Внеклассное мероприятие для пятого класс "Коста-любимый сын Осетии".
классный час (5 класс)
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Внеклассное мероприятие для пятого класса | 18.07 КБ |
temae.docx | 18.07 КБ |
Предварительный просмотр:
Темӕ «Къоста-Иры уарзон хъабул».
Нысан: Сывӕллӕтты зонындзинӕдтӕ фӕарфдӕр кӕнын Хетӕгкаты Къостайы тыххӕй.
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг: Поэты къам, чингуыты равдыст, Къостайы конд нывтӕ, презентаци.
Эпиграф: «Люблю я целый мир, люблю людей.бесспорно,
Любдю обиженных, беспомощных сирот,
Но больше всех люблю, чего скрывать позорно,
Тебя, родной аул, и бедный мой народ».
Къоста
Хъуысы музыкӕ
Къоста! Ацы дзырдимӕ баст сты ирон адӕймаджы рӕсугъддӕр хъуыдытӕ, бӕллицтӕ, йӕ сӕрыстырдзинад. Цас ӕмӕ цас хъуыдытӕ равзӕры ацы ном фехъусгӕйӕ адӕймагмӕ: «Ирон адӕмы сӕуӕхсид», «Нӕ цӕугӕ мӕсыг», «Нӕ культурӕйы цӕджындз»- фыр буцӕй ахӕм нӕмттӕй фӕхонынц адӕм нӕ уарзондӕр хъӕбул Хетӕгкаты Къостайы. Уӕдӕ сымах куыд фехъуыстат, афтӕмӕй мах абон дзурдзыстӕм Къостайы тыххӕй, байхъусдзыстӕм ын йе мдзӕвгӕтӕм. Алы фӕззӕг дӕр 15 октябры ирон адӕмӕн свӕййы бӕрӕгбон. Ацы бон адӕм поэтӕн ссарынц йӕ ном. Мах дӕр ын уӕдӕ ацы рӕсугъд фӕззыгон бон ссарӕм йӕ ном.
Скъоладзау кӕсы доклад Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй.
Ах. Къостайы сӕйраг фӕдзӕхст уыд, цӕмӕй ӕнувыд уӕм ирон дзырдыл, барста йӕ уӕларвон тыхимӕ, адӕмы чи у кӕны, ахӕм фарнимӕ. Мах та куыд ӕххӕст кӕнӕм уыцы фӕдзӕхст, уымӕ байхъусӕм.
Скъоладзау дзуры ӕмдзӕвгӕ «Лӕгау».
Ах. Къостайы поэзи стъалытау ӕрттивы, хурау худы, зӕрдӕмӕ ныххизы ӕмӕ дзы райгуыры фӕндыры зӕлтӕ.
Хъуысы зарӕг Къостайы фыст ныхӕстыл.
Скъоладзау касы ӕмдзӕвгӕ «Ӕрра фыййӕу».
Ах. Къоста цардис зын рӕстӕджы, уымӕ гӕсгӕ йӕ цард ӕппӕтӕй дӕр сбаста адӕмы хъысмӕтимӕ, ӕмӕ йӕ уыдон дӕр афтӕ тынг уарзтой сӕхӕдӕг дӕр, уымӕн ын кодтой стыр аргъ.
Скъоладзау дзуры ӕмдзӕвгӕ «Мӕгуыры зарӕг».
Ах. Ирон адӕмӕн се уӕнгтӕ рӕхыстӕй куы сбастой, уистӕй сӕ куы надтой, бӕгънӕг ӕмӕ стонгӕй куы ниудтой, уӕд Къоста сидти Уастырджимӕ, фыййаумӕ, омӕ фӕтӕгмӕ, цӕмӕй сӕ рамбырд кӕна иумӕ ӕмӕ сӕ бынтон сӕфын ма бауадза.
ӕмдзӕвгӕ «Додой».
Ах. Къоста канд поэт, прозаик нӕ уыдис, фӕлӕ ма уыдис нывгӕнӕг дӕр. Йӕ курдиат ӕрттивы арвӕрдыны алы хуызтӕй. Сыгъдӕг ӕмӕ аив у хӕххон суадоны ӕртӕхтау. Ныууагъта нын йӕ рӕстӕджы зындгонд ӕмӕ хуымӕтӕг ирон адӕймӕгты хуызтӕ. Уӕлдай цымыдисагдӕр та у йӕ мады ныв. Йӕ мады ныв куыд скодта, уымӕ ма байхъусӕм.
Скъоладзау дзуры Къоста йӕ мады ныв куыд скодта, уый.
Ах. Къоста бирӕ рӕстӕг хардз кодта уырыссаг ӕмӕ дунеон классикты уацмыстӕ кӕсыныл .Иттӕг хорз сахуыр кодта уырыссаг литературон ӕвзаг дӕр ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ фыста куыд иронау, афтӕ уырыссагау дӕр.
Ӕмдзӕвгӕ уырыссаг ӕвзагыл «Взгляни».
Ах. Къостайы кад зӕххӕй арвмӕ кӕй сӕххӕст, уымӕн ӕвдисӕн у ахӕм ӕхсызгон хабар, ӕмӕ 19.10 1999 азы ирон поэты ном арвы тыгъдады Къӕфхъуындары стъалытӕй иу хӕсдзӕн йӕ ном. Ахӕм уынаффӕ рахаста Канадӕйы Галактикӕ ахуыр кӕныны дунеон центр.
Ах. Къоста… Чи нӕ зоны ацы ном Ирыстоны. Ацы номимӕ кӕй зӕрдыл не рлӕудзысты «Ирон фӕндыр»-ы зӕлланг зарджытӕ? Къостайы хъуыдытӕ сӕрибарыл, йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ царды тых ӕмӕ хъару лӕвӕрдтой фӕллойы фарн удирвӕзынгӕнӕг кӕмӕн уыд, уыцы адӕмӕн. Уымӕн ӕй хонӕм «Нӕхи Къоста». Абайты Васо фыста:»Алы адӕмтӕ дӕр ӕхсызгонӕн ӕмӕ сӕрыстырӕй фӕзӕгъынц дзыллӕты цӕсты сӕ кадджын чи скодта, сӕ национ гении , уалдзыгон дидинӕгау кӕй фӕрцы райхӕлд, сӕ уыцы ахсджиаг хъӕбулты нӕмттӕ. Англисаг сӕрыстырӕй фӕзӕгъы Шекспиры ном. Шотландиаг-Берисы. Немыцаг-Гетейы. Итайлаг-Дантейы .Уырыссаг-Пушкины. Мах та, ирӕттӕ, фӕзӕгъӕм-Къоста. Ӕмӕ нын уыцы ном нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кӕны сӕрыстырдзинад ӕмӕ хъӕбулы уарзондзинадӕй».
Къоста цыппор ӕхсӕз азы йеддӕмӕ нӕ фӕцардис, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы рухс судзы абон дӕр. Уый нын амоны фӕрнӕйдзаг фӕндаг фидӕнмӕ.
Азтӕ цӕудзысты, ӕнустӕ цӕудзысты, Къостайы ном та кӕндзӕнис кадджынӕй кадджындӕр, намысджынӕй-намысджындӕр.
Фӕсурокты куыст 5-ӕм къласы
(дифференциалон къорд).
ТЕМӔ: «Къоста-Иры уарзон хъӕбул».
Змейкӕйы фыццӕгӕм скъолайы
ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы
ахуыргӕнӕг Хохаты Ж.Э.
2022 ах.аз

По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Методическая разработка внеклассного мероприятия для пятых классов "Осенняя ярмарка"
В данной методической разработке представлен опыт проведения осенней ярмарки для пятых классов. Участие ребят в мероприятии наглядно показало,что несмотря на разность увлечений,каждый одноклассник инт...
2.1.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение внеклассных мероприятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения пятого внеклассного мероприятия от МО муниципального уровня)
№Тема урокаДатаМесто проведения1.Народные традиции и обычаи при посещении аржаанов Тувы07.02.2014 гГБОУ РТ школа-интернат для детей-сирот и детей, оставшихся без попечения родителей2.Вредн...
2.2.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение внеклассных мероприятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения пятого внеклассного мероприятия от МО муниципального уровня)
2.Вредные привычки и их жертвы10.10.2015 гГБОУ РТ школа-интернат для детей-сирот и детей, оставшихся без попечения родителей[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"14185870","attribut...
2.3.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение внеклассных мероприятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения пятого внеклассного мероприятия от МО муниципального уровня)
3.Самый большой урок мира19.10.2016 г.ГБНУ «РООМХШИ» им: Г.Д. Кенденбиля[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"14185936","attributes":{"alt":"","class":"media-image","hei...
2.4.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение внеклассных мероприятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения пятого внеклассного мероприятия от МО муниципального уровня)
[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"14186243","attributes":{"alt":"","class":"media-image","height":"480","width":"341"}}]] 4.Празднование Шагаа по восточному календарю18.02.2017гГ...
2.5.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение внеклассных мероприятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения пятого внеклассного мероприятия от МО муниципального уровня)
5Мастер-класс «Женское украшение-чавага»02.02.2018 г.ГАОУ Аграрный лицей-интернат РТ[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"14186329","attributes":{"alt":"","class":...
2.1- 2.4.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение внеклассных мероприятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения пятого внеклассного мероприятия от МО муниципального уровня)
№Тема урокаДатаУровень и вид мероприятияМесто проведения1.Школа вежливости24.11.2018 гшкольныйМБОУ Кара-Хаакская СОШ2.Урок самоподготвки по истории "Урок славы и памяти"19.11.2019 г.школьный...