« Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн, фæлæ, зон, дæуыл мæхи нæ мардзынæн…» (Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ» æмæ А.С. Пушкины « Я вас любил…» -ы абарст».
методическая разработка (10 класс)

Валиева Илона Тенгизовна

Тема любви в творчестве А.С. Пушкина и М. Кочисова. Мы разные, но любовь нас делает равными.

Скачать:


Предварительный просмотр:

3-ӕм астӕуккаг скъолайы

ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

Уалыты  Илонӕ Тенгизы чызг

Ирон  литературӕйы урок

Урочы темӕ:« Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн, фæлæ, зон, дæуыл мæхи нæ мардзынæн…» (Кочысаты   Мухарбеджы æмдзæвгæ  «Сау цæстытæ» æмæ А.С. Пушкины « Я вас любил…» -ы абарст».

г. Дзӕуджыхъӕу

Урочы темӕ:« Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн, фæлæ,зон,дæуыл мæхи нæ мардзынæн…»(Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ  «Сау цæстытæ» æмæ А.С. Пушкины « Явас любил…»-ы абарст.

Урочы нысан:  1. Ахуыргӕнинӕгтӕн радзурын Мухарбеджы сфæлдыстады

сæйрагдæр мотив уарзондзинад кæй уыд, уый тыххæй.

2. Ахуыргӕнинӕгтимæ равзарын темæ: «Кочысаты   Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ» æмæ А.С. Пушкины « Я вас любил…»-ы абарст». Скъоладзауты фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хатдзӕгтӕ кӕныныл, хи цӕстӕнгас ӕвдисыныл, уагъдибарӕй сӕ зонындзинӕдтыл кусыныл.

3. Фыссӕгмӕ æмæ йе сфӕлдыстадмæ уарзондзинад сӕвзӕрын кӕнын.            

Урок хуыз:традицион

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг:Мухарбеджы  къам, презентаци, зарджытæ.

Эпигрӕф урокмæ :- « Кæй уарзыс уыдонæй хъаст макуы кæн. Æцæг æнувыддзинад куырм у».

                        Оноре де Бальзак

Урочы цыд:

  1. Организацион хай.

Уæ бон хорз, нæ зынаргъ сывæллæттæ! Æгас цæут, нæ буц уазджытæ!

 Сбадут.

  1. Ног ӕрмӕг.

Ахуыргæнæджы раныхас.

Æфтауы уарзт сырх дидинæг

Мæ дыргъдоны мæнæн.

Сыгъдæг уарзт балцы, зарæгау,

Мæ зæрдæйы цæрдзæн.

Дæ фидауц рухс у стъалыйау,

Мæ уарзондзинад- хур.

Дæу у мæ зæрдæ цалынмæ

Нæ байсыса цъæх фурд.

Сывæллæттæ нæ абоны урок æз райдыдтон Джыккайты Шамилы æмдзæвгæйæ.  Кæд лæмбынæг байхъуыстат æмдзæвгæмæ, уæд ма мын зæгъут:Цæуыл  дзы цыд дзырд ?

           Уарзондзинадыл.

О, уарзондзинад бæллицтыбæллиц. Уый уацары бахаудтæ, уæд хъахъхъæн! Дæ  зæрдæйы æнкъарæнтæ сарæх уыдзысты! Уарзондзинад хъæздыг æмæ мæгуыры не ʼвзары, фыдуынд æмæ рæсугъды. Уый базыртæ ратты зæххон адæймагæн. Йæ цардйын ног ахорæнтæй сахоры, Уарзондзинад у царды ног комулæфт.

Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут :

1.Цавæр хуызтæ ис уарзондзинадæн? (Ныййарæг мадмæ,Фыдыбæстæмæ, дыууæ уды æхсæн)

2.Цавæр символтæ зонут уарзондзинадимæ чи сты баст ахæмтæ?(дидинæг, бæлон, къухдарæн, æрмкъухтæ).

Уарзондзинад у цинты цин, бæллицты бæллиц,æнкъарæнты тыхджындæр.

Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм уый у…..?

 Нæ абоны темæ фæнысан кæнæм :

« Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн, фæлæ,зон,  дæуыл мæхи нæ мардзынæн…»Кочысаты   Мухарбеджы æмдзæвгæ  «Сау цæстытæ» æмæ А.С. Пушкины « Явас любил…»-ы абарст.

    Йæ рæстæджы зындгонд францаг фыссæг Оноре де Бальзак,  афтæ загъта:

 - «Кæй уарзыс уыдонæй хъаст макуы кæн. Æцæг æнувыддзинад куырм у». Ацы ныхæста райстон нæ урочы эпиграфæн. Цæмæн? Ацы фарстайæн дзуапп ратдзыстæм нæ урочы фæлгæтты.

Кочысаты Мухарбеджы  сфæлдыстады сæрæвæрæн у уарзондзинады тематикæ: уарзондзинад  Райгуырæн зæхмæ, ныййарæг мадмæ, уарзончызгмæ.Кæддæр  Джусойты  Нафи афтæ загъта: «Лæгæй фæцæрынæн иунæг бон дæр æнæхъæн тыхæвзарæн у».Уарзондзинад  дæр  тыхæвзарæн у. Дыууæ уды хсæн ахастдзинæдты цæсгом нæ фесафынæн, стыр тыхтæ хъæуы.

Мухарбег йæ иу афоризмы афтæ зæгъы: «Уарзт кæм нæй, уым цин дæр нæй».Алы хъуыддагæн дæр йæ ратæдзæн уарзт у. Уарзондзинад у сæрибар æмæ бæрзонд уды миниуæг. Уыцы миниуæг æвдисынæн хъæуы стыр курдиат. Æмæ уыцы курдиат разынд нæхи Мухарбегмæ дæр.

Уырыссаг æмæ  ирон литературæ  кæддæриддæр уыдысты кæрæдзиимæ æнгом баст, уырыссаг литературæимæ абаргæйæ, нæ  ирон литературæ у æрыгон.  Афтæ куы зæгъон, æмæ уырыссаг литературæ    нæ фыссджытæн, уыд сæ ахуыргæнæг, уæд цыма нæ фæрæдийдзынæн.Мухарбег педтехникумы куы ахуыр кодта, уæд баззыдта уырыссаг литературæйы к лассикты сфæлдыстад, стæй фæсарæйнаг литературæйы дæсныты.

        Ацы хатдзæг абон ирдæй равдисдзыстæм Пушкин æмæ Кочысаты Мухубеджы лирикон уацмыстæм куы æркæсæм, уæд. Уым зынынц Пушкины традицитæ.

 А.С. Пушкины æмдзæвгæйы ныффысты  истори у тынг цымыдисаг.

А.С. Пушкин  йæ æмдзæвгæ « Я вас любил…» ныффыста  Кавказы куы уыд, уæд. Уарзта Анна Алексеевна Оленинæйы, минæвæрттæ йæм барвыста, фæлæ разыйы  дзуапп нæ райста. Уый уыд дард 1829 азы.

Цымæ йæ Мухарбег та кæмæн ныффыста?

 Ирыстон.  1938 аз. Кочысаты Мухарбег педагогон  институты студент.  Мухарбег ам арфдæр базыдта   А.С. Пушкины æрмдзæф æмæ йæ зæрдæйы райгуырд шедевр:  æмдзæвгæ «Сау цæстытæ».

Уæ цæстытыл ма ауайæд:

Уалдзæг. Быдираг ирон хъæу Олгинскæ.   Хъазæн фæз. Æрбацæуы Кочысаты Мухарбег, у бæлццонхуыз.

Мухарбег. Райгуырæн хъæу. Куыд æхсызгон у ногæй та дæ фенд…(Паузæ.)Хæстмæ кæй цæуын уый тыххæй мæ дзыппы – гæххæтт. Ныр æй къорд боны æмбæхсын… Нæ сидзæргæс мадæн æй куыд  схъæр кæнон?

(Паузæйы фæстæ, тоны дидинджытæ).

Зæлинæ.(æрбазынд.) Дидинджытæ мын тоны,æнхъæлдæн!

Мухарбег.Зæлинæ айс.(къæмдзæстыгæй)

Зæлинæ .Цымæ цал ахæм дидинæджы балæвар кодтай афæдзæй- афæдзмæ горæтаг чызджытæн ? (тæргай кæны)

Мухарбег. Горæты быдираг дидинæг нæ зайы…

Зæлинæ. Дæ æмдзæвгæ дын газеты бакастæн:

Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон…

Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд!..

Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,

Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд.

                                          (Ныххудт.)

Мæнæн сау цæстытæ нæй.

Мухарбег. Поэт, дам, æдзух, йæхи цардыл нæ фæфыссы… Куыд тагъд згъорынц  бонтæ…

     Йæ æмдзæвгæ кæй тыххæй фыст у,  уый абон дæр махæн хъуыдиаг у. Бæлвырд у  иу хъуыддаг æрмæст уарзаг зæрдæйæн у йæ бон ахæм  ныффыссын ахæм уарзондзинады зарæг.

Байхъусæм ма æмдзæвгæтæм, аив кастæй. Кæд æмæ  ирон литературæйы урок у, уæддæр нæ темæ абарстимæ баст у æмæ растдæр уыдзæн А. С. Пушкины æмдзæвгæмæ байхъусын.Уымæн æмæ уый Мухарбеджы æмдзæвгæйы ратæдзæн у.

Ныр та байхъусæм  æмдзæвгæ «Сау цæстытæ»-м?

 Аив каст ма иу хатт бакæнæм Мухарбеджы æмдзæвгæ.

    Адих ут дыууæ къордыл. Пушкины æмдзæвгæ сгарджытæ æмæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ иртасджытæ.  Иутæ агурынц. Хицæндзинæдтæ, иннæтæ та иумæйагæй дзы цы ис, уый.

А.С.Пушкин

Кочысаты Мухарбег

                       ******

Я вас любил: любовь ещё, быть может,

В душе моей угасла не совсем;

Но пусть она вас больше не тревожит;

Я не хочу печалить вас ничем.

Я вас любил безмолвно,безнадежно,

То робостью, то ревностью томим;

Я вас любил так искренно, так нежно,

Как дай вам бог любимой быть другим.

  1829 год. Кавказ.

             (Анне Алексеевне Олениной)

                 Сау цæстытæ

Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон…

Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд!..

Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,

Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд.

Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой,

 Мæнæй фæлыгъдысты тæргай,

Æмæ мын афтæ дæр нæ загътой:

« Хæрзæбон! Хорз амонд дæ хай!»

Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн,

Æмæ кæд ферох кодтой мæн,

Уæддæр сæ райдзаст хуыз рæсугъдæй

Мæ зæрды баззади мæнæн.

Тæхуды, абон та кæй тавынц

Сæ рухсæй, хъарм хурау, фæлмæн!

Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц,

Куыд уарзтой цард - уалдзæджы мæн!..

1938 аз, 22 июль.Орджоникидзе.

                                  Æмдзæвгæты анализ. (Радыгай кæсынц æмæ агурынц)

Я вас любил: любовь ещё, быть может,

В душе моей угасла не совсем;

Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон…

Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд!..

Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,

Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд.

Иумæйагæй: 1.Цавæр æнкъарæнты уацары байæфтам хъайтары?  

Хъайтар уарзта.

2.Кæд цæуы архайд æмдзæвгæйы?

           Лирикон хъайтартæ дзурынц ивгъуыд афоны.

                       3. Уарзоны æддаг бакаст нын дзы ис ацы строфаты?

                       4. Æмæ уæд нæ цæстытыл куыдæй ауайы?

Хицæнæй:   5. Цавæр æвзагæй фыссы Пушкин? Хуымæтæг,æви йын дзы цавæрдæр къæбæлдзыг ныхæстæ ис?

Пушкинмæ хуымæтæг: «Я вас любил...

Мухарбегмæ та абарст: уарзоны цæстытæ стъалытимæ.

 Ахуыргæнæг: Ам цыма Шекспиры 130  сонетимæ быцæу кæны. Шекспир дзуры: «Ее глаза на звезды не похожи».Уый хуымæтæг хуызы æвдисы сылгоймаджы. Саулагъз ледийы цæстытæ йæм стъалыты хуызæн нæ кæсынц. Æнусты сæрты  йæм бадзырдта Мухарбеджы хъайтар:  

Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон…

 Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,

 «Æвзонг поэттæ уыдысты цардбæллон, разæнгард æмæ ныфсхаст,- фыссы Шамил. -Уарзтой цард, уалдзæг, рæсугъддзинад».

Сæ бон уыд, генийты гениимæ дæр сисы фæрцы стох кæнын. Уымæн ис æфсон: æрыгон сты, цæттæ сты арты басудзынмæ дæр, рæстдзинады сæраппонд.

  1. Пушкины æмдзæвгæ цæмæй райдайы? Уый цы у?

Пушкинмæ æмдзæвгæ сидæнæй райдайы.

Мухарбегæн та?

Мухарбег та йæ цин, йæ уарзондзинад алкæмæн дæр хъусын кæны.

    7.  Кæд дзырд уарзтон ивгъуыд афоны ис, уæд ма цымæ истæмæ æнхъæлмæ кæсæм?

Дыууæ поэты рæнхъыты дæр уарзтон кæй ис, уый нæ цавæрдæр тас уадзы, цымæ цы уыдзæн, цы?

Бакæсæм дарддæр.

Но пусть она вас больше не тревожит;

                                                      Я не хочу печалить вас ничем.

Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой,

 Мæнæй фæлыгъдысты тæргай,

Æмæ мын афтæ дæр нæ загътой:

« Хæрзæбон! Хорз амонд дæ хай!»

        

Иумæйагæй:

   8. Цы у уæ бон ацы дыууæ строфайæ зæгъын ?

Уарзаг уд иунæгæй баззад;

9. Ссарут ма тексты контекстуалон синонимтæ?

Ам печалить æмæ тæргай свæййынц контекстуалон синонимтæ, ныууагътой æмæ не тревожит дæр.

10. Цæуыл тыхсынц дыууæ лирикон хъайтары?

Дыууæйæ дæр тыхсынц сæ уарзоны мидæнкъарæнтыл.

 Пушкинмæ: не тревожит, не печалит.

Мухарбегмæ: « Хæрзæбон!  Хорз амонд дæ хай!». Мухарбеджы лирикон хъайтар ма агуры фæндарасты ныхæстæ. Фæлæ ахæм ныхæстæ, бирæты бон зæгъын нæ вæййы.

11. Куыд уæм кæсы нæ царды та куыд вæййы?Афтæ æнцойтæй ахицæн вæййынц дыууæ уды?

    Ахуыргæнæг:

«Хорз амонд дæ хай!» ам ис пафос, куыд ис уымæн гæнæн æмæ уарзонæн дæ зæрдæ амонд зæгъа? Дыууæ уды куы фæхицæн вæййынц, уæд арæх се ʼхсæн æнæуынондзинад фæзыны.

Ахуыргæнæг:

12. Цæмæн фыссы «Хæрзæбон!», Хæрзбон куы у, уæд? Куыд уæм кæсы?

Хицæнæй:

13. Цавæр хъуыдыйæдтæ равзæрста Пушкин йæ æмдзæвгæйы?

Пушкин равзæрста цыбыр, фæлæ бæлвырд хъуыдыйæдтæ. Цы æрцыд уый нæдæр, рæсугъд кæны, нæдæр раст.

Мухарбег та «хъавгæ æвналы». Цыма исты гуымиры ныхас куы зæгъа, уымæй тæрсы, йе та йын йæ уарзтыл, йæ уарзоныл исчи куы бахуда.  Дардмæ кæсы. Йæ фарсмæ чиуыд, уый цæсгомыл хъуыды кæны.

Кусæм дарддæр.

Я вас любил безмолвно,безнадежно,

То робостью, то ревностью томим;

Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн,

Æмæ кæд ферох кодтой мæн,

Уæддæр сæ райдзаст хуыз рæсугъдæй

Мæ зæрды баззади мæнæн.

Иумæйагæй:

14. Пушкины хъайтар æмдзæвгæйы райдиан, афтæ загъта: «в душе моей угасло не совсем».Ссарут ма Мухарбегмæ аналоги?

                          «Уæддæр сæ райдзаст хуыз рæсугъдæй

                            Мæ зæрды баззади мæнæн».

15.Цавæр æнкъарæн равзæрдис Пушкинмæ ?

Уый цыма хæрам фæци йæ уарзтæн йын аккаг дзуапп æмæ аргъ кæй не скодта уарзон,ууыл. Стæй цыхуызæттæ нæ бавæййы адæймаг уарзондзинадыуацары?! Дзурын нал фæзоны, куы дын сырх кæндзæн. Куы цы?

16.Цавæр æнкъарæн равзæрдис Мухарбегмæ та?

Ам нæй æнæуынондзинад уарзонмæ. Уарзоны фæлгонц  сыгъдæг æмæ райдзаст  æнкъарæнтимæ зæрдæйы зайы.

Ахуыргæнæг:Иуæй –иу поэтты лирикон хъайтартæ сæ уарзæттæм æртхъирæн кæнын райдайынц : уæдæ мæ нæ уарзыс?! уæдæ мæ нал уарзыс!? Гъемæ фендзыстæм кæддæра фæсмонгонд нæ фæуаис!

 Зæгъæм, Шекспирмæ йæ  90 сонеты ис ахæм рæнхъытæ:

Уж если ты разлюбишь - так теперь,

Теперь, когда весь мир со мной в раздоре.

Будь самой горькой из моих потерь,

Но только не последней каплей горя!

      Ам Шекспир æвдисы йæ уды рис, цас зын йын уыд, уарзонимæ фæхицæн.Уымæй фыддæр кæй ницы нымайы, йæ царды уыцы уысм. Шекспир ам йæхи æвдисы æфхæрдыл æмæ у æнæхатыр æмæ карз.

Хицæнæй:

17. Цы сты хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ:безмолвно,безнадежно, искренно, нежно. Цы дæттынц æмдзæвгæйæн?

Цавæр уарзондзинад уПушкины  лирикон хъайтарæн?

Пушкины  лирикон хъайтарæн  йæ уарзондзинад «æнæдзуапп» уыди.

18. Мухарбегæн та?

Мухарбегæн та  нæ, лæппу уарзта чызджы,чызг та -  лæппуйы . Се ʼхсæн цы ʼрцыди, уый бæрæг нæу. Æмæ уыцы«æбæрæгдзинад» æмдзæвгæйæн дæтты уæлдай аивадон хъару.

Æмæ фæстаг рæнхъыты  кæсæм.

 Я вас любил так искренно, так нежно,

 Как дай вам бог любимой быть другим.

Тæхуды, абон та кæй тавынц

Сæ рухсæй, хъарм хурау, фæлмæн!

Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц,

Куыд уарзтой цард - уалдзæджы мæн!..

Иумæйагæй:

  19.Цы ис имæйагæй ацы рæнхъыты?

Дыууæ лирикон хъайтары дæр ауагътой сæ уарзæтты. Амонд йеддæмæ сын сæ зæрдæ ницы зæгъы, уымæн æмæ уарзт уæлвонг  æкъарæн у. Æрмæст удæй тыхджын адæймагæн  у йæ  бон: ауадзын, бамбарын, ныббарын.

    Диссаг у Пушкины хъайтар, æрхъуыды кæнут 19 æнус сылгоймаджы уавæр, æмæ йын Пушкин цас сæрибардзинад дæтты, равзар дæхæдæг,зæгъгæ.

Хицæнæй: Мухарбег у патетикон хъуыдыгæнæг.  Йæ хъайтар ма фыр диссагæн тæхуды кæны, йæ уарзоны йын чи ахаста уыцы æнæзонгæ адæймагмæ.

     Хорз цы у, уый хуымæтæг вæййы. Фыццаг бакастæй нæм, афтæ кæсы цыма æмдзæвгæты уадиссагæй ницы ис. Фæлæ уæд адæммæ фæндаг куыд ссардтой? Сæзæрдæты зарæгæн цæмæн баззадысты?

 Хатдзæгтæ:

Æмдзæвгæтæй куыд бамбæрстам, афтæмæй уарзондзинад стыр тых у. Йæ уацары бахауын амонд дæр у æмæ удхар дæр у. Райдиан кæм ис уым  кæрон дæр æнæуæвгæ нæй .Уарзондзинады кæрон адæймагдинад нæ фесафын, у нæ сæйраг хæс. Хорз ахаст æмæ æнкъарæнтимæ баззайын у лæгдзинад æмæ уды куыст.

Нæ  урочы эпигрӕф : - « Кæй уарзыс уыдонæй хъаст макуы кæн. Æцæг æнувыддзинад куырм у».

                                                                                    Оноре де Бальзак

  ------Куыд уæм кæсы Пушкин æмæ нæхи Мухарбег сæххæст кодтой Балъзакы базырджын ныхас, фæдзæхст?

Пушкин æмæ Кочысаты Мухарбеджы хъайтартæ  уæзданæй равдыстой сæхи. Разынд сæм тых. Маст исыны хъуыды сæм нæй.

Фæлæ хъыгагæн царды арæх, афтæ нæ вæййы. Хицæндзинады фæстæ уды бацæуынц æндæр æкъарæнтæ: маст райсын, æнæуынондзинад алцæмæ дæр, тыхтæ асæттынц, адæймаг вæййы иунæг æмæ афтид.

     Ныры дуджы мах бахъуыд хъæддых фæлæууын, уымæн æмæ нæ цард фæцух духовон хъомыладæй.  Нал ис адæймагуарзондзинад, кадавар сты бæрзонд æнкъарæнтæ. Хус æмæ иумылазон у цард. Нал дзы ис романтикæ, дыууæ уды ахастдзинæдтæ диссаг никæмæ уал кæсынц.  Сæры магъз ма æкъары æрмæст æхца, техникæ, æнæбындур идеалтæ.  Литературæмæ, лирикæмæ   рæзгæ фæлтæр цас хæстæгдæр уой, уый бæрц  сæ удварны хæзнатæ дæр фæфылдæр уыдзысты.

Фарстатæ

     А. С. Пушкин

    «Я вас любил…»

Кочысаты М.

    «Сау цæстытæ»

1.Æмдзæвгæты жанр?

Лирикон - сидæн

лирикон

2.Темæ?

уарзондзинад

уарзондзинад

3.Кæд æрцыдысты фыст?

1829

1938

4.Цал рæнхъæй фыст сты?

8

16

5.Литературное направление?

романтизм, реализм.

романтизм

6.Цавæр равг(настроение) ис поэттæм?

æнкъард

æнкъард

7.Куыд æй базыдтат?

Æмдзæвгæты рæнхъытæ

8.Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодтой?

Композицон айст анафора:фæлхат кæны 3 хатты: « Я вас любил». Уый фæрцы арфдæр кæны æмдзæвгæйы хъуыды.

Инверси: «в душе моей», «быть может», «печалить вас ничем», «любимой быть другим».

Аллитераци: «Я вас люБил Безмолвно, Безнадежно,  то роБостью,  то ревностью томим.Уый тынгдæр кæны æмдзæвгæйы эмоционалон ахуырст.

Многосоюзье: то робостью,  то ревностью томим.

Абарст:Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон…

Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд!..

Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,

Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд.

Фарстон дзырдтæ:

Кæй тавынц,

Кæй уарзынц.

Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн,

Æмæ кæд ферох кодтой мæн,

9.Цавæр зарæг азæлы уæ  хъуыдыты ацы æмдзæвгæтæ фехъусгæйæ?

10.Цавæр хуыз ауайы уæ цæстытыл?

11.Цавæр ахадындзинад ис фæстаг рæнхъытæн?

12. Стихамадмæ гæсгæ цавæр размерæй фыст æрцыдысты æмдзæвгæтæ?Рифмæ?

Ямб перекресная

Хорей перекресная

13.Цавæр æнкъарæнтæ уæм фæзынд?

Уæдæ нæ абоны темæ уыд:« Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн, фæлæ, зон, дæуыл мæхи нæ мардзынæн…» (Кочысаты   Мухарбеджы æмдзæвгæ  «Сау цæстытæ» æмæ А.С. Пушкины « Я вас любил…» -ы абарст. Куыд уæм кæсы бантыст нын?

Тагъд ралæудзæн Чырыстон бæрæгбæтты кадджындæртæй иу Куадзæн æмæ уæ йæ хорзæх уæд!Уæ зæрдæты уарзондзинад цæрæт!Бузныг!

Цавæр уыдысты нæ зындгонд адæм уарзондзинады?

Гадиаты Цомахъы куы `рцахстой, Сыбырмæ йæ куы ахастой,

уæд йæ уарзон адæймаг Наталья Мусьпан ацыд Сыбырмæ…Цомахъ æй бакодта хъæды дидинджытæй фæлыст уатмæ, раст алæууыд æмæ йын æмдзæвгæ кæсын райдыдта.

 Чысыл беседæ саразын ахуырдзаутимæ:

  • Дæумæ гæсгæ та цы у уарзондзинад?
  • Цы дæ бафæндид дæ уарзон адæймагæн?
  • Цы йын нæ ныббарис?

Æмбисæндтимæ бакуысын, уыдонмæ гæсгæ скæнын хатдзæгтæ.

  1. Уарзондзинад бараг у.
  2. Чындздзон чызг æмæ усгуры зæрдæ хуримæ хъазы.
  3. Уарзондзинад дойнаг дур дæр дон кæны.
  4. Лæг кæй уарзы, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн.
  5. Уарзондзинад кæм ис, уым цард дæр ис æмæ куыст дæр.

У римлян бытовала такая легенда о происхождении розы. Согласно ей, многие юноши в то время хотели жениться на красивой девушке по имени Роданте, но ни один из них ей не понравился. Но эти мужчины были настолько полны любовью и желанием, рассержены ее безразличием, что ворвались в ее дом, выломав дверь. Такое поведение возмутило богиню Диану. В наказанье она превратила девушку в розу, а ее воздыхателей — в шипы на цветке. Согласно греческому мифу, богиня Флора, однажды увидев красивую девушку, превратила ее в розу. Богиня Афродита одарила цветок красотой, три Грации — неповторимым блеском и шармом, Дионис добавил ароматный нектар, а Зефир разогнал облака, чтобы Аполлон мог поливать розу на солнце. Когда любимица богов выросла, ее отдали Купидону, назвав королевой цветов.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Внеклассное мероприятие по творчеству А.С. Пушкина литературный вечер "Я вас любил"

Материал представляет собой трогательный рассказ о любви поэта к своей жене Н.Н. Гончаровой и производит незабываемое впечатление на школьников....

"Я вас любил" (по любовной лирике А. С. Пушкина) литературно музыкальный вечер для учащихся 9 - 11 классов

«Я ВАС ЛЮБИЛ...»(по любовной лирике А. С. Пушкина) Литературно-музыкальный вечер для учащихся 9-11 классовЗвучит «Вальс» Свиридов (из кинофильма «Метель»).Чтец.      На ...

"Я вас любил... Женщины в жизни Пушкина

В материале рассказывается о женщинах, встретившихся на жизненном пути А.С. Пушкина, которым он посвящал стихи....

Конспект урока:ТЕМА ЛЮБВИ В ЛИРИКЕ А.С. ПУШКИНА. «НА ХОЛМАХ ГРУЗИИ...», «Я ВАС ЛЮБИЛ...», «МАДОННА»

ТЕМА: ТЕМА ЛЮБВИ В ЛИРИКЕ А.С. ПУШКИНА.«НА ХОЛМАХ ГРУЗИИ...», «Я ВАС ЛЮБИЛ...», «МАДОННА» ЦЕЛЬ: создать условия для раскрытия красоты, благородства, искренности чувств поэта; содейств...

"Я вас любил..." (Галерея женских портретов в жизни А.С.Пушкина)

Урок по любовной лирике А.С.Пушкина, в котором рассказывается о женщинах в жизни А.С.Пушкина, стихотворениях им посвящённых....

Урок литературы. А.С.Пушкин Я вас любил... 9 класс.

Цели урока: ·         прививать интерес к русской классической литературе, познакомить учащихся с основными этапами личной жизни всемирно известного поэт...

Опыт сопоставительного анализа стихотворений Ф.Тютчева и А.С. Пушкина.«Нежней мы любим и суеверней…» Урок литературы в 10 классе

Опыт сопоставительного анализа стихотворений Ф.Тютчева и А.С. Пушкина.«Нежней мы любим и суеверней…» Урок литературы в 10 классе...