МÆРГЪТЫ ДУНЕЙЫ
план-конспект урока
Предварительный просмотр:
ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ
«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»
Утверждаю
директор ГБОУ
_____________ / Н. Т. Течиева
УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ
«МÆРГЪТЫ ДУНЕЙЫ»
Подготовила
учитель осетинского языка и литературы
Джусоева Г.П.
Ирон литературæ 5–æм кълас.
Темæ: Мæргъты дунейы.
Ахуыргæнæг: Джусойты Г.П.
Урочы нысантæ | 1) фæцалх кæнын ахуырдзауты бæлвырд лексикон æрмæгæй пайда кæныныл ныхасы мидæг (монологон æмæ диалогон); практикон æгъдауæй ныффидар кæнын фæсæвæрдты раст æвæрд дзырдбæстыты æмæ хъуыдыйæдты; 2) бакусын ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл ; ахуыр сæ кæнын æрдз æмæ мæргътæ хъахъхъæнын; 3) ахуыр кæнын сывæллæтты хи хъуыдытæ дзурын. |
Урочы хуыз | Комбинарон, ног зонындзинæдтæ райсын урок. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: фæарфдæр кæнын ирон литературæйæ зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хи хъуыдытæ раст дзурыныл . Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын. Удгоймагон: мадæлон æвзагмæ цымыдис æвзæрын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | фæйнæгыл фыст, текстытæ, интерактивон фæйнæг, цæстуынгæ æрмæг,классикон музыкæ. |
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд (УАА) |
Организацион хай | - Хъуысы классикон музыкæ (Вивальди «Афæдзы афонтæ. Уалдзæг»). Ахуыргæнæджы эмоционалон разныхас уалдзæджы тыххæй. | Cалам дæттынц | Удгоймагон: æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) | 1 .Хъазт «Хорз æмæ æвзæр синоптик». Ахуырдзаутæй иу раст нæ дзуры боныхъæды тыххæй, иннæ та йæ раст кæны. Ахуыргæнæг бæтты сывæллæтты ныхæстæ урочы темæимæ, æвæры ахуырдзауты размæ нысантæ. 2. Интерактивон фæйнæгимæ куыст. Ассоциацитæ. Фæйнæгыл æвдыст цæуынц,сывæллæттæ кæй зонынц, уыцы мæргъты нывтæ. Ахуырдзаутæ дзурынц, уыцы маргъимæ цы ассоциацитæ баст сты, уыдон. ( Слайд №1). 3. Хъазт «Фыдуаг цъиу».Бæласыл(нывгонд) куы иу ран, куы иннæ ран абады цъиу (магнитыл конд).Скъоладзаутæ хъуамæ дзурой фæсæвæрдтæй пайда кæнгæйæ,кæм бады цъиу,уый. Хъазты размæ сфæлхатын хъæуы грамматикон æрмæг : куыд æвæрд цæуынц фæсæвæрдтæ (раз,цур, фарсмæ, фæстæ размæ, сæр, бын,æхсæн)дзыдбæстыты; цавæр хауæны сты, семæ цы номдартæ баст сты, уыдон. |
- «кæсаглас» - хæры кæсæгтæ, доны был, даргъ къæхтæ, зылын къубал æмæ а. д.). ? | Зонадон: æмбарынц ахуырадон-зонадон хæс, архайдмæ цæттæдзинад, зонындзинæдтæ бæрæг кæнын; Регулятивон:ахуырадон нысан æвæрын; Коммуникативон: диалоджы мидæг архайд, къордты æмæ хæдбар куысты архайд æвдисын.
|
Актуализаци (зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ) | Текстыл куыст. «Сауцъиуты ног хæдзар». Куысты размæ скæнын фонетикон зарядкæ: Хæслæвæрд: текст бакæсын æмæ зæгъын, лæвæрд тексты пълан раст арæзт у æви нæу. (Слайд №2). Сауцъиуты ног хæдзар. Аланæн йæ дада æмæ йæ нана цæрынц хъæуы. Сæ кæрты астæу зайы стыр кæрдо бæлас.Фарон уыцы бæласыл лæппу æрцауыгъта цъиутæн гыццыл хъæдын хæдзар. Уалдзæджы дзы æрцардысты сауцъиутæ. Ацы аз дæр та мæргътæ сæ зæронд бынатмæ æртахтысты. Иу райсом Алан разгъордта кæртмæ. Сауцъиутæ удаистæй хъæр кодтой: фыдуаг сырддонцъиутæ сын сæ хæдзар байстой. Лæппу йæ фыдæн лæгъстæ кæнын райдыдта: «Баба, цæй, æмæ цъиутæн ног хæдзар саразæм». Фыд сразы ис. Алан райста дзæбуг, зæгæлтæ æмæ фæйнæг. Сихормæ фыд æмæ фырт сæ куыст фесты. Дыккаг бон лæппу касти, сауцъиутæ сæ ног хæдзары сæр куыд цъыбар –цъыбур кæнынц, уымæ, æмæ цин кодта. | ? | Зонадон: (рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)
Коммуникативон: (искæй архайдæн аргъ кæнын)
|
Аудировани
| - Байхъусут аргъаумæ æмæ фæрстытæн дзуæппытæ раттут. Æрхъуыды кæнын аръауæн сæргонд. (Слайд № 3). Аргъау. Иу лæджы хæдзары цардысты тути æмæ булæмæргъ. Тути уыди уардихуыз, йæ базыртæ æмæ йæ къæдзил та уыдысты æрвхуыз. Маргъ йæхицæй æппæлыди: -Мæнæй рæсугъддæр æмæ зондджындæр нæй зæххыл. Æз зонын дзурын. Бинонтæй цыдæр ныхас фехъуыста æмæ йæ бон-изæрмæ дзырдта: - Æххормаг дæн… Æххормаг дæн … Тынг æххормаг дæн… Тути арæх худтис булæмæргъыл: - Ды та цы маргъ дæ?! Дзурын нæ зоныс… Фыдуынд… Фæлæ иу бон булæмæргъ ныззарыди. Афтæ рæсугъд уыди йæ зард, æмæ хæдзары хицау загъта: - Атæх,булæмæргъ, æмæ зар дæ диссаджы зарджытæ адæмæн! Лæг ауагъта маргъы. Тути та ма абон дæр дзуры: - Æххормаг дæн… Æххормаг дæн… Тынг æххормаг дæн… | - Цæмæн ауагъта лæг булæмæргъы? - Кæцы цъиу фæцыдис тынгдæр уæ зæрдæмæ? Цæмæн?
| Зонадон: (рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)
Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)
Удгоймагон: (æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)
|
Физкультинутка | ---Гыццыл баулæфæм мæм нæ куыст адарддæр кæнæм. | Кæнынц физминуткæ | Удгоймагон: (баулæфын) |
Ног зонындзинæдтæ фидар кæнын.
| Нывимæ куыст: - Лæвæрд фарстон дзырдтимæ саразын фарстон хъуыдыйæдтæтæ, ныффыссын сæ, дзуæппытæ сын раттын. (Слайд №4). Диалогыл куыст: Скъоладзаутæ хъуамæ ахæццæ кæной кæронмæ диалог, æрхъуыды кæной сæхи репликæтæ. (Слайд №5) Хъазт «Цавæр цъиу у?». Чыргъæды æвæрд сты алыхуызон цъиуты нывтæ. Сывæллæттæй иу равзары иу цъиу, иннæтæ та хъуамæ базоной фæрстыты руаджы, цавæр цъиу у,уый. (Уый гыццыл у æви стыр? Йæ къæдзил даргъ у æви цыбыр? Уый хоры гагатæ давы кæртæй? æмæ а.д.). Чи базоны цъиуы ном, уый «дидинæфтауæг бæласыл» æрцауындзы йæ маргъы. | Ахуырдзаутæ кæсынц сæ хъуыдыйæдтæ. - | Зонадон: (зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ) |
Рефлекси.
Æрмæг бафидар кæныныл куыст. Хъомыладон беседæ. | Ахуыргæнæг фæрсы сывæллæтты сæ уарзон цъиуты тыххæй. Скъоладзау хъуамæ зæгъа, цæмæн цæуы йæ зæрдæмæ уыцы маргъ, уый. Ахуыргæнæг аразы беседæ сывæллæттимæ, мæргътæн æрдзы цы ахадындзинад ис, уый тыххæй. | Зæгъæм: - Мæ зæрдæмæ цæуы тутти. Уый у рæсугъд маргъ, ис æй сахуыр кæнæн цалдæр дзурды дзурын дæр. | Зонадон: (ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) |
Хатдзæгтæ скæнын.
| Скъоладзаутæ хъуамæ ахуыргæнæджы руаджы скæной хатдзæг. (Слайд №6). | Сæ хъуыдытæ дзурынц - Мæргътæ хъахъхъæнын кæй хъæуы æмæ сын æххуыс кæнын хъæуы. | Регулятивон: (æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын ) |
Хæдзармæ куыст | Хи ныхæстæй цыбырæй дзурын текст. | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
|
Директор _______________ Н. Т. Течиева
подпись расшифровка
М.П.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок -викторина : “Адæмон сфæлдыстады дунейы”
Повторение пройденного материала по устному народному творчеству .Защита проектных работ учащихся....
Методическая разработка по осетинскому языку в 6 классе на тему: «Зонд дунейы дарæг хæзна у» Мивдисæгай рацыд œрмœг фœлхат кœнын
Цель урока: повторить,закрепить и обобщить пройденный материал по теме "Глагол"...