КИМ по осетинскому языку в 9 классе (дифференцированная группа)
методическая разработка (9 класс)
КИМ по осетинскому языку в 9 классе ( дифференцированная группа)
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
kim_9_dlya_nevl._1_var.docx | 28.16 КБ |
Предварительный просмотр:
9кл.
КИМ по осетинскому языку для невладеющей группы
Вариант 1
Раздел 1
(задания по чтению)
Прочитайте тексты и установите соответствие между текстами и их заголовками: к каждому тексту, обозначенному буквами А-Г, подберите соответствующий заголовок, обозначенный цифрами. Используйте каждую цифру только один раз. В задании есть один лишний заголовок. |
- Фӕззӕг.
- Хоры бардуаг.
- Лӕгты дзуар.
- Бетъырбух.
- Ӕрдз – нӕ дарӕг.
А. Ирон мифологийы Уацилла у адӕмы уарзондӕр дзуӕрттӕй иу, арвнӕрды бардуаг,тыллӕгыл аудӕг дзуар. Ирыстоны зӕххыл ис цалдӕр кувӕндоны.Уациллайы бӕрӕгбон алы ран дӕр вӕййы хурхӕтӕны мӕйы, хӕсгӕрдӕны размӕ.
Æ. Ацы горӕтӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыдис 1703 азы. Адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууынц А. Пушкины ӕнӕмӕлгӕ ӕмдзӕвгӕтӕй бирӕтӕ, уыдонимӕ -поэмӕ «Ӕрхуы барӕджы» рӕнхъытӕ: «Здесь будет город заложен на зло надменному соседу». Уыцы ныхӕстӕ кӕддӕр Петр 1 загъта.
Б. Иу ахӕмы Уастырджи йӕхи уӕларвӕй рауагъта йӕ урс бӕхыл ӕмӕ зылдис адӕмтыл. Иу ран фӕндагыл мӕгуыр лӕг суг фӕцӕйлата,ӕмӕ йӕ дзоныгъ асастис цъыфы. Йӕ бон ӕй нӕ уыдис сӕппарын ӕмӕ хъӕумӕ ацыдис ӕххуысагур…Фӕстӕмӕ куы раздӕхтис , уӕд йӕ галтӕ ног дзоныгъыл сугтӕ амадӕй раласынц. Лӕг тынг бацин кодта.
В. Хӕхбӕсты цӕрджытӕ раджы базыдтой,суӕрттӕ ӕвдадзы хос кӕй сты, уый.Ныртӕккӕ сӕ нымӕц у ӕртӕсӕдӕйы бӕрц.Ирыстоны хъӕдты зайы алыхуызон зайӕгойтӕ. Уыдоны хсӕн ис бирӕ хосгӕнӕн кӕрдӕджытӕ. Цымыдисаг у Ирыстоны цӕрӕгойты дуне дӕр…
Г.Афардӕг сты сӕрдыгон хъарм бонтӕ.Адӕм ӕфснайынц сӕ фӕллой. Нарӕгатсӕу хӕрзконд бӕрзбӕлӕсты сыфтӕртӕ иннӕ бӕлӕстӕй раздӕр згъӕлын райдыдтой. Зӕхх сын фаг хӕринаг нал дӕтты, ӕмӕ сӕ сыфтӕртӕ дӕле уӕлӕмӕ бургӕнгӕ ссыдысты. Мӕргътӕн сӕ фылдӕр хъарм бӕстӕм атахтысты. Фӕуазал…
Запишите в таблицу выбранные цифры под соответствующими буквами.
Дзуапп:
Текст Заголовок | А | Æ | Б | В | Г |
Прочитайте текст. Определите, какие из приведенных утверждений 2-9 соответствуют содержанию текста (1 - раст у), какие не соответствуют (2 - растнæу). В поле ответа запишите одну цифру, которая соответствует номеру правильного ответа |
Фыдыбæстæйы Стыр хæст
Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы. Дыууын дыккæгæм июны немыцаг фашисттæ æрбабырстой нæ Райгуырæн бæстæмæ. Уый уыд æгъатыр æмæ карз хæст. Цыппар азæй фылдæр цыдис уыцы хæст. Фæмардис дзы дыууын авд милуан адæймагæй фылдæр.
Нæ бæстæйы адæмыхæттытæ иууылдæр,стырæй-гыццылæй, сыстадысты , цæмæй бахъахъхъæной сæ фыдæлты зæхх, сæ хæдзæрттæ, сæ бинонты. Уыдон равдыстой стыр хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинад хæсты быдыры.
Нæ гыццыл Ирыстон тохмæ знаджы ныхмæ арвыста нæуæдз мин хъæбулы. Цыппор æхсæз мин адæймаджы нал æрыздæхтысты фæстæмæ. Æнустæ ивдзысты кæрæдзийы, фæлæ Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты Гæздæнты авд æфсымæры, Плиты Иссæйы, Æхсараты Энверы, Дауыраты Илитæйы, Дзусаты Ибрæгимы, Баситы Чабæханы, Доййаты Давиды æмæ бирæ æндæр хъайтарты нæмттæ.
Фарæстæм майы нæ бæстæйы адæм фæбæрæг кæнынц Уæлахизы бон. Уый у æппæтæй стырдæр æмæ кадджындæр бæрæгбон канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ фæсарæйнаг бæстæты дæр.
2. Дыууын дыккæгæм июны немыцаг фашисттæ æрбабырстой нæ Райгуырæн бæстæмæ.
- раст у 2) раст нæу Дзуапп: ______
3. Фæмардис дзы дыууын милуан адæймагæй фылдæр
- раст у 2) раст нæу Дзуапп: ______
4. Нæ бæстæйы адæм иууылдæр сыстадысты , цæмæй бахъахъхъæной сæ фыдæлты зæхх, сæ хæдзæрттæ, сæ бинонты.
- раст у 2) раст нæу Дзуапп: ______
5. Нæ Ирыстон тохмæ знаджы ныхмæ арвыста цыппор мин хъæбулы
- раст у 2) раст нæу Дзуапп: ______
6. . Æнустæ цæудзысты, фæлæ Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты сæ хъайтарты нæмттæ.
- раст у 2) раст нæу Дзуапп: ______
7. Фыццæгæм майы нæ бæстæйы адæм фæбæрæг кæнынц Уæлахизы бон.
- раст у 2) раст нæу Дзуапп: ______
8. Уæлахизы бон у æппæтæй стырдæр æмæ кадджындæр бæрæгбон канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ фæсарæйнаг бæстæты дæр
- расту 2) раст нæу Дзуапп: _____
Раздел 2
(задания по грамматике и лексике)
Прочитайте приведенный ниже текст. Выберите из слов, напечатанных в конце строк, обозначенных номерами 1-9, те слова, которые грамматически соответствуют содержанию текста. |
1.Рагон заманты цы уыдис адӕймаджы къухтӕй арӕзт,уыдон __________ нымӕцӕй авд.
1) уыдис
2) ис
3) уыдысты
Дзуапп: _____________
2.Рӕсугъд нывӕфтыд къӕпхӕнтӕ- къултӕ арӕзт уыдысты таргомау сырх __________________.
1) агуыридуримӕ
2) агуыридурӕй
3) агуыридурыл
Дзуапп: ________________
3.Зындгонд скульптор Фидий _______________ бердзенаг Хуыцӕутты Хуыцау Зевсы фӕлгонц.
1) аразы
2) сараздзӕн
3) сарӕзта
Дзуапп: _____________
4.Фӕлӕ та _____________ ӕртыккаг диссаг дӕр мах замантӕм нӕ рахӕццӕ ис.
1)дунейы
2) дунемӕ
3) дунейау
Дзуапп:______________
5.Цыппӕрӕм диссаг та уыдис, нырыккон Турчы ______________ цы кувӕндон арӕзт ӕрцыдис, уый.
1) зӕххимӕ
2) зӕххӕй
3) зӕххыл
Дзуапп: _______________
6. Паддзах Мавзол куы ____________, уӕд ын сарӕзтой диссаджы зӕппадз.
1) амӕлдзӕн
2) амардтой
3) амардис
Дзуапп: ______________
7. Дунейы ӕвдӕймаг диссагыл ________ _________ Фаросы фӕндагамонӕг цырагъ.
1) нымад уыдзӕнис
2) нымад уыдис
3) нымад у
Дзуапп: ______________
8. Фаросы цырагъ бирӕ адӕмӕн баххуыс кодта сӕ фӕндаг ____________.
1) ссарынмӕ
2) ссарынау
3) ссарыныл
Дзуапп: ____________
9. Фӕлӕ та уый дӕр зӕххӕнкъуыстӕн нӕ ________________ .
1) бафӕрӕзтой
2) бафӕраздзӕн
3) бафӕрӕзта
Дзуапп: _____________
Прочитайте, выберите только ту строку, которая соответствует правильному варианту ответа. В поле ответа запишите одну цифру, которая соответствует номеру правильного ответа 10-15 |
10. Слова с удвоенным согласными
1)кӕ…ы, фы…аг, рӕ…угъд
2)вæ…ы, гы…ыл, ды…æ
3), зо…ы, за…ы,ны…ӕг
Дзуапп:
11.Слово къах
1) бирæнысаниуæгон
2) иунысаниуæгон
3) вазыгджын
Дзуапп:
12. Грамматически правильно оформлено предложение
1. Чиныг нымад у егъаудӕр историон ӕнтыстытӕй иуыл.
2) Нымад у чиныг егъаудӕр историон ӕнтыстытӕй иуыл.
3) Чиныг егъаудӕр нымад у историон ӕнтыстытӕй иуыл.
Дзуапп:
13. Словосочетание по схеме номивæг+номдар
1) уый фӕстӕ
2) мӕ ахуыргӕнӕгимӕ
3) ис нӕм
Дзуапп:
14. Слова в форме родитедьного(гуырынон) падежа
1)хæдзары, кæрты, бæласы
2) хæдзармæ, кæртмæ, бæласмæ
3) хæдзарæй, кæртæй, бæласæй
Дзуапп:
15. Синонимы слова хъӕздыг
1) бонджын, исджын, мулкджын
2)æхсарджын, чысыл, ныфсджын
3) зондджын, ӕгъдауджын, фендджын
Дзуапп:
16.Устойчивое словосочетание мæ зæрдæ барухс можно употребить только в предложении
1) … … … йӕ уындау.
2) … … … йӕ уындимӕ.
3) … … … йӕ уындӕй.
Дзуапп:
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Тест по татарскому языку 2 класс татарская группа
Тесты для проверки знаний ,2 класс,татарская группа,1 полугодие...
татарский язык.5 класс тат.группа.сочинение.Алтын коз.
5 сыйныф ,татар теле. Тема:Инша язарга әзерләнү.Алтын көз.Максат: Көзге табигатьтәге үзгәрешләр турында балаларның белемнәрен киңәйтү; укычыларны туган җирен шагыйрь күзләре белән кү...
рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах 5 класс.
материал содержит готовую рабочую программу по осетинскому языку в невладеющих группах для 5 класс....
Рабочая программа по осетинскому языку 2 класс
Рабочая программа по осетинскому языку 2 класс Программа разработана на основе программы по осетинскому языку (как второму) – Владикавказ: ИПО ...
Урок осетинского языка 6 класс
Урок осетинского языка 6 класс НОМДАР(Сывæллæттæ, мидæмæ цæугæйæ, исынц фæткъуыты нывтæ æмæ сæ фидар кæнынц фæткъуыйыл. Хорз равгимæ чи æрбацыд, уыдон æвзарынц сырх хуыз, зивæггæнгæ – бур, æнкъард кæм...
Рабочая программа по татарскому языку 1 класс (татарская группа)
I.Аңлатма язуы 1 нче сыйныфның татар төркеме өчен татар теленнән эш программасы түбәндәге документларга нигезләнеп төзелде:...
урок осетинского языка в не владеющей группе в 5 кл Тема: "Весна в лесу".
Урочы темæ: «Уалдзæг хъæды». Задачи:1. Учить детей рассказывать о весенних изменениях в природе.2. Развивать навыки правильного, выразительного чтения.3. Развивать навыки монологическ...