Сценари Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонмӕ « Мӕ хӕрзӕггурӕггаг – Иры сывӕллӕттӕн»
классный час (6 класс)
Сценарий открытого мероприятия ко Дню рождения Коста Хетагурова.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Сценарий открытого мероприятия ко Дню рождения Коста Хетагурова. | 46.5 КБ |
Предварительный просмотр:
« Ирон фæндыр» - адæмы уарзон чиныг. (5-кълас)
(Хъуысы зарæг «Æнæ хай»)
1-аг амонæг. Æз бирæ æвзæгтæ куы зонин,
Куы базонин се ппæты тых.
Æз дзыллæты Ирмæ æрхонин,
Æгъдауæн сын аргæвдин фыс.
Фыццаг сæм иронау сдзурин,
Сæ хистæрмæ раттин сыкъа.
Æз кæмттæн сæ нæмттæ фæдзурин,
Кæм райгуырд æнустæм Къоста.
2-аг амонæг. Байхъусут хорз адæм! Абон 1899 азы 15 майы, Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад – мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр!»
1–аг амонæг. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон бæрæггонд цæуы, ирон поэзийы зынаргъдæр хæзна Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр» рухс куы федта (1899 азы 15 майы) уыцы бонимæ иумæ 15 Майæ 2003 азæй райдайгæйæ.
2-аг амонæг. «Ирон фæндыр» - куы фæзынд, уæдæй нырмæ рацыд 115 азы. Ирон æвзагыл уæдæй нырмæ фæзынд бирæ алыхуызон уацмыстæ, фæлæ уæддæр Къостайы «Ирон фæндыр» уыди æмæ абоны онг у ирон адæмы тæккæ зынаргъдæр æмæ уарзондæр чиныг. Къоста ацы чиныгмæ цы уацмыстæ бахаста, уыдоны равдыста хæххон мæгуыр адæмы царды æцæгад, адæмы бæллицтæ æмæ хъуыдытæ, хæххон æвадат æрдзы тызмæг нывтæ, сарæзта диссаджы цардæгас обрæзтæ.
Æмдз. «Додой» (музыка)
1-аг амонæг. Æрмæст сæ иу хатт чи бакæса, уымæй дæр никуыуал ферох уыдзысты хæххон мæгуыр царды нывтæ . Æфцæгæй коммæ уад куыд дзыназы æмæ их доныл куыд саразы хид, лæджы æмбæрц мит куыд æруары. Йæ хъусты азæлыдысты сидзæргæс усы хъарæг, сæрибаруарзаг æмæ цардбæллон Хъуыбадыйы зарджытæ, мæгуыр æххуырсты, куысты фæллад чи нæ зоны, уыцы æнæном иунæджы сагъæстæ.
Египетаг журнал «Аль-иха» (Братство) суанг 1926 азы ныммыхуыр кодта статья Къостайы тыххæй. Журналы редактор араббаг чиныгкæсджыты базонгæ кодта Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадимæ. Æмдзæвгæтæй мыхуыры рацыдысты «А-ло-лай», «Катай», «Æнæ хай».
Æмдз. «А-лол-лай» (равдыст) (музыка)
2-аг амонæг. «Ирон фæндыр»-ы уацмыстæ, фыццаджыдæр, зæрдæ агайынц сæ адæмондзинадæй. Йæ алы рæнхъ, йæ алы дзырд дæр сæууон æртæхау у сыгъдæг. Куы сæ кæсай, уæд рæсугъд музыкæйы зæлтау рæвдауынц адæймаджы. Йæ зæрдæйы йын гуырын кæнынц цин æмæ маст, уарзт æмæ æнæуынондзинад, сидынц æм хæлардзинад æмæ тохмæ.
Æмдз. «Æнæ хай» 1.
1-аг амонæг. Ацы чиныджы фæзынд стыр цины хъуыддаг, уыд æппæт Ирыстоны адæмæн. Йæ диссаджы зæлланггæнæг рæнхъытæ йын дзыхæй-дзыхмæ истой, зарыдысты сæ сæ цины æмæ сæ хъыджы сахат.
«Ирон фæндыр»-ы чиныгæй Къоста адæмы бауырнын кодта, ирон æвзагыл дæр кæй ис ныффыссæн æцæг аивадон уасмыстæ, национ литературæ саразын.
Зарджытæ : «Цъиу æмæ сывæллæттæ», «Коста».
2-аг амонæг. : Къоста сидзæрæй баззад хæрзсывæллонæй,фæлæ йæ йæ сабийы бонтæ никуы ферох сты. Рæзгæ фæсивæд уыдысты йæ ныфс, йæ фидар æнцой.Куыд алы стыр поэт, афтæ Хетæджы – фырт дæр бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста сывæллæттæн. Уыдон йæ зæрды уыди хицæн чиныгæй рауадзын. Суанг ма йын ном дæр æрхъуыды кодта- «Мæ хæрзæггурæггаг Иры сывæллæттæн». Æмæ, æцæгæйдæр, Къостайы алы æмдзæвгæ дæр хæрзæггурæггаджы хуызæн у кæцыфæнды чиныгкæсæгæн дæр. Поэт фæсивæдæн фæндагамонæг у рухсмæ, амондмæ, ахуырады бæрзæндтæм.
Æмдз. «Зæрватыкк», «Кæмæн цы…»
1-аг амонæг. Йе сфæлдыстадæн Хетæгкаты Къоста æрмæг æмæ сюжеттæ иста, йæхи цæстæй цы уыдта, йæхæдæг цы зыдта, уыдонæй. Уæлдай фылдæр та фыста фыййæутты цардыл, йæхæдæг цытæ æвзæрста, уымæй. Йæ уацмысты сюжеты нæй тыхарæзт бынæттæ.
Æмдз. «Æрра фыййау». (равдыст)
2-аг амонæг. « Иу хатт дæр рафæлдахын «Ирон фæндыр»-ы сыфтæ, иннæ хатт дæр, кæсыныл фæвæййын. Æмæ-диссаг, алы хатт дæр дзы ссарын исты ногдзинæдтæ, ныронг кæй никуыма бафиппайдтон, зынаргъ хæзнайы ахæм æвæрæнтæ. Афтæмæй йæм бакæс,- æмæ –хæрз къаннæг, дæ риуы дзыппы дæр æй авæр. Фæлæ, æвæццæгæн, раст амоны адæмон æмбисонд «сыгъзæринæй бирæ нæй»
(Абайты Вассойы ныхæстæ).
Æмдз. «Бирæгъ æмæ хърихъупп». (равдыст)
1-аг амонæг.
Цæмæн хъулон уарзтæй уарзынц Иры дзыллæтæ Леуаны номдзыд фырты? Уымæн æмæ сæ Коста йæхæдæг дæр афтæ бирæ уарзта. Уымæн æнæкæрон зынаргъ уыдысты йæ райгуырæн бæстæ йæ хæхтæ æмæ дæттимæ, йæ дæлвæзтæ æмæ æхсæрдзæнтимæ, æппæты фылдæр та уарзта йæ мæгуыр, фæлæ сæрыстыр адæмы.
Æмдз. «Ныстуан»
(Хонгæ кафт) (Хъуыбады).
2-аг амонæг. «Адæм cæрыстырæй мысынц уыцы лæгты, сæ национ гении æххæстдæрæй, кæй ном æвдисы. Англисаг адæмæн сæ сомыгæнæг у Шекспир, немыцæн – Гете, италийæн – Данте, Уырысæн – Пушкин.
Мах, ирон адæм та ард хæрæм Костайы номæй. Æмæ нæ зæрдæ уымæй у уæлдай рухс, нæ сæр дзы хæссæм бæрзæндты.»
Абайты Васо. 2.
«Къостамæ» Хетджы фырт, о Къоста тæхуды.
К уаис ма нæ дзыллæтæн æгас!
Де стыр цыт æндон хохау нæ цуды,
Рухс хурау – дæ цæстыты æнгас.
Ракæс ма, нæхи Къоста, дæ Ирмæ,
Фехъусæм дæ фæрнæйдзаг хъæлæс!
Наргомы сæууон цъæх арвы ирды!
Ехх, дæуыл куы фæцин кæнин æз!
(Ирон мелоди).
1-аг амонæг: «Ирон фæндыр» у нæ хæзнаты хæзна, у нæ цин æмæ нæ хъыг, нæ уарзт æмæ нæ маст, не ‘рдхæрæны чиныг. Йæ алы рæнхъ дæр арвау нæры, йæ алы дзырд дæр кардау кæрды. Æнусон у Къостайы фарн ирон зæххыл. Цæй æмæ сæххæст кæнæм нæ номдзыд лæджы фæстаг фæдзæхст: «Кæрæдзи уарзгæ цæрут, ме ‘фсымæртæ!»
Æмдз. «Нарты хъæбул».
Сыгъзæрин фест, бæркадхæссæг фæззæг!
Æз дæу æппындæр ницæимæ барын.
Ды Ирæн радтай зæдыхуызæн лæг.
Нæртон хъæбул – ирон гении – Къостайы!
Æрттив, ыстъалы, зонды суадон-уаз!
Нæ удты ‘ртауы уæд æдзух дæ сагъæс,
Ирон хъуыддæгты, рухс фæндты-ахъаз,
Къостайы кад, тъымы-тъыматæм ахæсс
2-аг амонæг. Абоны цыбыр равдыст уын бацæттæ кодтой Джызæлы 1-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ. Æмæ уын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй ирон дзырды фарнæй хайджын уат! Фæлтæрæй- фæлтæрмæ, æнусæй- æнусмæ, кадджынæй- кадджындæр кæнæд ирон æвзаг! Бæрæгбоны хорзæх нæ уæд, не ппæты дæр!
3.
3.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг
Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...
Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»
Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»...
Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».
Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....
Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ
1. Басняйы текст равзарын. 2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...
«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).
Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...
СЦЕНАРИ ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ РАЙГУЫРДЫ БОНМÆ
коста сценарий...