Зӕлимхан
план-конспект урока (5 класс)

урочы пълан "Зӕлимхан"-ӕй

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл zalimhan.docx77.53 КБ

Предварительный просмотр:

МБОУ СОШ № 2 ст. Змейская

Гом урочы пълан.

Урочы темæ: «Æппæлын-фыдбылызы хос» (Барахъты Гинойы радзырд «Зæлимхан»-мæ гæсгæ).

C:\Users\Acgard\Desktop\Новая папка\

Бацæттæ кодта: Кереселидзе Р.В.

Урочы темæ: «Æппæлын-фыдбылызы хос» (Барахъты Гинойы радзырд «Зæлимхан»-мæ гæсгæ).

Урочы нысантæ:

1. Равзарын радзырды мидис.

#1057;къоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хатдзæгтæ каеныныл.

3. Æгомыг фосæн тæригъæд кæнын, цæрæгойтæм уарзондзинад, аудындзинад гуырын кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг: литературæйы чиныг, æмбисæндтæ, презентации.

УАА: коммуникативон, удгоймагон, регулятивон .

Урочы цыд.

#1041;ацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Нæ уазджытæн дæр «Æгас нæм цæут» зæгъæм.

#1052;отивацион уавæр.

1. Ныр та ма уал ракæсут ацы нывтаем. Кæцы сæ у уæлдай? Цæмæн?

2. Куыд уæм кæсы, абоны урочы цæуыл дзурдзыстæм?

3. Хæдзары уæ искæмæ ис бæх? Цы пайда у бæх хæдзары? (уæрдон ласы, хуым кæны,æмбæлы йыл бадын дæр).

1. Скъоладзау бацæттæ кодта æрмæг бæхы тыххæй. Хамайты Сослан.

Видео «Все породы лошадей»

Ахуыргæнæг: Бæх уыд алкæддæр кадджын лæвар. Нæ зындгонд профессор Абайты Васойæн йæ 90 азмæ балæвар кодтой бæх. Уæдæ Александр Македонскийы тыххæй дæр историйы урокты фехъуыстаиккат. Уый та йæ бæхы номæй – Буцефал – схуыдта горæт. Хъантемыраты сагсур лæппуты къорд «Ирон барджытæ» бæхтыл цы диссæгтæ æвдыстой, уый та! Зæгъæн ис уый, æмæ бæх у диссаджы цæрæгой.

2. Хъантемыраты Алыбег æмæ йæ бæхы тыххæй нын радзурдзæн…

Видео «Прощай, Асуан».

1. Цавæр хæдзарон фос ма зонут?

2. Цавæр æгомыг фос ма лæггад кæны адæймагæн царды? (гал, хъуг,къамбец,сæгъ, фыс, куыдз, гæды æмæ а.д.)

3. Цæмæн ракодтам абон бæхы кой, куыд уæм кæсы?

4. Раст, абон мах æвзардзыстæм Барахъты Гинойы радзырд «Зæлимхан»

3. Слайд «Дзырдуатон-фразеологион куыст»

Æрæфтауц кæнын-ам: суг ласынмæ æрцæттæ кæнын;

Рæтæнагъд-уæрдоны хай;

Гузитæ, рагъбос-бæхы ифтындзæн дзаумæттæ;

Цинк-æрвхуыз урсхæццæ æфсæйнаг;

4. Радзырды мидис равзарын.

Къордты куыст.

Радзырды мидис зæрдыл æрлæууын кæнын.

1) 1 къорд нын радзурдзæн куыдæй бафтыд Зæлимхан Бимболмæ æмæ цавæр бæх разынд.

2 къорд та нын радзурдзæн, цы æрцыд Зæлимханыл æмæ кæй аххосæй.

2) 1 къорд, ссарут ма тексты, цавæр бæх уыд Зæлимхан? Цавæр дзырдтæй пайда кæны автор Зæлимханы ныв кæнгæйæ?

1. Ахæм домбай бæхæн йæ тых æмæ йæ хъару æнæкæрон сты?

2. Иуæй-иу бæхтæ нæ фæхъусынц сæ хицæуттæм, Зæлимхан та?

(Зæлимхан дæр-иу бæргæ æрлæууыд, фæстæмæ-иу ракаст Бимболмæ, фæлæ-иу æм уый ехсæй февзыста. Зæлимхан та ахæм бæх разынд, æмæ йæхиуыл цæф æруадзыны бæсты йæхи дæр амардзæн, раст цыма, Бимбол ма фæхудинаг уа, ууыл архайдта, уый хуызæн.)

2 къорд та нын ссардзæн Зæлимханы уавæр æвдисæг мивдисджытæ (тухæнгæнгæ ласта,ныхъхъæрзыдта, йæхи фæхъæбæр кодта, лæгъстæгæнæгау ракасти, йæ сæр не схъил кодта, не змæлы, нæ улæфы)

1. Удисæг бæх ма цæмæ æнхъæлмæ каст?

(Зæлимханы уырныдта, йæ хицау ын кæй фæтæригъæд кæндзæн. «Ныхъхъæрзыдта бæх… Лæгъстæгæнæгау æм ракæсы Зæлимхан дæр æмæ та æруадзы йæ сæр», фæлæ йæ æгъатыр Бимбол цæвы æмæ цæвы, афтæ йæм кæсы, цыма фæхудинаг йе`мбæлтты цæсты.)

2. Цæмæн афтæ æгъатыр разынд Бимбол? (уымæн æмæ йæм йæ бæхæй раппæлынæй хуыздæр ницы каст, «амардзæн йæхи, уæддæр йæ уæрдон сласдзæн», æмæ байсæфта мæгуыр Зæлимханы)

3. Цавæр адæймаг уæм фæкаст Бимбол? Бафæлварæм ма йын йæ миниуджытæ равзарын.

Къордты куыст.

1 къорд фыссы Бимболы хорз (фæзминаг) миниуджытæ

2 къорд фыссы Бимболы æвзæр (фауинаг) миниуджытæ.

Фæзминаг миниуджытæ

Фауинаг миниуджытæ

Куыстуарзаг

Хиппæлой

Хæдзардзин

Æгъатыр

Сæрæн æмæ хъæлдзæг

Хиуарзон

Кафаг

Искæй фæрцы йæхицæн кад кæны

Зараг

Æмгаруарзон

1. Зæрдæйæ чи тæригъæд кодта Зæлимханæн æмæ цæмæн? Куыд хонынц Бимболы?

(Бимболы æмбæлттæ æмбæрстой, бæх æфсæйнаг кæй нæ у æмæ йын йæ тыхы бæрц зонын кæй хъæуы. Стыр тæригъæд кæй у Зæлимхан, уый æмбарынц, фæлæ сæм Бимбол нæ хъусы: хъуамæ сын фенын кæна, йæ бæхæй тыхджындæр кæй никуы ис. «Æдылы у æмæ мары йæ бæхы»-ахæм хатдзæгмæ æрцыд æмбæлттæй иу)

2. Хæдзармæ уын уыдис акростихтæ ныффыссын, акæсæм ма сæ.

1къорд кæсы акростих Зæлимханы тыххæй.

2 къорд кæсы акростих Бимболы тыххæй

III. Хатдзæгтæ

  1. Цы хъуыдытæ уæм сæвзæрд, радзырд бакæсгæйæ?
  2. Куыд уæм кæсы, цы зæгъынмæ нын хъавыд Гино ацы радзырдæй? (Æрдз нын балæвар кодта бирæ хæзнатæ. Уыдонимæ фос, цæрæгойтæ… Хъæуы сæм аудгæ цæстæнгас дарын…)

3. Куыд аргъ кæнут сымах та фосæн, цæрæгойтæн?

4. Уæхимæ уæм цавæр цæрæгойтæ цæры?

5. Куыд сæм зилут?

Барахъты Гиномæ ма ис æмбисонд «Бæх æмæ лæг».

«Фæстагмæ бæх дзуры йæ хицаумæ:

- Цæмæн афтæ кæныс? Ды æппæлыс мæнæй, хъусын æй! Ласын мæ хъуыддаг кæй у, уый дæр зонын хорз, уый тыххæй æмæ мæ ды æфсадыс. Фæлæ мыл бирæ куы сæвæрыс, уæд тынг фæриссын: афтæмæй куы фæсахъат уон, уæд æз-мæгуыр, фæлæ ды дæр фæуыдзынæ стыр зиан.

Лæг ахæм фæсмон æркодта, æмæ уæдæй фæстæмæ никуыуал самадта йæ бæхыл уæззау.»

Мини-диалог

  1. Цы бамбæрста лæг?

Дзуапп:

  1. Рæдыд бамбарын хорз миниуæг у æви æвзæр?

Дзуапп:

  1. Сымахмæ æдзух уæ рæдыдыл басæттыны хъару разыны?

Дзуапп:

Ахуыргæнæг: Куыд хъуыды кæнут, ацы дыууæ уацмысы автор Барахъты Гино йæхæдæг та цымæ цавæр цæстæй кæсы хæдзарон фосмæ?

Скъоладзауты дзуæппытæ.

IV. Рефлекси.

Баххæст кæнын хъуыдыйæдтæ:

Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

Радзырд нæ ахуыр кæны…

Урок мæм фæкаст…

Урокæй мæхицæн райстон…

Æз абон куыстон…

Мæнмæ гæсгæ, абон æппæты хуыздæр бакуыста …

V. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

VI. Хæдзармæ куыст раттын.

1. Ссарын æмæ ныффыссын æмбисæндтæ бæхы тыххæй.

2. Ныв скæнын радзырдмæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темæ: Барахъты Гиныйы радзырд «Зæлимхан» Кæй бæрны бацыдтæ , ууы ауд. Антуан де Сент-Эккзюпери

В ходе проведения  групповой работы на уроке воспитывать у учашихся умение слушать  своего  товарища, чувство взаимопомощи и взаимоподдержки. Воспитывать любовь к животным....

Зӕлимхан

Зӕлимханӕй презентаци...