Азау
план-конспект урока
Предварительный просмотр:
ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ
«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»
Утверждаю
директор ГБОУ
_____________ / Н. Т. Течиева
УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ
«А з а у»
Гæдиаты Сегъайы радзырд
Подготовила
учитель осетинского языка и литературы
Джусоева Г.П.
Ирон литературæ 8–æм кълас.
Темæ: Гæдиаты Сегъайы радзырд «Азау».
Ахуыргæнæг: Джусойты Г.П.
Урочы нысантæ |
|
Урочы хуыз | Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: фæарфдæр кæнын ирон литературæйæ зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хи хъуыдытæ раст дзурыныл . Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын. Удгоймагон: скъоладзауты миддуне хъœздыгдœр кœнын, хи хъуыдытœ аив дзурыныл архайын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | Уацмыс, фыссœджы портрет, ахуырдзауты конд нывтœ уацмысмœ, презентации. |
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд (УАА) |
Организацион хай | - Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ. - Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ у азджытæ, æмæ фарнӕйдзаг ут! -Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ? | Cалам дæттынц
| Удгоймагон: (æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ) |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) | Слайд 1-3 - Уæдæ цæй Гæдиаты Цомахъы курдиат «Равдисут æфхæрды бæллын» сæххæст кæнæм æмæ нæ абоны урочы бæлвырдæр æрлæууæм ирон аив дзырды дæсны, курдиатджын фыссæг Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-мæ гæсгæ Азауы фæлгонцыл. - Ацы урочы нæ хæс у, раргом кæнын сыгъдæгзæрдæ, йæ миддуне хъæздыг, фæлæ цардæй æфхæрд, æбар сылгоймаджы хъысмæт, абарæм сылгоймаджы ивгъуыд цард абоны цардимæ. Дзырдуатон куыст. Символ – нысан. Ам «сау калм» æнамонддзинады нысан. Концепци – авторы хъуыды царды фæзындты тыххæй Слайд 4 | 1.Хъуысы сабыр æнкъард мелоди, дзуры скъоладзау зæронд усы дарæсы. Æз уæм æрцыдтæн ивгъуыды æнустæй, Мæ уд дзынæзта, мин азы куыдта… Æз рагон Иры хъарæггæнæг ус дæн… (æнкъардæй бандоныл æрбады) 2. Съоладзау лæууы йæ разы æмæ дзуры Гæдиаты Цомахъы æмдзæвгæ «Сылгоймаг». Йæ фæлурс уадултыл йæ цæссыг æрцæуы: Уый рагон цæссыг у, æнусон цæссыг Сылгоймаджы хъарæг кæй зæрдыл нæ лæууы, Кæй цæстыл нæ уыйы сылгоймаджы хъыг? Æхгæд у сылгоймаджы фæндаг, хæрзæхгæд Хъыгдард у, ыссæст у, йæхæдæг фыдæфхæрд. Кæд уыдзæн сылгоймаджы рухсыдуг, кæд? Фæллойгæнсг усæй, фæллой гæнæг чызгæй – Æппæтдæр æнæскаст: бæрæг у сæ зын Цæй, равдисут абон уæ фæндтæ ныфсджынæй, Цæй равдисут абон æфхæрды бæллын. | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын)
|
Актуализаци (зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ) | - Равзарæм уæдæ Секъайы уацмыс æмæ бамбарæм, куыд æвдисы фыссæг сылгоймаджы хъысмæт. Иу скъоладзау нæ базонгæ кæндзæн Секъайы царды хабæрттимæ /чысыл презентаци. Ахуыргæнæг. 1.Уацмыс «Азау» цавæр литературон жанрмæ хауы? . Секъа йæ уацмысты сюжеттæ цæй бындурыл арæзта? 3. Цы у таурæгъ, йæ сæйраг миниуджытæ цавæртæ сты? Слайд 5-7 4. Сылгоймаг уæлдай ссæст æмæ æбар кæм уыд, йæ тыхст, маст æмæ хъизæмæрттæ кæм цæуынц, Секъайы уыцы радзырдтæй ма цавæртæ зонут? - Æрлæууæм уæдæ таурæгъ «Азау»-ы сюжетыл æмæ йæ цыбырæй радзурæм | - Ахуырдзау æвдисы презентации.
- У радзырд , литературон таурæгъ. -Йæ радзырдты сюжеттæ фыссæг амадта æхсæнадон царды цауты бындурыл, пайда кодта историон таурæгътæй, æцæг хабæрттæй, æмбисæндтæй. -Таурæгъгæнæг радзуры ахæм хабар, царды æцæг чи æрцыд, йæхæдæг кæй федта, кæнæ кæй фехъуыста, чи йæ федта, уыдонæй. Æцæг хабар, дам, уыдис Таймураз æмæ Азауы уарзондзинад дæр. Уымæн æвдисæнæн сæ ингæныл Ганисы хъæуы сæрмæ, уæлмæрды астæу лæууы стыр сывылдз бæлас /равдисын слайд/. -Секъайы таурæгътæ куы кæсай, уæд дæм афтæ кæсы, цыма фыст ныхæстæ нæ кæсыс, фæлæ демæ чидæр ныхас кæны æмæ йын хъусыс йæ фæлмæн, фæлæ барджын ныхас. -Таурæгъгæнæг æрмæст хабæрттæ дзурæг нæу, фæлæ ма у дуджы, адæмы, хабæртты тæрхонгæнгæнæг дæр. Секъа дзы кæмæн йæ хорзы кой ракæны, кæй та æгъатырæй бафхæры. Секъайы таурæгъты хъайтартæ самайынц хъæбатыр тох царды æнæраст хъуыддæгты ныхмæ. Хъæбатырæй мæлгæ дæр акæнынц. -Таурæгъы цаутæ кæрæдзийы ивынц æмæ уацмыс асæй чысыл, фæлæ хабæрттæй та хъæздыг вæййы. -Секъа йæ таурæгъты цы адæмы кой фæкæны, уыдонæн сæ царды фæндаг равдисы кæронмæ, мæлæты бонмæ. - «Мад æмæ фырт», «Арагуийы Ерыстау æлдар», «Дыса», «Саударæг ус», «Хо æмæ æфсымæр», «Садуллæ æмæ Манидзæ». скъоладзаутæ дзурынц сюжет. | Зонадон: (рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)
Коммуникативон: (искæй архайдæн аргъ кæнын)
|
Ног æрмæгыл куыст. Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.
| Уацмысы сюжетæй бæрæг у, цы цæстæй кæсы автор патриархалон дунемæ æмæ уый у царды концепци. - Мулк, исбон аивтой адæмы психологи, сæ зондахаст. Намыс æмæ рæстдзинадыл фæтых мулкмæ бæллын. Хъыгагæн абон дæр бирæтæ кæсынц æрмæстдæр хъæздыгдзинадмæ æмæ иуæй-иуты фæфæнды, цæмæй сæ чызг хъæздыг мой скæна, кæнæ сæхæдæг дæр хъæздыг хæдзары чызг ракурой, тырнынц мулкмæ, исбонмæ, стыр галуантæм. Фæлæ, æвæццæгæн, хъæздыгдзинад сæйрагдæр нæу, æппæты фыццаг хъуамæ уа адæймаг. Абон бирæтæ æхцайы тыххæй сæ сæрмæ цыфæнды æгаддзинад æрхæсдзысты, фæлæ æгадæй цæрыны бæсты адæймаг æппындæр куы нæ уа, уæд хуыздæр у. Уымæн загътой нарты куырыхонтæ: «Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр у». Æмæ мæн уырны , сымах дæр æгаддзинад уæ сæрмæ кæй никуы æрхæсдзыстут, фæлæ тырндзыстут кадджын уæвынмæ, хорздзинад саразынмæ. - Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, чи сты таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ? - Таурæгъы райдиан Азау æмæ Таймуразы трагикон уавæр цавæр символикон нывæй æвдисы автор?/ ссарын чиныджы/ Слайд 8 - Зæгъут,цавæртæ сты Азауы характеры сæйрагминиуджытæ? |
-Таурæгъы сæйраг фæлгонцтæ сты Азау æмæ Таймураз. Азау трагедийы сæйраг у. Уымæн зындæр уыд фыдæлты ныхмæ рацæуын. Азау æмæ Таймураз агурынц рæстдзинад. Секъа, куыд фыссæг, у æрыгæтты фарс, сæ уарзондзинады фарс æмæ сæ æвдисы иттæг уарзонæй, сæ уавæрыл сыл хъыг кæны зæрдæбынæй.
-Таймураз æмæ Азау Биботы кæрты хъæбыс-хъæбыс бафынæй сты…/143 фарс/ -Ам ис «стыр сау калм»- фыдæлты мæлинаг æгъдау-ирæд дыууæ æрыгон зæрдæйы ахицæн кодта. -Азауы характеры ирдæй зынынц сыгъдæгзæрдæ, амондмæ бæллын, уарзондзинады сæрыл хæцынхъом уæвын, рæстдзинадуарзаг. «Амонд кæнæ мæлæт!»- ахæм у дыууæ уарзон адæймаджы тæрхон.
| Зонадон: (рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)
Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)
Удгоймагон: (æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)
|
Физкультинутка | ---Гыццыл баулæфæм мæм нæ куыст адарддæр кæнæм. | Кæнынц физминуткæ | Удгоймагон: (баулæфын) |
Ног зонындзинæдтæ фидар кæнын.
| - Таймураз æмæ Азау æнæ кæрæдзи нæ бафæрæзтой цæрын. Æмæ æцæгæйдæр цæимæ ис абарæн уарзтæн, ацы диссаджы æнкъарæнæн. Уарзондзинад! Ацы ныхас фехъусгæйæ, цæстытыл ауайынц сæууон хуры тынтæ, уалдзыгон дидинджытæ, кæйдæр цæхæркалгæ цæстытæ. Зæрдыл æрбалæууынц Ромео æмæ Джульеттæ, Фатимæ æмæ Ибрагим, Азау æмæ Таймураз. /Байхъусæм ма уæдæ Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ «Уарзондзинад»-мæ. Слайд 9 - Уæдæ, уарзондзинад у адæймаджы цардмæ разæнгард чи кæны æмæ йыл базыртæ чи садзы, уыцы уæларвон тых. - Фыссæг æнахуыр зæрдæмæхъаргæ ахорæнтæй пайда кæны Азауы тыхст уавæр, йæ маст, йæ зæрдæйы катай равдисынæн. /Ссарут ма тексты уыцы бынæттæ æмæ сæ бакæсут /. - Ахæм тыхст цард фæкодта Азау Таймуразы мысгæйæ. | Хъусынц зарæгмæ -151 фарс. -154 фарс. -157 фарс. | Зонадон: (зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ) |
Рефлекси.
Æрмæг бафидар кæныныл куыст.
| - Азау æмæ Таймуразы ныхмæ слæууыдысты фыдæгъдæуттæ/ ирæд, хъоды/, фæлæ уæддæр йæ уарзондзинад сæ къух нæ систой. Хъазуат тохы бацыдыстсты æппæты ныхмæ, фæлæ сæ бон нæ баци «рæхыс-бæттæнтæ» атонын. - Кæй АХХОС у, Таймураз æмæ Азау цардæй кæй ницы федтой, афтæмæй сау мæрмæ кæй бацыдысты, уый. Кæд, мыййаг, сæхи аххос у? - Азауы бынаты та сымах куыд бакодтаиккат? - Сымах та куыд хъуыды кæнут, Сцæгдæр амонд хъæздыгдзинады ис? - Раст зæгъыс, кусын куы уарза, уæд. Дунейы хъæздыгдзинæдттæ иууылдæр сты куысты фæрцы. Адæймаг куыстæй фидауы. Куыст у адæймаджы рæсугъдгæнæг, уæздангæнæг. | -Нæ, уый сæхи аххос нæу. Уый у се ´намонддзинад. Зианхæссæг рагон æгъдæутты сæрты ахизын сæ бон нæ баци. Ницы рауад сæ тохæй- ис сын трагикон хъысмæт. Фæлæ сын кæсæм сæ таурæгъ æмæ стæм сæ фарс – сæ лæгдзинады, се стыр уарзондзинады фарс. -Мæнмæ гæсгæ, ам аххосджын уыдысты Азауы мад æмæ фыд. Уыдон нæ тыхстысты сæ чызджы амондыл, нæ хъуыды кодтой, куыд цæрдзæн сæ чызг, кæй нæ уарзы, ахæм адæймагимæ, фæлæ йæ фосау уæй кодтой, стырдæр ирæд сын чи ратта, уымæн. -Æз мæ уарзондзинадыл мæ къух нæ систаин æмæ бакодтаин æрмæстдæр Азауы хуызæн. -Æз байхъуыстаин мæ мад æмæ мæ фыдмæ,уымæн æмæ хъуыддаг æнæтугныккалгæ нæ ахицæн уыдаид. - Мæнмæ гæсгæ, амонд хъæздыгдзинады нæй, адæймаг æцæгæй дæр кæй уарза, уыимæ хохы цъуппыл дæр фæцæрдзæн, кусын куы уарза, уæд. | Зонадон: (ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) |
Хатдзæгтæ скæнын.
| - Абон бакуыстам Азауы фæлгонцыл. Цæуыл нæ ахуыр кæны? - Абайты Васо Секъайæ дзырдта: «Иууыл адæмондæр фыссæг Секъайы уырныдта, йæ адæммæ рухсдæр фидæн кæй æнхъæлмæ кæсы, кæй æрцæудзæн сæрибар дуг, уый уыд йæ бæллиц. Йæ иу æмдзæвгæйы афтæ фыста: Тæхуды, Ирыстоны сæрмæ Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ: Гъе искуы ирон лæджы царды Куы фенин æцæгæй мæ фынтæ… Куыд æрцыд уыцы рæстæг? Слайд 10 - Секъайы бæллиц сæххæст æви нæ? - Ныр та бакæсæм фæйнæгыл цы эпиграф ныффыстон, уый. Йæ автор у зындгонд ирон поэтессæ Хостыхъоты Зинæ. - Раст зæгъы автор, йæ ныхас здæхт у нæ фыдæлтæм, сæ æппаринаг æгъдæуддæм. Æмæ уымæн зæгъы ирон сылгоймаг дæр цæрынмæ кæй райгуырд, уарзынмæ æмæ уый дæр амонды аккаг кæй у. - Царды æмæ ахуыры фæндæгтæ байгом сты ирон сылгоймæгтæн дæр. - Абон сæ къухы æфтынц сæ рæсугъд бæллицтæ. Нæ Иры чызджытæ ахуыр кæнынц, кусынц, канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма бирæ фæсарæйнаг бæстæты дæр. Се ппæты кой нæ кæндзыстæм, нæ фыццæгты нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм. Слайд 11 - Хостыхъоты Зинæйы æмдзæвгæ «Æз – сылгоймаг» у ирон сылгоймæгтæн гимны хуызæн æмæ йæ лæвар кæнын нæ абоны сылгоймаг-уазджытæн. (Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ) -Ууыл нæ урок фæци, стыр бузныг уе ппæтæн дæр. | - Азауы фæлгонц нæ ахуыр кæны цæрыныл, уарзыныл, сыгъдæгзæрдæ уæвыныл. Ацы радзырд куы бакастæн, уæдæй нырмæ мæм афтæ кæсы, цыма æз дæр æнусмæ æрмæстдæр иунæг адæймаджы уарздзынæн. - Фыццаг ирон сылгоймаг – революционерка Калоты Нагъо (1911 азы) ахст куы æрцыд, уæд афтæ загъта: «Тагъд æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ сылгоймагдæр æрлæудзæн адæймаджы æмрæнхъ» Æрцыд ахæм дуг, æрлæууыд сæрибары рæстæг, сæххæст Секъайы бæллиц. - Саламты Софья – фыццаг хæххон ирон сылгоймаг, каст фæци С.М. Кировы номыл хæстон медецинон академи. - Бутаты Фатимæйæн – фыццаг ирон сылгоймагæн лæвæрд æрцыд Паддзахадон премийы лауреаты ном. - Дудараты Вероника – фыццаг ирон сылгоймаг дирижер. - Туаты Ольга –фыццаг ирон сылгоймаг –профессор. - Калоты – Барахъты Еленæ – фыццаг ирон сылгоймаг прокурор æнæхъæн Цæгат Кавказы. - Кочысаты Розæ – фыццаг ирон сылгоймаг фыссæг. - Фыццæгтæ иунæгæй нæ баззадысты. Бонæй - бонмæ рæзы нæ чысыл Ирыстонæн кад æмæ намыс чи хæссы, уыцы сылгоймæгты нымæц. Кубæйы, Сирийы, Турчы, Англисы, зæрдиаг къухæмдзæгъд кодтой ирон чызг- балеринæ Адырхаты Светланæйæн. - Сылгоймагæн сæрибар бæстæйы цы кад æмæ намыс ис, уый иттæг бæрæгæй зыны Ирыстоны сылгоймæгты уавæрыл. Æз дæр уыцы сылгоймæгтæм хауын. Нырма ныр цæуын царды стыр фæндагмæ æмæ мæ зæрдæ дарын, мæ бирæ фæндтæ мæ къухы кæй бафтдзысты, уымæн амæ цæрын сæрибар дуджы. Ахуырдзау кæсы æмдзæвгæ | Регулятивон: (æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын ) |
Хæдзармæ куыст | Нывæцæн: «Азауы фæлгонц» | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
|
Директор _______________ Н. Т. Течиева
подпись расшифровка
М.П.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок по осетинской литературе в 10 классе "Женская судьба в произведении Гадиева Сека "Азау"
Гадиева Сека в драме "Азау" рассказал о трагической любви двух молодых людей...
Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы
Открытый урок на тему: "Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Сегъайы радзырд «Азау»-ы....
План-конспект открытого урока в 8 классе. С.Гадиев "Азау"
Открытый урок в 8 кл по осетинской литературе...
Ледник Азау
Общим условием образования ледников является сочетание низких температур воздуха с большим количеством твёрдых атмосферных осадков, что имеет место в холодных странах высоких широт и в вершинных частя...