«Дæ фарн бирæ, ирон сылгоймаг!»
методическая разработка (7 класс) по теме
тема урока осетинского языка в дифференцированных группах: "Будь счастлива, женщина!"
Тип урока: Изучение нового с творческой деятельностью учащихся на уроке.
Женщина не только продолжение рода и хранительница очага, но и своим трудом, знаниями поднимается к высотам искусства, науки, политики, спорта. У осетин есть много известных женщин.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
bud_schastliva_zhenshchina.rar | 2.21 МБ |
Предварительный просмотр:
Темæ: «Дæ фарн бирæ, ирон сылгоймаг!»
Тип урока: Изучение нового с творческой деятельностью учащихся на уроке.
Урочы цыд:
- Бацæттæгæнæн рæстæг.
- Ныхасы рæзтыл куыст.
Мæ фæдыл раст дзур:
Аз – æз, был – бел, къох – къух, фæд – фыд, сæрд – сырд,
Цард – цырт, бæрц – бырц, хыл – хъил.
- Рацыд æрмæг фæлхат кæнын:
1.Ратæлмац кæнын дзырдтæ, дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ.
- зæрдиагæй Æз зæрдиагæй ахуыр кæнын ирон æвзаг.
- алчидæр Ирыстоны алчидæр зоны уырыссаг æвзаг.
- мадæлон æвзаг Мæнмæ гæсгæ, мадæлон æвзаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ зонын фаг нæу.
- æхсæн
Зонын хъæуы хи æвзаг дæр, стæй, цы адæмы ʹхсæн цæрыс, уыдоны
2. Лæвæрд дзырдтæ пайдагæнгæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ.
- адæмыхатт
- рагфыдæлтæ
- кувæндон
- знаг
3. Дыууæ къорды дзырдтæ кæрæдзиимæ бабæттут. Фæнысан кæнут сæ хауæнтæ. (ТЕТРАДЫ КУЫСТ)
Æрхизын (кæцæй?) асинтæй (Ир.х.)
Мæсты кæны (кæмæ?) æрдхордмæ (Ар.х.)
Тох кæнын (кæимæ?) знагимæ (Ц.х)
Лæгъстæ кæнын (кæмæн?) мадæн (Д.х.)
Хъахъхъæнын (цы?) æрдз (Н.х.)
Цардысты (кæм?) горæты (Г.х.)
4. Адих кæнын номдартæ дыууæ къордыл: сæрмагонд æмæ иумæйаг.
Сæрмагонд (собственные), иумæйаг (нарицательные)
Фыдыбæстæ, зæхх, горæт, уынг, Ирыстон, цыртдзæвæн, хæрæндон.
Фæйнæ иу номдаримæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ. (равзарут иу хъуыдыйад æмæ йæ уæ тетрады ныффыссут)
5. Уæ зæрдыл æрлæууын кæнут миногонты бæрцбарæнтæ æмæ ног хæслæвæрд.
Лæвæрд миногонтæ сæвæрут барæн æмæ уæлахизон бæрцы. Уæ тетрадмæ сæ рафыссут.
Сæйраг - сæйрагдæр - æппæты сæйрагдæр
Рæсугъд - рæсугъддæр - æппæты рæсугъддæр
Сыгъдæг - сыгъдæгдæр - æппæты сыгъдæгдæр
Тыхджын - тыхджындæр - æппæты тыхджындæр
- Радзурдзынæн уын иу цымыдиссаг хабар:
Когда то Ангел и Бес были возле беспомощной женщины. Бог взял несколько солнечных лучей, грусть луны, благородство павлина и прекрасный запах розы..
Чтобы она не была такой сказочной, добавил ещё беспорядочность бури, хитрость лисы, пугливость зайца, слезоточивость облака перед дождем и излишнюю говорливость сороки.
После небольших раздумий он ещё добавил беды, огонь, лавину, гром и молнию, ливень. Из всего этого он и создал Женщину. Отдал её мужчине и сказал:" Береги её, потому что вторую такую создать невозможно. Так же не пытайся её переделать! Потому что она Женщина!"
- уæдæ уæм куыд кæсы, цавæр у нæ урочы темæ:
«Дæ фарн бирæ, ирон сылгоймаг!»
Женщина не только продолжение рода и хранительница очага, но и своим трудом, знаниями поднимается к высотам искусства, науки, политики, спорта.
Ирон адæммæ ис бирæ намысджын сылгоймæгтæ, æмæ абон семæ хæстæгдæр базонгæ уыдзыстæм.
Скъоладзаутæн уыд хæслæвæрд, цæмæй бацæттæ кæной æрмæг нæ намысджын сылгоймæгты тыххæй.
- Тугъанты Дзерассæ. (видео)
- Гæздæнты Аврорæ.
- Дудараты Вероникæ. (видео)
- Байаты Альбинæ. (видео)
- Æлдаттаты Лейла.
Уæдæ Хуыцау зæххыл цы рæсугъд дидинджытæ сфæлдыста, уыдонæй иу у сылгоймаг. Уый у къонайы фарн æмæ царддæттæг, хо æмæ чызг.
Ирыстоны уыдис æмæ ис ахæм сылгоймæгтæ, кæцытæ канд се стыр ахуырæй нæ, фæлæ ма сæ ныхасы уæзæй бафидауын кодтаиккой цыфыддæр знæгты дæр. Уæдæ сылгоймаг дыууæ хылгæнæджы – знæгты ΄хсæн йæ сæрбæттæн куы æрæппары, уæд бауромы кæрдтæ, æруромы туджынты.
(видео)
Обидеть женщину у наших предков считалось большим преступлением, и такого человека судили, вплоть до кровной мести доходило.
- Фæйнæгыл ног текст.
Сылгоймагæн цыт кæнын.
Сылгоймагæн кад кæнын уыди æгъдауы сæры сæр (основой основ). Стыр худинагыл нымад уыди сылгоймагмæ къух сисын, йæ цуры æвзæр дзыхæй дзурын, хыл кæнын. Сылгоймаг -иу уынджы куы рацæйцыд, уæд ын –иу нæлгоймæгтæ сыстадысты. Бæхджын –иу йæ бæхæй æрхызт, цæмæй сылгоймаджы йæ разæй ауадза.
Цыфæнды карз хыл (жестокая ссора) дæр-иу басабыр сылгоймаджы фæзындимæ. Нæлгоймагимæ цæугæйæ-иу сылгоймаг цыд рахиз фарс, уый уыди кады æвдисæн. Дыдзæхсæн (двусмысленный) ныхас сылгоймаджы цур, æнæсæрхызт (неосторожное) фезмæлд кафгæ-кафын, къæйныхдзинад (развязность) чызджы ʹрдæм нæлгоймаг йæ сæрмæ нæ хаста. Сылгоймагæй маст исын (мстить) нымад уыди худинагыл, нæлгоймаджы ном чи хæссы, уымæн.
(Уважение к женщине.
Почитание женщины было основой основ в традициях осетин. Большим позором считалось поднять на женщину руку, сквернословить при ней, ругаться. Когда женщина проходила мимо сидящих стариков, даже глубоких старцев – они вставали, приветствуя ее. Всадник спешивался, чтобы уступить ей дорогу.
Самый жестокий спор прекращался с появлением женщины. Идя рядом с мужчиной, женщина шла с правой стороны – это был своего рода показатель уважения к ней. Двусмысленные высказывания в присутствии женщины, неосторожное движение во время танца, развязность в отношении девушки была неприемлема для мужчины. Мстить женщине считалось позором, недостойным настоящего мужчины.)
- Бакæсын текст. (кæрæдзи фæдыл каст)
- Бамбарын текст.
- Фæрстытæ текстмæ:
- Цы уыд æгъдауы сæры сæр?
- Цы уыд нымад худинагыл?
- Сылгоймаг уынджы куы рацæйцыд, уæд бæхджын нæлгоймаг йæхи куыд дардта?
- Нæлгоймагимæ цæугæйæ сылгоймаг цыд галиу фарс, о?
- Уæдæ?
- Цы вдисы уыцы æгъдау?
- Куыд хъуама дара йæхи нæлгоймаг сылгоймаджы цур?
- Нæлгоймаджы ном чи хæссы, уымæн цы нæй кæнæн?
- Ссарут тексты ног дзырдтæ.
Сæры сæр – основа основ
карз хыл – жестокая ссора
Дыдзæхсæн – двусмысленный
æнæсæрхызт – неосторожный
къæйныхдзинад – развязность
маст исын – мстить
- Текстæй рафыссын дзырдбæстытæ ног дзырдтимæ.
Æгъдауы сæры сæр, карз хыл басабыр кæнын, дыдзæхсæн ныхас, æнæсæрхызт фезмæлд, къæйныхдзинад чызджы ʹрдæм, сылгоймагæй маст исын.
- Ставддæрæй фыст хъуыдыйæдтæ ратæлмац кæнут:
- Стыр худинагыл нымад уыди сылгоймагмæ къух сисын, йæ цуры æвзæр дзыхæй дзурын, хыл кæнын.
- Нæлгоймагимæ цæугæйæ-иу сылгоймаг цыд рахиз фарс, уый уыди кады æвдисæн.
- Сылгоймагæй маст исын (мстить) нымад уыди худинагыл, нæлгоймаджы ном чи хæссы, уымæн.
- Радзурдзынæн ма уын иу зæронд хабар:
Иу ахæмы æлдæртты куывды бадт фæци Къоста. Мæнг цинтæ йыл кодтой уыдон, уыд сæм фыдвæнд (злой умысел): нуазæныл ныккодтой марг, æмæ йæ афтæ балæвæрдтой Къостамæ. Къоста æппæт дæр зыдта, æмæ цыдæр æфсонтæй (причины) нуазæн нæ бакуымдта. Уæд æлдæрттæ нуазæн ног чындзы къухы фæсагътой æмæ йæ уый хъуамæ радтаид Къостамæ. Уæд Къоста сыстад æмæ загъта:
- Ацы нуазæны кæд марг конд ис, уæддæр æй æз райстон сылгоймаджы къухæй æмæ йæ нуазын, аргъ ын кæнгæйæ.
- Гъе ахæм аргъ кодтой ирон адæм сылгоймагæн, уымæн æмæ уый у хо, бинойнаг, мад!! Уымæй стырдæр хæс та ма цы ис царды!
- Итогом нашему уроку будут такие слова:
Женщина! Сколько счастья и силы в этих семи буквах! ЖЕНЩИНА!
Твоим именем человеку хочется жить, работать, петь и любить, молиться и бороться. Хвала тебе, женщина, твоей чести и славе!
Темæ:
«Дæ фарн бирæ,
ирон сылгоймаг!»
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»
Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.» ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæ...
ИРОН ФАРН
традиции Осетии...
Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.
История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кром...
«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»
laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...
« Сылгоймаг зœд у»!
праздник для мам...
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».
Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын аив дзурын æмæ кæсыныл....
Ирон театры стъалыта Таутиаты Соламан, Хъариаты Тамара,Икъаты Маирбек, Сланты Къоста ама Саламты Къолайы ахадындзинад ирон аивады разты
В работе говорится о жизни и творчестве звезд осетинского театра, о их роли в развитии осетинского искусства...