Фондз æфсымæры аргъау
план-конспект урока (5 класс) на тему
повторить пройденный материал, закрепить знания детей по теме "Части слова"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
конспект урока | 26.4 КБ |
Предварительный просмотр:
Урочы темæ: «Фондз æфсымæры аргъау»
(дзырды хæйттæ фæлхат кæныны урок).
Урочы №: 5, Дзырды хæйттæ.
Урочы тип (хуыз): рацыд æрмæг фæлхатгæнæн урок.
Урочы хæстæ:
- Ахуырадон зонындзинæдтæ: бафидар кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ рацыд æрмæг дзырды хæйттæ.
- Хъомыладон: 1) Гуырын кæнын цымыдисдзинад ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ; 2) Зын сахат кæрæдзийæн æххуыс кæнын, бинонты ’хсæн æнгомдзинадыл архайын.
- Зонадон райрæзты хæс: Ныхасы рæзт. Хъуыдыйæдтæ раст аразын лæвæрд дзырдтæй.
Урочы фæлгонц: цæстуынгæ æрмаæг, карточкæтæ, таблицæ.
Урочы пълан:
- Организацион хай.
- Хæдзармæ куыст сбæлвырд кæнын.
- Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.
- Фæлтæрæн куыстытæ æмæ хъæзтыты ’руаджы æрмæг бафидар кæнын.
- Хатдзæг.
- Кæронбæттæн.
- Хæдзармæ куыст.
- Организацион хай.
а) Сбæрæг кæнын сывæллæтты цæттæдзинад урокмæ
(чиныг, тетрад, боныг, фæбæрæг кæнын урочы чи
нæй, уыдоны);
б) Бамбарын кæнын урочы хæс.
в) Цæстыуынгæ æрмæгмæ сæ хъус æрдарын.
- Хæдзармæ куыст сбæлвырд кæнын.
Сбæрæг кæнын тетрæдты хæдзармæ лæвæрд æрмæг.
- Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.
Урочы цыд:
- Аргъауы хуызы дзырды хæйттыл æрдзурын æмæ саразын.
ныфсджын хъаруджын нæртон | а) Разныхас: Раджы ма, раджы ма иунæгæй цард иу дзырды хай. Йæ ном хуындис уидаг. Æмæ йын иунæгæй цæрын тынг æнкъард уыдис. Уалынмæ æмбал агургæйæ æлутон быдыры федта фæсæфтуаны. Æмæ бирæ дам-думтæ нал фæкодтой, сæ кæрæдзийæн загътой æфсымæртæ. Уидаг загъта: «Абонæй фæстæмæ уыдзыстæм». Уæдæй фæстæмæ уидаг æмæ фæсæфтуан цæрынц фæрсæй фæрстæм. |
- Афыссæм-ма уæдæ уидаджы ныхæстæ æмæ цыл нæ цæст ахæссæм, кæддæра æцæгæйдæр баиу сты æви нæ?
æмдых æмзонд ахъаззаг | б) Рæстæг цыди, уæдæ цы уыдаид фæсарæнтæй æнæнхъæлæджы æрбахауд разæфтуан æмæ сæм комкоммæ басидти: Æнкъард уын нæу, мæ хæлæрттæ? Уæхимæ мæ айсут æмæ уыдзыстæм: куыст кæндзыстæм. Нæ бон уыдзæн ног дзырдтæ аразын, цæмæй аланты фæдонтæн се’взаг ма фесæфа, культурон хæзнайæ баззайа. Сразы сты æртæ æфсымæры. Уыдон кодтой ахсджиаг куыст дзырдаразæг куысты фæдыл. |
- Æркæсут ма ацы æфсымæрдзинадмæ, æцæгæй баиу сты æви нæ? Рафыссæм сæ æмæ сæ фæбæрæг кæнут.
æрбадæгæн ахæссæгмæ æмбарынæй | в) Фæлæ уæддæр æфсымæртæ æнцой нæ ардтой. Цыдæр ма сын нæ фаг кодта, уæд сæхæдæг фæдзырдтой фæндаджы былыл цы кæрон æмæ бындур тезгъо кодтой, ахæм дыууæ æртхордмæ. Æмæ та гыццыл рæстæджы фæстæ банкъардтой æфсымæрдзинад æмæ загътой: «Абонæй фæстæмæ æнæ кæрæдзийæ дуары æддæмæ дæр нæ ракæсдзыстæм». Афтæ хæларæй цæрынц фæрсæй фæрстæм. |
г) Фæлæ уæддæр æнæ къуыхцыйæ аргъау нæй, æмæ нæ аргъау дæр æнæфыдуаг митæй кæронмæ нæ хæццæ кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы кæстæр кæддæриддæр фыдуаг вæййы. Ацы аргъауы дæр афтæ, кæстæр æфсымæр куы хæдзарæй ралидзы, куы хæдзармæ балидзы, куы та хæдзары сæрыл абады. Сымахæй афтæ цымæ чи у? Байхъусут ма уыци уыцитæм æмæ сын дзуæппытæ ратдзыстут. |
Уыци-уыцитæ:
1. Фондз æфсымæры стæм
Дзырдтæ аразæг нæ хонынц
Равзарут нæ фарстатæм
Зын хынцинæгтæ нæ домынц.
(дзырды хæйттæ)
2. Кæстæр дæн æмæ фыдуаг дæн
Хæдзарыл, хæдзармæ, хæдзарæй
Алидзын, фæлæ та дарддæр
Кæм фæхъæуы, уым æрбадын.
(кæрон) – зонинаг
3. Æнæкæрон хай мæн хонынц
Æмæ мын ис ном дæр, уæдæ цы?
Ме’мгæрттæ мæ бирæтæ нæ домынц
Равдисын сæ æз бынты.
(бындур)
4. Хистæр æфсымæр æз дæн
Никуы аивын мæ ныхас
Дзырдаразæг дæр нæ дæн
Кæм ис хъару мæнмæ уыйас?
(уидаг) – зонинаг
5. Уæдæ ма дыууæйæ хъару
Ныфс æмæ тых бауадзæм уидагмæ
Стæй нæ бар у,
Ног дзырдтæ дæр саразæм
(разæфтуан,
фæсæфтуан) – зонинаг
Уæдæ ууыл нæ аргъау кæронмæ æрхæццæ. Æмæ мæ фæнды, цæмæй 5 æфсымæры куыд базыдтат, афтæ дарддæр нæ куыст æнæкъуылымпыйæ куыд ацæуа.
- Фæлтæрæн куыстытæ æмæ хъæзтыты ’руаджы æрмæг бафидар кæнын.
Хæслæвæрд.
- Зæгъут ма сывæллæттæ афтид уидагæй арæзт дзырдтæ
фæйнæгыл: куыст, кæс, картоф, фыд, карк, мад, сых.
- Мæнæ ацы схемæтæм гæсгæ ссарут хъæугæ разæфтуан кæнæ фæсæфтуан æмæ аивæм нæ дзырдтæ:
* разæфтуан + (бакуыст, ракæс)
+ фæсæфтуан (картофджын, кæркдон)
+ кæрон (мадмæ, сыхимæ)
Хæслæвæрд Бæлас
Æлутон быдыры, æфсымæртæ кæм баиу сты зади иу тулдз бæлас. Æмæ йæ къалиутæ хуымæтæг нæ уыдысты.
- Ахъуыды-ма кæнут цавæр ног дзырдтæ ис саразæн бæласы уидагмæ æфтаугæйæ?
(Ныффыссут сæ уæ тетрæдты æмæ дзырды хæйттæ рахицæн кæнут).
Хъазт.
Афæлмæцыдыстут æвæццæгæн æмæ иу гыццыл ахъазæм. Æрмæст ма нæ иу адæймаг фæйнæгыл кусдзæн, иннæтæ та мемæ архайдзысты. Кæй фæнды размæ? (фæйнæгыл дидинæг).
а ра - Фæбæрæг кæн, цавæр ног дзырдтæ дын
дзы рауайдзæн разæфтуанты ’руаджы.
ба
æр
с
- Мах та ахъазæм ахæм хъазтæй: райсæм ацы цыппæрдигъон предмет æмæ йæ æз зилдзынæн æмæ цы дзырды хайыл æрлæууа ууыл æрхъуыды кæнут дзырд, уый фæстæ та хъуыдыйад.
Фæйнæгыл дзырдтæ.
Алкæйы раз дæр ис йæхи схемæ æмæ мын уæ схемæтæм гæсгæ дзырды къордæй рафыссут дзырдтæ æмæ семæ æрхъуыды кæндзыстут хъуыдыйæдтæ.
дзураг фыссын рафыссын
ракастис мад
фыдджыныл бал
абадынмæ фыд
фыссæгæн бадзур
дыргъдон ракæс
мадæн акæсын
- Хатдзæгтæ.
Уæдæ абон мах бафидар кодтам дзырды хæйттæ. Алы дзырды хай дæр бæстондæрæй равзæрстам фæлтæрæнты æмæ цæстуынгæ æрмæджы фæрцы.
1) Зæгъут ма уæ ирон æвзаджы цал дзырды хайы ис?
2) Цы хонæм кæрон, бындур, уидаг, разæфтуан, фæсæфтуан?
3) Цавæр фæсæфтуанты разæй æмхъæлæсонтæ фæдæргъвæтин вæййынц?
- Кæронбæттæн.
Абон иууылдæр хорз архайдтой. Фæлæ фылдæр дзуæппытæ лæвæрдтой 5 ахуырдзауы. Райстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Иннæтæ бацархайдзысты хуыздæр æндæр хатт.
- Хæдзармæ куыст
Лæвæрд дзырдтæй æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут хъуыдыйæдтæ.
Абоны урок фæци. Хæрзбон!