Урок- представление
план-конспект урока (5 класс)
Предварительный просмотр:
Ирон æвзаджы урок 5 къласы.
Темæ: « Лексикæйы бæстæйы сусæгдзинæдтæ».
Нысантæ: 1. Лексикæйæ рацыд æрмæг фæлхат кæнын æмæ
бафидар кæнын.
2. Фæхъæздыгдæр кæнын скъоладзауты дзырдуат,
бакусын дзургæ ныхасы рæзтыл.
3. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
Урочы фæлгонц: слайдтæ, дзырдуæтты равдыст, фæйнæг.
Урочы эпиграф: Кæд зæххыл диссаг зæгъæн истæмæй ис, уæд уый у дзырд.
Лев Успенский.
Урочы цыд:
- Уæ бон хорз, сывæллæттæ, æмæ нæм æгас цæут, нæ зынаргъ уазджытæ.
- Æвæдза, дуне дзаг у алы диссæгтæй. Æмæ уыцы диссæгты ‘хсæн мах нæ хъус нал дарæм æппæты стырдæр диссагмæ – не ‘взагмæ. Адæмы æвзаг у, æмбал кæмæн нæй, ахæм царциаты диссаг. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, зæххы къорийыл цæрæг адæмы æнæ æвзагæй. Ахуыргæндæтæ тынг раджы æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, æмæ æрмæст æвзаджы фæрцы адæймаг рахицæн цæрæгойты ‘хсæнæй æмæ схызт эволюцийы тæккæ уæлдæр къæпхæнмæ.
Æвзаг у тынг хъæздыг алы фæзындтæй, æмæ нæ фæндид, цæмæй сæ пайда кæнын базонæм, цæмæй не ‘взаг уа аив æмæ раст.
Ныртæккæ мæнæ ацы дзырдбыды мах ссардзыстæм æмбæхст дзырд, уый у пароль, æмæ нын, чи зоны, уый феххуыс уыдзæн дуар бакæнынæн. Дуар куы байгом уа, уæд абалц кæндзыстæм дарддæр.
Дзырдбыд «Ссар æмбæхст дзырд»
с | æ | л | ы | н | ||
в | е | д | р | а | ||
х | у | ы | к | к | о | м |
р | а | й | с | о | м | |
æ | х | с | и | н | ||
к | æ | р | ц | |||
хъ | æ | п | æ | н |
- Дон их кæнын. 1сл.
- Митын лæджы сæрыл æй æркæнынц. 2сл.
- Сырдтæ дзы бамбæхсынц зымæджы уазалæй. 3сл.
- Боны райдайæн. 4сл.
- Митын бæстæйы сылгоймаг-паддзах. 5сл.
- Зымæгон хъарм хъуынджын уæлæдарæс. 6сл.
- Бирæ миты рæдзæгъд. 7сл.
-Тынг раст. Уый у дзырд ЛЕКСИКÆ. Нæ дуар байгом ис. Базыдтат æй, кæдæм цæуæм, уый.
-Уæдæ цы у лексикæ?
1. Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц лексикæ.
2. Лексикæ цы наукæ ахуыр кæны, уый та у лексикологи.
- Нæ дуар байгом кæныны нын цы феххуыс ис?
-Нæ дзырдуатон æвæрæнтæ, ома, нæ лексикон.
-Уый та цы у?
-Адæймаг цы дзырдтæ зоны, уый.
- Балцы мах æмбырд кæндзыстæм алы «сусæгдзинæдтæ», кæцытæ нæ нæ дарддæры царды æнæмæнг бахъæудзысты. Балцы кæрон та алчидæр скæндзæн хатдзæг йæ куыстæн.
Немæ райсдзыстæм боныгтæ – нæ кусæн тетрæдтæ: цы фенæм, цы фехъусæм, цы базонæм, уыдон цæмæй уым фæбæрæг кæнæм, уый тыххæй.
Уæдæ уал фыццаджыдæр нæ балцы нымæц афыссæм, стæй темæ.
Æз та уын байуардзынæн сыфтæ.
Мæнæ фыццаг æрлæууæнмæ æрбахæццæ стæм.
«Дзырды лексикон нысаниуæг»
- Ам æнæмæнгæй æрлæууын хъуыдис, цæмæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм дзырды лексикон нысаниуæг.
- Дзырд цы фæбæрæг кæны, уый у йæ лексикон нысаниуæг.
- Раст. Уæдæ ма мæнæ ацы дзырдты нысаниуæг сбæрæг кæнæм.
Нысаниуджытæ фæбæрæг кæнут уæ боныгты.
- Фæззæджы фæстæ цы афæдзы афон цæуы. Зымæг.
- Зымæгон æрдзон фæзынд. Мит.
- Афæдзы дыууадæсæм мæй. Цыппурсы мæй кæнæ декабрь.
- Сывæллæтты æппæты уарзондæр зымæгон бæрæгбон. Ног аз.
- Митæй арæзт адæймаг. Митын лæг.
- Нæ фæндаг дарддæр кæнæм. Цæугæ-цæуын аныхас кæнæм, дзырдты лексикон нысаниуджытæ кæм лæвæрд цæуынц, ууыл.
- Алыхуызон дзырдуæтты.
- Цавæр дзырдуæттæ зонæм?
- æмбарынгæнæн, тæлмацæгæнæн, синонимты, антонимты, фразелогион, орфоэпион, этимологион…
- æмæ уæд дзырдтæ та дзырдуаты мидæг куыд æвæрд сты?
- Дамгъуаты уагæвæрдæмæ гæсгæ.
- Уæдæ ма мын зæгъут, бабайæ дадайæ чи хистæр у?
- Баба.
- Уæд чызг раздæр цæуы æви лæппу?
- Лæппу.
- Дзургæ-дзурын фæндаг куыд цыбыр кæны. Цы тагъд æрбахæццæ стæм дыккаг станцæмæ.
«Иунысанон æмæ бирæнысанон дзырдтæ»
- Иу нысаниуæг кæмæн вæййы, уыцы дзырд хонæм иунысанон. Зæгъæм, зымæг, мад, мит.
- Дыууæ кæнæ фылдæр нысаниуæджы цы дзырдтæн вæййы, уыдон та хонæм бирæнысанон. Зæгъæм, къах, дæндаг, сæр.
- Бузныг. Зæгъут-ма, бирæнысанон дзырдтæн сæ нысаниуджытæ куыд хонæм?
- Дзырды нысаниуджытæй иу вæййы комкоммæ нысаниуæг, иннæ та – ахæсгæ нысаниуæг.
- Сæйрагдæр дзы кæцы у ацы нысаниуджытæй?
- Сæйраг нысаниуæг у комкоммæ.
- Ахæсгæ нысаниуæг та сæвзæры комкоммæ нысаниуæджы бындурыл.
- Арæх æнгæс чи вæййы, ахæм предметтæ, æууæлтæ, архæйдтытæ иу номæй æрцæуынц загъд.
Хæслæвæрд: фыссут нысангонд дзырдтæн сæ ахæсгæ нысаниуæг.
Сыгъзæрин къухдарæн сыгъзæрин сывæллон
Сау хæлаф сау зæрдæ
Фæлмæн баз фæлмæн дзырд
Уазал дон уазал æнгас
«Синонимты фæз»
«Синонимты фæз»
-Куыд рæсугъд, аив, зæрдæмæдзæугæ у ацы фæз!
- Тынг раст дзырдтæй спайда кодтат. Куыд хуыйнынц дзырдтæ рæсугъд, аив, зæрдæмæдзæугæ?
- Уыдон синонимтæ сты.
- Сæ нысаниуæг иухуызон кæмæн у, ахæм дзырдтæ.
- Кæнæ сæ нысаниуæг хæстæг кæмæн у, ахæм дзырдтæ.
- Иттæг раст зæгъут. Цомут, æмæ атезгъо кæнæм синонимты фæзы, æрмæст уæхи ма суазал кæнут.
- Мæнæ- ма, цы бæрзонд бæлас!
- Куыд стыр у!
- Куыд дынджыр у!
- Куыд егъау у!
- Кæс-ма, кæс, синонимтæй дзурын куыд райдыдтой, фæзмæ æрбацæугæйæ!
- Уæ нысангонд дзырдтæн сæ синонимтæ ссарут.
Бæлццæттæ дзæвгар ауадысты. Бирæ.
Зондамонæгмæ хъусут! Ахуыргæнæгмæ.
Сабитæ хъæлдзæгæй тезгъо кæнынц. Сывæллæттæ.
Гыццыл чызг миты фæкалдис. Чысыл.
Ныр та ахъазæм. Æз уын дзурдзынæн дзырд, сымах чи зæгъут дзырды синоним, æмæ сæ рæвдз афыссæм.
Уазал – хъызт
Стонг – æххормаг
Хæмпус – пух
Кæуын – тъизын
Фыдхуыз – мæллæг
Худын – кæл-кæл кæнын
- Куыд кæсын, афтæмæй уе ‘ппæт фаг активон не стут, чи зоны, чидæртæ æфсæрмы дæр кæнынц. Уыдонæн та ныртæккæ ратдзыстæм хицæнæй бакусинæгтæ. (Карточкæтæ)
-Цомут уæртæ уыцы бæлæсты ‘рдæм. Ай та цы ран у цымæ?
- Æз æй зонын. Антонимты къохмæ æрбацыдыстæм.
«Антонимты къох»
– Цæй, уæдæ ам аулæфæм иучысыл. Цæмæй йæ базыдтат, ай антонимты къох у, уый? Цы уынæм нæ алыварс?
- Бæрзонд æмæ ныллæг бæлæстæ.
- Ставд æмæ лыстæг зæнгтимæ.
- Фæлмæн æмæ хъæбæр къалиутимæ.
- Мит ранæй-рæтты у арф, ранæй-рæтты та тæнæг уæлæнгай.
- Фæзы рухсдæр уыди, ам талынгдæр у.
- Раст. Цы дзырдтæй спайда кодтат, уыдон куыд хуыйнынц?
- Антонимтæ – сæ нысаниуæг ныхмæвæрд кæмæн у, ахæм дзырдтæ.
- æнхъæлдæн, æмæ ихæн кæнын райдыдтат. Ахъазæм-ма уæдæ иучысыл.
(Физминуткæ)
- Тынг сæрæн стут, уæ цæрæнбон бирæ! Иучысыл нæ фæллад суадзæм æмæ ракæсæм фæйнæгмæ зымæгон хъæды тыххæй нæм цы текст ис, уымæ.
Зымæгон хъæды.
Зымæгон хъæды у æнкъарддæр сæрдыгон хъæлдзæг хъæдæй. Бæстæ ныссабыр. Иу сыбыртт никæцæй цæуы. Дæ алыварс куы акæсай, уæд фендзынæ æрмæст дыууæ хуызы: урс æмæ сау. Сырдтæ уазалæй сæ хъарм цæрæнуæтты бамбæхстысты. Сæхицæн рагацау хæринаг бацæттӕ кодтой æмæ æфсæстæй, æнæмæтæй фынæй кæнынц. Иунæг бирæгъ æххормагæй, мæстыйæ хъæды къуымты рацу-бацу кæны…
Рафыссут-ма ацы текстæй антонимты къæйттæ.
Бузныг, раст сæххæст кодтат ацы хæс дæр. Фæлæ нæ дарддæр цæуын хъæуы.
Мæнæ цы æнахуыр ранмæ æрбахæццæ стæм! Уæртæ дзы цыдæр фыстæджытæ уынын. Бакæсæм-ма сæ.
- æгадæй чи цæры нæ хъæуы
Мах ахæм æмбæлттæ нæ хъæуы.
- Зилы, зилы дымгæ комы
Фæлæ быдырмæ нæ комы.
- æз æдзух мæ зæрдыл дарын
Дарæс зонын хъæуы дарын.
(Ахуыргæнæг худы) – Кæм стæм, уый бамбæрстат?
-О, омонимты бæстæйы.
-Растдæр æй куы зæгъæм, уæд Омонимты цъымарайы.
«Омонимты цъымара»
Цы сты омонимтæ та?
-æмхуызон чи хъуысы, фæлæ сæ нысаниуджытæ бынтон алыхуызон кæмæн вæййынц, ахæм дзырдтæ.
Бамбарын-ма кæнæм, цы хъуыдыйæдтæ бакастыстут, уым лæвæрд омонимты нысаниуæг:
Нæ хъæуы - в нашем селе
Нæ хъæуы - не нужен
Комы - в ущелье
Комы - не хочет
Дарын - помню
Дарын - носить одежду
Лексикæйæ пайда кæнын хъуамæ алы адæймаг дæр зона… Уæвгæ фæстæмæ здæхын афон у. Дзырдæн йæ бон бирæ у: бафхæрын, низ бафтауын, зæрдæ фæриссын кæнын, æмæ иннæрдæм дæр: ныфс бауадзын, æнцойдзинад раттын, зæрдæ бахъæлдзæг кæнын. Æмæ уæздан, фендджын адæймаджы ныхасы кæддæриддæр хъуамæ разына ахæм дзырдтæ.
Рефлекси:
- Абон æз базыдтон...
-Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыдис …
-æз та омонимты цъымарайы иучысыл фæтарстæн:раст сæ куы нæ пайда кæнай, уæд æфсæрмыйы аныгъуылдзынæ.
- Мæнæн та мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис физминуткæ.
Стыр бузныг уæ дæн, фæндараст кæнут!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Конспект урока, представленного на всероссийский конкурс "Урок письма".
Конспект урока, представленного на всероссийский конкурс "Урок письма" в номинации "Письмо моей семье"....
Презнтация к уроку "Представление звука в памяти компьютера"
В презентации представлен теоретический материал по заданной теме....
Презентация к уроку "Представление информации, языки, кодирование". Информатика и ИКТ.10 класс. По учебнику И.Г. Семакина
Презентация к уроку "Представление информации, языки, кодирование". Информатика и ИКТ.10 класс. По учебнику И.Г. Семакина...
Конспект урока «Представление православных христиан о Боге».
Данный урок расчитан на детей после 5 класса, знакомых с темами «Проценты», «Диаграммы», владеющих основами проектной деятельности, социологических исследований. В качестве учебника использован «Основ...
Урок "Представление информации в двоичной системе счисления"
Урок "Представление информации в двоичной системе счисления"...
Уроки «Представление числовой информации» (6 класс).
Здесь представлена подборка материалов (презентация, раздаточный материал,...) по теме «Представление числовой информации» (для учащихся 6 классов)....
Урок №25 в 9 классе Тема урока : Представление числовой информации с помощью систем счисления.
Организация начала урокаИзучение нового материалаЗакрепление знанийДомашнее заданиеРефлексияПодведение итогов урока...