викторина
план-конспект занятия (7 класс)

викторина 7-8 кълæстæн

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл viktorina.docx34.51 КБ

Предварительный просмотр:

ИНТЕЛЛЕКТУАЛОН ХЪАЗТ «ЗОНДАБИТÆ»


ИНТЕЛЛЕКТУАЛОН ХЪАЗТ «ЗОНДАБИТÆ»

Амонæг: Абон нæ хъазты архайынц 6 æмæ 7 кълæстæ. Сты цыппар командæйы: «Æртхурон», «Иры фидæн», «Арвæрдын», «Нарт». Ныхасы бар сын раттæм.

(Алы командæ дæр дзуры йæ ном æмæ девиз).

Амонæг: Райдайæм нæ куыст. Нæ хъазт арæзт у цалдæр хайæ, фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ арæзт сты темæтæм гæсгæ. Сымах, зынаргъ зондабитæ, хъусдзыстут мæнмæ лæмбынæг. Æз кæсдзынæн поэтикон рæнхъытæ, кæцытæм гæсгæ сымах базондзыстут, фæрстытæ æмæ хæслæвæрдтæ цавæр темæйыл уыдзысты, уый.

Хъазты фыццаг тур хуыйны «Фарстæн дзуапп тагъддæр чи ратдзæн?»

Мæ гыццыл Ир, дæ цæрайæ цæрын.

Дæ рыст – мæ рыст, дæ цин та у мæ цин.

Æдзухдæр мæ дæ хорздзинад фæнды.

Мыггагмæ дæр дæ урс хæхтæм кæсин.

Амонæг: Цавæр темæйыл дзурдзыстæм? (Ирыстон)

Амонæг: Раст. Алы раст дзуаппæн дæр лæвæрд цæуы 1 балл.

1. Мах кæм цæрæм, уыцы республикæ куыд хуыйны? (Цæгат Ирыстон).

2. Цы сты паддзахады символтæ? (Гимн, герб, тырыса)

3. Ирыстоны тырысайыл цал хуызы ис? Цы амонынц? (3 хуызы: урс, сырх, бур. Урс амоны сыгъдæгдзинад, сырх - æхсардзинад, бур - фарн, бæркад).

4. Дзæуджыхъæуы астæу цавæр цæугæдон цæуы? (Терк)

5. Ирон театры раз кæмæн ис цыртдзæвæн? (Хетæгкаты Къостайæн)

6. Куыд хуыйны Ирыстоны æппæты стырдæр хох? (Хъазыбеджы хох)

7. Цавæр зарæг фæкæнынц лæугæйæ? (Гимн)

Хъазты дыккаг тур хуыйны «Ирон æвзаг – мæ цин».

Амонæг: Зондабитæ, байхъусут та мæм лæмбынæг æмæ зæгъут, цавæр темæйыл кусдзыстæм дарддæр.

Ирон æвзаг!

Æз дæ ныфсæй дæн хъаруджын,

Дæ мæ хотыхты цыргъдæр.

Ахъардтай дзырдгай мæ туджы,

Мады ̓хсырау дæ сыгъдæг.

Амонæг: Дарддæр цавæр темæйыл кусæм? (Ирон æвзаг).

Хъазты ацы тур арæзт у 2 хайæ: æвзаджы грамматикæ æмæ практикæйæ. Фæрстытæ æмæ хæстæ лæвæрд цæуынц хицæнæй алы командæйæн дæр. Грамматикæйææ алы раст дзуаппæн дæр лæвæрд цæуы 1 балл, практикон хæслæвæрдæн та – 2 баллы.

Грамматикæйæ фæрстытæ 1-аг командæйæн:

А) Ирон æвзаджы алфавиты цал дамгъæйы ис?(43)

Æ) Уый фæрцы адæм кæрæдзийыæн хъусын кæнынц сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ, сæ зонындзинæдтæ. Цы у? (Æвзаг)

Грамматикæйæ фæрстытæ 2-аг командæйæн:

А) Номивæг æз гуырынон хауæны куыд уыдзæн? (Мæн, мæ)

Æ) Ацы фондз æмбалы фæрцы арæзт æрцæуы дзырд. Базонут-ма сæ. (Кæрон, бындур, уидаг, разæфтуан, фæсæфтуан).

Грамматикæйæ фæрстытæ 3-аг командæйæн:

А) Æз дæн диссаджы дзырды хай. Мæбон у бирæ. Зæгъæм, иу предметæй рауайын кæнын бирæ предметтæ. Зæгъут, цавæр дзырды хай дæн. (Фæсæфтуан т)

Б) Ирон æвзаджы цал ныхасы хайы ис? (иуæндæс)

Грамматикæйæ фæрстытæ 4-æм командæйæн:

А) ирон æвзаджы цал хауæны ис? (8)

Б) Хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц? (хуымæтæг æмæ вазыгджын).

Практикон хæслæвæрдтæ командæтæн:

1. Алы командæйæн дæр лæвæрд цæуы ахæм хæслæвæрд.

Ацы дамгъæбæстытæй алкæмæ дæр разæй æфтаут иугай дамгъæтæ, цæмæй сæ рауайа дзырдтæ. Чи тагъддæр æмæ фылдæр ныффысса, уый райсдзæн æппæты фылдæр 4 баллы, иннæтæ – 3, 2, 1 балл. Лæвæрд цæуы дыууæ минуты.

А) 1-аг командæйæн: ………….он (бон, дон, зон, рон,…)

Æ) 2-аг командæйæн: ………… ард (дард, зард, кард, мард, цард,…)

Б) 3-аг командæйæн…………….ад (бад, зад, кад, мад, над, рад, тад, уад,…)

В) 4-æм командæйæн…………..ом (гом, ком, ном, сом. хом, цом,…)

2. Нымæцонтæ куыд зонут, уый сбæрæг кæндзыстæм. Алы командæйæн

Дæр æвдыст цæуынцу мыхуыргонд нымæцтæ. Хъæуы сæ раст бакæсын.

А) 1-аг командæйæн: 279

Æ) 2-аг командæйæн: 391

Б) 3-аг командæйæн: 455

В) 4-æм командæйæн: 567

3. Ныр та алы командæ дæр хъуамæ ныффысса вазыгджын дзырдтæ. Алы дзырдæн дæр дæттæм 1 балл. Минутмæ фылдæр дзырдтæ цы командæ ныффысса, уый рамбулдзæн.

4. Ныхасы хææйттæ куыд зонут, уый раиртасынæн уын - базон-базонтæ. Алы раст дзуаппæн дæр – 1 балл.

А) 1-аг командæйæн:

Дунетыл нæй мæнæй фылдæр,

Цæрын æмбæлттимæ æнгом.

Ныхасы хæйттæн дæн сæ сæр,

Хæссын æз предметæн йæ ном.

(Номдар)

Æ) 2-аг командæйæн:

Йе ̓ууæл номдарæн æвдисын,

Уый цæмæй зына æргом,

Бирæ хæстæ химæ исын,

Базон-ма, куыд у мæ ном.

(Миногон)

Б) 3-аг командæйæн:

Номдартæн сæ нымæц ̓вдисын,

Стæй сæ рæнхъæвæрд дæр раст,

Иуварс сæ мæхи нæ исын,

Алкæддæр дæн семæ баст.

(Нымæцон)

В) 4-æм командæйæн:

Дæн сæрыстыр æз мæхицæй!

Ном, æууæл æмæ нымæц,

Цæрын сымахимæ æмхицæй,

Æппын нæ зонын фæлмæц.

(Номивæг)

5. Уæ алкæй раз дæр ис таблицæйы хуызы къæпхæнтæ. Хъазт дæр афтæ хуыйны «Къæпхæнтæ». Чи тагъддæр æрхиза «асины къæпхæнтыл», уый рамбулдзæн. Дзырдтæ хъуамæ уой номдартæ номон хауæны æмæ иууылдæр райдайой иу дамгъæйæ. Лæвæрд цæуы 1минут. Алы дзырдæн дæр лæвæрд цæуы 1 балл.

А) 1-аг командæйæн: дамгъæ У

У У

УУ У

У У

УУ У

Æ) 2-аг командæйæн: дамгъæ А

А А

А А

А А

А А

Б) 3-аг командæйæн: дамгъæ Х

Х Х

Х Х

Х Х

ХХ Х

В) 4-æм командæйæн: дамгъæ Б

Б Б

Б Б

ББ Б

Б Б

3. Хъазты æртыккаг тур хуыйны «Адæмон дзургæ сфæлдыстады уацары»

Амонæг: Рахизæм нæ хъазты 3-аг хаймæ. Зондабитæ, байхъусут æмæ зæгъут, цæуыл дзурдзыстæм ныр та.

Адæмон сфæлдыстад – литературæйы бындур.

Адæмон сфыæлдыстад – адæмы курдиат æвдисæг.

Адæмон сфæлдыстад – адæмы зæрдæ æмæ зонд.

Амонæг: Цæуыл дзурдзыстæм? (Адæмон сфæлдыстадыл)

3-аг туры фыццаг хай – Фарстæн дзуапп раттын.

Фæрстытæ лæвæрд цæуынц æппæт командæтæм дæр.

1. Чи уыдысты æртæ Нарты? (Алæгатæ, Боратæ, Æхсæртæггатæ).

2. Цæмæй хицæн кодтой æртæ мыггаджы? (Алæгатæ уыдысты лæгæй хорз, кувæг адæм уыдысты. Æхсæртæггатæ уыдысты хъæбатыр мыггаг. Боратæ та уыдысты фæрныг, мулкæй хъæздыг).

3. Ранымайут адæмон сфæлдыстады хуызтæ. (Аргъæуттæ, кадджытæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ)

4. Къуырийы бонтæй Нарты хæцæн бон цавæр уыд? (Майрæмбон)

5. Уый уыди адæмон хъайтар, царди Хъобаны. Кæй кой кæнæм? (Тлаттаты Чермены).

4. Хъазты цыппæрæм тур. Раздзогты ерыс

Амонæг: размæ хонæм командæты раздзгты. Ныртæккæ сымах сисдзыстут хæлттæ, æмæ базондзыстут, чи кæимæ хъазы, уый. Хъазут дыгæйттæй, уый фæстæ хъаздзысты дыууæ рамбулæг раздзоджы. Фылдæр фæрстытæн дзуапп чи радта, уый фæуæлахиз уыдзæн.

1-аг хъазт (2 капитаны)

1. Нæ гыццыл къæбиц æнæ дуар. Цы у? (Айк)

2. Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны. Уый та цы у? (Чиныг)

3. Æмбисонд ахæццæ кæнут. Зивæггæнагæн йæ гуыл……….(хомæй баззад)

2-аг хъазт (иннæ дыууæ капитаны)

1. Асиатыл авд кæрцы. Цы у? (Хъæдындз)

2. Дзых ын нæй, афтæмæй дзуры. Цы у? (Радио)

3. Æмбисонд ахæццæ кæнут. Æвзæр йæ удæн….(тæрсы)

3-аг хъазт (2 рамбулæг капитаны)

;нæ къахæй цæуы, æнæ къухæй амоны. Цы у? (Сахат)

2. Æнæ фæрæт, æнæ дзæбуг скæны хæдзар. Цы у? (Цъиу)

3. Æмбисонд ахæццæ кæнут . Цæваг галæн йæ … (сыкъа сæтты)

Амонæг: Нæ хъазт кæронмæ æрхæццæ. Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн.

Амонæг дæр кæны хатдзæгтæ, арфæйы ныхæстæ зæгъы сывæллæттæн, жюрийы уæнгтæн.

Уæлæмхасæн фæрстытæ.

1. Зымæг – мæгуыр, сæрд – хъæздыг. (Бæлас)

2. Зынг нæу, афтæмæй судзы.(Пысыра)

3. Карк дæлдзæх къуыртт уадзы. (Картоф)

4. Адæмы æфсады, йæхи – нæ. (Куырой)

5. Зымæг хæры, сæрд – нæ. (Пец)

Уæлæмхасæн æмбисæндтæ.

1. Куыстæн йæ сæр – сындз, йæ бын – сой.

2. Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены.

3. Чи цас федта, уый бæрц зоны.

4. Алкæмæн йе ̓гъдау йæ гакк у.

1-аг командæйæн: ………….он

__________________________________________________________________

_____________________________________________________________________________________

_____________________________________________________________________________________

2-аг командæйæн: ………… ард

__________________________________________________________________

__________________________________________________________________

__________________________________________________________________

3-аг командæйæн…………….ад

__________________________________________________________________

__________________________________________________________________

__________________________________________________________________

4-æм командæйæн…………..ом

__________________________________________________________________

__________________________________________________________________

__________________________________________________________________

1-аг командæйæн: 279

2-аг командæйæн: 391

3-аг командæйæн: 455

4-æм командæйæн: 567

А) 1-аг командæйæн: дамгъæ У

У У

У У

У У

У У

Æ) 2-аг командæйæн: дамгъæ А

А А

А А

А А

А А

Б) 3-аг командæйæн: дамгъæ Х

Х Х

Х Х

Х Х

Х Х

В) 4-æм командæйæн: дамгъæ Б

Б Б

Б Б

ББ Б

Б Б


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Материалы викторин.Викторина №1

Викторина по русскому языку :"Проверь себя"....

Материалы викторин.Викторина №2

Викторина 2 "Проверь себя" Уважаемые учителя, вы можете проверить себя или использовать этот материал на уроках....

"Веселая математическая викторина" -викторина для обучающихся 5 - 7 классов

Внеклассое мероприятие по математике 5-7 классов....

Викторина « Все работы хороши - выбирай на вкус» Викторина « Все работы хороши - выбирай на вкус» викторина "

Цель:- расширить и конкретизировать знания детей о профессиях,- способствовать самостоятельности мышления и выбора,- формировать у детей интерес к будущей профессии,- воспитывать уважительное от...

Викторина для 5-6 класса "Хвостатая викторина"

Викторина позволяет вызвать интерес у учащихся  в области изучения темы" Царства "Животные"...