Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Нæ цæхæрадоны халсартæ"
план-конспект урока (2 класс)

Текаева Альмона Майрамовна

Открытый урок по осетинскому языку

Скачать:


Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Нæ цæхæрадоны халсартæ»

Урочы нысан:

  1. Бацамонын скъоладзаутæн  халсарты хуызтæ.
  2. Ныхасы мидæг сæ пайда кæнын зонын.
  3. Сывæллæтты зæрдæты æвзарын кæнын фæллой уарзынмæ æнкъарæнтæ.
  4.  Растфыссыны æгъдæуттыл кусын.
  5. Скъоладзаутæм гуырын кæнын æрдзмæ уарзондзинад.

Урочы хуыз: урок- экскурси.

Урочы фæлгонц:

  1. Интерактивон фæйнæг
  2. Проэкторæй æвдыст «Цæхæрадон»( Скъоладзауты нывтæй арæзт æрмæг халсарты нывтимæ)

Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Æрдзурын урочы нысантыл.

II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

(Скъоладзаутæ æвдисынц композици «Сыгъзæрин фæззæг»).

  1. Хъуысынц ирон фæндыры зæлтæ (Дуар чидæр бахоста)

Ахуыргæнæг: «Чи дæ, рахиз мидæмæ».

Æрбахызти «Фæззæг» къласмæ æмæ дзуры:

-Уæ бон хорз, ахуыргæнæг æмæ скъоладзаутæ!

-Æгас нæм цу, нæ зынаргъ уазæг. Фæлæ чи дæ? Нæ дæ зонæм…

-Æз дæн «Фæззæг», сыгъзæрин, бæркадджын, хъæздыг.

-Ныр дæ базыдтам. Рахиз мидæмæ. Мах дын радзурдзыстæм æмдзæвгæтæ.

-Табуафси, хъусын уæм.

(Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ).

-Бузныг уæ лæварæй. Æз дæр уын æрбахастон алыхуызон лæвæрттæ. (Хъуысынц ирон фæндыры зæлтæ. Мидæмæ æрбацыдысты скъоладзаутæ).

Ахуыргæнæг: «Æгас нæм цæут нæ зынаргъ уазджытæ. Рахизут мидæмæ æмæ сбадут».

III. Ног æрмæгмæ ахызт.

Нæ урочы эпигрæф у: «Цы байтауай, уый æркæрддзынæ» (æмбисонд).

(Что посеешь, то и пожнёшь).

- Куыд æмбарут ацы æмбисондæн йæ хъуыды?

1. Ахуыргæнæджы разныхас.

Адæм тынг уарзынц халсартæ. Халсартæ хæрæм хомæй дæр æмæ фыцгæ йæ дæр. Иутæн хæрæм сæ сыфтæ, иннæтæн та сæ уидæгтæ. Халсартæ æрзайынц адæймаджы фæллойы руаджы.

Уымæ гæсгæ зæххы куыст чи кæны, уыцы адæммæ хъуамæ уа уæлдай цæстæнгас.

Ног æрмæг

-Абон нæ урочы темæ, куыд ис схонæн? Ама, иумæ йын æрхъуыды кæнæм сæргонд «Нæ цæхæрадоны халсартæ».

(Скъоладзаутæ фыссынц тетрæдты нымæц, къласы куыст, темæ).

Эпигрæф: «Цы байтауай, уый æркæрддзынæ» (æмбисонд).

-Ныр байгом кæнут уæ дзырдуæттæ æмæ ныффыссæм нæ уазджыты нæмттæ. Табуафси.

  1. Картоф:

Картофæй хæрзаддæр халсар

Нæй, æвæццæгæн уæ хуымты.

Йедзаг картофæй уæ базар,

Уæддæр кадджын дæн уæ цæсты.

  1. Булкъ:

Вæййын урс дæр.

Сырх дæр, сау дæр.

Фæлæ алкæддæр

Хæрзад дæн.

  1. Уырыдзы:

Сывæллæттæ уарзынц цы?

Уарзынц сырхбын уырыдзы.

Бакастæй рæсугъд дæн, хæрынæн хæрзад.

Хæринæгтæй алкæй дæр ахизы мæ ад!

  1. Цæхæра:

Сырх-сырхид цæхæра

Пайда дæн хæрынæн.

Уидагæй, уæд сыфæй

Алцыдæр дæттын уын.

  1. Хъæдындз:

Ма мæм бавнал, ма кæ ды

Цæстысыг кæлдзæни

Æнæ мæн хæринæгты

Ницы ад уыдзæни.

  1. Нуры:

Ставддæндагджын нурытæй

Хорз тыллæг æрзад.

Хурмæ сæ дзыккубыдæй

Байтыдта мæ мад.

  1. Нас:

Нард дзæргъ циу йæ разы асæй

Ахæм ставдкъæдзилджын насæн!

Къуымы каурæбын хуыссы

Йе стыр галдæрæй тыхсы.

  1. Цывзы:

Æз цыццыл дæн

Фæлæ тыхæй

Мæнæй бирæ нæй тыхджындæр.

  1. Къабуска:

Къабускайы къабатæ

Фараст чындзы фаг.

Баззад зæгъгæ сабатмæ

Атонид хæрзаг.

  1. Джитъри:

Рæзти хуымы иу къуыри

Цъæх сыфты æхсæн

Къуцыр рагъ цъæх джитъри

А цонджы дæргъæн.

  1. Пъамидор:

Сырх-сырхид мæ рустæ

Хæрынæн хæрз фæлмæн.

Сис мæ тагъд дæ къухтæм,

Рагæй мæм бæллыдтæ.

Цæхæрадон хуым.

Ахуыргæнæг фыссы халсарты нæмттæ, скъоладзаутæ сæ фыссынц сæ дзырдуатты.

-Кæм зайынц халсартæ.

Грамматикон хæстæ.

  1. Лæвæрд дзырдтимæ саразын дзырдбæстытæ.
  2. Æрхъуыды кæнын фæйнæ иу хъуыдыйады.
  3. Ныффыссын хъуыдыйæдтæ иронау.

В огороде растёт перец.

Я очень люблю помидоры.

(Дзургæйæ фæрсын цалдæр адæймаджы).

В тарелке 4 лука.

В корзине 10 огурцов (чыргъæд).

На грядке 10 качанов капусты.

Я посадил овощи.

В огороде растёт…(дзургæйæ).

- Мах базыдтам абон ног нæмттæ. Нывтæм гæсгæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм халсарты нæмттæ.

IV. Урочы кæронбæттæн

(Ирон фæндыры цагъд хъуысы).

V. Хæдзармæ куыст

Ныффыссут фæйнæ хъуыдыйады халсартимæ.

Фæндараст.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок по осетинскому языку

Открытый урок по осетинскому языку в 1 б классе по учебнику «ГОВОРИМ И ЧИТАЕМ ПО ОСЕТИНСКИ», Корнаевой З. и Джибиловой И.ТЕМА: У бабушки в огороде. Овощи.ЦЕЛИ:- учить называть овощи и характеризовать ...

ОТКРЫТЫЙ УРОК ПО ОСЕТИНСКОМУ ЧТЕНИЮ.

ДЗАСОХТЫ МУЗАФЕР " ХИСТАР АМА КАСТАР"...

Конспект урока по осетинскому языку 2 класс

                              Неˊвзаг.  Æхсицгон æй, маддæлон æй,Хæзнадонæ æй неˊ взаг.Ци рæсугъд æй, ци рагон æй...

Открытый урок по осетинскому языку в 1 б классе по учебнику «ГОВОРИМ И ЧИТАЕМ ПО ОСЕТИНСКИ»

Version:1.0 StartHTML:0000000167 EndHTML:0000001485 StartFragment:0000000504 EndFragment:0000001469 P { margin-bottom: 0.21cm; } ЦЕЛИ: - учить называть овощи и характеризовать их;- учить читать сл...

ОТКРЫТЫЙ УРОК ПО ОСЕТИНСКОМУ ЯЗЫКУ в третьем классе на тему: «Царды мидæг хорз хъуыддæгтæ кæнын хъæуы»

ОТКРЫТЫЙ УРОК   ПО  ОСЕТИНСКОМУ ЯЗЫКУ в третьем классе  на тему: «Царды  мидæг  хорз хъуыддæгтæ  кæнын  хъæуы»...

открытый урок по осетинскому чтению

Открытый урок по осетинскому чтению по теме "Уайыджы цассыгта"-слезы великана....