ
Уæдæ фарст цы хъуыдыйады уа, уый у фарстон хъуыдыйад.
Фæйнæгмæ ракодтон 2 скъоладзауы æмæ сын загътон, цæмæй сæ кæрæдзийы истæмæй бафæрсой.
Зæгъæм, 1-аг – Уарзыс дидинджытæ?
- Тынг
- Тынгдæр цавæртæ?
- Уардитæ
- Æмæ къоппасæр нæ уарзыс?
- Уый дæр рæсугъд у.
Ахуыргæнæг. Уæдæ ма уый у диалог дæр. Ныхас кæнынц 2 адæймаджы. Алкæй ныхас дæр хицæн репликæ.
Фæйнæгыл. Мыдыбындз тынг бирæ уарзы дидинджытæ. Раст куы баиу кæнат дамгъæтæ, уæд базондзыстут, цæвæр дидинæгыл абадт ацы хатт та.
Ахуыргæнæг. Кæддæр уын кастæн бердзенаг миф Нарциссы тыххæй, исчи йæ хъуыды кæны? Радзурут ма йæ.
Цардис раджы заманы иу рæсугъд лæппу. Хуртæ æмæ дзы мæйтæ кастысты. Бирæтæ йæ уарзтой, фæлæ уый никæй уарзта йæхи йеддæмæ. Иухатт цæугæдоны раз æрбадт æмæ йæ цæсгоммæ кæсынтæ райдыдта. Иæхи афтæ бирæ бауарзта æмæ доны раз бадгæйæ баззад. Уыцы ран, таурæгъ куыд зæгъы, афтæмæй æрзадис хæмпус рæсугъд урс дидинæг. Хонынц æй Нарцисс.
Ахуыргæнæг. Сывæллæттæ, цæмæн фесæфт лæппу? – Уыд хиуарзон, сæрыстыр, никæй уарзта, æрмæст йæхи, а.д.
Ахуыргæнæг. Æз абон нæ занятимæ æрхастон тынг бирæ алыхуызон дидинджытæ. Скæнæм ма дзы рæсугъд дидинджыты баст (букет). Æрмæст дзурын хъæуы афтæ: æз райсдзынæн 2 уардийы, 3 урсдидинæджы, 3 хъоппæг дидинæджы, æ.а.д.
Сываллон дзуры цал æмæ цавæр дидинджытæ исы. Диссаджы рæсугъд букет нæм рауæд.
Ахуыргæнæг.
Кæмæн æй ратдзынæ?
Къæйттæй куыст (чи кæимæ бады). Лæвæрд къонверттæ. Ис дзы лыггонд хъуыдыйæдтæ.
Хæс: Кæрæдзи фæдыл сæ раст куы сæвæрат, уæд уæм рауайдзæн диссаджы рæсугъд радзырд
Никуы йæм ничи сдзырдтæ.
Куыдта зыр – зыраг дидинæг.
Хъæдмæ хæстæг æрзади зыр – зыраг дидинæг.
Уымæн æмæ йæ разы никуы ничи æрлæууыд.
Рæзти хæрз иунæгæй.
Сывæллæттæ цы рæстæг кусой, уыцы рæстæг хъуысы Чайковскийы «Вальс цветов».
Куыст куы фæуой, уæд кæсынц хъуыд-тæ.
Сывæллæттæ цалынмæ радзырд аразынц, уæдмæ фæйнæгыл æрцауындзын пиктограммæ.
Ахуыргæнæг кæсы цыбыр текст, сывæллæттæ хъусынц.
Ирыстоны Сырх чиныгмæ бахастой сафынмæ тæссаг кæмæн у, ахæм зайæгойты, бæлæсты, мæргъты, сырдты, цæрæгойты нæмттæ. Сымах æнхъæл кæмæн не стут, уыдон дæр фыст æрцыдысты ацы чиныджы. Зæгъæм, малусæг, дзæнгæрæгой, зыр – зыраг.
Адæймаджы хъæуы хъахъхъæнын æрдз, зилын бæлæстæм, зайæгойтæм, науæд иууылдæр сæфтмæ æрцæудзысты. Æрдз фæмæгуыр уыдзæн.
(æвдисын сæм Ирыст. – Ал. Сырх чиныг).
Ахуыргæнæг. Цы бамбæрстат ацы гыццыл радзырдæй?
- æрдз хъæуы хъахъхъæнын.
- не 'мбæлы бæлæстæ калын.
- зилын хъæуы алцæмæ дæр æмæ уæд æрдз хъæздыгдæр кæндзæн.
Хатдзæгтæ. Цы базыдтам, цавæр куысты хуызтæ бакодтам, куыд бамбæрстам æрмæг?
Зæгъæм. – Миты бынæй йæ сæр сдары (малусæг).
Æрвдидинæг рæзы быдыры. Йæ дидинджытæ сты æрвгъуыз, уымæн афтæ хуыйны. Кæнынц дзы цай, у пайда адæймагæн. Æмбырд æй кæнынц сæрды (июнь, июль).
Джыджына рæзы хъæды. Йæ урс дидинджытæн ис адджын тæф. Ногтынд дидинджытæй кæнынц духи. Кæнынц дзы хос дæр.
Тюльпан (къоппасæр) у Голландийы символ. (Луковицы тюльпана привозили из дальних стран и стоили они баснословно дорого. К слову, за 1 луковицу можно было купить мельницу, маленький домик, 30 мешков зерна).
Хризантемæ символ Японии. Хойраджы дуканийы дæр æй уæй кæнынц. Кæнынц дзы бирæ хæринæгтæ. Пайда у адæймаджы æнæниздзинадæн.
Зырзыраг символ мира. (йæ хъæд у лыстæг. Дымгæ куы нæ кæна, уæддæр йæ хъæд зыр - зыр фæкæны)
Сырх уарди Английы национ эмблемæ.
Къаппа – къуппа (одуванчик) базоны (рагацау) уарын кæй æрцæуы æмæ рагацау йæхи бамбæхсы. Уалдзыгон дидинæг.
лютик – бурдидин
рæсугъдæг – нарцисс (цветок марта)
астра – бæндыс
сирень – дидинкæутæр
дидинсыф – лепесток
джыджына – ландыш
уарди – роза
даричин – гвоздика
æрвдидинæг – василёк
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Театр. Зачем ребёнку кукольный театр?
Живая кукла - возможно ли это?...
Театр яши, театр яшәячәк
Тема: «Театр жил и будет жить…»Класс: 7Цель:1. Развитие творческих способностей учащихся; развитие эстетических представлений и актёрских способностей у детей;2. Познакомить учащихся с некоторым...
Образовательная программа «Театр и мы» для дополнительного образования детей (объединения «Детский театр»)
Программа «Театр и мы» рассчитана на три года обучения: для детей среднего школьного звена, с одиннадцати до тринадцати лет. Коллектив формируется с уч...
Программа спецкурса "Театр и литература "(От уроков литературы к истории театра)
Программа спецкурса ориентирована на формирование у учащихся эстетической культуры, на приобщение их к миру искусства, к общечеловеческим ценностям через освоение художественного опыта прошлого....
интегрированный урок "МОДА И ТЕАТР ДРЕВНЕЙ ГРЕЦИИ.В театре Диониса"
Данный материал можно использовать для проведения урока истории в 5 классе по теме "Театр Древней Греции" ,...
Презентация по МХК "Азбука театра (часть1) Виды театра. Античный театр"
Презентация по МХК "Азбука театра (часть1) Виды театра. Античный театр" Содержит большое количество иллюстративного материала. Может быть также использована на уроках изобр...
Час общения на тему "Театр, театр, театр"
2019 год объявлен годом Театра. Но сельские жители и, в том числе, дети имеют узкое представление о театре. Для того , чтобы расширить представление о театре, как об удивительном и древнем...