: «Хӕлӕрттӕй цух чи у ,уый цины дӕр ӕмӕ зындзинады дӕр иунӕг у» (Гӕдиаты Ц. «Дыууӕ дидинӕджы») 6 кълас
план-конспект урока (6 класс)

Ахуыргӕнӕг : Челдыты М.К.

Урочы нысантǽ:

1.Скъоладзауты базонгӕ кӕнын Цомахъы цыбыр биографиимӕ.

 2.Бакёсын ёмё равзарын уацмыс «Дыууё дидинёджы» сёйраг хъуыды, ǽрдзурын йӕ жанрыл

3.Скъоладзауты ахуыр кӕнын ӕмбалдзинадӕн ,ӕрдхорддзинадӕн аргъ  кӕнын, бахъуыды рӕстӕг сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыныл, хорз хӕлар уӕвыныл

Урочы фǽлгонц: Урочы фёлгонц: презентаци ,  къулы газет- плакат, ахуыргёнён чингуытё, ёмбисёндтё ёмё ёмдзёвгётё хёлардзинады тыххёй, сывёллётты конд нывтё «Мё хуыздёр хёлар».

Техникон фæрæзтæ: компьютерон тест программæ «Генератор тестов»-ы  ,ахуыргæнæн чиныг , ахуыргæнæджы презентаци, сывæллæтты проектон куыст, сывӕллӕтты иллюстрацитӕ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gadiaty_ts._dyuua_didinadzhy.docx45.77 КБ

Предварительный просмотр:

Темǽ:  «Хёлёрттёй цух чи у ,уый цины дёр ёмё зындзинады дёр иунёг у»  (Гёдиаты Ц. «Дыууё дидинёджы») 6 кълас

Ахуыргӕнӕг : Челдыты М.К. 

Урочы нысантǽ: 

1.Скъоладзауты базонгӕ кӕнын Цомахъы цыбыр биографиимӕ.

 2.Бакёсын ёмё равзарын уацмыс «Дыууё дидинёджы» сёйраг хъуыды, ǽрдзурын йӕ жанрыл

3.Скъоладзауты ахуыр кӕнын ӕмбалдзинадӕн ,ӕрдхорддзинадӕн аргъ  кӕнын, бахъуыды рӕстӕг сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыныл, хорз хӕлар уӕвыныл

Урочы фǽлгонц: Урочы фёлгонц: презентаци ,  къулы газет- плакат, ахуыргёнён чингуытё, ёмбисёндтё ёмё ёмдзёвгётё хёлардзинады тыххёй, сывёллётты конд нывтё «Мё хуыздёр хёлар».

Техникон фæрæзтæ: компьютерон тест программæ «Генератор тестов»-ы  ,ахуыргæнæн чиныг , ахуыргæнæджы презентаци, сывæллæтты проектон куыст, сывӕллӕтты иллюстрацитӕ.

Этапы нысан

Ахуыргæнæджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Технологитæ

Компетенцитæ (арæхстдзинæдтæ)

Скъоладзауты сразæнгард кæнын урок райдайынмæ

Уё бон хорз, сывёллёттё ӕмӕ уазджытё!                   

Сывæлæттæ дæттынц кæрæдзийæн салам. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц.

Проблемон уавæр саразын

Коммуникативон: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

Урочы цыд.

Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы темæ  сбæрæг кæнынæн

-Сывӕллӕттӕ, цӕмӕй базонӕм абон урочы цӕуыл дзурдзыстӕм , цӕй кой кӕндзыстӕм, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм хӕдзармӕ нын цы лӕвӕрд уыд , уый.

Сывӕллӕттӕ, цы базыдтат Цомахъы тыххӕй?

Сывӕллӕттӕ дзурынц, хӕдзармӕ сын цы лӕвӕрд уыд , уый

1. Бацёттё кёнын цыбыр нывёцён «Мё хуыздёр хёлар»

  2. Ныффыссын ёмбисёндтё ёцёг ёмё мёнг хёлардзинады тыххёй.

3.  Скъоладзаутёй иуён рагацау уыди лёвёрд бацёттё кёнын цыбыр биографи ёмё презентаци «Гёдиаты Цомахъ- сёрибарыл тохгёнёг»

Цомахъ уыди  сёрибаруарзаг, сыгъдёгзёрдё ирон лёппу, кёцы цёттё уыди мёгуыр , ёфхёрд адёмы тыххёй йё уд раттын.Цас фылдёр ын цард йё размё ёвёрдта зындзинёдтё, уыйас йё уацмыстё кодтой аивёй-аивдёр, хъёздыгёй-хъёздыгдёр. Аргъ кодта хистёртён, уарзта ёмё рёвдыдта кёстёрты, уёлдай бёрзонддёр ёвёрд  ём уыд  ёмбал, ёрдхорд , ёмгар. Ёнёуынон ын уыдысты хъал, ёнёрвёссон,хиуарзон адём.Диссаг ём каст, цымё куыд ис цёрён ёнё хорз ёмгарёй,ёрдхордёй…

Проблемон уавæр саразын

Проектон куыст

Коммуникативон: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

Зонындзинӕдты актуализаци

Зонындзинӕдтӕй пайда кӕныны этап

Чиныгимӕ куыст

Аулӕфт

-Куыд бамбӕрстат, афтӕмӕй нё абоны урокмё  ёрбамбырд кодта  ирон адёмон поэт, прозаик,драматург, литературон критик Гёдиаты Цомахъ ёмё йё уацмыс «Дыууё дидинёджы» .

-Фыдёлтёй баззад: «Иунёг бёлас- халонбадён» Куыд ӕмбарут ацы ӕмбисонд? Райхалут йӕ хъуыды.

.

-  Уымён фёзёгъынц : «Хорз хёларён аргъ нёй».

-Куыд уӕм кӕсы , сывӕллӕттӕ, цӕуыл дзурдзыстӕм ацы урочы?

Ёмгёртты ‘ хсён цы хёлардзинад равзёры, уый хъахъхъёнын хъёуы стыр хёзнайау. Нё фыдёлтё-иу  афтё дзырдтой: « Алцёмёй ёххёст адёймаг чи фёагуры, уый ёнё ёмбалёй баззайы» Уыцы миниуджытё равдыста йё прозёйё фыст ёмдзёвгё «Дыууё дидинёджы» Гёдиаты Цомахъ.Ёвёццёгён уём сёвзёрд фарст , цымё цы у прозёйё фыст ёмдзёвгё, зёгъгё?

Прозёйё фыст ёмдзёвгё у прозёйы хуызы фыст цыбыр лирикон уацмыс. Йё эмоционалон ёмё ритмы хицён хуызы руаджы хёстёг лёууы ёмдзёвгёйы хуызы ныхасмё…

Кёсгё-кёсын фембёлдзыстём ахём зынёмбарён дзырдтыл:

Лёзёрыс-расползаться,

Фёлм-мгла,туман,

Дыдзыхур-последние слабые лучи заходящего солнца

- Ёрхъуыды ма кёнём семё хъуыдыйёдтё

-Сывёллёттё, цёмёй уё зёрдёмё ноджы тынгдёр райсат авторы хъуыды , уый тыххёй  уын ёй  7-ём къласы ахуырдзаутё бацёттё кодтой цыбыр театралон равдысты хуызы. Табуафси, байхъусём сём лёмбынёг

-Уё зёрдёмё фёцыди?

- Куыд ёвдыст ёрцыд ёрдз радзырды райдиан?

-Чи дзы сты сёйраг архайджытё?

-Куыд дары йёхи хёххон дидинёг?

-Быдирон та?

-Цавёр дзырдтёй пайда кёны хёххон дидинёг быдырон дидинёгимё ныхас кёнгёйё? Ссарём сё тёксты ёмё сё бакёсём.

-Цёуыл дзурёг сты ацы ныхёстё?

-Цы у нё бон зёгъын быдырон дидинёджы тыххёй та?

-Цы хоны быдырон дидинёг царды рёсугъддзинад?

- Куыд ивы дарддёр ёрдз йёхи? Цёмён?

- Цы хоны фыссёг дымгё?

- Цёуылнё бамбёрста дымгё быдырон дидинёг?

-Ссарём ёмё бакёсём куыд дары йёхи ёрдз радзырды кёрон?

- Зёгъут- ма, кёцы дидинёджы тыххёй нё бон зёгъын у ёмбалуарзаг,цёстуарзон,фёл-мёнзёрдё?

-.Цавёр ёмбисёндтё ёрлёууыд уё зёрдыл уацмыс бакёсгёйё?

-Чи уё зоны ёмдзёвгётё хёлардзинады тыххёй?

Рагёй ёрёгмё ирон адём хёларёй цёрынц ёмгаримё, сыхагимё, иннё адёмимё. Адёймагён цас фылдёр хёлёрттё уа, уыйас кёны ныфсджындёр, амондджындёр. Нё тёрсы уёд царды зындзинёдтёй, цёлхдуртёй, фёлварёнтёй

Хӕлардзинады , ӕмгардзинады тыххӕй

Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.

Сывӕллӕттӕ  лӕвӕрд дзырдтӕ фыссынц сӕ тетрӕдты

Дзурынц сӕ хъуыдыйӕдтӕ

Дзурынц сӕ хъуыдытӕ

Сывӕллӕттӕ  чиныгӕй кӕсынц хъуыдыйӕдтӕ

Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ. Хӕссынц дӕнцӕгтӕ.

Тексты хъӕугӕ ӕрмӕг ссарын

Проблемон уавæр саразын

Проблемон уавæр саразын

Проблемон уавæр саразын

Хибарæй куыст

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын.

Коммуникативон: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй; хи хъуыдытæ æргом кæнын ныхасы нысан æмæ уавæрмæ гæсгæ

.Регулятивон: хи архæйдтыты фæтк хибарæй сбæлвырд кæнын; хъæугæ информаци ссарын æмæ рахицæн кæнын.

 Базонæн: Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

Рефлекси.Урочы хатдзӕгтӕ.

Бæрæггæнæнтæ

Хæдзармæ куыст

 Ёмбалён аргъ кёнын ирон адёмён йё туджы ис. Ёртёккё уын ёз бакёсдзынён нё фыдёлтё скифты тыххёй иу таурёгъ.

(Лукианы новеллё «Токсарид ӕмӕ хӕлардзинад» )

-Уё зёрдёмё фёцыд?                ( сывёллёттё дзурынц сё хъуыдытё)

- Байхъусём –ма зындгонд адёймёгтё хёлардзинады тыххёй цы зёгъынц, уымё.

1.Хёлардзинад – ёмбалады тёккё уёлдёр къёпхён.         М.  Горький.

2.Зон, адём хёдардзинады ёдзухдёр амондджын сты. Кабус

3.Дунейы хёлардзинадёй хуыздёр ёмё амондджындёр ницы ис: цардёй хёлардзинад аппар, уёд уый уаид дуне хуры рухсёй фёцух кёнынау. Цицерон

4.Иу ёцёг хёлар дёр кёмён нёй, уымён йё цардницы у. Демокрит           Кабус

5.Нёй хёлёртты уынынёй стырдёр циндзинад, нёй хёлёрттй фёцух уёвынёй зындёр

Рудаки.                                                              

  - Цёуыл нё ахуыр кёнынц  зындгонд адёмы ныхёстё?                                                                  

- Чи ма фыста хӕлардзинады тыххӕй? Кӕй ныхӕстӕ зонут?

Ёрдзурын урочы эпигрёфыл, нысантыл.

-  Иу къорд ӕххӕст кӕнынц  синквейн, иннӕ къорд кластер

-Урок уё зёрдёмё фёцыд?Цёмёй?

- Цы базыдтат ногёй ацы урочы?

- Стыр бузныг, сывёллёттё.Мё зёрдё уын зёгъы, уё царды мидёг уё фёйнё фарс цёджындзау фидар лёууой уё цёстуарзон,ёмгёрттё

Ахуыргӕнӕг ӕвæры бæрæггæнæнтæ, цыбыр анализ ахуырдзауы куыстæн кæнгæйæ

1. Цомахъы биографи зонын

2. Зёрдывёрдёй сахуыр кёнын « Дыууё дидинёджы»

Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ

Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдыйӕдтӕ.

Иу къорд ӕххӕст кӕнынц синквейн, иннӕ къорд кластер

Сæ куыстæн, куыстæн аргъ кæнынц, сæ размæ ног нысантæ æвæрынц

Бæрæг кæнынц къордты куыстæн аргъ

Чиныджы æрмæгмæ кæсынц

Рефлекси

Ахуырдзауты дзургæ дзу

ӕппытæ

Чиныгимæ куыст

Коммуникативон: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй; хи хъуыдытæ æргом кæнын ныхасы нысан æмæ уавæрмæ гæсгæ

.Регулятивон: хи архæйдтыты фæтк хибарæй сбæлвырд кæнын; хъæугæ информаци ссарын æмæ рахицæн кæнын.

 Базонæн: Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ГОМ УРОК «Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секъайы радзырд «Мад æмæ фырт» - ы

Темæ:«Сæрибармæ тырнындзинад Гæдиаты Секайы радзырд ...

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

ДЫУУÆ ЗÆРВАТЫЧЧЫ ÆМÆ ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ АРГЪАУ

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ "ДЫУУÆ ЗÆРВАТЫЧЧЫ ÆМÆ ДЫУУÆ СЫХАДЖЫ АРГЪАУ"...

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...