Конспект урока «Миногонты бæрцбарæнтæ»
план-конспект урока (9 класс)

Газзаева Рита Шаликоевна

План-конспект открытого урока  «Миногонты  бæрцбарæнтæ» 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon minogonty_baertsbaraentae_.doc53 КБ

Предварительный просмотр:

Урок осетинского языка по теме «Уалдзæг – зæрдæйы рухс»,

9 « б» къласы

 

Ирон æвзаджы гом урок 9-æм «Б» къласы

темæ: «Уалдзæг – зæрдæйы рухс»

          «Миногонты  бæрцбарæнтæ» (фæлхат кæнын)

Ахуыргæнæг Гæззаты Р. Ш.

 

Урочы эпиграф:

«Нæ урс хæхтæ,нæ тар хъæдтæ, Нæ хъал дæтты хъæлæс,

 Нæ зад хуымтæ, цъæх быдыртæ, Нæ дидинæгджын фæз,» .

( Кочысаты М.)

Урочы нысантæ:

1.Ахуырадон хæс :Ныхасы хай миногоны бæрцбарæнтæ фæлхат кæнын.

2.Ныхасы рæзтыл куыст: Сывæллæтты лексикæйы хъæздыгдзинады лкусын. Ахуыр кæнын хибарæ йхъуыды кæныныл,хатдзæгтæ кæнынæмæ хи хъуыды æргом кæнын.

3.Хъомыладон хæс: Ирон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын. Разæнгард кæнын æрдз хъахъхъæнынмæ.

Урочы фæлгонц: презентативон æрмæг, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ.

Урочы хуыз: ног æрмæгыл кусыны  урок.

Урочы цыд:

 

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

  1. -Уæ бон хорз ,сывæллæттæ.
  2. -Алы бон æгас нæм цæут нæ зынаргъ уазджытæ.

II.Зонындзинæдты актуализаци.Мотиваци:

-Фæнды ма мæ бакæсын иу æмдзæвгæ …

Ног та сулӕфыди зӕхх,
Быдыр ранӕй - ран фӕцъӕх.
Бӕлас акалдта сыфтӕр.
Хъуысы тракторы къӕр-къӕр.
Дзывылдар дӕр нӕм ӕртахт,
Тынг ыл бацин кодтам мах.
У нӕм булӕмӕргъ дӕр уазӕг,-
Уый та нӕм ӕрлӕууыд уалдзӕг!

 

-Уæдæ уæм куыд кæсы цæуыл дзурдзыстæм абон урочы?

-Уалдзæджы тыххæй !

-Уæдæ нæ уроч ытемæ у «Уалдзæг–зæрдæйы рухс».

-Куыд æй æмбарут ?

- Уалдзæджы рæсугъддзинад фенæн ис нывты, æмдзæвгæты.

-Хæдзармæ уын уыдис хæслæвæрд сахуыр кæнын æмдзæвгæтæ уалдзæджы тыххæй?

Ахуыргæнæг : Уæдæ нæ урочы эпиграфмæ раздæхæм. Ссарæм ма дзы миногонтæ. Цал сты? Цы æвдисынц? Цавæр миниуæг амонынц?

( урс, тар,хъал,зад,цъæх, дидинæгджын.- хуыз æмæ хъæд).

Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм æмæ сæ сæвæут барæн æмæ                   уæлахизон бæрцбарæнты.

Къордты куыст . 1 хæс.

Къордты куыст . 2 хæс.

  1. Текст баххæст кæн миногонтæй.

Æз хъæды федтон малусæг. Тынг дидинæг у. Мæ мадæн дзы скодтон баст. Уый мын хъæбыс акодта æмæ дидинджытæ          дурыны сæвæрдта.

Дзырдтæ спайда кæнынæн: урс, стыр,чысыл ,уарзон,рæсугъд.

  1. Текст баххæст кæн миногонтæй.

Уарзын дыргъдоны бæлæсты дидинджытæм кæсын.

Уыдонæн сæ тæф дардма фæцæуы .Адæймаджы рæуджыты ахъары æнкъарæнтæ æмæ зæрдæйæ  бавналы йæ куыстытæм.

Дзырдтæ спайда кæнынæн: уалдзыгон, хæрздæф, æхсызгон, хъæлдзæг, хæдзары.

Къордты куыст . 3 хæс.

  1. Цы текст сарæзтат, уый уырыссагæвзагмæ ратæлмац кæнут.
  1. текст. Я в лесу увидел белый подснежник. Это очень красивый цветок. Я нарвал для любимой мамы большой букет подснежников. Она обняла меня сладко и поставила цветы в маленький горшок.
  2. текст. Люблю смотреть на весенний цветущий сад. Аромат от них идет повсюду. Он проникает в легкие человека приятным настроением и я с радостью принимаюсь за домашние дела.

Ахуыргæнæг: Цымæ уалдзæг йæхи тыххæй цы радзурид?

Æмбисæндтыл куыст.

Уалдзæг -гуырæн  дуг.

Уалдзæг – рæсугъд, фæззæг – хъæздыг.

Уалдзæг- царды райсом.

Куыд сæ æмбарут?

Дзырдуатон куыст:

Хæтын-скитаться; кочевать;странствовать,

Уæлгоммæ-лицом вверх;навзничь

Сгæллад-сукно

Удгоймаг-человек;с

Хъырнын–подпевать

Æрнæг-дикий, невозделанный(о земле)

Чиныгимæ куыст.

-текст бакæсын.

Беседæ тексты бындурыл:

-Уæдæ цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы æрдзы мидæг уалдзæджы?

-Рæсугъд афæдзы афон у уалдзæг?

- Уалдзæг уæм цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта?

-Цавæр уалдзыгон куыстытæ райдайынц  адæм?

-Сымах та куыдсæмбæлут уалдзæгыл?

4.Релоксаци  Ныртæккæ дыууæ къордмæ дæр ратдзынæн фæйнæ предметы. Уæ хæс- алчидæр ын зæгъæд иу миниуæг, фæлхатгæнæнтæй. Кæцы къордыл æрзила предмет тагъддæр-уый уыдзæн СÆРÆНДÆР! (афтид чысыл къопп, цъиу .)

5.Тест .

1.Быдыртæ сæхи сфæлыстой алыхуызон: 
а) дыргътæй б) дидинджытæй

2.Адæм сæ ….. куыстытæ кæнынц.
а) уалдзыгон б) фæззыгон 

3.Йæ урс базыртыл сын æрхæссы…
а) сæрд æ) уалдзæг
4.Дидинджытæй фыццагдæр фæзыны:
а) уарди б) малусæг

5.Уæлдæф: 
а) фæхъарм б) фæуазал

-Тесты ссарут миногонтæ æмæ сын зæгъут сæ бæрцбарæнтæ

7.Хæслæвæрдтæ.

1.Дамгъæтæй сараз дзырдтæ

Д,н ,д,и,г ,и, æ –дидинæг
л,у,а,дз, æ,г–уалдзæг
к,з,æ,р,в,т,а,ы,к– зæрватыкк
а,æ,с.г,у,м,л– малусæг

Р,дз,æ-æрдз

2.Бакæс дзырдт ыкъордтæ æмæ
сæ сараз хъуыдыйæдтæ.

1.Та,уалдзæг,æрцыдис,нæм!

Æрцыди та нæм уалдзæг!

2.Фестадис,дидинæг,бæстæ.

Бæстæ дидинæг фестадис.

3.Цъæх,æрдз,дарæс,йæ,скодта.

Æрдз йæ цъæх дарæс скодта.

4.Алыхуызон,зарынц,мæргътæ,хъæлæстæй.

Мæргътæ зарынц алыхуызон хъæлæстæй.

3.Дзырдтæй дзырдбæстытæ саразут. Бафтауæм сæм миногонтæ .

1.чызг

2.булæмæргъ

3. скъоладзау

4.къæвда…

5.уалдзæг…

9.Урочы хатдзæгтæ. Рефлекси

Беседæ.

-Цæуыл дзырдтам абон урочы?

-Цы баззыдтам уалдзæджы тыххæй?

-Сывæллæттæ, абон тынг хорз куыстат æмæ уын стыр бузныг.

-Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

-Цы уæм фæкаст цымыдисаг урочы?

Урок уæ зæрдæмæ фæцыд?

- Уæдæ нæ ног фембæлдмæ.

 

10.Хæдзармæ куыст: уалдзæджы тыххæй V хæслæвæрды æрмæгмæ гæсгæ дзурын зонын.

И.о .директора:      Кусова Л. Т.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

План - конспект урока в форме презентации в программе Power Point на немецком языке по теме " Немецкая пресса для подростков" и конспект урока в программе Word к УМК И.Л.Бим., Л.В.Садомовой " Шаги 5" для 9 класса.

Презентация конспекта урока на немецком языке  в программе Power Point по теме "Немецкая пресса для подростков" и конспект в программе  Word показывают некоторые приёмы работы по теме "СМИ" ...

ПЛАН-КОНСПЕКТ УРОКА План-конспект урока в 11 классе «Фотоэффект. Применение фотоэффекта.»

Урок с использованием  ЭОР. В изучении нового материала используется информационный модуль  "Фотоэффект" для базового уровня старшей школы.  В практический модуль входи...

РАЗВИТИЕ РЕЧЕВОГО УМЕНИЯ С ПОМОЩЬЮ МЕТОДА ОПОРНЫХ СИГНАЛОВ-КОНСПЕКТОВ РАЗВИТИЕ РЕЧЕВОГО УМЕНИЯ С ПОМОЩЬЮ МЕТОДА ОПОРНЫХ СИГНАЛОВ-КОНСПЕКТОВ.АНГЛИЙСКИЙ ЯЗЫК.

Говорение на иностранном языке, особенно в монологической форме, представляет большую трудность для учащихся.Обучение с помощыо метода опорных сигналов открывает большие возможности в развитии речи уч...