Дамгъӕ Гъ, мыр [гъ]. Аргъау: Цӕст – ӕнӕфсис.
методическая разработка (5 класс)
Предварительный просмотр:
Дзæуджыхъæуы
3-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æм литепратурæйы ахуыргæнæг
Уалыты-Гæззаты Илонӕйы
ирон æвзаджы урок 1-æм къласы
Урочы темæ: Дамгъӕ Гъ, мыр [гъ]. Аргъау: Цӕст - ӕнӕфсис
Буква Гъ, звук [гъ].
Урочы нысантæ:
1.Сывæллæтты базонгæ кæнындамгъӕ Гъ, мыр [гъ]-имæ.
2. Бакусын ныхасы рæзтыл.
3.Сабитæм гуырын кæнын мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад.
Урочы фæлгонц: «Абеты» нывтæ, дамгъӕ Гъ–имӕ предметон нывтæ, магнитафон.
Урочы цыд:
- Бацæттæгæнæн рæстæг.
- Мотивацион рӕстӕг.
СЫВÆЛЛÆТТÆ ХЪУСЫНЦ ЗАРÆГМÆ ИРОН ÆВЗАГЫЛ.
Дӕ райсом хорз, Ирыстон!
Ахуыргӕнӕгимӕ иумӕ сывæллæттæ дзурынц цыппаррӕнхъон:
Нана хъуыллӕг цагъта.
Дада хуымзӕхх къахта.
Таму сугтӕ саста.
Фари гуымбыл ахста.
Хаби бӕлас сагъта.
Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ абон райсомӕй куыстмӕ цӕугӕйӕ федтон ахӕм ныв. Баба йӕ фырты фырт Ацӕйӕн цума кодта, уый-та йӕм нӕ хъуыста. Уымӕн гӕнӕн ис? Ау, ӕмӕ кӕстӕр хъуамӕ хистӕрмӕ ма хъуса?
Дзуæппытæ.
Сывӕллӕттӕ: Хъуса. Кад йын кӕна.
Ахуыргӕнӕг: Цымӕ цы бавӕййынц кӕрӕдзийӕ, уӕдӕ?
Сывӕллӕттӕ:Баба ӕмӕ фырты фырт (лӕппу).
Ахуыргӕнӕг:Раст зӕгъут хиуӕттӕ сты. Æмӕ уӕм цӕй хуызӕн кӕсынц?
(Дзуӕппытӕ).
Уӕдӕ абон базонгӕ уыдзыстӕм дамгъӕ Гъ-имӕ.
******Бакӕсын Гъ-имӕ уӕнггай:
Гъа гъæ гъе гъи гъо гъу гъы
Агъ æгъ егъ игъ огъ угъ ыгъ
Ахуыргӕнӕг:Мыр[гъ]ӕнцонтӕйраулӕфӕм, ӕви зынтӕй :
Гъ Гъ Гъ
Сывӕллӕттӕ:Зынтӕй.
Ахуыргӕнӕг:Уый у ӕмхъӕлӕсон ӕмӕ кавказаг дамгъӕ.
******Дзурӕм иумӕ:
Сæгъ æгъдау аргъау
Бирæгъ æгънæг æвгъау
********Чысыл аулӕфт.
Хӕццӕ- мӕццӕ.
Бӕласыл ӕрзад лӕппутӕ,
Найы кӕрдойы йӕ мад.
Не стъол байдыдта гӕппытӕ,
Сӕныкк та лӕууы ӕнцад.
Хӕс: Сывӕллӕттӕ раст кӕнынц лексикон ӕмӕ логикон рӕдыдтытӕ.
Агурынц дзы сӕйрат ӕмӕ зӕгъинаг.
Тагъдзуринаг.
Бирæгъ сæгъмæ дзуры:
- Бирæ уарзын дæу.
Рацу, ам мæ цуры
Ис уæрæх фæз, нæуу!
******Аулӕфт скӕнын:
- Мах цæуæм,
Цæуæм,
Цæуæм.
Зокъотæ æмбырд кæнæм:
Иу зокъо,
Дыууæ зокъо…
Зокъотæ та хин сты,
Кæрдæджы нымбæхстысты.
2.Реуа.
3. Дзедз ӕмӕ дзедз.
4.Куыд цӕрут?
******Ахуыргӕнӕг сывæллæттæн кӕсы цыбыр текст:
Аргъау: Цӕст - ӕнӕфсис
Бирӕгъ бӕхыл сӕмбӕлд.
Хӕрынмӕ йӕ рахъавыд.
Бӕх ма йын афтӕ:
- Ног цӕфхад мыл ис.
Æвгъау у. Уый уал ралас.
Зыд бирӕгъ цӕфхад ласынмӕ фӕци.
Бӕх ын цӕфхадӕй – хафт.
Бирӕгъы ных бахауд.
-Афтӕ мын хъуыд, - хъӕрзыд бирӕгъ.
- Цӕмӕн мӕ бахъуыд цӕфхад.
Хӕс:
Радгай кӕсынц сывӕллӕттӕ текст. Дзуапп дӕттынц ахуыргӕнӕджы фарстатӕн.
1. Кӕй кой кодтой аргъауы?
2. Кӕм цӕры бирӕгъ, бӕх - та?
3.Цавӕр вӕййы бирӕгъ?
4. Бӕх та?
5. Цы уарзы бирӕгъ?
6. Цы уарзы бӕх?
7.Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны аргъау?
8. Цал хъуыдыйады ис тексты?
Ныффыссын къухфыстыты.
- Хатдзӕгтӕ
- Хӕдзармӕ куыст.
Ахуыргӕнӕг: Хӕрзбон, мӕ зынаргъ сывӕллӕттӕ!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)
Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...
Фондз æфсымæры аргъау
повторить пройденный материал, закрепить знания детей по теме "Части слова" ...
Ногбоны аргъау
Урочы темæ:...
Тест 5 класс Нигер " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"- ма гасга
Тест по сказке Нигера " Дыууа зарватыччы ама дыууа сыхаджы аргъау"-ма гасга. Самоанализ по произведению...
Музыкалон аргъау «Иу хъæды, дам,уыд хæдзар»
Сценарий мероприятия...
урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро
Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ, информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...
Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ
Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ "Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ"...