Урочы темœ: аргъау «Уœздан цъиу»
материал

Калабекова Альбина Анатольевна

 Урок в 1 классе. Урочы темœ: аргъау «Уœздан цъиу»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл uazdan_tsiu.docx1012.23 КБ

Предварительный просмотр:

Муниципальное автономное общеобразовательное учреждение базовая средняя общеобразовательная школа № 7 им. А.С. Пушкина с углубленным изучением английского языка

Урочы темœ: аргъау

« Уœздан цъиу.»

       

                                                                                              Ирон œвзаг œмœ  

                                                                                              литературœйы

                                                                                               ахуыргœнœг        

                                                                                             Хъалабекты А.А.

                                             

                           Урочы темœ: аргъау «Уœздан цъиу»

Урочы нысан: 1. Бакœсын œмœ равзарын  

                                      аргъау « Уœздан цъиу»

                                      Ныффыссын дамгъœ Цъ.

                           2. Ахуыр кœнын аразын дзырдтœ,  

                                     дзырдтœй хъуыдыйœдтœ.  

                                     Ныхасы рœзтыл кусын.

  1. Сывœллœттœм гуырын кœнын  

     рœсугъд œнкъарœнтœ, ахуыр  

     кœнын уœздандзинадыл,  

     œрхъуыдыдзинадыл.

Цœст.œрмœг. Интерактивон фœйнœг, нывтœ, чингуытœ.

                     Урочы цыд.

  1. Орг.хай.
  2. Фонетикон зарядка.
  3. Хœдзарон куыст сбœрœг кœнын.
  4. Физминуткœ.
  5. Ног œрмœг.
  6. Физминуткœ.
  7. Къухфыст.
  8. Хатдзœг.
  9. Хœдзармœ куыст раттын.

1. Организацион хай.

   Боныхъœдœй бафœрсын.

  -Уœ бон хорз.

-Сбадут.

-Цœтœ стœм урокмœ, уœдœ нœ куыст райдайœм.

- Зœгъут ма мын:

-Цавœр афœдзы афон у ныр?

-Уалдзœджы разœй та цавœр афœдзы афон уыди?

-Уалдзœджы фœстœ та цавœр афœдзы  афон уыдзœн?

-Цавœр афœдзы афон нœ загътам?

-Абон та кœцы нымœц у?

- Къуырийы бонтœй та абон цы бон у?

-Знон та цавœр къуырийы бон уыди?

-Райсом та цавœр къуырийы бон уыдзœн?

- Уœдœ къуырийы цал боны ис?

2. Фонетикон зарядкœ.

А). 

-Ракœсут ныр фœйнœгмœ.

-Фœйнœгыл ис кавказаг мыртœ, сфœлхат сœ кœнœм.

Хъ  -  хъыбыл, хъœдхой, …

Къ  -  къаба, къухтœ…

Гъ  -   булœмœргъ, зыгъарœг…

Цъ  -  цъыф, цъай, цъиу…

Б).

– Фœйнœгыл дамгъœтœ.

- Ракœсут фœйнœгмœ.

-Ацы дамгъœтœй мах œртœккœ  сарадзыстœм дзырдтœ.

- Дзырдтœй та хъуыдыйад.

_1060237

                Æрцыд уалдзœг.

          Картинка 10 из 755

- Æрцыд уалдзœг. Бœстœ райхъал. Фœхъармдœр. Хуры тынтœм тайы мит.

- Уалдзœджы ма цавœр ивддзинœдтœ œрцœуы?

AN00708_           C:\Documents and Settings\323\Рабочий стол\Портфель\большие анимашки\111.gifhttp://animashky.ru/flist/objiv/311/162.gif       

                         AN00708_

(- Цъиутœ хъарм бœстœй œрбатœхынц. Райхъуысы сœ зарын).

3.Хœдзармœ куыст.-Радзурут ма хœдзармœ цы œмдзœвгœ лœвœрд уыд уый.

  « Цъиу –цъиу – цъиу»

Цъиу, мœ гыццыл цъиу, мœ хœлар,

Барœвдз дын кодтон дœ хœдзар.      

Ног нœ дыргъ бœлœстœй ракœс,

Демœ зарджытœ œрбахœсс.

Цъиу, мœ гыццыл цъиу, мœ хœлар,

Барœвдз дын кодтон дœ хœдзар.

         

            http://www.wood-fantasy.ru/img/bh/3.jpg

Не стыхсдзынœ уым œппындœр,

Рауадздзынœ дзы лœппынтœ.

                                       (Цœгœраты Гиго.)

4. Физминуткœ.

Къухтœ! Къухтœ!

Айрœзут!

Къухтœ! Къухтœ!

Атœхут!

Къухтœ! Къухтœ!

Амбœхсут!

Къухтœ! Къухтœ!

Мœнœ стут!

Къах лœууы, лœууы, лœууы!

Къах цœуы, цœуы, цœуы!

Къœхтœ кафынц, кафынц, кафынц!

О мœ къœхтœ, гыццыл къœхтœ!

Ох!

5. Ног œрмœг.

-Не’мдзœвгœйы дœр ахœм цъиуы кой кœнœм, хъарм бœстœй уалдзœджы чи œрбатахт.

- Ракœсут ма фœйнœгмœ.

- Нœ фœйнœгыл дœр ис мœргъты нывтœ.

-Зœгъœм –ма, цавœр мœргътœ сты.

  Сауцъиу-скворец

  Цъиах-   галка

  Бурцъиу-иволга

  Зœрватыкк- ласточка

http://ptici.narod.ru/foto_max/skvorec.bmp    ласточкаhttp://turizm.lib.ru/img/u/uef/000000000000000008739/p4090626.jpg

- Ацы цъиутœй иу у уœлдай.

- Ахъуыды ма кœнут œмœ зœгъут, кœцы œмœ цœмœн у уœлдай?

- Цœмœй хицœн кœнынц иннœ мœргътœ каркœй?

- Цавœр хœдзарон мœргътœ ма зонут? (хъаз, бабыз, гогыз).

- Дзœгъœлы сœ не’рлœууын кодтам нœ зœрдыл хœдзарон мœргъты.

Абон бакœсдзыстœм аргъау «Уœздан цъиу».

- Базондзыстœм цавœр уœздандзинад равдыста хъазы цъиу.

- Кœсыны разма уал дзырдтœ равзарœм.

- Ракœсут ма фœйнœгмœ.

          1.   Дзырдтœ кœсœм иронау.

  Доны был – берег

  Мœнœуы гага – зёрнышко пщеницы

  Уœздан – скромный

  Æвваст – неожиданно

  Хœлар дын уœд – на здоровье

2. Ныр та уырыссаг œвзагœй ирон œвзагмœ ратœлмац кœнут дзырдтœ.

          Берег – доны был

          Зёр. пщеницы – мœнœуы гага

          Скромный – уœздан

3. Ныр уœ чингуытœ байгом кœнут 95 фарсыл. Аргъау «Уœздан цъиу».

-Текст уœхи нымœр бакœсут.

- Фестœм каст.

- Аныхас кœнœм.

4. Фœрстытœ.

- Чи сты сœйраг архайджытœ?

- Цы ссардта хъаз?

- Цы бафарста хъаз йœ цъиуты? (бакœсут чиныджы).

- Цавœр дзуапп ратта къаддœр цъиу? (бак. ма чиныджы).

- Чи дзы разынд уœздандœр?

-Цœмœн?(œрхъуыдыдзинад йœм разынд).

-Цавœр œмбисонд зонœм мады тыххœй? («Мады хъœбыс авдœн у»).

5. Кœсœм рольтœм гœсгœ.(автор, хъаз, стырддœр цъиу, къаддœр цъиу)

6. Хатдзœг.

- Аргъау уœ зœрдœмœ фœцыдис?

- Чи уын дзы фœцыд уœ зœрдœмœ?

- Раст бакодта?

- Цавœр уœздандзинад равдыста къаддœр цъиу?

«Мадмœ хъусын хъœуы. Мадыл хъуыды кœнын хъœуы. Мадœн аргъ кœнын хъœуы.»

-Мах дœр афтœ кœндзыстœм?

7. Физминуткœ.

Хорз бакуыстам. Ныр слœуыт œмœ иу гыццыл ауылœфœм.

           «Уалдзыгон зарœг».

Цъывви- цъывви, цъиу – цъиу – цъиу!

Бœласœй ныззарыд цъиу,

Уалдзœг, уалдзœг, тавы хур,

Цъиу-цъиу-цъиу, цъыбар-цъыбур!

Цъывви-цъывви, цъиу-цъиу-цъиу,

Ацы’рттиваг, цымœ, циу?

Лœппын сыфыл кафы хур…

Цъиу-цъиу-цъиу, цъыбар-цъыбур!

                                        (Астемыраты И.).

7. Къухфыст.

 - Ныр та иу гыццыл афысœм. Байгом ма кœнут уœ къуфыстытœ нудœсœм фарсыл.

-Ссардтам дамгъœ Цъ. Фыссœм 2-œ рœнхъы дамгъœ Цъ.

-Æртыккаг рœнхъыл фыссœм уœнгтœ. (цъа, цъи, цъу).

-Иу гыццыл ма уœ ручкатœ œрвœрут œмœ фœйнœгмœ ракœсут.

-Фœйнœгыл ис 3-œ дзырды, цухгонд дамгъœтимœ. Ахъуды ма кœнут цавœр дамгъœтœ хъœуы баффыссын ацы дзырдты.

- Чи рауайдзœн фœйнœгмœ.

-Ныр та фœстœмœ уœ къухфыстœм œркœсут.

- Фœйнœгыл цы дзырдтимœ бакустам, уыцы дзырдтœ уын лœвœрд цœуынц хъуыдыйады.

-Бакœсут ма мын хъуыдыйад.

-Ныр та йœ ныффыссут.

8. Хатдзœг.

- Абон нœ урочы цœуыл дзырдтам.

-Мах дзырдтам хъарм бœстœйœ цы мœргътœ œртœхынц, уыдоныл.

-Нœ зœрдыл œрлœууын кодтам хœдзарон мœргътœ œмœ бакастыстœм аргъау «Уœздан цъиу». Æмœ базыдтам куыд уœзданœй равдыста йœхи хъазы къаддœр цъиу.

9. Хœдзармœ куыст.

а).  Аргъау кœсын.- 95 фарсыл.

œ). Къухфысты дарддœр ныффыссын.-19 фарсыл


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Фондз æфсымæры аргъау

повторить пройденный материал, закрепить знания детей по теме "Части слова" ...

Цъиу

Цъиу (презентация)...

Ногбоны аргъау

Урочы темæ:...

Темæ: «Цъиу дæр ма йæхи æвзагыл зары»

Цас хорз æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытыл æфтауы адæймаджы. Уайтагъд зæрдæ айдзаг вæййы цыдæр æхсызгондинадæй, цæстытыл ауайынц нæ урссæр хæхтæ, нæ диссаджы цъæх фæзтæ æмæ быдыртæ. Адæймаг сулæфы арфдæр æмæ у...

Технологическая карта урока по теме: Аргъау "Уӕздан цъиу"

урок в 1 классе. технологическая карта...

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...