Къостайы цыртдзæвæн – цымыдисаг архитектурон комплекс
материал

Доклад «Къостайы цыртдзæвæн – цымыдисаг архитектурон комплекс»

Скачать:


Предварительный просмотр:

 Мадæлон æвзаг зонын æмæ уарзын  у Райгуырæн бæстæ зонын æмæ уарзыны нысан. Уый ирон царды хæрзты бындур  у, ирон царды хæрзтæ та фыдæй фыртмæ  фæлтæрæй фæлтæрмæ хъуамæ цæуой.

«Ирон  авзаг! Мæ зынджы хай, мæ арт!

Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй.

Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тавсæй

Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.

Дæ норст цæхæрæй равзæрдысты Нарт.

Дæ фарны хъар, дæ маст æмæ дæ уарзтæй

Нæхи Къостайæн сæнусон йæ цард».

Ирон нывæфтыд ныхас, ирон литературæ куы фæзæгъæм, уæд нæ цæстытыл фыццаджыдæр ауайы Къоста.  Куыд бирæвæрсыг  уыд йæ  курдиат ,куыд ахадыдта йæ алы дзырд дæр! Къостайы  уацмыстæ бацыдысты дунеон культурæйы  хæзнадонмæ. Хетæджы- фырт æппæтæй  уæлдæр  æвæрдта Сарибар, йæ адæмы амонд æмæ ирон дзырды фарн.

Къостайы хуыздæр æмбарынæн æххуыс сты йæ рæстæджы цæрæг адæймæгты мысинæгтæ.

Байхъуысæм ма дзы цæлдæрмæ.

Тугъанты Махарбег  фыста: «Сау бæзджын сæрыхъуынтæ, стыр  сау цæстытæ уыд Къостайæн. Лæгæй – лæгмæ йæ хорз чи зыдта, ахæмтæ куыд  дзурынц, уымæ гæсгæ  Хетæджы -фырт бæрæг дарта йæ фидæрттæ арæзтæй: уæхскæй  фæтæн, нарæгастау , асæй рæстæмбис , хæрзконд гуырыконд. Кæд – иу иудадзыгдæр  хуымæтæг  дарæсы цыд, уæддæр хæрзаивай. Тарбын морæ

цухъхъа  æмæ фæлурс куырæт. Йæ æрмадзы  иу куы куыста, уæд – иу йæ уæлæ скодта уæрæх æмæ парахат урс хæдон, ронæн та – цокораджын астæубос».

Къоста йæ æмдзæвгæтæ  «Чи дæ?» æмæ «Салдат»-ы равдыста йæ уæлæдарæсы æрфыст.

  1. Морæ фæсмынæй дæ  буц хъæбулы зæрдæ

Нал æсрухс кодтай, мæ мад!»

  1. «Мæ хæдон – четæнæй,

Мæ куырæт – кæттаг,

Мæ цухъхъа  - цъæх тынæй

Нæхи  хохбæстаг».

Æфсанвæндаджы кусæг Томайты Мате  йæ мысинæгты Къостайы тыххæй  фыссы: «Æгас Гуры зылды  дæр паддзахы инæлар Амилахварийæ хъæздыгдæр нæ уыд. Æлдариуæг  кодта Цхинвалмæ хæстæг  хъæу Сатихъарыл  дæр.

Хъæуы цæрджыты курдиатмæ гæсгæ  1902 азы сæрды Къоста Арвы комы фæндагыл ссыд Тифлисмæ. Адæмы  хъуыддагыл зилгæйæ, Къоста цард мæ хæдзары.

Иу изæр мæм æрбацыд фондз æмæ  дыууиссæдз азмæ хæстæг кæуыл цыдаид, ахæм нæлгоймаг. Асæй – рæстæмбис, йæ уæлæ фæныкхуыз куырæт, йæ сæрыл сау бухар худ, сау боцъотæ йын. Йæ бакаст уыд сæрæн. Ахуыргонд, интеллигентон адæймаджы хуыз ын уыд.

Хатыр ракургæйæ йæ куы  афæрстон, чи дæ, загъгæ, уæд мын дзуапп радта :

«Æз Хетæгкаты Къоста дæн». Æмæ йыл тынг бацин кодтон.

Хетагкаты Къоста  фылдæр уарзта ирон уæлæдарæс, уæлдай адджын ын уыд бæгæныхуыз куырæт, тар хæдон, кæнæ цъæх цухъахъа .

Херсоны уæвгæйæ Къостайы бафæндыд йæ куырæт европæйаг костюмæй аивын, цæмæй йæм къаддæр кæсой уынгты. Аннæмæ фыссы: «В тот же день, как я приехал, я пошел и купил себе 2 крахмальные сорочки, галстук, запонки и черную пару (!!!) Надо же, думаю, явиться европейцем, а то явлюсь в черкесске, - они меня сразу же оскандалят, отобрав у меня кинжал. Принес я свой наряд в номер, стал приспособлять его к своей грации. Ужас! Я не мог даже приладить галстук. Вспомнил я себя тогда в роли  Ботова в пятигорском кружке  и со мной сделался истерический припадок…Ну, думаю, вас – к черту! Не надену! Пусть и кинжал отберут, пусть и в тюрьму засадят – не надену…к черту! Сбросил я все с себя и повесил их на стену . Так моя черная  пара и осталась без визитов по начальству…Отправился  я в своей серой черкеске, в чесучовом бешмете да в серой папашке…Ну, думаю,держись Херсон!»

Хетагкаты Къоста стыр аргъ кодта ирон уæлдарæсæн. Йæ сурæт дæр ын афтæмæй арæхдар фенæм скульптурон  цыртдзæвæнты æмæ алыхуызон нывты.

Дзæуджыхъæуы Ирон театры цур Къостайы цыртдзæвæн чи нæ федта, ахæмтæ стæм разындзæн. Цыртдзæвæн æвæрд æрцыди 16 января 1955 азы. Кæд æнкъард  æмæ уазал зымæгон бон уыд, уæддæр бæрæгбонмæ æрбамбырд сты Цæгат Ирыстоны алы къуымтæй. Цыртдзæвæны скульптор у Тауаситы Сосланбег, йæ архитектор Измаил Гайнутдинов. Сæ дыууæ дæр хорзæхджынгонд  æрцыдысты паддзахадон хæрзиуджытæй.

Хуынд уазджыты хсæн уыдысты Расул Гамзатов , Николай Атаров, Алим Кешоков, Александр Яшин, Гаглойты Федыр æмæ иннæтæ.

Цыртдзæвæны мемориалон къæйыл фыст ис: «Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайæн  Советон Цæдисы Хицауадæй».

Цыртдзæвæн адæмы зардæмæ тынг кæй фæцыд, уый тыххæй йæ аразæг скульптор Тауаситы Сосланбегæн  саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны АССР-йы адæмон нывгæнæджы кадджын ном.

Мæнæ куыд дзырдта Сосланбег цыртдзæвæныл кусгæйæ:

«Образ  Коста владел мной с юношеских лет. Все, что касалось жизни и творчества поэта, меня необычайно глубоко волновало… Уже в те годы у меня зародилась мысль воплотить образ поэта в скульптуре, но вплотную начал работать над ней в 1941-1942 гг. .. Десятки эскизов  привели меня к окончательному, проверенному опытом и временем решению образа поэта. Этот памятник-знак горячей любви народа к своему великому поэту».

Уæдæ ма бæстондæр æркæсæм Тауаситы Сосланбег Хетагкаты Къостайы цымыдисаг архитектрон комплексы цы арф хъуыды бавæрдта, уымæ.

Цыртдзæвæн дардæй фенгæйæ дæр бæрæг сты  Къостайы удыхъæды  хицæндзиндтæ: хæларзæрдæ, фидар æмæ уæндон уæвыны, размæ, рухсмæ  тындзыны миниуджытæ. Йæ къухы  чиныг æрбалхъивгæйæ кæсы дардмæ. Бæрæгæй зыны йæ мидхъару – æрлæууæн, æруромæн ын кæй нæй йæ нысанмæ фæндагыл.

Цыртдзæвæнмæ фæстæрдыгæй бакæсгæйæ дæр уынæм, скульптор Къостайы ирон уæлæдарæсы куыд сфæлыста, уый.

Дардмæ зынынц йæ басылыхъы  боцкъотæ, коцора æмæ суанг сæ алдымбыдтæ дæр.

Нæ цымыдисдзинад ма аздахæм цыртдзæвæны алыварсы фæлгонцадмæ. Скульптор йæ архитектурон комплекс саив кодта мрамор къæйтæй. Цыртдзæвæны фæстæ сæ равæрдта рæсугъд ирон даргъ фæхс бандонау , сæ къæхтæ сын саив кодта, къæлæтджыныл цы нывæфтыдтæ вæййы, æхæмтæй. Бандоныл æнцонгæнæнтæ дæр сты фæлтæргай  мрамор  (къæйамад) ома фæлтæрты хсæн бастдзинад, раст гæнахы сисау, фæлыст сты рæсугъд ирон нывтæй. Алы фæлтæры дæр  дзы – дыууæ цæртхуынчъы. Уыдон та сты мæсыгæй топпрауадзæнты (сисдзæфты) хуызæн.

Мрамор къæйтæй амад  тымбылгонд  бандæтты  æнцойгæнæнты сисгæндтыл дыууæрдыгæй дæр рарæгъ сты æнгуырстуаны кæнæ тымбыл худты хуызæн тымбылæгтæ расугъд ирон нывæфтыдгондæй.

Уыдоны бирæтæ бафиппайынц, фæлæ цы сты, уый алчи нæ рахаты. Уыдон бæрцытæ сты. Цырты фæйнæфарс бæндæтты æнцойгæнтыл дыууæрдыгæй дæр сæ нымæц иу у. Раст цыма Къостайы цухъхъайæ æрхызтысты æмæ йæ фæйнæ фарс рарæгъ сты, уыйау.

Ирон театры  рдæм дыууæрдыгæй бандæтты æхсæн куы бæкъахдзæф кæнай, уæд мрамор сисамадыл дарддæр нæ цæст æрхæцдзæн æртыгай тымбылæгтыл. Уыдон дæр сты ирон  нывæфыдытæй  аивгонд.

Сæ сæрыл – дыгай коритæ. Уыдон та Къостайы басылыхъы  боцкъотæ алдымбыдтæ сты, сæ коцоратæ та бамбырд сты къориты.

Зил Къостайы цыртдзæвæны алыварс ,кæс æм  лæмбынæг, ахуыр æй кæн, æмæ зæрдæ кæддæриддæр байдзаг вæййы  æхсызгондзинадæй. Сæрыстырдзинад  нæм æвзардзæн Къостайыл хъуыды кæнгæйæ, йæ цыртдзæвæныл ын афтæ биноныг чи бакуыста, уыцы скульптор Тауаситы Сосланбегæй, йæ курдиатджын ирон адæмæй.

Мæ ныхасы кæронбæттæн мæ зæгъын фæнды ацы æрмæгыл кусгæйæ мæм цы  рæнхъыты равзæрд, уыдон:

«Сæрыстырæй фæзæгъæм  мах: «Къоста»,

Уырыс фæзæгъынц: «Генион уыд Пушкин!»

Нæ уарзон Ирæн нарон лæг фыста ,

Йæ къухфыст махæн иугæнæг æдзухдæр.

Левана сын  , любимец наш Коста,

Года проходят, имя твое вечно.

Осетии ты «Горная звезда»,

Свети в небесном своде бесконечно…

                                     Бузныг!!!


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ

КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ  КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ...

Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг

Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»

Темæ урока: Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад,æмдзæвгæ «Сагъæс»...

Урок по теме"Къостайы сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок"

Урок повторение по творчеству Коста Хетагурова....

Урок. Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН". (Фæрнион Къостайы очерк "Хъæбатыр цæргæсмæ гæсгæ).

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæр...

Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».

Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....