Интеллектуалон хъазт «ЗОНДАБИТÆ»
материал (9 класс)
Интеллектуалон хъазт 9-æм кълæстæн.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
intellektualon_hazt_zondabita.docx | 25.3 КБ |
Предварительный просмотр:
Интеллектуалон хъазт «ЗОНДАБИТÆ»
Хъуысы зарæг «Зондабитæ». Сценæмæ рацыдысты хъазты архайджытæ.
Капитантæ дзурынц сæ командæты нæмттæ, девизтæ. Развæлгъау алы командæйæн дæр лæвæрд уыд хæдзармæ куыст:бацæттæ кæнын сценкæтæ, капитантæн - та æмдзæвгæтæ мадæлон æвзаджы тыххæй.
I ТУР.
Фæрстытæ ирон литературæйæ.
1. Нарты адæм цал мыггагыл дих кодтой? Ранымайын сæ.
2.Фыццаг ирон чиныг цы хуыйны,æмæ йæ автортæ чи сты? Мыхуыры кæцы аз рацыд? (1798азы, Мæскуйы Синоды типографийы. Епископ Такъæты Гай æмæ сауджын Хъесаты Павел)
3.Чи уыд фыццаг ирон профессионалон поэт?
4. «Ард дын хæрын ацы зæххæй,сомы дын кæнын бæрзонд цъæх арвæй,куыд æз æмæ дæу ацы зæхх йеддæмæ ничи ахицæн кæндзæн». Ацы ныхæстæ зæгъæг чи у æмæ цавæр радзырды хъайтар у? (Таймураз, «Азау»)
5.«…Æрцыдтæн…Мæхицæй фыддæр,
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,
Мæ уарзон,мæ иубæстон адæм!..»
Цавæр æмдзæвгæйы рæнхъытæ сты , йæ автор чи у? (« Ракæс», Къоста)
6. « Арф Куырттаты комы дуарыл
Саргъæй хъæугæрон æрхиз-
Къулыл иу ныллæг хæдзары
Ауыгъд авд цухъхъайы ис…»
Кæцæй у ацы скъуыддзаг,æмæ чи у йæ автор?
(Плиты Грис « Авд цухъхъайы»)
7.«Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг-мад». Нæ рухстауджытæй кæй бæллиц уыд уый ,æмæ цы сарæзта йæ сæххæст кæнынæн?
( Колыты Аксо 1862 азы байгом кодта йæхи хæдзары ирон чызджыты скъола).
8.Куыд хуыйны фыццаг ирон литературон уацмыс? Кæм фыст уыд? ( «Мах уыдыстæм 9 æфсымæры» Нузалы аргъуаны къулыл уыд фыст)
9. «Сæ фыды зæххæй ахицæн сты æнусмæ, се знаг сæ фæстæ цыд æмæ сæ къуындæг наумæ тардта, уым цагъды кодтой…». Ацы фыдбылызтæ æрцыдысты:
а) алантыл;
б) Хуссар Иры адæмыл;
в) Туркмæ лидзæг хæххон адæмыл;
Уæлдай балл уыцы командæйæн, кæцы зæгъа, ирон фысджытæй уыцы цауты рæстæг чи фæхауæггаг йæ райгуырæн бæстæйæ?
(Мамсыраты Темырболат, Хъаныхъуаты Инал).
10. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?
«Лæджы цæст ницы бафсаддзæн сыджыты йеддæмæ. Цæстæн цас фылдæр уа, уыйас æй фылдæр хъæуы. Лæг куы амæлы, æмæ йыл сыджыт куы бакалынц, уæд бафсæды, ницыуал æй фæхъæуы».
(Таурæгъ «Мачъидон Алыксан»).
11.Цавæр историон цауы бындурыл фыст у фыццаг историон зарæг «Задæлески Нана»?
12.Дысон-бонмæ бафынæй
Ме уæнгтæ нæ куырдтой,
Мæ цæстытæ дзагъырæй
Æрцъынд кæнын нæ куымдтой…
Цавæр уацмысæй ист сты ацы рæнхъытæ? Чи усæ автор?
(«Сагъæстæ» Мамсыраты Темырболат)
13. Лæвæрд уацмыстæн чи сты сæ автортæ:
«Мады Майрæмы кады зарæг» -Колыты А.
«Дыууæ ‘мбалы»- МамсыратыТ.
«Иронх ъæуы» -Хъаныхъуаты И.
«Фатимæ»-Хетæгкаты_Къ.
«Æгъдауы амæттаг»-Тугъанты Б.
«Æфхæрдты Хæсанæ» КъубалтыА.
14. Цæмæн зæгъы Хуылæрты Фацбай йæ мадæн:
«Кæугæ та куы кæныс, Дзыцца. Кæдмæ дæхи афтæ хæрдзынæ?» Куыд хуыйны радзырд, йæ автор?
( Тугъанты Батырбег. «Æгъдауы амæттаг»)
15. Иу литературон хъайтарæн саразын дзургæ æрфыст, æнæ йæ ном зæгъгæйæ(иннæ командæ хъуамæ базона ном, уацмысы сæргонд, авторы)
Ныхасы бар капитантæн. Дзурынц сæ æмдзæвгæтæ.
Командæтæ цы сценкæтæ бацæттæ кодтой , уыдон æвдисынц.
II ТУР
Фæрстытæ ирон æвзагæй.
1.Ирон æвзагзонынады ацы куырыхон ахуыргондæн йæ фæллæйттæ сты æртæсæдæйæ фылдæр. Сæ сæйрагдæр у «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат» . Чи у уыцы ахуыргонд?(Абайты Васо)
2. Ирон æвзагæн , ирон адæмæн ацы ахуыргонды лæггæдтæсты æгæрон. Уый ныффыста фыццаг ирон грамматикæйы чиныг.Чи у уыцы ахуыргонд æмæ кæцы азы рацыд мыхуыры фыццаг ирон грамматикæйы чиныг (Андрей Шегрен, 1844 азы)
3.Чи фылдæр радзурдзæн æмбисæндтæ?
4.Куыд хонæм æвзагзонынады дзырдтæ, кæцытæ дзургæйæ æмхуызон сты, фæлæ сæ нысаниуджытæ та-алыхуызон? Дæнцæгтæ чи æрхæсса, уымæн ма иу балл уæлдай(омонимтæ).
5.Ирон æвзаджы ныхасы хæйттæ ранымайын. (номдар, миногон, мивдисæг, номивæг, нымæцон, фæрсдзырд-сæрмагонд ныхасы хæйттæ;
разæвæрд, фæсæвæрд, бæттæг, хайыг- æххуысгæнæг ных. хæйттæ
æвастхъæртæ лæууынц хицæнæй)
6. Дзырд йæ лексикон нысаниуæгмæ гæсгæ базонут:
а. Сгуыхтдзинад чи равдыста, ахæм адæймаг (хъайтар)
æ. Балцы цæуæг адæймаг (бæлццон)
б. Асæй стыр (егъау, бæрзонд)
в. Бирæ адæм иумæ (дзыллæ)
7.Ацы дзырдтæн куыд ис зæгъæ ниронау:
Писмо-фыстæг
Повесть –уацау
Портрет-сурæт
Простудæ скодтон-уазал мæ бацыд
Наукæ-зонад
Бабу-нана
Деду-дада
Мамæ-æна, дзыцца, гыцци, дыдта, дзыцци
Образ-фæлгонц
Горæт-сахар
Заявлени-курдиат
Остановкæ-æрлæууæн
8.Хæдзарон цæрæгойты нæмттæ иу минутмæ чи фылдæр ныффысдзæн.
9.Чи фылдæр зæгъдзæн фразеологизмтæ дзырдтæ зæрдæ, гуыбын-имæ
(Зæрдæ йæхи къултыл хойы, зæрдæ ныррухс, ныссау, райы, барухс.
Гуыбын хæры, хурмæ тавы, гуыбыны фæдыл цæуын,гуыбыныл кæуын).
10.Ацы фразеологон дзырдбæстытæн иронау куыд ис зæгъæн?
Держать язык за зубами-дзыхыл хæцын
Задирать нос-хиуыл фервæссын, фындз схъил кæнын
Заткнуть рот-дзых æхгæнын
Избави Бог-Хуыцау бахизæд
Как зеницу ока беречь-цæсты гагуыйау хъахъхъæнын
Навострить уши-хъустæ фæхъил кæнын
Нашла коса на камень-цæвæг дурыл сæмбæлди
Не отрывать глаз (не сводить глаз, не спускать глаз)-цæстытæ ныццæвын, нал исын
Приставать с ножом к горлу-хъуырмæ скæнын
Развесить уши-хъустæ ныхъхъил кæнын
Жюрийы уæнгтæ сбæрæг кодтой уæлахиздзау командæты, схорзæх сæ кодтой Кады гæххæттытæй.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Игра "Нымацонтай хъазт"
Презентация к уроку"Хъæууон цард"Презентация «Къоста сывæллæттæн»Презентация «Хъæддаг сырдтæ.Рувас»Презентаци "Сланты æфсымæртæ"Презентация "Мой любимы...
Интелектуалон хъазт Брейн-ринг
Файл содержит положение к интелектуальной игре Брейн-ринг, а так же и вопросы для проведеня игры. Игра составлена для учеников 9-10 классов. Игра состоит из 4 этапов. 1 этап - вопросы по истории Осети...
Грамматикон хъазт
Развитие речи...
Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»
Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...
Брейн-ринг «Аллонты хъазт»
викторина в 9 классе...