открытый урок: "ма бинонта"
план-конспект урока по чтению на тему
Предварительный просмотр:
Гом урок
(Ирон æвзаг чинæ зоны, уыцы сывæллæттæн)
Темæ:
«Мæ бинонтæ»
Ахуыргæнæг: Биганаты Т.К
2015г.
Темæ: «Мæ бинонтæ»
Нысан: 1. Ахуырдзауты ног текстимæ базонгæ кæнын.
2. Ныхасы рæзтыл бакусын. Диалог аразын
Гуырын кæнын уарзондзинад бинонтæм.
Техникон фæрæзтæ: Презентаци.
Урочы цыд.
- Организацион хай
- Иронау салам раттын
- Радгæсы бафæрсын: «Ам чи нæй?»
- Фæйнæджы уавæр.
- Фонетикон зарядкæ: хъ: хъусын, хъæуы, хъазын
Цъ: цъиу, цъула, цъылын.
- Аудировани.
æрмæгмæ байхъусут æмæ ма зæгъут. Куыд уæм кæсы, йæ мидис цæуыл у?
Мæ бинонтæ сты: дада, нана, мæ мад, мæ фыд, мæ хо, ме фсымæр. Дада æмæ нана сты пенсийы. Мæ мад кусы банчы, мæ фыд у ахуыргæнæг, мæ хо цæуы рæвдауæн донмæ. Æз ахуыр кæнын дыккæгæм къласы.
Текстмæ байхъусын ис ахуыргæнæджы ныхасæй.
- Рацыд æрмæг рафæлхат кæнын.
- Ног æрмæг.
- Дзырдуатон куыст: мады хъæбыс, гыцца, хъусынц, коммæ кæсын,рæвдауæн дон
- Ахуыргæнæджы беседæ фæрстытæм гæсгæ (фæрсы цалдæры).
-Дæ мад кæм кусы?
-Дæ фыд кæм кусы?
-Хо дыни с? Цал?
-Дæ нана æмæ дада кæм цæрынц? Уарзыс сæ?
3. 2 скъоладзауы дзурынц сæ бинонты тыххæй:
-Мæ бинонтæ сты: …
4. Иумæ кæсынц чиныджы дзырдтæ. Активон дзырдуат: дада æмæ нана, баба æмæ гыцца, мад æмæ фыд, хо æмæ фсымæр.
5. Чиныджы I хæс баххæст кæнын.
Кæсы ахуыргæнæг, йæ фæстæ – æртæ скъоладзауы кæсынц диалогы хуызы.
Раттын хуымæтæг фæрстытæ:
-Кæм кусы Акимы мад?
-Чи у Акимы мад?
-Кæм кусы Ацæмæзы фыд?
Чи у Ацæмæзы фыд?
Чи у де мбалы фыд? Æмæ аф. Дд.
6. Саразын скъоладзауты æхсæн диалог: «Чи сты дæ бинонтæ?»
7. Чиныджы текст аив кæсынц 2-3 хатты.
8. Алы хъуыдыйад дæр ратæлмац кæнын, дзырдты нысаниуæгæй сæ бафæрсын. Сбæрæг кæнын, цавæр дамгъæтæй райдайы алы дзырд.
9. Нывтимæ куыст.
Уæлæмхасæн нывтæй дæр спайда кæнын: бинонтæ куысты.
Нывтæм раттын цыбыр фæрстытæ:
-Чи ис нывы? (нана, мæ мад) раттут ын ном.
-Цы кусы нана?
Чи ис иннæ нывы? (чызг, нанайы чызг) раттут ын ном.
-Цы кусы _____ (ном зæгъын).
10. Æмбисæндтæ бакæсын, ратæлмац кæнын æмæ йын йæ мидис бамбарын кæнын. Бафæрсын, йæ мадæн чи æххуыс кæны? Куыд? Нана æмæ дадайæн куыд лæггад кæнынц?
(1. «Мады хъæбыс адджын у»
2. «Кæстæр хистæры кæм нал зона, уым цард нæй»)
- Рефлекси:
Цавæр ног дзырдтæ базыдтат, кæй кой кодтат урочы?
- Хæдзармæ куыст ратæлмац кæнын æмæ сын æй бамбарын кæнын.
- Бæрæггæнæнтæ сæвæрын скъоладзаутæн.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок, проведённый в рамках «Дня открытых дверей» для родителей по теме «Урок здоровья» «Be healthy, wealthy and wise!» Советы, как быть здоровым и успешным.
Тип урока:Закрепление знаний(рекомендация, советы по режиму дня)Цели: - развитие коммуникативных умений в говорении, чтении, ау...
Открытый урок по математике по учебнику Л.Г.Петерсон (4 класс, 2 часть, урок № 3) по теме: «Сложение дробей с одинаковыми знаменателями». Урок открытия новых знаний. в 4 классе
Урок построен в соответствии с технологией деятельностного метода....
Конспект открытого урока на районный конкурс-фестиваль « Открытый урок».
Конспект открытого урока по окружающему миру во 2 классе на тему " Вокруг света с фотоаппаратом" с использованием передовых педагогических технологий....
Открытый урок во 2 классе по теме " Clothes" УМК" Forward",открытый урок в 1 классе по теме " Моя семья"
Певый урок апробировался на экспериментальной площадке с 2010-2013...
открытый урок: «Нæ бинонты фарн»
открытый урок: «Нæ бинонты фарн»...
Конспект открытого урока русского языка. 4 класс. Конспект открытого урока русского языка. 3 класс.
Тема «Правописание окончаний имён существительных в дательном падеже». Тема «Упражнения в правописании слов с проверяемыми безударными гласными в корне»...
5 раздел. Мероприятия. Дни открытых дверей (открытые уроки). Урок математики в 1 классе по теме:"Обобщение изученного". Султанова С.В.
5 раздел. Мероприятия. Дни открытых дверей (открытые уроки).Урок математики в 1 классе по теме: "Обобщение изученного". Султанова С.В....