Урок осетинского яыка.Тема: "Ирыстон Цᴁгат Кавказы хсᴁн. Номдарты бирᴁон нымᴁц".
план-конспект урока (8 класс)

Тема: Ирыстон Цᴁгат Кавказы хсᴁн. Номдарты бирᴁон нымᴁц. Урок осетинского языка для невладеющей группы.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok.docx19.83 КБ

Предварительный просмотр:

Тема: Ирыстон Цᴁгат Кавказы хсᴁн.

Номдарты бирᴁон нымᴁц.

(фᴁлхат кᴁнын)


Эпигрᴁф: «Аппᴁт хᴁрзтᴁн Ирыстон у бындур,-

Анᴁ уый мᴁн нᴁ тавдзᴁни хур».

Джыккайты Ш.

Нысᴁнттᴁ:

1) ахуырдзаутимᴁ дарддᴁр ᴁрдзурын Цᴁгат Кавказы республикᴁты хᴁлардзинадыл,сᴁрмагондᴁй Ирыстон цы бынат ахсы се хсᴁн,ууыл;номдарты тыххᴁй.

2) ныхасы рᴁзтыл куыст, сфᴁлдыстадон куыст, аив кᴁсын

3) гуырын кᴁнын цымыдис, уарзондзинад ирон ᴁвзагмᴁ, культурᴁмᴁ, историмᴁ, сᴁрыстыр уын райгуырᴁн бᴁстᴁйᴁ.

Урочы фᴁлгонц: чиныг, презентаци, карточкᴁтᴁ, интерактивон фᴁйнᴁг.

Урочы цыд:

1.Бацᴁттᴁгᴁнᴁн рᴁстᴁг.

-мотивацион уавᴁр: Уᴁ бон хорз! Уᴁ фенд мын тынг ᴁхсызгон у! Нᴁ абоны урок хуымᴁтᴁг нᴁу. Арбацыдысты нᴁм уазджытᴁ. Амᴁ сын зᴁрдᴁбынᴁй зᴁгъᴁм: Алыбон ᴁгас нᴁм цᴁут! Мах -фысымтᴁ, сымах- нᴁ буц уазджытᴁ. Ирон адᴁм кᴁддᴁриддᴁр уыдысты уазᴁгуарзаг. Стыр кадыл нымад уыд ирон хᴁдзармᴁ уазᴁг куы рбацыд,уᴁд. Арфᴁгонд ут!

Уыимᴁ дарддᴁр кᴁнᴁм нᴁ куыст.

Ах-г: Чи у радгᴁс?

Скъ-у: Аз дᴁн радгᴁс. Абон у Хуымгᴁнᴁны мᴁйы 27-ᴁм бон, майрᴁмбон. Къласы нᴁй…

Ах-г: Чи мын зᴁгъдзᴁн, цᴁмᴁн схуыдтой йᴁ афтᴁ?

Скъ-у: Уымᴁн ᴁмᴁ…

Ах-г: Ныр та нᴁ мырты хъуысынадыл бакусᴂм.Тагъддзуринᴁгтᴁ.

«Дзуринаг дзургᴁйᴁ дзураг у дзурᴁг», «Хъᴂр-хъᴁлᴁба хъуысы хъᴁугᴁрон»

Ах-г: Тынг хорз. Уᴁдᴁ ма мын радзурут,цавᴁр фарны хабᴁрттᴁ

уᴁм ис?

Скъ-тᴁ: 1.Хорз барᴁггᴁнᴁн райстон историйᴁ.

2. Уазджытᴁ нᴁм ᴁрбацыд.

3. Уыдыстᴁм экскурсийы националон музейы.

Ах-г: Тынг хорз.Амᴁ уᴁдᴁ мах дᴁр ацᴁуᴁм нᴁ ахуыры балцы дарддᴁр.

2. Рацыд ᴁрмᴁгыл куыст.

Ах-г: Мᴁ хᴁлᴁрттᴁ,цᴁуыл ныхас кодтам уымᴁй размᴁ урочы?

Скъ-ау: 1.Мах ныхас кодтам нᴁ иумᴁйаг хᴁдзар Цᴁгат Кавказы тыххᴁй.

2.Куыд бирᴁ адᴁмыхᴁттытᴁ дзы хᴁларᴁй цᴁрынц

Ах-г: Нᴁ зᴁрдыл- ма ᴁрлᴁууын кᴁнᴁм иу цалдᴁр адᴁмыхатты.

Скъ-тᴁ: Ирᴁттᴁ, кᴁсгᴁттᴁ,дагестайнᴁгтᴁ,хъᴁрᴁсейᴁгтᴁ…

Ах-г: Амᴁ цавᴁр ᴁвзᴁгты бинонтᴁм хауынц?

Скъ-тᴁ: Индоевропейаг-ирᴁттᴁ, тюркаг-хъᴁрᴁсейᴁгтᴁ,балхъайрᴁгтᴁ,кавказаг-кᴁсгᴁттᴁ,цᴁцᴁйнᴁгтᴁ,мᴁхъхъᴁлᴁттᴁ,дагестайнᴁгтᴁ.

Ах-г: Куыд хорз сᴁ бахъуыды кодтат.

Ныр та хᴁдзᴁрмᴁ куыст сбᴁрᴁг кᴁнᴁм.

Скъ-ау: 1) Махᴁн уыд лᴁвᴁрд ныффыссын сочинени «Мᴁ адᴁмыхатт.»

2)Амбисᴁндтᴁ сᴁмбырд кᴁнын.3) Проектон-информацион куыст «Не скъолайы адᴁмыхᴁттытᴁ.»

(бᴁрᴁггонд цᴁуынц куыстытᴁ)

Ах-г: Аппᴁлинаг сты уᴁ куыстытᴁ.Афтᴁмᴁй Цᴁгат Кавказ у нᴁ иумᴁйаг цᴁрᴁн бынат. Ирыстоны зᴁххыл цᴁрынц Кавказы ᴁппᴁт адᴁмы минᴁвᴁрттᴁ, цᴁрынц хᴁларᴁй,кᴁрᴁдзийы ᴁмбаргᴁйᴁ.Уᴁдᴁ ма мын зᴁгъут,цᴁуыл дзурдзыстᴁм нᴁ абоны урочы?

Скъ-ау: 1) Ирыстоны тыххᴁй,нᴁ адᴁмы тыххᴁй.2) Ирон ᴁгъдᴁуттыл,культурᴁйыл.

Ах-г: Бакᴁсᴁм нᴁ урочы эпигрᴁф.Гыццыл фᴁстᴁдᴁр ᴁм раздᴁхдзыстᴁм.

3. Ног ᴁрмᴁгыл куыст.

Дзырдуатон куыст: Фᴁлтᴁр-поколение,слой,период

Фᴁллой-труд,продукт труда.

Хай-доля,часть.

Афсарм-совесть,скромность.

Лᴁгдзинад-мужество

Ног дзырдтимᴁ ᴁрхъуыды кᴁнын дзырдбᴁстытᴁ.

Ах-г:Иттᴁг хорз!Мᴁ зынаргъ ᴁмбᴁлттᴁ,ныр та бакусᴁм текстимᴁ.Аив кᴁсын,тᴁлмᴁц кᴁнын,фарстатыл дзуапп дᴁттын.

Мᴁ зᴁрдᴁ райы уᴁ куыстмᴁ.Куыд загътон афтᴁ, ныр лᴁмбынᴁгдᴁр ᴁркᴁсᴁм эпигрᴁфмᴁ, куыд ᴁй ᴁмбарут?

Скъ-тᴁ: 1.Ахуыр нᴁ кᴁны нᴁ райгуырᴁн зᴁхх уарзын.

2.Хистᴁрᴁн кад кᴁнын

3.Цᴁмᴁй кᴁрᴁдзи уарзᴁм, ᴁнгомᴁй цᴁрᴁм

Ах-г: Амᴁ нᴁ ᴁмбисᴁндтᴁй та кᴁцы райхалы нᴁ урочы темᴁ?

Скъ-тᴁ: Ангом бинонтᴁ цард арынц.

Кад кᴁн дᴁ къонайᴁн.

Ах-г: Тынг раст дзурут.Зᴁгъут-ма, нᴁ ныхасы ᴁппᴁты фылдᴁр цавᴁр дзырдтᴁй пайда кᴁнᴁм?

Скъ-ау: Авᴁццᴁгᴁн номдартᴁй.

Ах-г: Разы дᴁн уемᴁ. Уᴁдᴁ ма ахᴁм куыст бакᴁнут.Текстᴁй рафыссут 4-5 номдары ᴁмᴁ сᴁ бирᴁон нымᴁцы сᴁвᴁрут.

Уᴁ зᴁрдыл ᴁрлᴁууын кᴁнут номдарᴁй цы зонут?

Скъ-тᴁ: 1.У ныхасы хай ᴁмᴁ ᴁвдисы предмет

2.Домы фᴁрстытᴁн чи? цы?

3.Ис ын 8 хауᴁны

4.Т-йы руаджы арᴁзт цᴁуы номдарты бирᴁон нымᴁц.

4. Ног ᴁрмᴁг бафидар кᴁнын.

Ах-г: Уᴁ хорзᴁхай ныр та къордты куыст бакᴁнут.

1-аг къорд: Дзырд ᴁфсымᴁрдзинад-ы дамгъᴁтᴁ ивгᴁйᴁ ссарут ᴁмᴁ ныффыссут ног дзырдтᴁ

2-аг къорд:дзырдбаст « уарзон бᴁстᴁ»-имᴁ хъуыдыйад саразут иугай дзырдта ᴁфтаугᴁйᴁ.

3-аг къорд: хъудыйᴁдтᴁ кᴁронмᴁ ахᴁццᴁ кᴁнут.

Ах-г: Сымах цалынмᴁ кусут,уᴁдмᴁ фᴁйнᴁгмᴁ рацᴁудзᴁн…ᴁмᴁ ныхасы хᴁйттᴁм гᴁсгᴁ равзардзᴁн хъуыдыйад «Адᴁм кᴁнынц сᴁ уалдзыгон куыстытᴁ.»

Ах-г: Дарддᴁр цᴁуᴁм нᴁ ахуыры бᴁрзᴁндтᴁм.(хъуысы Челдыты В.зарᴁг).Нывимᴁ куыст. «Уалдзᴁг хᴁхты»

Ах-г: А вот послушайте,что писала Екатерина Великая об осетинах.(Зачитывается текст).

Бирᴁ нын бантыст абоны урочы.В завершении нашей работы хочу,чтобы вы рассказали,какие качества присущи народу Осетии?

(на лучах солнца ученики пишут)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок осетинского языка в первом классе

Тематикон урок ирон æвзагæй 1 къласы. Урок – балц аргъаумæТемæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м...

Урок осетинской литературы в 6 классе

Урок – дискусси            Урочы темæ: Царды бæрзонддæр нысан Гæдиаты Цомахъы аргъау «Дыууæ дидинæджы»-мæ гæсгæ....

Урок осетинского языка в 5 классе

Урок ирон æвзагæй 5-æм къласыТемæ: Номдарты нысаниуæг.Ныхасы темæ: Уалдзæг  у царды райгуырæн....

Урок- описание картины Решетникова "Опять двойка" на уроке осетинского языка в 6 классе.

Подготовка к написанию сочинения по картине Решетникова "Опять двойка"....

Урок по программе «История и быт народов Кавказа» по теме: «Тайны осетинских пирогов»

В этой работе дается первичное представление об этносе осетины, их обычаях и культуре; Осетины — один из самых загадочных этносов Кавказа. Осетинские пироги, несомненно, являются одной из в...

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...