Урок- представление
план-конспект урока (4 класс)

Урок обощение пройденного материала по теме "Местоимение". Речевая тема урока "Беречь и любить природу"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon Охрана природы.46 КБ

Предварительный просмотр:

 Джыккайты Альбинæ,

Дзæуджыхъæуы

3-æм скъолайы

ахуыргæнæг.

Ирон æвзаджы  урок 4-æм къласы

Урочы темæ: Æрдз хъахъхъæнын

Грамматикон темæ:

Номивæг.

Урочы нысантæ:

  1. Ахуыр кæнын æрдзы рæсугъддзинад æнкъарыныл, æрдз хъахъхъæныныл.
  2. Бакусын ныхасы рæзтыл.
  3. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Урочы пайдагонд цæуы ахæм æрмæгæй: Техникон фæрæзта: компьютер, интерактивон фæйнæг.

Урочы цыд.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг

Мотивацион уавæр.

Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз! Диссаджы рæсугъд бон скодта, æмæ, нæ зæрдæ дæр афтæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæй цæмæй  байдзаг уа,  ууыл бацархайæм иумæ.

2. Ахуыргæнæджы архайд.  Интерактивон  фæйнæгыл æвдисы Нывджын дзырдуатон диктант. Сывæллæттæ сæ  тетрæдты фыссынц нывтæм гæсгæ дзырдтæ.

Сывæллæттæ раст кæнынц сæ рæдыдтытæ интерактивон фæйнæгыл.

  1. Ахуыргæнæг:  Нæ урочы ныхасы темæ у «Æрдз-не сфæлдисæг, зæхх-нæ дарæг».

Урочы зпиграф: Æрдз-не сфæлдисæг,зæхх-нæ дарæг. Æмбисонд.

 Сырдтæ æмæ зайæгойтæ хаст æрцыдысты сырх чиныгмæ.  Цæмæй сæ нымæц къаддæр  ма кæна, æмæ  сæ  уый тыххæй хъæуы хъахъхъæнын. Æрдз хъæуы уарзын æмæ  хъахъхъæнын.

  1. Фонетикон разминкæ.

Дамгъа гъ æмæ хъ-имæ ( дзурынц æй иумæ сывæллæттæ). Хъыбы хъыллист кæны хъæрæй æппын нæ уарзы уый фынæй. Бирæгъ сæгъмæ дзуры: « Бирæ уарзын дæу, рацу  ам мæ цуры ис уæрæх фæз, нæу.»

  1. Байхъусут ма аргъаумæ.

Аргъау бакæсын «Рувас бирæгъы куыд асайдта» . Ахуыргæнæг кæсы аргъау. Цæй кой дзы цæуы аргъауы?

Сабитæ: Рувас æмæ бирæгъы.

Цавæр сæргонд ма йын ис раттæн? Цæуыл бадис кодта бирæгъ рувасы фенгæйæ? Куыд æй бафарста?  Цы загъта рувас бирæгъæн? Зонд ын  куыд амыдта? Аргъауæн æрхъуыды кæнын кæрон. Куыд схонæн ис бирæгъ æмæ рувасы.

6.Ахуыргæнæг: Абон нæм ис уазæг.   Æмдзæвгæ дзуры сывæллон.

Дæн сæрыстыр æз мæхицæй!

Ном, æууæл æмæ нымæц,

Цæрын сымахимæ æмхицæй,

Æппын нæ зонын æз фæлмæц.

Ахуыргæнæг: Уæдæ чи у нæ уазæг? Сабитæ  нæ урочы темæ у .. Сывæллæттæ дзурынц «Номивæг»  

7.Ахуыргæнæг: Ныхасы хæйттыл бакусын. Цы у номивæг?

  1. Предмет цы ныхасы хай амоны, йæ ном ын нæ дзургæйæ, уый у номивæг.
  2. Номивджытæ æз, ды, мах, сымах, уыдон амонынц бæлвырд цæсгом æмæ сæ хонæм цæсгомон номивджытæ.
  3. Хи тыххæй дзурæг у фыццаг  цæсгомон: æз, мах.

Кæимæ дзурæм, уый у дыккаг цæсгом: ды, сымах.

Кæй тыххæй дзурæм, уый у æртыккаг цæсгом: уый, уыдон.

8.Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ уæлдæр слайдтыл бакастыстæм аргъау æмæ йæ равзæрстам. Ныр та дзы ссарæм номивджытæ.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ зæгъут- ма кæм дзы ис номивджытæ.

9.Ахуыргæнæг: Кæсы æмбисонд. Иу зæронд лæг сагъта фæткъуы бæласы талатæ.

-Цæмæн дæ хъæуынц ацы талатæ? Дыргътæ сыл æрæгмæ æрзайдзæнис фæлæ дзы ды дæхæдæг иу фæткъуы дæр нæ  бахæрдзынæ, - загьтой  уыдон зæронд лæгæн.

Уый бахудтис æмæ дзуапп радта:

-Æз дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бахæрдзынæн, фæлæ дзы мæ кæстæртæ бахæрдзысты, мæнæн та бузныг зæгъдзысты.

Ахуыргæнæг: Зæронд лæг йæхиуыл нæ мæт кæны, фæлæ йæ кæстæртыл. Адæймаг мæт кæны сабитæ сымахыл. Цæмæй уæ цард хуыздæр уа.

Ахуыргæнæг: Бакастыстæм æмбисонд равзæрстам æй ныр та дзы ссарæм номивджытæ 1-аг 2-аг 3-аг цæсгомы иууон æмæ бирæон нымæцы.

Сывæллæттæ дæттынц дзуаппытæ.

10.Ахуыргæнæг: Интерактивон  фæйнæгыл хъуыдыйæдтæ фыст.  Хъуыдыйæдты сæвæрын хъæугæ номивджытæ 1-аг 2-аг 3-аг цæсгомы иууон æмæ бирæон нымæцы.

Сывæллæттæ цæуынц радыгай интерактивон  фæйнæгмæ æмæ æххæст кæнынц хæс лæвæрд æмæ сæ фыссынц сæ тетрæдты.

Хатдзæгтæ скæнæм

1.Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ зæгъут-ма мын æмхæцæйæ 3-аг, 1-аг, 2-аг цæсгомы номивджытæ иууон æмæ  бирæон нымæцы. Сывæллаттæ дзуапп дæттынц æмæ сæ фыссынц интерактивон фæйнæгыл схемæйыл.

Цæсгом

Иууон нымæц

Бирæон нымæц

1-аг

2-аг

3-аг

Сывæллæттæ дæттынц дзаппытæ.

2. Ахуыргæнæг: Куыд зонут базон-базонтæ? Ахъуыды кæнæм æмæ базонæм.

Зæхх рæвдауын æз мæ тынтæй,

Зæрдæ барайы мæ уындай.

Дисыл адæмты  æфтауын,

Хъазгæ-худгæ уæ рæвдауын.

Æз фæскъæвда зæхмæ’ркæсын,

Цинад, амонд уæм æрхæссын.

(Хур)

Мæ бæрзонд царыл

Æвзист тæбæгъ,

Æхсæв нæм дары

Цырагъ дзæбæх.

(Мæй)

Уыдоны цары цæхæры кæфой.

(Стъалытæ)

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ базон-базонты ссарæм номивджытæ. Сывæллæттæ дзуаппытæ дæттынц.

 

3. Беседæ:

-Цавæр ног æрмæгимæ базонгæ стæм абон?

-Цавæр дзырдтæ хонæм цæсгомон номивджытæ?

-Цал æмæ цавæр цæсгæмттæ ис номивджытæн?

-Цал нымæцы ис номивæгæн? Ранымайут иууон æмæ бирæон нымæцы номивджытæ.

-Цы ’вдисынц фыццаг цæсгомы номивджытæ?

-Цы ’вдисынц  дыккаг  цæсгомы номивджытæ?

-Цы ’вдисынц æртыккаг  цæсгомы номивджытæ?

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хæдзармæ куыст:

Ныффысын  цыбыр нывæцæнтæ: 1.  Æрдз хъахъхъæнын-Райгуырæн  бæстæ уарзын.

2. Ма уарзон цæрæгой.

Ахуыргæнæг: Нæ урок  фæуыдзыстæм Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæйæ (дзурынц æй иумæ)

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!

Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй.

Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тæфсæй

Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Презентация к уроку "Представление многозначных чисел в виде суммы разрядных слагаемых"

Презентация  к  уроку  "Представление  многозначных  чисел  в  виде  суммы  разрядных  слагаемых"  (М.И. Моро  "Школы  России")  4...

Урок "Представление православных христиан о Боге"

В ходе урока учащиеся узнают как Православные христиане представляют Бога...

Урок-представление по математике 1 класс

Числа от 1 до 10. Закрепление....

Тема урока: Представление информации 3 класс

Учить работать с информацией...

Конспект фрагмента урока, представленного на фестиваль методических идей учителей иностранных языков

Конспект урока в 4 классе по теме "Shapes". Данному уроку были даны высокие оценки....

конспект урока "Представление о задаче"

конспект урока по теме "Представление о задаче"....