Праздник букваря
классный час (1 класс) на тему
Предварительный просмотр:
1-ӕм къласы бӕрӕгбон.
I.Сывӕллӕттӕ зарынц:
Сабитӕ, азарӕм иумӕ нӕ зарӕг,
Махӕн у Райгуырӕн бӕстӕ нӕ дарӕг.
Арвӕй рӕсугъддӕр,
Хурӕй тыхджындӕр
Нӕ Иры бӕстӕ, гъей!
II.Раздзырд:
Ирон дзырд мӕн абон йӕ куывдмӕ хоны,
Цин ма цы вӕййы ӕндӕр..
Абон, ирон дзырд, дӕ бӕрӕгбоны
Хъуамӕ фӕзарон ӕз дӕр!
Ахуыргӕнӕг:
Худын ӕмӕ кӕуын, цин ӕмӕ ӕнкъард афӕдзы дӕргъы бавзӕрстат сымах, фӕлӕ уӕ тырнындзинадыл фӕсмон ма кӕнут,- ныр ӕнцонӕй чингуытӕ кӕсут!
III.Ӕмдзӕвгӕ,, Чысыл Габо” (Баситы Мысост):
Габо ма чысыл у, саби,
Бирӕ хъару йӕм нӕма и,
Фӕлӕ у уӕддӕр сӕрӕн,
Уый ысбӕздзӕни лӕгӕн!
Алкӕм дӕр цӕрдӕг у артау,
Бон- изӕрмӕ зилы уадау:
Куы суг мидӕмӕ хӕссы,
Куы кӕрт уисойӕ мӕрзы.
Бинонтӕн Габо- сӕ уарзон,
Уӕд цӕмӕн? Уӕдӕ- ма базон!
Уайы скъоламӕ ӕдзух,-
Иу бон дӕр нӕ кӕны цух.
Уый фыдуаг митӕ нӕ кӕны.
-Исты бамбарон,- фӕзӕгъы.
Уарзы чиныджы кӕсын,
Уарзы ,,абетӕ” фыссын.
Габо- коммӕгӕс, фӕзминаг,
Алцӕмӕй- ӕххӕст, ысуинаг.
Ис йӕ фезмӕлды ӕгъдау,
Дзырд ӕххӕст кӕны лӕгау.
IV.Ӕмдзӕвгӕ,, Саби ӕмӕ ахуыргӕнӕг” ( Баситы Мысост):
Дамгъӕтӕ ӕз базыдтон кӕсын,
Ноджы ма сӕ базыдтон фыссын,
Ӕмӕ ныр мӕнимӕ сты лымӕн,
Дзурынц- иу сӕ ныхӕстӕ мӕнӕн.
,, Хорз’’ мын загъта ахуыргӕнӕг дӕр,
Къухӕй мын ӕрлӕгъз кодта мӕ сӕр:
Абеты, дам, хорз базыдтай ды,
Демӕ сӕ ысдзурын дӕр фӕнды!..
V.Ахуыргӕнӕг:
- Ныр та уын равдисдзыстӕм урок. Цӕй, дзӕнгӕрӕг, рӕвдздӕр у!
Сценкӕ,, Скъолайы”:
(Къласы бады цалдӕр скъоладзауы. Ахуыргӕнӕг сӕ фӕрсы хӕдзармӕ куыстӕй)
- Зӕгъут- ма, сывӕллӕттӕ, цы хъуамӕ сахуыр кодтаиккат хӕдзары?
- Зӕгъ- ма, Аминӕт.
Аминӕт:- Знон уынджы ӕгӕр бирӕ фӕхъазыдтӕн ӕмӕ бафӕлладтӕн. Уымӕ гӕсгӕ мӕ хӕдзармӕ куыст нал сахуыр кодтон( худгӕйӕ сбадт).
Ахуыргӕнӕг: - Дӕ дзуапп тынг аив нӕу, сбад.
- Ацӕмӕз, ды ма мын радзур ӕмдзӕвгӕ.
Ацӕмӕз:- Дадаимӕ куывды уыдтӕн ӕмӕ мӕ нӕ равдӕлд
ӕмдзӕвгӕ сахуыр кӕнын.
Ахуыргӕнӕг:- Ацӕмӕз, сбад ӕмӕ дӕ ныхӕстыл ахъуыды
кӕн.
- Сослан, ды ма радзур.
Сослан:- Дысон махмӕ цырагъ нӕ уыд ӕмӕ раджы бахуыс-
сыдтӕн.
Ахуыргӕнӕг:- Раст нӕ дӕ, Сослан, сбад. Зӕлинӕ , ды ма
нын уӕд- та радзур ӕмдзӕвгӕ.
( Зӕлинӕ фӕйнӕгмӕ рацыд ӕмӕ радзырдта ӕмдзӕвгӕ).
Бирӕ фӕрӕвдыдтай,
О, Гыцци, мӕн.
Арӕх- иу аргъӕуттӕ
Кодтай мӕнӕн.
Хъарм- иу мӕ бамбӕрзтай,
,, Хур” мӕ хуыдтай.
,,Ахуысс мын, айрӕз мын,”-
Заргӕ дзырдтай.
Буцӕй дӕ хъӕбысы
Схастон мӕ рӕз.
Ракӕс- ма, абон дын
Скъоладзау дӕн ӕз.
Уарзын мӕ чингуытӕ,
Уарзын мӕ хъӕу,
Уарзын Фыдыбӕстӕ,
Уарзын ӕз дӕу.
( Плиты Харитон)
Ахуыргӕнӕг:- Зӕлинӕ, куыд дӕ равдӕлд ӕмдзӕвгӕ сахуыр
кӕнынмӕ?
Зӕлинӕ:- Хӕдзармӕ куы ӕрбацыдтӕн, уӕд баулӕфыдтӕн,
ӕмӕ уый фӕстӕ нанайӕн хӕдзары куыстытӕ кӕнынмӕ феххуыс кодтон. Уый фӕстӕ сбадтӕн мӕ уроктӕ кӕныныл. Иннӕ райсом ӕмдзӕвгӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтон ӕмӕ йӕ хорз бахъуыды кодтон.
Ахуыргӕнӕг:- Скъоладзауы куы фӕнда, уӕд йӕ урок са-
хуыр кӕндзӕн, фӕлӕ зивӕггӕнаг куы уа, уӕд та алыхуызон ныхӕстӕ кӕндзӕн.
Скъоладзау: Ныр гыццыл сывӕллон нал дӕн,
Ахуырдзау дӕн ныр,
Уымӕ гӕсгӕ ӕфснайд дарын:
Чингуытӕ ӕмӕ тетрӕдтӕ,
Кърандас ӕмӕ ручкӕ.
Ахуыры нын уыдон ӕххуысгӕнджытӕ сты.
Уарз дӕ чиныг, ахуырдзау,
Ма кӕн зивӕг, зивӕг- фау!
Ма ӕрӕджытӕ кӕн, цух,
Зон дӕ уроктӕ ӕдзух.
Кусын уарз ӕцӕг лӕгау,
Алы ран дӕм уӕд ӕгъдау.
Бирӕ ма бад ды ӕддӕ,
Кӕн дӕ уроктӕ цӕттӕ.
Кӕн дӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст-
- Царды цинӕй уай ӕххӕст!
VI.Къостайы ӕмдзӕвгӕ ,,Лӕгау”.
VII.Къостайы ӕмдзӕвгӕ,, Скъолайы лӕппу”.
VIII.Ӕмдзӕвгӕ ,, Кафӕг” ( Хозиты Макар)
Ам кӕй хъуамӕ ахса хуыссӕг?
Чи у удварнӕй ӕндзыг?
Арауы,ныннӕрсы гуымсӕг,
Фӕндыр рог цагъдӕй ,,ысзынг”.
Сценӕ джигитӕн ыскъуындӕг,
Цар дӕр ын цыма ӕрныллӕг…
Къахфындзтыл ӕркафы зинау,
Йе змӕлд- арт…
Ныззилы цъилау…
IХ.,,Хонгӕ кафт” (кафынц сывӕллӕттӕ).
Ахуыргӕнӕг: - Уыци- уыцитӕ базонут.
1.Адӕймаг нӕу, афтӕмӕй дзуры,
Бӕлас нӕу, афтӕмӕй йыл сыфтӕ.
Хӕдон нӕу, афтӕмӕй у хуыд. (Чиныг)
2. Æнӕ фӕрӕт, ӕнӕ дзӕбугӕй хӕдзар саразы.(Цъиу)
3.Бурварс- сайӕгой.
Сырдты хиндӕр- сайӕгой. (Рувас)
4. Ног хӕдзар хӕссын мӕ къухы,
Ис гуыдыр йӕ дуарыл.
Уыцы хӕдзары цӕрынц
Чингуытӕ, тетрӕдтӕ, ручкӕтӕ. ( Пъартфел)
5. 43 рӕсугъд хойы иу сыфыл цӕрынц, ӕмӕ сӕ иууылдӕр зонынц. ( Дамгъуат)
6. Алы ран асӕрфын,
Куы вӕййы мӕ рад.
Уый фӕстӕ къуымы
Слӕууын ӕнцад. ( Цъылын)
7. Йӕхи дӕр нӕ ӕхсы, афтӕмӕй мыстытӕ ахсы. (Гӕды)
Х.Дарддӕр ахӕццӕ кӕнут:
1.,,Хъазтӕ, хъазтӕ, хъӕумӕ”…
2.,,Æз фыдуаг митӕ нӕ кӕнын”…
3.,, Иу у хур”…
ХI. Уӕнгтӕй саразут дзырдтӕ:
ӕр I ха I те I лон I рӕг I уа I хӕ I сӕг
ХII.Скъоладзау:
Нӕ хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ нӕ къухы ӕфтынц нӕ ахуыргӕнджыты, ныййарджыты, бабаты, нанаты ӕххуысы фӕрцы. Уӕлдай бузныг стӕм нӕ мадӕлтӕй.
Махмӕ гӕсгӕ, мады зӕрдӕ у стыр, уымӕн ӕмӕ уым ӕвӕрд сты йӕ хъӕбултӕ. Куыд цин кӕны уый сӕ циндзинадыл, хъӕрӕй фӕхъуысы йӕ гуыпп- гуыпп. Мады зӕрдӕ хъуыдыты аныгъуылы йӕ сабиты фидӕныл хъуыды кӕнгӕйӕ.
Ахӕм зӕрдӕйӕн нӕй бафхӕрӕн, нӕй йын фӕриссын кӕнӕн.Хъӕуы йын аргъ кӕнын, хъӕлдзӕг дарын. Уый та аразгӕ у махӕй, хъӕбултӕй.
ХIII.Ахуыргӕнджытӕ:
- Рауайут, сабитӕ,
Ма ут нӕуӕндаг!
Стыр цины балцмӕ уӕм
Сиды уӕ фӕндаг!
Амондджын къахдзӕф ыл акӕнут иумӕ!
Уый уӕ фӕхондзӕни рухсмӕ, уӕ фидӕнмӕ!
( Баситы Мысост)
,, Сабиты зарӕг” ( Хабӕты Риммӕ):
Мах ыстӕм ӕвзонг талатӕ,
Иры буц хъӕбултӕ,
Нарты дыргъдоны цъӕх таутӕ,
Иры гыццыл хуртӕ.
Иры рӕзинаг хъӕбултӕ
Уӕнт фӕдзӕхст Хуыцауӕй.
Ирыбӕсты худгӕ хуртӕ
Фидар уӕнт ӕгъдауӕй!
ХIV. Кӕронбӕттӕны 3 чъирийы ракувын:
Нӕ зынаргъ ахуыргӕнджытӕ, нӕ фӕлмӕн нанатӕ, бабатӕ, нӕ уарзон мадӕлтӕ!
Арв уӕ сӕрмӕ цъӕх- цъӕхид куыд уа, афтӕмӕй куыд хъомыл кӕнат ног фӕлтӕртӕ!
Мадӕлтӕ сӕ цоты хуртӕй бафсӕдӕнт!
Кӕстӕртӕ та хорз куыд ахуыр кӕной ӕмӕ хистӕрты фӕндийаг аккаг хъӕбултӕ куыд суой Ирыстонӕн!
Уалдзӕджы зӕдтӕ уын ахъаз кӕнӕнт!
Хуры хорзӕх уӕ уӕд!
ХV. Дискӕй хъуысы Ирыстоныл зарӕг.
ХVI. Ахуыргӕнӕг:
- Абон мах иууылдӕр хъуамӕ бавӕрӕм амондджын къах 2- ӕм къласмӕ. Махмӕ уазӕгуаты ӕрбацыдис не скъолайы библиотекӕйы сӕргълӕууӕг. Уый йемӕ ӕрбахаста махӕн лӕвӕрттӕ- чингуытӕ 2- ӕм къласӕн. Бузныг ын зӕгъӕм!
ХVII. Зарӕг,, Сабитӕ, азарӕм иумӕ нӕ зарӕг” ( Зарынц ӕппӕт
дӕр иумӕ).
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
"Праздник Букваря." сценарий праздника.
В сценарии представлен вспомогательный материал для проведения праздника в 1 классе " Прощай,Азбука!"...
Сценарий праздника. Праздник букваря.
Сценарий праздника "Праздник букваря"...
Сценарий праздника в 1 классе. Праздник букваря.
Сценарий развлекательно-познавательной прораммы для школьников 1 класса. В него входят познавательная информация, которая расширяет кругозор, разнообразные конкурсы, игры, инсценировки. Сценарий ...
Праздник Букваря для первоклассников "Прощай, Букварь!"
Праздник Букваря для первоклассников "Прощай, Букварь!"...
Сценарий праздника "Праздник букваря в 1 классе"
Сценарий праздника "Праздник букваря в 1 классе"...
Праздник букваря. Сценарий школьного праздника.
Костюмированное представление....
Праздник "Праздник Букваря"
Цель: провести развлекательно-познавательное мероприятие. Образовательные задачи:- обобщить знания учащихся, полученные при изучении букваря;- развитие умения грамотно, выразительно читать с...