Урочы темӕ: «Царды уӕззау цалх тулы, тӕригъӕд никӕмӕн кӕны, йӕ быны чи фӕвӕййы, уый ныцъцъист кӕны» таурæгъ «Хъуды абырджытӕ» -ӕм гӕсгӕ.
план-конспект урока (8 класс)

«Царды уӕззау цалх тулы, тӕригъӕд никӕмӕн кӕны, йӕ  быны чи фӕвӕййы, уый ныцъцъист кӕны» таурæгъ «Хъуды абырджытӕ» -ӕм гӕсгӕ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon hudy_abyrdzh.doc39 КБ

Предварительный просмотр:

Дзантиева Елена Антоновна

учитель осетинского языка и литературы,

МБОУ СОШ №3

г. Владикавказ

Научно - методическая разработка урока

Урочы темӕ: «Царды уӕззау цалх тулы, тӕригъӕд никӕмӕн кӕны, йӕ  быны чи фӕвӕййы, уый ныцъцъист кӕны» таурæгъ «Хъуды абырджытӕ» -ӕм гӕсгӕ.

Урочы нысантӕ:

  1. Скъоладзауты зонгӕ кӕнын абырджыты цардимӕ. Ӕрдзурын сӕ аххоссӕгтыл, цӕй фӕдыл схауӕггаг сты.

  2. Æвзарын уазӕг ӕмӕ фысымы ахастытӕ.

3. Рӕзын кӕнын скъоладзауты зӕрдӕты сӕрыстырдзинад, лӕгдзинад, уазӕгуарзондзинад.

  Урочы эпиграф:   Ӕз нӕ хастон къӕлӕт, ӕз нӕ уыдтӕн цагъар,

          Ӕз сӕрибар мӕ уды йас уарзтон.

                                                      Нигер «Ӕз нӕ хастон къӕлӕт..»

Урочы цыд.

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
  2. Хӕдзармӕ куыстыл бакусын.

-Чи уыд Мачъидон Алыксан?

-Цы домы скӕсӕйнаг паддзах ӕмӕ йын цы дзуапп дӕтты Алыксан?

-Чи ӕххуыс кодта Алыксанӕн?

-Цавӕр рӕдыд фӕндагыл адзӕгъӕл?

-Цавӕр зонд райста цӕсты стӕджы хабарӕй?

3.Ног ӕрмӕг.

-Ахуыргӕнӕджы раныхас.

Таурӕгъ «Хъуды абырджыты» мидисимӕ зонгӕ кӕнын.

Ирон адӕм ӕмӕ хицауады ахастытӕ нын ӕвдисы таурӕгъ « Хъуды абырджытӕ». 19-ӕм ӕнусы райдианы  Гуырдзыстон  Уӕрӕсеимӕ  куы баиу, уӕд гуырдзиаг ӕлдӕрттӕ ӕмӕ паддзахы хицауад ӕмвӕндӕй Хуссар Иры ӕвӕрдтой сӕхи фӕтк, ӕфхӕрдтой адӕмы. Уыцы цаутӕ уынӕм ацы таурӕгъы. Ирон адӕм нӕ быхстой  ӕлдарады закъонтӕ, фидар лӕууыдысты тыхмиты ныхмӕ, ӕфхӕрдӕн дзуапп лӕвӕрдтой ӕфхӕрдӕй. Адӕмы бартыл чи тох кодта, йӕ намыс чи хъахъхъӕдта, уыцы хъӕбатыр лӕппуты-иу  бахъуыд сӕ хъӕутӕй ацӕуын, хъӕдты ӕмӕ хӕхты цӕрын.

 

Дзырдуатон-лексикон куыст:

Хъуд-Хуссар Ирыстоны хъӕу, ком.

Абырӕг –Октябры революцийы агъоммӕ: ӕхсӕнадӕй,туджджынтӕй кӕнӕ хицӕуттӕй чи алыгъд ӕмӕ, хӕтгӕ цардгӕнгӕйӕ, уыдонимӕ чи тох кодта, ахӕм гӕрзифтонг адӕймаг.

Ӕфцӕг-хохы рагъ ныллӕгдӕр кӕм у, фӕндаг кӕуылты цӕуы ӕмӕ адӕм дыууӕрдӕм кӕуылты хизынц, уыцы бынат.Перевал.

Суанцъы-таган, треножник(железный обруч на ножках, для приготовления пищи).

Ӕхсон- зынг -иу кӕмӕй рацагътой, уыцы тынг фидар дуры лыггаг.Кремень.

Зных-1.Бӕласыл чи зайы, уыцы зокъо. 2.Ахӕм зокъойӕ бӕрӕг бакуысты фӕстӕ кӕй растӕуы ӕмӕ ӕхсон дуры цӕхӕрӕй чи ссудзы, уыцы ӕртгӕнӕн фӕлмӕн ӕрмӕг. Трут.

Къӕлуа-цӕкуыйы (сысджыйы) ссадӕй конд хӕринаг, чысыл ыл дон ӕмӕ цыхт дӕр акӕнынц.

2)Бакаст  уацмысыл ӕрдзурын.

- Цавӕр афӕдзы афон ӕвдыст цӕуы таурӕгъы?

-Чи сты Хъуды абырджытӕ?

-Хицауадӕн сӕ сӕ бон цӕуылнӕ уыд ӕрцахсын? Адӕм нӕ зыдтой кӕм цӕрынц уый?

-Цӕмӕн сфӕнд кодтой сӕ бынат аивын? Цы хъуыды кӕнынц цӕуыны размӕ?

-Цавӕр зынтӕ ӕййафынц сӕ фӕндагыл?

-Тогойты мӕсыгыл цы фыст уыдис? Цы нысан кӕнынц?

-Кыд сӕ суазӕг кодта Колыты Хила?

-Цӕуыл дзурӕг сты ацы рӕнхъытӕ: «Мӕсыг дзӕгъӕлӕй баззадис Ӕлбегаты къуылдымыл, фӕлӕ йӕм уӕддӕр ӕфсад нӕ уӕндыдысты…»

-Уазӕг ӕмӕ фысымы ахастытӕ кӕм ӕвдыст цӕуынц, уыцы бынӕттӕ ссарын ӕмӕ равзарын.

 -Абарын  Тогойты ӕмӕ Хилайы, куыд фысымтӕ, афтӕ.

-  Тогойтӕм фидар мӕсыг уыд,фӕлӕ цы хъуаг уыдысты? (Лӕгдзинад, ӕхсар, ныфс,ӕфсарм).

-Абарын  «Хуыцауы азар»-ы абырӕг  Пируз  ӕмӕ  Хъуды абырджыты.

Æрхæссын дæнцæгтæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйæ.

Цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

-Сбӕрӕг кӕнын таурӕгъы темӕ ӕмӕ идейӕ.

Уацмысы темӕ. Абырджыты цард  ӕмӕ адӕмы цӕстӕнгас …

Уацмысы идейӕ. Рӕстдзинад ӕмӕ сӕрибар цардыл тох адӕмы сӕрвӕлтау.

Чиныгимӕ куыст.  Уацмыс аивгӕнӕн мадзӕлттыл бакусын.

3)Къордты куыст.1-аг къорд.

    Ссарын ӕмбисӕндтӕ.

        «Йӕ цонг йӕ буарӕй чи ралыг кӕндзӕн».

        «Арв куыд нӕры, афтӕ нӕ цӕвы».

        «Бон цӕуы ӕмӕ фарн йемӕ хӕссы».

        «Бирӕгъау куы фыр ӕфсӕст, куы фыр стонг».

        «Лӕг иу бон райгуыры, иннӕ бон амӕлы».

        «Фӕлмӕн къӕрмӕг ницӕмӕн бӕззы бахъуыды сахаты».

« Хистӕрӕн йӕ фындз амӕрз ӕмӕ йӕ зондӕй бафӕрс».

«Лӕджы сӕр цы нӕ бавзардзӕн цӕргӕ-цӕрын».

« Кӕй уӕрдоны бадай, уый зарӕг кӕнын хъӕуы».

«Уазӕг кӕмӕ нӕ цӕуы, уый бынтон сӕфт у, кад дзы нӕй адӕмы  ӕхсӕн».

«Удӕгас адӕймаг цыдӕриддӕр ӕрхъуыды кӕндзӕн».

2-аг къорд

 Ссарын таурӕгъы  ӕлгъыстытӕ.

«Ацы мӕсыджы чи бада ӕмӕ дзы тӕссӕй чи рахиза йӕ хуылфӕй, уымӕн- иу куыдзы бӕлӕгъы дон ныччындӕуӕд.Кӕд мӕсыг фӕцуда знаджы къухӕй кӕнӕ ныккӕла йӕхигъӕдӕй, уӕд-иу йӕ амайӕг мӕрдты авд дӕлдзӕххы ныххауӕд  дӕлдӕр».

3-аг къорд

 Ссарын ӕрдзы ӕрфыст.

Уыдис ӕрӕгвӕззӕг…

Зымӕг йӕ кӕнон кодта…

-Цӕмӕн сӕ ссардтам, цы пайда сты уацмысӕн?

4.Скӕнын хатдзӕгтӕ.

 Рубайты Тотырадз, Такъӕты Цыппу, Исараты Сугъар ӕмӕ Цӕболты Гайтийы  хуыдтой абырджытӕ, фӕлӕ растдӕр уыдзӕн уыдон сӕрибарыл тохгӕнджытӕ хонын. Стыр лӕгдзинад равдыстой  Хъуды лӕппутӕ. Бавзӕрстой бирӕ зынтӕ, бирӕ фыдбонтӕ, фӕлӕ сӕ тох нӕ ныууагътой, нӕ басастысты.

Рефлекси

-Æз базыдтон…

-Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…

-Зын мын уыд…

-Сæвзæрд мæм ахæм хъуыды…

Ахуыргӕнӕг : «Тогойты мӕсыгау фидар ут! Уарзут уӕ райгуырӕн бӕстӕ, дзурут уӕ мадӕлон ӕвзагыл!»

5. Хӕдзармӕ куыст:

Иу ӕмбисонды бындурыл ӕрфыссын нывӕцӕн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Статья "Хетæджы таурæгъ".

Статья в газете...

Сценарий праздника "Героическая Тула", посвященный 80й годовщине обороны города-героя Тулы

Сценарий посвящен празднованию 75-летия обороны города-героя Тулы.Оборона Тулы продолжалась 43 дня с 24 октября по 5 декабря  1941 года.  Эта операция  прервала наступление на Москву...

Темæ: «Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр цард хуыздæр у!

Эпигрæф урокмæ:Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!Нафи...

Урочы тема: «Царды скъола.» Хетӕгкаты Къостайы поэмӕ «Чи дӕ?» - мæ гæсгæ.

Конспект урока осетинской литературы во владеющей группе....