…фæстаг бæх…мæлы…йæ уд исы
план-конспект урока (11 класс)

Гуларова Эльвира Дианосовна

…фæстаг бæх…мæлы…йæ уд исы

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_11_kl._fgos_tehn_karta.docx30.36 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы технологион картæ ирон литературæйæ 11-æм къласы.

Темæ: «…фæстаг бæх…мæлы…йæ уд исы» Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

Ахуыргæнæг: Гуларты Эльвирæ Дианосы чызг, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Нысантæ:         1. Уацауы арф этикон проблематикæ равзарын.

                2. Бамбарын кæнын скъоладзаутæн, уацау куырыхондзинад æмæ удварны къæбиц кæй у.

                3. Ахуырдзауты фæцалх кæнын аивадон уацмысы комплексон анализыл.

                4. Адæймаг æмæ æрдзы æхсæн ахастдзинæдтыл æрдзурын. Сабиты зæрдæты æвзарын кæнын æрдзмæ уарзондзинад.

                5. Хъомыладон куыст- хистæр æмæ кæстæры æхсæн ахастдзинæдтæ.

Кусæн æрмæг:  1. Компьютерон презентаци урокмæ.

                     2. «Арвы айдæн» (дзырдуат).

                            3. Плиты Грисы æмдзæвгæ «Æртхутæгдон».

                            4.  Агънаты Гæстæны уацау уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй «Последняя лошадь».

Эпиграф: «Рæстдзинады фарс æрлæуу æмæ

дæ цæсгом дæхи цур сыгъдæг уыдзæн».

Агънаты Гæстæн.

        

Урочы хуыз: урок-уацмысы анализ

Урочы сæйраг этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд

Ахуырдзауты архайд

УАА рæзтад

I. Бацæттæгæнæн хай.

Мотиваци.

- Зæгъут-ма, хæдзары уæ цæрæгой кæмæ ис? Цавæр цæрæгойтæ уæм ис? Цал азы уæм цæрынц? Æмæ уæ цæмæн хъæуынц? Цы пайда сæ ис?

- Сымах базонгæ стут курдиатджын фыссæг æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймаг не ʼмдугон Агънаты Гæстæнимæ. Бакастыстут ын йæ уацау «Фæстаг бæх». Ныхас кодтат йæ сюжет æмæ композицийыл, базонгæ стут йæ архайджытимæ æмæ йыл абон бæстондæр æрдзурдзыстæм, равзардзыстæм ын йæ идейон мидис, йæ хъатарты фæлгонцтæ. Цыбырæй зæгъдзыстæм уацмысы æвзаджы тыххæй.

- Нæ урочы темæ райстон уацмысæн йæхицæй «Фæлæ æфсарм та, цæсгом та»? Уымæн æмæ мæм афтæ кæсы, цыма ацы сæргонд æххæстдæрæй æвдисы уацауы сæйраг хъуыды, нæ абоны урочы нысантæ.

- Урочы эпиграф дæр у уацмысæй ист. Эпиграфмæ ма раздæхдзыстæм, ныр та уал адарддæр кæнæм нæ куыст.

(Скъоладзаутæ дзурынц сæ хæдзарон цæрæгойты тыххæй.)

Удгоймагон: хæдуагæвæрд.

Коммуникативон: æмгуыстады пълан саразын.

Зонынадон: аналоги, классификаци; зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын.

Регулятивон: æххст кнынц ахуырадон архайд.

II. Зонындзинæдты актуализаци.

- Цæмæймаиухаттнæ зæрдæтыл æрлæууынкæнæмуацау æмæ йæ хуыздæрбанкъарæм, уыйтыххæймайынйæ сюжетхæрзцыбыртæйрадзурут.

(Сюжет цыбыртæй дзурынц.)

Коммуникативон: раст æмæ æххæстæй дзурын.

III. Уацмыс æрæмбарыны этап.

1. Уацмысы æвзагыл куыст.

Дзырдуатон куыст

Уацмысы æвзаг

2. Уацауы анализ. Текстимæ куыст.

- Æркæсæм ма, цавæр зынæмбарæн дзырдтимæ амбæлдыстут уацауы?

        Моладзан- монах

        Хъыбыллæ- компас

        Дывыдон арт- дыууæ арты æхсæн (дыууæрдыгæй бæллæх)

        Балсæджы цалх-

-Балсæджы Цалхимæ кæцæй стæм зонгæ?

- Цы у Балсæджы Цалх? Дзырдуатмæ гæсгæ йæ сбæрæг кæнæм.

- Цæмæн бары Миша цард Балсæджы Цалхимæ? Разы стут йемæ?

- Уацмыс кæсгæйæ авторы æрмдзæф куы æнкъарæм, уæд уый дзурæг у, курдиаджын фыссæгыл кæй амбæлдыстæм.

-Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны фыссæг, цæмæй йæ уацауы æвзаг фæаивдæр, фæахадгæдæр уа?

- Цавæр хъуыдыйæдтæй пайда кæны фыссæг арæх?

- Цавæр грамматикон иуæгтыл арæх æмбæлæм тексты?

        

-Уæдæ авторы фæдыл абалц кæнæм йæ таурæгъы уылæнтыл. Куыд базонгæ стæм уацауы хъайтаримæ?

- Цæй фæдыл рауад быцæу Хъуыдайнат æмæ Мишайы æхсæн?

- Цæмæн?

- Æмæ царды пайда йеддæмæ ницæуыл хъæуы хъуыды кæнын?

- Миша йæ æбуалгъ фæнд ног дуджы домæн хоны. Хъуыдайнат та куыд æмбары ног дуг?

- Цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта ацы ран фыссæг?

- Куыд ныхас кæны Миша Хъуыдайнатимæ?

- Хъуыдайнат та куыд дзуры Мишамæ?

- Цавæр моралон принциптыл хæст у æнахуыргонд, фæлæ стыр зонд æмæ куырыхондзинад кæмæ ис, уыцы зæронд лæг? Цы зæгъы ахуырдзинады тыххæй?

- Æмæ дарддæр Хъуыдайнаты хъуыды: «Рæстдзинады фарс æрлæуу æмæ дæ цæсгом дæхи цур сыгъдæг уыдзæн»(572 ф.)

- Гъе, ацы мидныхас равзæрстон эпиграфæн нæ урокмæ.

- Куыд уайдзæф кæны зæронд  лæг, æмырæй цы сылгоймæгтæ лæууынц æмæ иуварсæрдыгæй сæ быцæумæ чи кæсы, уыдонæн?

- Зæгъут-ма, ирон лæджы царды рагæй-æрæгмæ бæхæн цавæр нысаниуæг ис?

- Кæй бæх у æппæты зындгонддæр?

- Уе ʼргом-ма нæ историмæ аздахут. Нæ фыдæлтæ бæхæн цы аргъ кодтой?

- Уый мифологийы, кæй зæгъын æй хъæуы, ирдæй æвдыст æрцыд. Нартæй кæй бæх зонæм?

- Уыцы бæхы номæй цы схуыдтой нæ фыдæлтæ?

- Иры номдзыд хъæбултæй йæ цард бæхимæ чи сбаста?

- Аивадон литературæйы фыццаг хатт сæмбæлдыстут бæхы фæлгонцимæ?

- Нарты кадджытæй.

(Скъоладзау «Арвы айдæн»-ы кæсы раиртæст.)

*Æмбисæндтæй: «Йæхи сабыр дары, фæлæ йæ хуымгонд авд дæлдзæхы ис. Æмæ кæд уый рувас у, уæд Миша та- йæ къæдзил». «Ома, дæ ныхæстæ- дон хиды бынты» (573 ф.)

* Абарстытæй: «Зыгъар ын, æвæццæгæн, йæ уавæр зоны æмæ ног чындзы хуызæ æнцад йæ бынаты фæллæуы» (569 ф.) «Аргъутты цуанæттæ цы саджы фæстæ бафтынц, раст уый хуызæн у: нæмыг æй нæ исы.» (583 ф.)

*Эпитеттæй: «хъæдын уæхск», «марг нæмыг», «уæззау уæлдæф»

*Парцелляцийæ: «Удæгасæй йæ нæ ауадздзæн. Хъуыдайнаты фыдæнæн». (581 ф.) «Бæх тыххæй улæфы, цыма рæуджыты низæй карз рынчын у, афтæ йæ риуæй уæззау хæр- хæр райхъуысы. Хъæрзы.» (585 ф.)

- Иувæрсыг номхуындон хъуыдыйæдтæй:«Сылгоймæгты     удаист хъæр. Хъарæджы хуызæ цъæхахст. Сылгоймаджы къухтæ. Сæрбæттæн. Сылгоймаджы урс дзыккутæ»(587 ф.)

«Фермæйы кусджытæ… Сæ цæсгæмттæ…» (583 ф.)

«Закъон. Гæххæтт. Уынаффæ. Бардзырд. Хицау. Сæ иуæй иннæ тыхджындæр ныхас…»(579 ф.)

- Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ: «Хъуыдайнаты цонг æртасыд, æрбырыд, æрхауд (588 ф.)«Æнуд, уæззау уæлдæф йæ хъуыры фæбады, æмæ адæймаджы хуызæн ферхæцы, ныхъхъæрзы, ныууынæргъы.»(586 ф.)

«Хъуыдайнат хæстæй æнæ къахæй ссыди æмæ ныр куы йæ хъæдын къахимæ фæцæуы, куы та - лæдзджытимæ. Зæронд лæг йæ уæрдоны фермæйы мæргътæн холлаг ласы. Фæлтæрдджын, фæллойуарзаг, æнæхин,уæздан хистæрæй зонынц колхозонтæ Хъуыдайнаты. Йæ ныхасæн ын аргъ кæнынц. Куысты хъæндзинæдтæ куы фены, уæд сæ комкоммæ фæзæгъы, кæмæ хауынц, уымæн» . (568 ф.)

- Миша сфæнд кодта колхозы зæронд бæх амарын.

- Базæронд ис æмæ «…уымæ исты пайдамæ æнхъæлмæ кæс, уæд уый хи сайын у. Йæ дзидза йын кæтчытæн ратдзыстæм, йæ царм та- паддзахадмæ».(573 ф.)

- «Ног дуг ног цард кæй у, уый алчидæр зоны. Уыдон хисайæн ныхæстæ сты. Ног дуг афтæ зæгъы, æмæ адæймаг адæймаджы ма æмбара, адæймагæй адæймаджы æхсæн адæймагдзинад ма уа? Нæ! Нæ зæгъы!»(573 ф.)

- Фæлхатæнæй.

- Хистæры кад ын нæ кæны. Ноджы ма йæ мæстæй мары: «Дæ бæхы дæхæдæ нæ марыс?» - зæгъы. Хъуыдайнаты фыдæнæн бæхы фæдыл зилы.

- Куырыхон хистæр кæстæримæ куыд ныхас кæна, афтæ: «Хистæрæн кæстæрмæ къæйных ныхас нæ фидауы, фæлæ, Аслæмырзæйы фырт, ды гуырд куы нæма уыдтæ, уæддæр, Балсæджы цалх цы у, уый хорз зыдтон. Дамгъæгæй æмæ къуыхцытæгæнгæ дзырд дзырдыл æфтыдтон, афтæмæй «Нарты кадджытæ» цалдæр хатты бакастæн».(571 ф.)

- «Æмæ скъола хорз у, фæлæ Хъуыдайнат йе ׳дылы зондæй афтæ зæгъы: скъола лæггæнæг нæу, дæ сæры дын зонд нæ ныссадздзæн, дæ зæрдæ дын нæ раивдзæн.

Адæмы бамбарын, адæмимæ цæрын- уый тыххæй стыр скъолатæ фæуын нæ хъæуы, уыдон гæххæтты иу ран дæр фыст не сты- туджы хъуамæ уой, адæймагæн йемæ райгуырой.»(572 ф.)

- «Худинаг… Аслæмырзæйы фырты зæрдæхудты бацæуыны тæссæй сæ цæстытæй ракæсын нал уæндынц.

-Дæхи ницы хъусæг скæн, ницы уынæг скæн, уæд уый æнцондæр у, ай-гъай, фæлæ æфсарм та, цæсгом та?» (574 ф.)

(Сæ хъуыдытæ дзурынц)

- Лæгты Дзуары.

- Уырызмæджы рфæны.

- Млечный путь.

- Хъантемыратæ.

Плиты Иссæ.

Зонынадон: æрмæджы фæткæвæрдыл ахъуыды кæнын;

фарст райхалынæн ахадгæдæр мадзæлттæ агурын;

хъæугæ информаци рахицæн кæнын;

анализ, синтез, абарст;

хъæугæ æрмæг агурын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ бæлвырдæй æмæ æххæстæй зæгъын;

æвзаджы фæрæзтæй æмбæлгæ уагыл пайда кæнын зонын;

алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд  уагыл аразын;

ныхмæлæуд хъуыдытæ райхалын;

иумæйаг уынаффæйыл разы уæвын.

Удгоймагон: уацауыæрмæджы этикон нысаниуæгæн раст аргъ кæнын;                 адæймаджы миддунейæн эстетикон æгъдауæй аргъ кæнын æмæ æмбарын.

Регулятивон: зонынадон хъæппæрис æвдисын;

зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын.

IV. Рефлекси.

- Бирæтæмуæисхæдзаронцæрæгойтæ. Куыбазæрондуой, уæдсæцыфæкæндзыстут?

- Скæнæммауæдæхатдзæгнæабоныурокæн. ЦæуылнæсахуыркодтаАгънатыГæстæныуацау?

(Дзурынцсæхъуыдытæ.)

Хатдзæг:Адæмыæмбарын, адæмимæцæрын; рæстдзинад, æфсарм, цæсгом, намыспайдайæбæрзонддæрæврын. Хъуамæ кæддæриддæр аудæм цы цæрæгойты бæрны бацыдыстæм, уыдоныл.

Зонынадон: хатдзæгтæ кæнын.

Регулятивон: архайды фæстиуджытæн аргъ скæнын.

Удгоймагон: ахуырадон архайды къухы цы бафтыд / нæ бафтыд, уый сбæрæг кæнын.

V. Хæдзармæ куыст.

- Сфæлдыстадон куыст: ныффыссут фыстæг Мисамæ. Цы йын зæгъиккат?

                                    Директор ГБОУ РЛИ                                                                                            Ходова Ф.А.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Мады фæлгонц цардивæнты» (Цæгæраты Максимы радзырд «Фæстаг æхсæв»- мæ гæсгæ)

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 8 -æм къласы                    ...

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы \'хсæн удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн  удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-м...

Темæ: «Адæмы сæфт иу лæджы сæфтау нæ хицæн кæны.» (Цæллыкаты Ахмæты радзырд «Фæстаг уыбыхаг» -мæ гæсгæ)

Темæ: «Адæмы сæфт иу лæджы сæфтау нæ хицæн кæны.»(Цæллыкаты Ахмæты радзырд  «Фæстаг уыбыхаг» -мæ гæсгæ)...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 11-æм къласы Урочы темæ: « Фæлææфсарм та, цæсгом та? » Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

1. Уацауы арф этикон проблематикæ равзарын.2. Бамбарын кæнын скъоладзаутæн, уацау куырыхондзинад æмæ удварны къæбиц кæй у.3. Ахуырдзауты фæцалх кæнын аивадон уацмысы комплексон анализыл.4. Адæймаг æмæ...