открытый урок: «Нæ бинонты фарн»
план-конспект по чтению на тему
Предварительный просмотр:
Фæсурокты куыст
(Ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы сывæллæттимæ)
Темæ:
«Нæ бинонты фарн»
Ахуыргæнæг: Биганаты Т.К
Темæ: «Нæ бинонты фарн»
Нысан: Скъоладзауты зонгæ кæнын бинонты фарнимæ; бинонты хсæн æфсарм фидар кæнын.
Беседæйы мидис.
Махæн фыдæлтæй бирæ алыхуызон æгъдæуттæ баззад. Иутæ дзы ферох сты, цард сæ йæхæдæг аппæрста. Бирæты дзы цæсты гагуыйаухъахъхъæнинаг сты.Уыдонимæ – ирон хъомылад бинонты æхсæн. Бинонтæм æгъдау, æфсарм куы уа, кæстæр хистæрыуайдзæфмæ куы хъуса,уæд уыцы бинонтæн, ныййарджытæн стыр кад вæййы.
Сымахæй, сывæллæттæ, алчи дæр хъуамæ тырна йæ бинонты хорздзинадмæ. Ахæм зонд уæ кæмæ уа, ахæм нысан йæ размæ чи æрæвæрдта, уыдонæй æцæг адæймæгтæ кæй рауайдзæн, дызæрдыггаг нæу.
Дзырдты хæзнадонæй.
Бинонтæ.
Дзырд бинонтæ (иууон нымæцы бинойнаг) равзæрд рагон ирон дзыр «бын»-æй. Ацы бындурæй арæзт æрцыдысты æндæр дзырдтæ. Зæгъæм, бындур, бындар, бынхор.
Дзырд бын ис æндæр æвзæгты дæр.
Æфсарм.
Дзырд æфсарм цы амоны, уый алчи дæр зоны, æмбары, уымæн æмæ исчи фыдуаг ми куы фæкæны æмæ йæ рæдыд куы æмбары, уæд æнæмæнг æфсæрмы бахауы, бирæтæ уæд æнæмæнг сырх дæр фæвæййынц.
Æфсарм рагон ирон дзырд у.
Æгъдау.
Ацы дзырд чи нæ фехъуыста, ахæм æвæццæгæн нæ разындзæн, уымæн æмæ æгъдау алы ран дæр хъæуы, хæдзары дæр, уынджы дæр, скъолайы дæр. Хи куыд дарын хъæуы, уыцы æгъдау алы адæммæ дæр кадджын у.
Уæдæ куыд равзæрд дзырд æгъдау? Нæ рагон фыдæлтæ уыдысты скифтæ æмæ уыдонимæ бердзенаг (грекъаг) фыстытæ баззади лæджы, нæлгоймаджы ном.
Мад.
Мад у рагон дзырд. Бирæ взæгты ис ныр дæр ма чысыл ивддзинæдтимæ, фæлæ йæ Памиры хæхты цæрæг адæм дзурынц мах хуызæн – мад.
Уырыссаг дзырд Мать æмæ ирон мад равзæрдысты иу бындурæй.
Фарн.
Фарн – царды цыдæриддæр хорз ис, сабырдзинад, бæркад, амонд, уыдон иумæ иронау ацы ном хæссынц. У рагон ирон дзырд.
Ацы ныхæсты фæстæ къласы дуар байгом, æмæ дзы æрбахызти дыууæ чызджы.
- Асиат, фарн дæм бадзурæд!
- Баба дæр искæмæ куы фæдзуры, уæд фæзæгъы: «Фарн дæм бадзурæд»
- Дада дæр гыццимæ куы фæдзуры, уæд фæзæгъы: «Фарн дæм бадзурæд не фсин»
- Знон нæм Тузар æрбацыд. Хæдзары дуар байгом кодта æмæ афтæ ракодта: «Фарн ацы хæдзары». Нана йæ мидбылты бахудт æмæ йын уый дæр афтæ ракодта: «Фæрнæй дзаг у, мæ къона!»
- Цы аив дзурынц нæ хистæртæ, Фари. Æмæ нæ кæстæртæ та?иНæ хъуыстай æрдæбон лæппуты къуыдипп ныхæстæм, æрдæг иронау, æрдæг уырыссагау.
- Асиат, уыдон бинонты гъдау хæдзарæй уынгмæ рахастой. Бæрæг у, хистæр – кæстæр нæ зонынц.
- Раст зæгъыс Фари. Тынг æнæфсарм сты. Фæрнджын бинонтæй нæ рацыдысты. Уæдæ ныр не мбæлттимæ æрдзурæм, фæрнджын бинонтæ цы сты, ууыл.
Райдайæм уал дзырд «фарнæй». Куыд хъуыды кæнут, цы амоны дзырд «фарн»-ы мидис.
- «Фарн» æвдисы амондæвдисæг адæймаджы, бинонты царды бафæзминаг.
- Ахæм фарныл, лæуд кæй уыдысты нæ фыдæлтæ, сæ диссаджы зонд æмæ æрхъуыды дæр уый мидисæг уыди.
Ахуыргæнæг: Раст зæгъут, сывæллæттæ, ахæм фарныл лæуд кæй уыдысты нæ фыдæлтæ, уый бæрæг у æмбисæндтæй дæр.
Æмбисæндтæ:
- Фыды фарн – цотæн хъахъæнинаг.
- Бинонтæ иузонд куы нæ уой, уæд сæ хæдзар уазалы смаг кæны.
- Бинонты цард чин æ уарзы, уый адæймаджы цард дæр нæ уарзы.
- Бинонтæ фæйнæрдæм куы хæцой, уæд сыл цард нæ хæцы.
- Бинонтæ кæрæдзийы куы уарзой уæд сæ бæркад бирæ у.
- Йæ бинонтæ хæларæй кæмæн цæрынц, уымæн йæ хæдзары бæркад бирæ у.
- Бинонты уарзондзинад æфсиныл баст у.
- Æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард аразынц.
- Кæстæр хистæры кæм нал зона, уым цард нæй.
Сценкæ «Тæскъ»
Иу чысыл лæппу уистæ нæ цуры æрæвæрдта æмæ тæскъ бийы.
- Цы кусыс уый, мæ хур?
- Тæскъ бийын дада, тæскъ.
- Æмæ дзы цы кæныс? Тæскъ хъуаг куы не стæм.
- Ацы тæскъ дæуæн бийын, дада. Ды æгæр базæронд дæ æмæ йæ куы сбион, уæд дæ ацы тæсчъы нывæрдзынæн æмæ дæ уæртæ стыр былæй атулдзынæн, цæмæн мæ хъæуыс, кусгæ куы нал кæныс.
- Хорз æрхъуыды кодтай, мæ хур, хорз. Æцæг мæн куы атулай, уæд – иу дæ чыргъæд бафснай, науæд ды куы базæронд уай, уæд дæу дæр былæй аппарын хъæудзæн, æмæ дæ тæскъ бахъæудзæн.
Сценкæ «Уæрыччытæ»
Хъæдрæбын фысты дзуг хызти. Дзугæй дыууæ уæрыччы фæиппæт сты æмæ хибарæй хизынц.
Зæронд фыс сæм дзуры: Фыдуаг ма уыт, уæркотæ! Дзугæй дард ма цæуыт, кæннод уæм исты фыдбылыз кæсы.
Бирæгъ сæм къудзийы рæбынæй дзуры: Æгонгæй уæрыччытæ! Уыцы зæрондмæ ма хъусут, уый уæм хæлæг кæны. Йæ хæдæг базæронд æмæ уæ уымæн нæ уадзы хицæнæй хизын. Ма йæм хъусут. Згъорут кæрдæгджын быдыртæм.
Уæрыччытæ адард сты хизгæ – хизгæ æмæ сæ бирæгъ ахаста.
Сценкæ «Æвзæр боны гуырд»
- Дадайы хур , мæ лулæ ма мын радав.
-Дада нæ мæ уыныс, нæ мæ вдæлы
-Ныр аздæхын куы нæ уал рафæразон.
- Дада, исты дæ хъæуы мыййаг, тыхст хуыз куы дæ?
- О, дадайы хур, О. Мæ лулæ хæдзары баззад, фæстæмæ здæхынмæ мæ ныфс нæ хæссын, дуканимæ рараст дæн
- Дада, тыхскæ ма кæн, æз дын æй ныртæккæ радавдзынæн.
- О, дæ дада дæ хурæй бавсæда. Лæппу дæ гæххæтты цы фыссынц?
- Æркæс ма дада, трамвайы лæппу бадгæ кæны, йæ дада та йæ разы лæугæ кæны. Е мбал æм смæсты æмæ йæ æвзæр боны гуырд схуыдта.
Хъыгагæн бинонты хсæн вæййы æвзæр боны гуырдтæ дæр.
- Дада, мæнæ дæ лулæ. Цæй дуканимæ бауайон дæ бæсты.
- О, дада дæ рынтæ ахæра. Цу кæд нæ зивæг кæныс уæд.
- Ахæм кæстæры бинонтæ тæхудиаг сты.
- О, хуыцау! Æвзæр боны гуырдтæ дæр сæ бафæзмæнт.
- Ныр Та хæдзары кæстæр хистæрмæ куы нæ хъуса, уæд уымæй цы рауайы, уый нын равдисдзысты сывæллæттæ.
- Цы рцыди уæрыччытыл?
-Цæмæн?
-Уæдæ кæсут ирон æмбисæндты арф хъуыды куыд ис.
Бинонтæ æмзонд куы нæ уой, кæстæр хистæрмæ куы нæ хъуса, уæд сæ хæдзар уазал у.
Уым цард нæй, бæркад сæм нæй.
-Байхъусут – ма Дзасохты Музаферы æмдзæвгæ «Хистæр æмæ кæстæр» - мæ.
Хистæрæн кæстæр куы дæтта æгъдау,
Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау.
Хистæрæн кæстæр куы райса йæ уаргъ,
Кæстæрæн алкæм дæр уыдзæн уæд аргъ.
Хистæрæн кæстæр куы радта бынат,
Кæстæр уыдзæни уæд хорзыл нымад.
Кæстæр куы фæрса йæ хистæры зондæй
Кæстæр уæд никуы фæрæдийдзæн сонтæй.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок, проведённый в рамках «Дня открытых дверей» для родителей по теме «Урок здоровья» «Be healthy, wealthy and wise!» Советы, как быть здоровым и успешным.
Тип урока:Закрепление знаний(рекомендация, советы по режиму дня)Цели: - развитие коммуникативных умений в говорении, чтении, ау...
Открытый урок по математике по учебнику Л.Г.Петерсон (4 класс, 2 часть, урок № 3) по теме: «Сложение дробей с одинаковыми знаменателями». Урок открытия новых знаний. в 4 классе
Урок построен в соответствии с технологией деятельностного метода....
Конспект открытого урока на районный конкурс-фестиваль « Открытый урок».
Конспект открытого урока по окружающему миру во 2 классе на тему " Вокруг света с фотоаппаратом" с использованием передовых педагогических технологий....
Открытый урок во 2 классе по теме " Clothes" УМК" Forward",открытый урок в 1 классе по теме " Моя семья"
Певый урок апробировался на экспериментальной площадке с 2010-2013...
открытый урок: "ма бинонта"
открытый урок: "ма бинонта"...
Конспект открытого урока русского языка. 4 класс. Конспект открытого урока русского языка. 3 класс.
Тема «Правописание окончаний имён существительных в дательном падеже». Тема «Упражнения в правописании слов с проверяемыми безударными гласными в корне»...
Урок по осетинскому чтению на тему "На бинонты фарн" Дзасохты Музаферы амдзавга "Кастар ама хистар"-ма гасга
Махӕн фыдӕлтӕй бирӕ алыхуызон ӕгъдӕуттӕ баззад. Иутӕ дзы ферох сты, цард сӕ йӕхӕдӕг аппӕрста. Бирӕтӕ дзы цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнинаг сты. Уыдонимӕ- ирон хъомылад бинонты ӕхсӕн. Бинонтӕм ӕгъдау, ӕфсар...