Урок- представление
план-конспект урока (5 класс)

Урок "Сложные слова".

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon vazygdzhyn_dzyrdty_dune.doc41.5 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ:    Вазыгджын дзырдты дуне.

Ныхасы темæ: Къоста-нывгæнæг.

Урочы нысан: 1.  Вазыгджын дзырдтæ фидар кæнын.

                           2.Скъоладзауты ахуыр кæнын вазыгджын дзырдтæ хуымæтæг дзырдтæй иртасын

                          3. Сывæллæтты ныхасы рæзтыл бакусын

 

Урочы эпигрæф:   Къостайы сфæлдыстад поэзийы дæр

                                           æмæ нывкæнынады дæр у иухуызон бæрзонд..

                                                                                                 (Тугъанты М.)

Урочы цыд: 1. Орг. Момент

 

                        Дунетыл  нæй мæнæй фылдæр

              Цæрын æмбæлттимæ æнгом

             Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр

                      Хæссын æз предмет йæ ном. (номдар)

  1. Уæдæ абон мах дзурдзыстæм номдартыл.
  2.  Раздæхæм ма эпиграфмæ.
  3.  Цавæр дзырд дзы у сырхæй фыст?

4. Уый цавæр дзырд у?

            5.Цæй кæй кæндзыстæм дарддæр?

                       3. Ног  æрмæг:

 1.    Фæйнæгыл текст «Къоста- нывгæнæг». Кæсæм текст æмæ фæрстытæн дзуапп дæттæм.

Фæрстытæ:

1.Чи бауарзын кодта Къостайæн ныв кæныны аивад?

 2.Кæм ахуыр кодта Къоста уыцы дæсныйадыл?

 3. Цавæр нывтæ зонут Къостайæн?

 

Презентаци «Къоста- нывгæнæг».

2.Агурæм вазыгджын дзырдтæ. Бацамонут сын сæ арæзт.

   

  -Куыд ис схонæн ацы дзырдтæ :   хуымæтæг æви вазыгджын? Цæмæн? (Вазыгджын, уымæн æмæ арæзт у дыууæ дзырдæй)

 -Уæдæ куыд хъуыды кæнут, абон цæуыл дзурдзыстæм. Куыд  схондзыстæм нæ абоны урочы темæ.(Вазыгджын дзырдтæ)

 -Куыд хъуыды кæнут, цы сты вазыгджын дзырдтæ? (Дыууæ кæнæ фылдæр дзырдтæй арæзт дзырд)

3.Чиныгимæ кусын

  1. Кæсæм раиртæст.
  2. Æрхæссæм ма дæнцæгтæ.
  3. Ныффыссын нымæц, къуырийы бон, къласы куыст.

Æххæст кæнæм фæлтæрæнтæ.

80-æм фæлтæрæнæй фыссæм дзырдтæ къæлæттæ гомгæнгæйæ.

 

 4.Интерактивон фæйнæгимæ куыст

-Ацы хуымæтæг дзырдтæй саразут взыгджын дзырдтæ æмæ сæ ныффыссут тетрæдты:

Къух             уарзаг

Хи                базыр

Хъулон        сæрфæн

Бæрæг          мæрзæн

Куыст          бон

                        5.Релаксаци (музыкæимæ)

       Кæмдæр, бæрзонд хæхты хъæбысы (къухтæ хæрдмæ сивазын æмæ хæхтæ равдисын) райгуырд  рæсугъд, зæрдæхæлар  дидинæг. Уый кодта диссаджы хæрздæф тæф (арф сулæфын-æрулæфын). Хуры тынтæ йæ алыварс    кафыдысты  Нæртон Симдæй  (æркæсын хиалфамблай). Сивæзта  дидинæг хурмæ йæ иу сыф (сивазын иу къух), сивæзта иннæ сыф (сивазын иннæ къух)  æмæ арвыста хурæн æмæ æппæт дунейæн хæлардзинад, циндзинад . Арвитæм мах дæр нæ алыварс адæмæн хæлардзинад æмæ циндзинад (къухтыл ныффу кæнын) .

 6.( Къайгай кыст)

А).Зæгъут , Къостайы æмдзæвгæтæй кæцытæй ист сты ацы рæнхъытæ.Ссарут дзы вазыгджын дзырдтæ:

Зондамонæгмæ хъус,
Цы зæгъа, уый-иу кæн,
Зæрдæхъæлдзæгæй кус,
Æмæ бæззай лæгæн!..(Лæгау)

Рагон мастæн — тад;
Загъдкъахæгæн — над. (Кæмæн цы..)

О, уасæг, уасæг,
Сызгъæрин къоппа!
О, уасæг, уасæг,
Сырхзæлдаг боцъо! (Уасæг)

Зæрватыкк — æнæхъыг,
Æнæмаст цæрæг!
Дæ зарæг — нæ дарæг,
Нæ
уалдзæггæнæг!  (Зæрватыкк)

Алчи зыдгæнæджы
Бирæгъ фæхоны.
Бирæгъ зыд кæй кæны, —
Чидæрид зоны…(Бирæгъ æмæ хърихъупп)

Б).Ссар вазыгджын дзырдтæ (карточкæтæ лæмæгъдæр ахуырдзаутæн):

1.Къамисæг, зонд, саунæмыг, сырх, хæдзар, къухмæрзæн.

2.Хæдтæхæг, ахуыргæнæг, хох, æгъдау, хæдзаргæнæг.

3.Цард, Дзæуджыхъæу, куыстуарзаг, æмбал, фыссæг.

4.Хъæдхой, зарæг, хæдзаргæнæг,уæнг, хæларзæрдæ

5.Бæрæгбон, зарæггæнæг, дзырд, цæсгом.

                     4.Хатдзæгтæ:

-Цæй кой кодтам абон, цы базытам ногæй?

                     5.Хæдзармæ куыст:

                      1. ф.34, №84

 

                      6.Рефлекси.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект урока, представленного на всероссийский конкурс "Урок письма".

Конспект урока, представленного на всероссийский конкурс "Урок письма" в номинации "Письмо моей семье"....

Презнтация к уроку "Представление звука в памяти компьютера"

В презентации представлен теоретический материал по заданной теме....

Презентация к уроку "Представление информации, языки, кодирование". Информатика и ИКТ.10 класс. По учебнику И.Г. Семакина

Презентация к уроку "Представление информации, языки, кодирование". Информатика и ИКТ.10 класс. По учебнику И.Г. Семакина...

Конспект урока «Представление православных христиан о Боге».

Данный урок расчитан на детей после 5 класса, знакомых с темами «Проценты», «Диаграммы», владеющих основами проектной деятельности, социологических исследований. В качестве учебника использован «Основ...

Урок "Представление информации в двоичной системе счисления"

Урок "Представление информации в двоичной системе счисления"...

Уроки «Представление числовой информации» (6 класс).

Здесь представлена подборка материалов (презентация, раздаточный материал,...) по теме «Представление числовой информации» (для учащихся 6 классов)....

Урок №25 в 9 классе Тема урока : Представление числовой информации с помощью систем счисления.

Организация начала урокаИзучение нового материалаЗакрепление знанийДомашнее заданиеРефлексияПодведение итогов урока...