Мои публикации:
материал по теме
К празднику День осетинского языка и литературы.
К Дню рождения К.Л Хетагурова
К празднику День осетинского языка и литературы
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Музыкалон-театралон равдыст " Нарты фœткъуы" | 38.86 КБ |
ves_mir_moy_hram._stsenariy_2014.docx | 24.4 КБ |
muzykalon-teatralon_ravdyst.docx | 30.34 КБ |
Предварительный просмотр:
Паддзахадон бюджетон ахуырадон куыстуат
прогимназ «Интеллект»
Аразœг: ирон œвзаджы ахуыргœнœг
Гадзиаты Светланœ
Равдысты нысантœ:
Ахуырадон:
- ныхасы хъœды рœзтœн аккаг мадзœлттœ œмœ уавœртœ саразын;,
-монологон œмœ диалогон ныхасœй пайда кœнын;
- хи хъуыдытœ раст œмœ аив дзурын;
Хъомыладон:
- ахуырдзауты цымыдис кœнын ирон адœмы рагфыдœлты историмœ, œгъдœуттœм œмœ традицитœм;
- пайда кœнын алыхуызон мадзœлттœй (уавœртœм гœсгœ);
Райрœзтон:
- хъуыдыдзинад,ныхас,хъусдард,цымыдисдзинад,сывœллœтты сфœлдыстадон миниуджытœ райрœзын кœнын.
Музыкалон фœлгонц: Хосроты Т. Симфонион музыкœ;
ирон композиторты зарджытœ œмœ музыкœ.
Равдысты фœлгонц:
- интерактивон фœйнœг,презентаци проектон куыстмœ,магнитофон,диск,ирон нывгœнджыты нывтœ, «Нарты кадджыт»-ы чиныджы арœзт.
Зал у бæрæгбон арæзт.Сценæйыл,æмбæрзæны разæй чиныг
« Нарты кадджытæ». Сабыргай хъуысынц музыкæйы зæлтæ,тынгæй тынгдæр кæнынц,чиныг байгом вæййы.Йæ фæйнæ сыфыл хицæнæй бадынц Нарты Сырдон æмæ Сатана æдзæмæй.Музыкæмæ уыдон дæр æрыгас вæййынц.
Сырдон: -Цæрциаты диссæгтæ,Сатана!...
Сатана: -Уагæры цы æрцыд?Цы дæ бафтыдта дисы?
Сырдон: -Куыд цы,Сатана?! Ау, нæ йæ уыныс,нæ хатыс? Æнахуыр дуг ралæууыд!...Ныр кæд уыд уæдæй чингуыты тæрхæгыл æнæхъуаджы цы «Нарты кадджытæ»лæууыдысты,уыдон абон къухæй-къухмæ исынц,агурынц,кæсынц,ахуыр кæнынц…Суанг ма сæ ногæй дæр рауагътой…
Сатана: -Æцæг æцæг…Цымæ цы нысан кæны уый?...
Сырдон:Уыцы æлхынцъ,Сатана,дæуæй хуыздæр ничи райхалдзæн.
Сатана:-Бузныг дæ уæздан ныхасæй,Сырдон,фæлæ йæ æз хорз хъуыды кæнын,Нартмæ дæлдзæх дæр æмæ уæлдзæх дæр цы цыди,уый дæуæй хуыздæр ничи зыдта…Æви дæ зонд афтæ фæмæгуыр,æмæ дæ фарстайæн дзуапп нал арыс?
Сырдон:- Иу хъуыды мын æнцой нæ дæтты,Сатана…
Сатана: Уагæры цы у?
Сырдон: Лæг фæрæдийын дæр зоны,фæлæ дын æй зæгъон…Кæд,миййаг,нæ байзæддæгтæ сæ фыдæлты фæндагæй фæдзæгъæл сты,уыдоны кад намысыл сæ къух систой.Сæ фарн,се взаг нæ бахъахъхъæдтой,ныппырх сты дунейы тыгъды æмæ сын чингуыты агурынц сæ фæд…
Сатана:-Нæ Сырдон… Æвзаг адæймагæн йæ мады æхсыримæ,йæ аллолайы зарӕгимӕ балӕвар кӕнынц. Уымӕй фӕхицӕн-ӕнцон нӕу!
Гъе царды ӕууӕлтӕй зӕгъай…Цыма ӕгӕр аивтой ӕмӕ мах дугӕй ӕгӕр адард сты…
Сырдон:Ды кӕддӕриддӕр ӕрхъудыджын уыдтӕ.Разы дӕн.Бафӕлварӕм,Сатана!
Сатана: Ма мӕ рӕдийын кӕн,Сырдон.Нартмӕ нӕлгоймаг хистӕр уыд.Ахиз уал ды.
Хъуысы музыкӕ.Сырдон чиныгӕй рахызт.Йӕ къух радта Сатанамӕ ӕмӕ уый дӕр рахизы.
Сырдон: Хурныгуылдмӕ нӕ раздӕхын хъӕудзӕн.Чиныг ӕрӕмбӕхсӕм ӕмӕ нӕ фӕндаг дарӕм…
Чиныг айсынц.Сӕ алыварс ракӕс –бакӕс кӕнынц.
Сырдон:- Ай кӕдӕм ӕрбахаудыстӕм? Ам нӕ фӕдонтӕй ӕппындӕр ницы ис.Кӕд ӕндӕр бӕсты стӕм?
Сатана:- Мӕнмӕ гӕсгӕ та мах ӕндӕр дуджы баззадыстӕм!Акӕс –ма,цы сӕ рбацӕуӕнтӕ,цы сӕ цӕрӕнбынӕттӕ.Кӕнӕ мӕнӕ сӕ фарны бадӕн…Æцӕгӕйдӕр, махӕй тынгдӕр адард сты.
Æмбӕрзӕны фӕстейы хъуддагхуызӕй рауайы хӕрзарӕзт лӕппу.
Сырдон:-Уӕртӕ лӕппу ,фӕлӕуу-ма! Чи дӕ?
Ваня:- Вы меня?Я не Чида,я-Ваня.
Сатана:- ( нӕ йӕ ӕмбары)- Лӕппу,ирон нӕ дӕ?
Ваня:- Я же говорю,я –Ваня.Я не ирон.Вы ирона ищете?Сейчас я его позову.Он там к празднику готовится.( кричит за занавес) Иристон,иди сюда!
Ирон: -(выходя)Ну что ты еще забыл? Не видишь,все уже собрались.
Ваня:- Я ничего.Вот они тебя спрашивают.
Ирон:- Меня? (внимательно всматривается в них)
Сатана:- Дӕ бон хорз ,лӕппу.
Ирон:- Æгас нӕм цӕут!
Сырдон: -Ирыстон дӕу хонынц?
Ирон:- О,мӕ ном афтӕ у,фӕлӕ мӕ ме мбӕлттӕ Ирон хонынц.
Сатана:-Дӕ хистӕрты фӕндиаг байрӕзай.Нӕ зӕрдӕтӕ нын барухс кодтай.мӕнӕ дын ацы лӕппу та чи у?
Ирон:- Уый ме мбал у.Не скъолайы хуыздӕр ахуырдзау.Ваня.
Сырдон:- Де мбал ?Æмæ махырдыгонау куы нӕ дзуры,уӕд дын куыд ӕмбал у?
Ирон:- Уый ирон нӕу,фӕлӕ уырыссаг. Махмӕ не скоъолайы канд иронау,кӕнӕ уырыссагау нӕ,фӕлӕ нӕм англисагау дӕр дзурынц.Бирӕ сабитӕ та мА французаг ӕмӕ немыцаг ӕвзӕгтӕ дӕр ахуыр кӕныц.
Сатана:- Мах ахӕмтӕ хъусгӕ дӕр никуы фӕкодтам!Нарт ӕрмӕст сӕхи ӕвзагыл дзырдтой!
Ирон:- Нарт?-Оуыдоны рӕстӕг ӕндӕр уыд!
Ваня:- Ирон,(отводит его в сторону)глянь хорошо!Это же Сырдон!Сырдон – с картины Махарбек Туганова.
Ирон: Ме мбал дӕ базыдта!Ды дам дӕ Тугъанты Махарбеджы конд Сырдон.
Сырдон:-Иу Махарбеджы конд дӕр нӕ дӕн!Æз нӕхи Гӕтӕджы конд дӕн.
Ирон:- Ты обидел его, Ваня! Он не Махарбекович, а Гатагович.
Сырдон: -« ВИЧ»-тӕ уӕхӕдӕг.Æз иу «ВИЧ»дӕр нӕ дӕн!сылгоймаджы цур ӕвзӕртӕ ма дзурут!
Ирон:- Сырдон,Хатыр!Демӕ уый ӕвӕццӕгӕн Сатана у?
Сырдон:- Сатана нӕ,фӕлӕ Нарты рӕсугъд Сатана!
Ваня:- Это, наверно, артисты Осетинского театра. Нам же обещали сюрприз на наш праздник.
Сырдон:- Де мбал та цыдӕртӕ дзуры,фӕлӕ йӕ не мбарӕм.
Ирон:- О,номдзыд Сырдон ӕмӕ Сатана! Абон не скъолайы ис стыр бӕрӕгбон. Кӕддӕр иу Нарт Зилахары Фӕзы цы бӕрӕгбон арӕзтой,ахӕм.Уыдзӕндзы:тыхӕвзарӕн,арӕхстдзинады,зонындзинадыкафыны ӕмӕ зарыны ерыстӕ.Зӕрдиагӕй уӕ хонӕм нӕ бӕрӕгбонмӕ!Хистӕры цӕст уынаг у-тӕрхонгӕнӕг нын уыдзыстут.Нӕ нанатӕн ӕмӕ дадатӕн дӕр ӕхсызгон уыдзӕн.
Сырдон:Цы ма зӕгъӕм мах дӕр.
Сатана:Разы стӕм.
Ирон: Бузныг!
музыкӕйы зӕлтӕм Сырдон ӕмӕ Сатанайы кадджын бынӕтты ӕрбадын кӕнынц.
Райдайӕм нӕ ерыстӕ. ис нӕм дыууӕ командӕйы: «Сӕрмӕттӕ» ӕмӕ «Алантӕ».Командӕттӕ сӕхи сразӕнгард кӕндзысты куыстмӕ. (девизтӕ).
Сӕрмӕттӕ:
Махӕн у нӕ ном «Сӕрмӕттӕ»
Стӕм мах иууылдӕр хӕлӕрттӕ!
Абон зонды тых ӕвзарӕм,
Рамбулдзыстӕм, уый ӕнкъарӕм!
Алантӕ:
Мах тыхджын стӕм,стӕй ныфсджын,
Стӕм хъаруджын,мӕ дзыхджын,
Мах ӕвзонг « Алантӕ» стӕм,
Тынг уӕлахизмӕ тырнӕм!
1 аг ерыс:
Уазӕгуаты нӕм абон сты Сырдон ӕмӕ Сатана.Уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ сбӕрӕг кӕндзыстӕм нӕ сывӕллӕттӕ Нарты кадджытӕ куыд зонынц,уый.
Цӕттӕ стут?Хъусӕм фарстатӕм:
1.Куыд хуындис Нарты Диссаджы къус?
2.Цавӕр ӕртӕ мыггаджы уыди Нартӕм?
3. Кӕй зонут Нарты кадджыты архайджытӕй?
4.Чи хъахъхъӕдта Нарты фӕткъуы?
5.Цӕуыл цагъта Ацӕмӕз?
6.Нарты адӕмӕй цыргъзонд ӕмӕ хиндӕр чи уыдис?
7.Цавӕр хъӕзтытӕй хъазыдысты Нарты лӕппутӕ?
-Нарты кадджытӕ куыд зонут ,уый сбӕрӕг кодтам.Ныхасы бар жюрийы уӕнгтӕн.
2 –аг ерыс. Хуыздӕр равдыст.
Ацы ерысы сывӕллӕттӕ равдисдзысты чысыл равдыстытӕ Нарты цардӕй.
4 кълас « Сырдон уœйгуыты куыд асайдта»
3аг кълас « Сырдоны хœрœг»
Бузныг, тынг зӕрдиагӕй уӕм бакастытстӕм,ныр та ныхасы бар жюрийы уӕнгтӕн.
3-аг ерыс.Музыкалон ерыс.(кӕфтыты роликтӕ)
Цавӕр кӕфтытӕ сты?
Ерыс кæнынц: 3 кълас æмæ 4 къласы сывæллæттæ
1.4 кълас «Чызджыты кафт»
2. 3 кълас « Поппури»
Ныхасы бар жюрийæн.
Бакӕсут равдыстмӕ ӕмӕ зӕгъут цавӕр адӕмон инструмент уынут.
Иртасынад:
Ныртӕккӕ та бакœсут œмœ байхъусут проектон куыстмœ «Ирон фœндыры фœзынд»
Ныхасы бар жюрийы уӕнгтӕн.
4-ӕм ерыс:Цӕйут ӕмӕ азарӕм.
- кълас «Мадӕлон ӕвзаг»
4 -аг кълас « Нœртон œфсин Сатана»
5-ӕм ерыс.Нӕ тых ӕвзарӕм.
- Бæндæн ивазын.
- Уӕхскӕй хӕст.
Бакӕсӕм нӕ чызджыты арӕхстдзинадмӕ.
Чи тагъддӕр ӕмӕ раст абӕттдзӕн йӕ кукла авдӕны.
Ныхасы бар жюрийы уӕнгтӕн.
6-ӕм ерыс:Аив дзырды дӕсны:
Сӕрмӕттӕ________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
Алантӕ______________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
Ныхасы бар жюрийы уӕнгтӕн
Сырдон ӕмӕ уын Сатана лӕвар кӕнынц рӕсугъд кафт бакӕсут сӕм уӕ хорзӕхӕй.
Ирон:Фӕлӕууыт ма,махӕн дӕр у тынг ӕхсызгон ахӕм уазджытӕ нӕ кӕй бабӕрӕг кодтой,нӕ циндзинадыл нын кӕй бацин кодтой ӕмӕ уын нӕ сабитӕ лӕвар кӕнынц сӕхи конд нывтӕ.
Бӕрӕгбон фидауы аив кафтӕй ӕмӕ уӕ хонӕм «Симд»танцует 3 класс
Сырдон:Бузныг нӕ буц фӕдонтӕ.нӕ зӕрдӕтӕ нын барухс кодтат,уӕ зонындзинӕдтӕй,арӕхстдзинадӕй,аив кафтӕй ӕмӕ зардӕй. Фӕлӕ рӕстӕджы домӕнтӕ амонынц, афон нын кӕй у сымахӕн хӕрзбон зӕгъын.
Сывœллœттœ рахастой чиныг œмœ йœ сœвœрдтой йœ раздœры бынаты,музыкœйы зœлтœм бахизынц чиныгмœ,чиныджы уœлцъар сабыргай œхгœд œрцœуы.
Ирон: Тынг цымыдисаг рауад абон нœ равдыст.
Нœ зœрдœ уын зœгъы нœ зынаргъ уазджытœ нœ ног фембœлдмœ
Предварительный просмотр:
« Весь мир – мой храм…»
Сценарий музыкально - литературного вечера, посвящённого
155–летию со дня рождения КОСТА ХЕТАГУРОВА.
Звучит музыка Свиридова « Пушкинский венок », сменяющийся «Осенью » П.И.Чайковского.
- Ведущая: Завораживающие звуки чарующего Пушкинского вальса напомнили нам ,что снова к нам пришла ОСЕНЬ. Осень - пора , когда на смену краскам лета приходят краски ЗОЛОТОЙ ОСЕНИ. В «багрец и
золото » одеваются леса и парки, улицы и скверы. Начинается листопад.
- Ведущий: Фæззæджы хур бонты зæххыл цæрæгойæ цы ис - мæлдзыгæй, адæймагæй - иууылдæр архайынц ног уалзæгмæ сæ рæбынтæ байдзаг кæныныныл. « Æркарстам , æрластам нæ хортæ , нæ хос.Чи кусы йæ муссы , чи лвыны йæ фос » - афта фыста нæ уарзон поэт.
- Ведущая: Но в Осетии осень знаменательна ещё и тем , что на самом пике осени 15 - октября 1859 года родился родоначальник и первый классик осетинской литературы К.Л. Хетагуров , вобравший в себя всю мировую и русскую культуру.
- Ведущий: : Ирыстон Къостайæ хуыздæр никæй радта æмæ Ирыстонæн Къостайæ фылдæр ничи радта. Къоста у Ирыстоны ном æмæ кад, йæ зонд æмæ йæ уд, йе ’хсар æмæ йæ уæздан. Мах куы фæдзурæм Ирыстон – нæ цæсты раз вæййы Къоста, мах куы фæдзурæм Къоста – нæ цæсты раз вæййы Ирыстон. Уымæн схуыдтам мах дæр абон на бæрæгбон Къостайæн иæхи ныхæстæй. « Весь мир - мой храм »
- Ведущий: « Æппœт дуне- мœ кувœндон»
( презентация «Къостайы царды бонтœ» (озвучивание за кадром)
- Ведущий: Мах иууылдæр уарзæм уырыссаг æмæ дунеон генийты сфæлдыстад. Уыдоны хсæн ис КЪОСТАЙЫ æнæмæлгæ сыгъдæг ном дæр.
- Басня « Халон œмœ Рувас»
- Ведущая: Сыггъдæг удтæн та нæй мæлæн. Уыдон цæрынц æнусты.
2.Аив дзырды дœснытœ 3- аг кълас
________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
- Ведущий:Къоста уыд адœмон уарзон лœг, œмœ йыл зарджытœ дœр уымœн кодтой.
3. Зарœг «Къоста»
(звучит музыка «Хъуыбады»)
- Ведущий: Цымœ ацы цœрœгойтœ та цы равдыст бацœттœ кодтой?
4.Басня « Бирœгъ œмœ Хърихъупп» 4 кълас
2! ведущий. Уæлдай ахсджиаг бынат ахсы Къостайы сфæлдыстады сывæллоны хъысмæт; йæ фидæн, йа бартæ. Уыдоны сæраппонд тох гæнгæйæ , КЪОСТА бирæ зынтаæ бавзæрста. Хохаг сывæллæтæ цы скъолайы ахуыр кодтой уый æхгæд куы *рцыд, падзахы минæваримæ стыр тохы бацыд. Уый тыххæй КЪОСТА хаст æрцыд йæ бæстæй - ХЕРСОНМА. Фæстæмæ сыздæхт æдых æмæ рынчынæй.
1 ведущая: Тыхœвзарыны ерыс:
- Ведущая: К этому времени выходит первое издание книги ИРОН ФАНДЫР, ставшая чрезвычайно важным событием в общественной народа.. В ней были напечатаны первые стихи, посвящённые детям.
Выход этой книги в свет стал духовным и нравственным подвигом народа.Она определила на многие времена место осетинского народа в братском союзе народов России. По ней сегодня учатся дети нашей Алании.
2-я Ведущая: Лæг алцæмæй дæр æлгъæд кæны, фæлæ, æфсис цæмæй нæ зоны, уый у «Ирон фæндыр». – фыста Джыккайты Шамиль
- ведущий: Аив дзырды дœснытœ. 4 кълас
________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
5. Равдыст «Саг œмœ уызын» 3- 4 къластœ
- ведущий: Йœ райгуырдœй фœстœмœ зонгœ дœр кœй нœ кодта, цы мады сурœт сныв кодта , ууыл ныффыста Ало-ла-йы зарœг
6.Зарœг «Ало-ла-й »
1. Ведущий: Ныр та сæ уæздандзинад равдисдзысты нæ рæсугъд чызджытæ.
7.«Симд» или «Хонгœ»
2.ведущий: Равдыст «Фыййау œмœ Къоста»4 кълас.
1.ведущий:Дœ хорзœхœй Къоста раарфœ кœн нœ сабитœн
Къоста: Мœ Иры фœсивœд , мœ уарзон сабитœ, кœрœдзийы уарзгœйœ цœрут, ахуырмœ бœллут.
2.Ведущий: Фœлтœрœй фœлтœр ивдзœн, фœлœ цœлынмœ иунœг ирон адœймагœн йœ зœрдœ куса а зœххыл, уœдмœ Къостайы рухс ном никœмœй ферох уыдзœн. Афтœмœй махœн Къостайы номыл арœзт хъазт изœр кœронмœ œрхœццœ кœны, ныхасы бар нœ прогимнази «Интеллект»-ы сœргълœууœг ГœлœутыБ. Н.
Предварительный просмотр:
Музыкалон- театралон равдыст «НАРТЫ ФÆТКЪУЫ»
Архайджытœ: Уœрхœг, Æхсар, Æхсœртœг, Сослан, Сатана, Ацœмœз Дзерассœ, Сырдон
Равдысты нысантœ:
Ахуырадон:
- ныхасы хъœды рœзтœн аккаг мадзœлттœ œмœ уавœртœ саразын;,
-монологон œмœ диалогон ныхасœй пайда кœнын;
- хи хъуыдытœ раст œмœ аив дзурын;
Хъомыладон:
- ахуырдзауты цымыдис кœнын ирон адœмы рагфыдœлты историмœ, œгъдœуттœм œмœ традицитœм;
- пайда кœнын алыхуызон мадзœлттœй (уавœртœм гœсгœ);
Райрœзтон:
- хъуыдыдзинад,ныхас,хъусдард,цымыдисдзинад,сывœллœтты сфœлдыстадон миниуджытœ райрœзын кœнын.
Музыкалон фœлгонц: аргъауы зœлтœ,зарœгмœ « Мах алантœ стœм», « Нœртон œфсин Сатана», « Мœ Ир» фонограммœтœ,уадындзы зœлтœ,уылœнты медитаци.
Равдысты фœлгонц:
«Нарты кадджыт»-ы чиныджы арœзт, фынг,дыууœ къœлœтджын бандоны, бœлœстœ,бœласыл фœткъуы, бœлон, рагон ирон хœдзар.къона,стьол ,бандон, хъултœ œмœ œрчъиаг, дур,бœндœн,тœлы, башня,кубик, уадындз,къœлœтджын бандон(трон),уылœнтœ хъуымацœй,пазлы,
Зал у бæрæгбон арæзт.Сценæйыл,æмбæрзæны разæй чиныг
« Нарты кадджытæ». Сабыргай хъуысынц музыкæйы зæлтæ,тынгæй тынгдæр кæнынц,чиныг байгом вæййы.Йæ фæйнæ сыфыл хицæнæй бады Нарты Уœрхœг æмæ йœ фœйнœ фарсы та лœууынц Æхсар œмœ Æхсœрттœг.
Декораци: фынг,дыууœ къœлœтджын бандоны,бандоны бады Уœрхœг.
Уœрхœг: Мœ хъœбатыр лœппутœ, мœнœ уын фæндаггаг. Ацæут æмæ
Уæ фæткъуы бæлас хорз бахъахъæнут,
Кæннод райсом нœ фœдонтœн, ирон œвзаджы,ирон œгъдау œмœ фарны зондабитœн, кады номыл цы баззайдзœн.
Æхсœртœг: Ма тæрс, ма, нæ фыд, мах ацæудзыстæм
æмæ нæ бæлас бахъахъæндзыстæм! —
Уœрхœг: Цæугæ, мæ хуртæ, бæргæ акæндзыстут
Фæлæ уын тæрсын, мийаг фæстæмæ
Сымах уæ сæртæ куы нæ уал æрхæссат,
Куы нæ бафæразат йæ бахъахъæнын.
— Æхсар:ма тыхс баба,мах дœм сœрыстœрœй сыздœхдзыстœм.
Уœрхœг: рœствœндаг ут!
Зарœг : «Сабиты зарœг»
(ивд цœуы декораци,бœлœстœ,бœласыл фœткъуы)Дыууœ œфсымœры ацыдысты,хъуысы музыкœ,мœнг рухсмœ,дыргъдоны астæу фæткъуы бæласы бын æрбадтысты.
Æхсœрттœг: æрхуысс уал, æхсар; радыгай хъахъæнæм:
æмбис æхсæвмæ ды бафынæй кæн,
Уырдыгæй бонмæ та æз улæфдзынæн.
Æхсар: разы дœн демœ.
Мœнг рухсмœ Æхсар œрхуыссыд бœласы бын,Æхсœрттœг зилы бœласы алыварс.Уалынмœ фœзынд бœлон,батахт бœласмœ ратыдта фœткъуы,Æхсœрттœг œй фатœй фœцœф кодта.
Æхсар: «Хуыцау мын ныббарæд—æгæр афынæй дæн
Уæд æм æхсæртæг фæстæмæ дзуры:
Æхсœртœг:æхсинæджы фехстон, æмæ мын бæласæй атахти,фœлœ уœддœр фœткъуы йœ къухы бафтыд
«Ныр сæфты мæргъœн цæуын йæ фæдыл,
æмæ цы зæгъыс?»
Æхсар: Ды кæдæм цæуай, æз дæр цæуын уырдæм.
Нœртон œфсин Сатана(диск)
рухс ахуыссыд,музыкœ,декораци (рагон ирон хœдзар.къона,стьол ,бандон)бацыдысты Сатанамœ.
Сатана: Алыбон œгас цœут Нарты хъœбатыртœ
Œхсар: дœ бон хорз.бœркадкъух Сатана
Сатана: Уœ хорзœхœй фынгмœ саккаг кœнут
Æхсœртœг; Бузныг Сатана, дард фœндагыл рацыдыстœм œмœ нœ не вдœлы
Сатана:Уœ фœллад суадзут,уœ зœрдœтœ аив кафтœй бахъœлдзœг кœнут.
Чызджыты кафт
Æхсар: бузныг Сатана нœ зœрдœ нын барухс кодтай,фœлœ мах дарддœр кœнœм нœ фœндаг.
Мœнг рухс,музыкœ,декораци(по сценке)Сырдон цыдœртœ архайы.уыцы рœстœг фœзындысты Æхсар œмœ Æхсœртœг
Æхсœртœг(дисгœнгœ) цы кусыс Сырдон,цы?
Сырдон: ам уал абадут œмœ уœхœдœг алцыдœр бамбардзыстут.
Равдыст «Сырдон уœйгуыты куыд асайдта»
Æхсар œмœ Æхсœртœг (худынц): Ома цавœр хинœйдзаг дœ.
Сырдон(хин цœстœнгасœй)
Лœппуты кафт
Мœнг рухс,музыкœ,декораци(дур,сœ тых œвзарынц сывœллœттœ)
Сослан: алыбоны œгас цœут мœ уарзон œфсымœртœ!
Уœ фœндаг кœдœм дарут?
Æхсœртœг: Мах цœуœм нарты фœткъуы агурœг, æхсинæджы фехстон, æмæ мын бæласæй атахти цæфæй,фœлœ уœддœр фœткъуы йœ къухы бафтыд
«Ныр сæфты мæргъœн цæуœм йæ фæдыл.
Сослан: уœ фœндаг дарддœр акœндзыстут,фœлœ уал фœсивœд сœ тых œвзарынц œмœ сœм бакœсут (лœппуты хъœзтытœ)
Æхсар: хъœбатыр лœппутœ нœм рœзы œмœ сœ цœрœнбон бирœ уœд,мах та цœуœм дарддœр.
Уадындзы цагъд
Мœнг рухс, уадындзы зœлтœ,декораци(башня,кубик)Ацœмœз цœгъды уадындзыл,Æхсар œмœ йœм Æхсœрттœг хъусынц
Æхсар:Диссаджы œлутон мыртœ нын фехъусын кодтай Ацœмœз,дœ цœрœнбон бирœ уœд.
Ацœмœз:Бузныг ме.фсымœртœ,œхсызгон мын у уœ уынд,уœ фœндаг кœдœм дарут?
Æхсœртœг: Мах цœуœм нарты фœткъуы агурœг, æхсинæджы фехстон, æмæ мын бæласæй атахти,фœлœ уœддœр фœткъуы йœ къухы бафтыд
«Ныр сæфты мæргъœн цæуœм йæ фæдыл.
Ацœмœз: Рœствœндаг ут нœртон хъœбатыртœ.
Мœнг рухс, денджызы уылœнты мыртœ.
Æхсœртœг: «Æз цæуын, ме 'фсымæр, денджызы бынмæ,
Ды та æнхъæлмæ кæс денджызы былыл.
Кæд æмæ денджыз сырх фынк рахæсса,
Уæд-иу фæстæмæ аздæх нæ хæдзармæ —
Зон-ну, мæнæй дын пайда кæй нал ис.
Кæд æмæ денджыз урс фынк рахæсса,
Уæд мæм банхъæлмæ кæс афæдзы бонмæ».
Æхсар: Хорз, мœ уарзон œфсымœр, мœ зœрдœ дарын тагъд рœстœджы дзœбœхœй кœй сœмбœлдзынœ нœ фыдœлты зœххыл.
Уылœнтœ базмœлыдысты,Æхсœрттœг бахызтис уылœнты мидœгмœ.
Кœсœгтœ кафт
Мœнг рухс, денджызы уылœнты мыртœ,декораци къœлœтджын бандон,бандоныл бады Дзерассœ.
Æхсœртœг: Дœ бон хорз,œппœт денджызты œхсин!
Дзерассœ: Алыбоны œгас нœм цу, нœртон хъœбатыр Æхсœрттœг, цы дœ œрбакодта Донбеттыры паддзахадмœ.
Æхсœртœг: Æз œрбацыдтœн нарты фœткъуы агурœг, æхсинæджы фехстон, æмæ мын бæласæй атахти,фœлœ уœддœр фœткъуы йœ къухы бафтыд.
Дзерассœ: œмœ уœ афтœ ахсджиагœн цœмœн бахъуыд?
Æхсœртœг: Мах œй хъуамœ балœвар кœнœм нœ фœдонтœн,цœмœй макуы фесафой се.взаг,сœ агъдœуттœ,сœ кад œмœ намыс.
Дзерассœ: разы дын демœ хъœбатыр Æхсœртœг, фœлœ уал мœ хœслœвœрдтœ сœххœст кœн.
Пазлы
Дзерассœ:Тынг хорз сарœхстœ,œмœ дын мœнœ фœстœмœ здахын нарты хœзна, уадз œмœ дзы уœ кœстœр фœдонтœ пайда кœной
Дзерассœ радта фœткъуы Æхсœртœгмœ
Æхсœртœг:бузныг Дзерассœ,œз œнœмœнгœй бахœццœ кœндзынœн дœ арфœтœ нœ уарзон кœстœртœм. Мœнœн та афон у,фœстœмœ аздœхынмœ.
Дзерассœ: рœствœндаг у нœртон хъœбатыр.
Зарœг: «Мœ Ир»
Уылœнтœ базмœлыдысты,Æхсœрттœг рахызтис уылœнтœй,былыл œнхъœлмœ кœсы Æхсар.Бацин кодтой кœрœдзиуыл.
Æхсар: œхсызгон мын у дœ уынд,ме фсымœр.Куыд уыд дœ балц?
Æхсœртœг:фœткъуы мœ къухы бафтыд,фœтагъд кœнœм œмœ йœ сœмбœлын кœнœм йœ бынатыл.
Симд
Декораци: фынг,дыууœ къœлœтджын бандоны,бандоны бады Уœрхœг.
Уœрхœг: Æхсызгон мын у уе рмбамбœлд.Цœмœй мын барухс кœндзыстут,мœ зœрдœ?
Æхсœртœг: мах сœххœст кодтам дœ хœс œмœ нарты хœзна сœмбœлын кодтам йœ бынатыл.
Радтой фœткъуы Уœрхœгмœ,рухс ссыгъди,архайджытœ рацыдысты размœ:
Уœрхœг:Нœ буц кœстœртœ арфœ уын кœнœм бœрœгбоны фœдыл,нœ зœрдœ уын зœгъы куыд никуы рох кœнат уœ мадœлон œвзаг, уœ истори,уе агъдœуттœ,œмœ уын лœвар кœнœм нарты хœзна-фœткъуы.
Б.Н : Бузныг куырыхон хистœртœ уœ лœварœй.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Мои публикации
Музыка в системе интегрированного общеобразовательного пространства...
Публикации
Данные статьи были размещены на сайте школы, публиковались в районной газете "Сельские зори"....
Подтверждения публикации авторских методических материалов на сайтах
Более 20 работ размещены на сайтах Интернета...
Публикация Зоткиной Н.И.
Публикация"Национальная идея выражается в языке"...
Понятие компьютерной публикации. Средства создания публикаций. Виды публикаций, их шаблоны. Структура публикаций
Познакомить учащихся: с понятием компьютерной публикации; с видами публикаций; с понятием шаблона публикации и ее структуры; со средствами создания публикации.Научить учащихся: использовать программу ...
10. Наличие публикаций, включая интернет-публикации.
Профессиональный опыт....
X критерий. Распространение педагогического опыта. Наличие публикаций, включая интернет-публикации
Распространение педагогического опыта. Наличие публикаций, включая интернет-публикации годНазвание изданияТема статьиУровеньРезультат2017Материалы Всероссийской открытой научно-практической конфе...