Авторские стихи и песни
материал по теме
Авторские стихи и песни к внеклассным мероприятиям для начальной школы (на осетинском языке) , посвященные
- К международному дню защиты детей
- Традиции осетинского народа в почитании святых мест родного края
- Новый год
- 8 Марта
- Ко Дню рождения Коста Хетагурова
- Пожелания выпускникам школы
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Песня о детях | 14.79 КБ |
Стихотворение о почитании святых мест родного края | 16.55 КБ |
Стихотворение, посвященное 8 Марта | 14.16 КБ |
Стихотворние, посвященное ко Дню рождения Коста Хетагурова | 14.39 КБ |
Про Новый год | 14.29 КБ |
Выпускникам | 14.81 КБ |
Предварительный просмотр:
Кæстæрты зарæг!
Мах 'стæм кæстæртæ, кæстæртæ,
Байхъусут, байхъусут, хорз адæм.
Иумæ нæ буц рæстæг, буц рæстæг,
Худгæйæ арвитæм, худгæйæ.
Байхъусут хистæртæ, байхъусут,
Кæстæртæм, сабитæм, байхъусут.
Хистæрты буц хæстæ, хистæрты,
Заргæйæ бафидæм, заргæйæ.
Хæсты уæлахизæй, уæлахизæй,
Хастат нæ тырыса, тырыса.
Бузныг, нæ хистæртæ, хистæртæ,
Бузныг уын кæстæртæй, кæстæртæй.
Мах 'стæм кæстæртæ, кæстæртæ,
Хистæрты хорздзаутæ, хорздзаутæ.
Цардагур барджытæ, барджытæ,
Фидæны ног фæлтæр, ног фæлтæр.
Бирæ фæцæпут нын, фæцæрут,
Нæ кадджын хистæртæ, хистæртæ.
Хорз зæндтæ амонут, хорз зæндтæ,
Уæ уарзон кæстæртæн, кæстæртæн.
Уæ уарзон кæстæртæ, кæстæртæ,
Ма фенæд хæсты зын, ма фенæд.
Чингуытæй базонæнт, чингуытæй,
Хæсты, фыдракæндтæ базонæнт.
Бирæ уæ уарздзыстæм, уарздзыстæм,
Бирæ нæ хистæртæ, хистæртæ.
Æмæ уыл зардзыстæм, зардзыстæм,
Иры нæ зарджытæ, зарджытæ.
Предварительный просмотр:
Нæ диссаджы дзуар
Джызæлдоны фарсмæ
Теджы хъæу, Теджы хъæу
Æрбынат дзы кодта
Нæ диссаджы дзуар
Табу йæхицæн уæд
Рыны дзуар, Рыны дзуар
Табу йæхицæн уæд
Ацы дзуар у нæ кæстæрты дзуар
Цæмæй нын æнæниз уой
Цæмæй нын бирæ цæрой
Æмæ нын бындурджын уой.
Нæ кадджын хистæртæ
Кæстæрты амондæй
Бирæ нын бирæ цæрат
Нæ хорз хъуыддæгта уынат
Мах та уын уæ хорздзинæдты
Лæггадкæнæг куыд уæм
Теджы хъæу, Теджы хъæу
Рæсугъд куывдтæ кæнат
Цæй рæсугъд у
Ацы бæрæгбон
Табу йæхицæн уа.
Гал куы ‘рзилы
Æнæхъæн хъæуы
Кувæккаг лентытимæ
Æртæ чъирийы йæ размæ рахæссынц
Æмæ сæ ‘скувынц.
Кафгæ, заргæ Джызæлы фæссивæд
Йæ разæй фæцæуынц.
Уый фæстæ æнæхъæн хъæу
‘Стыр куывд æскæнынц.
Джызæлы фæссивæд гыццылæй ‘стырæй
Стыр хъаст æскæнынц.
Сæ рæсугъд кæфтыæй
Сæ рæсугъд зарджытæй
Адæмы сбуц кæнынц.
Рыны дзуар, рыны дзуар
Æххуыс кæнæг сын у
Табу йæхицæн, Табу йæхицæн
‘Стыр хуыцауæн уæд.
Табу йæхицæн, Табу йæхицæн
‘Стыр хуыцауæн уæд.
Предварительный просмотр:
8 Мартъийы бæрæгбон.
Æгас дунейы мадæлтæн,
Æгас дунейы нанатæн,
Æгас дунейы хотæн
Абон у бæрæгбон.
Абон у бæрæгбон,
8 мартъийы бæрæгбон,
Уалдзыгон бæрæгбон,
Мадæлты бæрæгбон.
Уарзын æз мæ мады,
Уарзын æз мæ нанаты,
Уарзын æз мæ хоты,
Уарзын æппæт сылгоймæгты.
Предварительный просмотр:
Къоста!
Къоста, Къоста,
Хетæгкаты Къоста -
Ирон адæмы
Цытджын фæтæг, Къоста!
Сæраствор 'сты
Ирон адæм дæуæй
Къоста, Къоста,
Хетæгкаты Къоста!
Сæдæ фæндзай иу аз
Рацыд ныр,
Фæлæ уæддæр,
Нæ рох кæныс æппын.
Æнас дуне
Дæ чингуытæ кæсынц,
Æмæ дæ кой
Сæрыстырæй кæнынц.
Хорздзинæдтæ
Ныууагътай махæн ды,
Æмæ дæ мах
Хъуыды кæнæм æнус.
Къоста, Къоста,
Хетæгкаты Къоста -
Ирон адæмы
Цытджын фæтæг, Къоста!
Предварительный просмотр:
Ног аз!
Æрцыд та нæм Ног аз
Ног хæрзтимæ.
Сабитæн æрхаста
Ног лæвæрттæ.
Урс зачъе зæронд лæг
Сабитæм сиды
Æмæ цын лæвæрттæ
Заз бынæй дæтты.
Мадæлты зæрдæтæ
Сабитæй райынц,
Сабитæ лæвæрттæм,
Цингæнгæ кæсынц.
Ног цинтæ æрхастай
Ног аз махæн ды
Æмæ нын цæрæнбон
Ахæм цинтæ хæсс.
Предварительный просмотр:
Фæндараст ут!
Бонтæ тæхынц, азтæ цæуынц,
Размæ згъоры цард.
Абон нын зæгъут «фæндараст»,
У нæ фæндаг дард.
Тынг зын у ныртæккæ махæн
Ардыгæй цæуын.
Фæлæ ма уын ацы зарæг
Мах лæвар кæнæм.
Нæ хæдзæрттæй мах 'скъола
Къаддæр нæ уарзæм
Уымæн æмæ скодта махæн
Стыр цардмæ фæндаг.
Иумæ-иу нæ цæх,нæ къæбæр
Арæх бахордтам,
Кæрæдзийы иу бинонтау
Бирæ бауарзтам.
Стыр Хуыцау уын ахæм арфæ
Абон ракæнæд
Ног фæлтæры ахуырдзаутæй
Зæрдæ рухс кæнæд.
Уæ зæрдæйы фæлмæндзинад
Макуы фесæфæд
Уе 'стыр ныфсытæ,бæллицтæ
Се 'ппæт сæххæст уæнт.
Стыр бузныг зæгъæм мах абон
Ахуыргæнджытæн,
Стыр бузныг зæгъæм мах абон
Хъомылгæнджытæн.
Бузныг ноджы мах зæгъдзыстæм
Æппæт кусджытæн.
Бузныг,бузныг уæ рæвдыдæй
Абон хайджын стæм.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Сценарий фестиваля-конкурса патриотической песни "Песни памяти"
На фестивале прозвучали песни, в которых отражены страницы истории нашей страны. Фестиваль был посвящен Дню Защитника Отечества....
Сценарий конкурса инсценированной патриотической песни «Нам песни эти позабыть нельзя…»
конкурс инсценированной песни "Нам песни эти позабыть нельзя"...
Песни и стихи военных лет (конкурс чтецов и инсценированной песни) сценарий
Данный сценарий разработан ко Дню Победы. Мероприятие проходило как конкурс инсценированной военной песни и конкурс чтецов о войне....
Методическая разработка внеклассного мероприятия по музыке: «Эти песни не горят, они в воздухе парят!» (Бардовская песня)
Цель: Познакомить учащихся с жанром авторской песни.Задачи: 1.Заинтересовать детей музыкальным творчеством бардов.2.Сформировать представление о бардах.3.Побудить детей к выразительному...
Фестиваль военно - патриотической песни " Нас песня вела к Победе"
Данный сценарий разработан для проведения праздничного мероприятия, посвящённого "Дню Победы" ирасчитан на учеников 5 -8 классов....
Песни Победы (Стихи и песни Великой Отечественной войны)
Урок посвящён стихам и песням Великой Отечественной войны, которые помогали выжить и победить врага. Песни звучат в исполнении как актёров времён войны, так и послевоенного времени: Марка Бернес...
Сборник народных песен "ПОЁТ РОДНАЯ ПЕСНЯ". Песни из репертуара образцового ансамбля "Родная песня" ЦДОД "ПОИСК" г. Нефтеюганск составитель-педагог дополнительного образования Москвитина Галина Владимировна
Сборник песен для солистов и ансамблей народной песни. Сборник иллюстрирован фотографиями из архива ансамбля "РОДНАЯ ПЕСНЯ"....