Тема урока: «Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у!»
план-конспект урока (6 класс)

Маргиева Циала Абрамовна

                                ИРОН ÆВЗАДЖЫ У

  Урочы темæ: «Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у!»

              (грамматикон темæ - номивæджы морфологион æвзæрст)

 

  Урочы эпигрæф:

  О мад, сызгъæрин мад, дæ хæрзтæй

  Ды кæныс кæстæрты æнгом.

  Тæхуды,зароеджы ныхæстæй,

  Æнусон чи скæндзæн дæ ном.

                      Денджызты Д.

 

Урочы цыд.

  1. Ахуыргæнæджы разныхас мады тыххæй (ирон музыкæйы фоныл).

  2. Скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ мады тыххæй.

  3.Ахуыргæнæг: Уæдæ, цымæ, куыд рæвзæрд «нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр», сæ рæсугъддæр?

«Мад» у рагон индоевропæйаг дзырд. Бирæ æвзæгты ис ныр дæр ма чысыл фонетикон ивддзинæдтимæ, фæлæ йæ нæ рагон хæстæджытæ - Памиры хæхты цæрæг адæм - дзурынц 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon tehnologicheskaya_karta.doc37.5 КБ

Предварительный просмотр:

                                ИРОН ÆВЗАДЖЫ У

  Урочы темæ: «Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у!»

              (грамматикон темæ - номивæджы морфологион æвзæрст)

  Урочы эпигрæф:

  О мад, сызгъæрин мад, дæ хæрзтæй

  Ды кæныс кæстæрты æнгом.

  Тæхуды,зароеджы ныхæстæй,

  Æнусон чи скæндзæн дæ ном.

                      Денджызты Д.

Урочы цыд.

  1. Ахуыргæнæджы разныхас мады тыххæй (ирон музыкæйы фоныл).

  2. Скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ мады тыххæй.

  3.Ахуыргæнæг: Уæдæ, цымæ, куыд рæвзæрд «нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр», сæ рæсугъддæр?

«Мад» у рагон индоевропæйаг дзырд. Бирæ æвзæгты ис ныр дæр ма чысыл фонетикон ивддзинæдтимæ, фæлæ йæ нæ рагон хæстæджытæ - Памиры хæхты цæрæг адæм - дзурынц мах хуызæн - мад.

  Рагон индиаг æмæ персайнаг æвзæгты, Авестæйы хъуысти - матар. Махмæ дæр уыцы фонетикон хуызы баззад бирæон нымæцы - мадæлтæ. Ам ирайнаг р ирон æвзаджы рахызти л - мæ. Уырыссаг дзырд «Мать» æмæ ирон «Мад» равзæрдысты иу бындурæй

  Фарст: Куыд дзырдта раздæр хъæбул йæ мадмæ? Ирон литературæйы дæр бирæ уацмысты фембалдыстæм асы дзырдима.(Нана, гыцци, æна, дзыцца).

  4. Слайд «Таймуразы зарæг» - æй скъуыддзаг»:

  Гъей, Дзыцца, ды цæрай,

  Дæ иунæг Таймураз

  Не схæсдзæн йæ сæрмæ

  Æгады цæрæнбон.

 Фарст: - Ирон фыстджытæй ма кæй уац мысы æмбæлынц ацы рæнхъытæ?(Хъуылаты С.).

  - Нысангонд дзырдтæ цавæр ныхасы хайттæ сты?(Номивджытæ)

  5. Ахуыргæнæг: Абон нæ размæ цы хæстæ ис, уыдонæй иу у номивæджы хуызтæ сфæлхат кæнын, номивæджы морфологион æвзæрстыл æрлæууын кæнæм рацыд æрмæг хъазты хуызы «Чи лæмбынæгдæр у?» (Ахуыргæнæг барæй рæдыдтытимæ дзуры раиртæстытæ лæмбынæг хъусынц æмæ раст кæнынц ахуыргæнæджы).

  Зæгъæм:

  1) Номдар у ныхасы хай, æвдисы предметы архайд æмæ дзуапп дæтты фæрстытæн чи? цы?

  2) Миногонтæ вæййынц иумæйаг æмæ сæрмагонд.

  3) Нымæцон у ныхасы хай, æвдисы предметы аууæл æмæ дзуапп дæтты фæрстытæн цавар? цыхуызæн?

  4) Сæ арæзтмæ гæсгæ нымæцонтæ вæййынц: бæрцон, рæнхъон, дихон, мурон.

  5) Номивæг у ныхæсы хай, æвдисы предмет æмæ дзуапп дæтты фæрстытæн цал? цас? кæцы?

  6) Слайд «Сраст кæнут рæдыдтытæ» æмæ сын сæ растфыссынад бацамонут:

  Мæ хицæн,амоджын, чи дæриттæр, йæ хæдæг, ныййарæг, æфтдæс, рæссугъдæр

  Слайд «Дзырдуат» (дзырдуатыл бакусын).

  6. Текстыл куыст: таурæгъ «Хъæбулы рис мады зæрдæмæ цæвы»).

  (Компьютеры экрантыл - текст. Бакæсыны размæ - дзырдуатон куыст, равзарын дзырдты нысаниуæг:

  хъæбул, тæрхон,дзырддзæугæ, куырыхон, Ныхас).

  Хæслæвæрдтæ текстимæ:

  1) Скъоладзаутæ текст дыккаг хатт кæсынц, æвæрынц цухонд дамгъæтæ.

  2) Тæургъы мидис хи ныхæстæй радзурын.

  3) Текстæн кæрон æрхъуыды кæнын.

  4) Фæрстыты руаджы бакусын сæйрæг хъуыдийыл.

  5) Бæрæггонд хъудийад раффысын æмæ йæ равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

  6) 2-аг абзацæй раффыссын номивджытæ, сæ хуызтæ сын бацамонын

  7. Ног темæмæ рахизын: Номивæджы морфологион æвзæрст.

  1) Равзарын пълан.

  2) Ныффысын хъуыдыад:

     Мадæн йæ цæф дæр нæ риссы.

    (Æрдзурын æмбисонды хъуыдыйыл. Ссарын номивæг æмæ йæ пъланмæ гæсгæ равзарын).

  8. Æмбисæндтыл букусын. (Плакаттыл фыст æмбисæндтæ æвзарынц, 2 æмбисонды дзы тетрæдты ныффыссын)

  9. Ахуыргæнæг æвдисы слайдтæ экраныл æмæ дзуры Къостæйы тыххæй, Абайты Васо йæ мæдæн цы стыр аргъ кодта, уый тыххæй.

  (Слайдтæ «Къоста»,«Леуан æмæ Мария», «Абайты Васо»). Бакæсын скъуыдзаг - Васойы ныхæстæ йæ мады тыххæй.

  «Мах дуг»№11- 12.2000аз.

  10. Фысгæ куыст: - Саразын дзырдбæстытæ дзырд «Мад»-имæ.

  (хæларзæрдæ, зондджын, фæразон, фæлмæн, сæрæн, архъуыдыджын, кадджын, агъдауджын æмæ а. д.).

  11. Хæс: Копмпьютеры сныв кæнут, цæимæ абариккат мады,уый.Зæгъут,цæмæ равзæрст ахæм ныв? (Сывæллæтты хъуыдытæм байхъусын).

  12. Байхъусын мадыл фыст зарæгмæ.

  13. Урокæн хатдзæгтæ скæнын.

  14. Экраныл фыст: Слайд «Мæ мадæн мæ зæрдæ зæгъы...»,«Мæ мад амондджын кæд уыдзæн...»

  (Скъоладзаутæ хъуыды кæнынц æмæ зæгъынц сæ хъуыдытæ: иутæ 1 - аг темæйыл, иннæтæ та- 2-аг темæйыл).

  Хæдзармæ куыст-ныффысын сочинени «Мад хъæбулæн йе стъæлы, йæ хур у».


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок музыки в VI классе. Тема урока: Сказочные образы в музыке. Опера «Снегурочка» Н.А.Римского-Корсакова. (2-й урок по данной теме)

VIкласс. Тема урока: Сказочные образы в музыке. Опера «Снегурочка» Н.А.Римского-Корсакова. (2-й урок по данной теме)Тип урока:  урок-сценарий.Цель:  Показать жизнеутверждающую красоту музыки...

Урок в 7 классе Учитель: Беляева Т.А. Тема 1: The World Teenagers\' Competition Тема урока- Учимся описывать людей Разработка урока

Цели урока: совершенствование навыков монологической речи по теме «Описание человека»; закрепление материала по теме «Словообразование: суффиксы прилагательных»;тренировка навыков орфографии....

Урок русского языка в 7 классе. Тема урока: « В стране изученных наречий» Тип урока : обобщающее повторение по теме « Наречие».

Цели  урока : 1) обобщить знания по теме « Наречие» ; 2)развивать умения  правильно  применять изученные правила ; 3) совершенствовать умения и навыки , связанные с нахождением наречий ...

План-конспект открытого урока по астрономии в рамках районного семинара.Тема урока: «Атмосферное давление».Тема урока: «Агрегатные состояния вещества».

«Развитие и поддержка талантливых и одаренных детей в системе воспитания и дополнительного образования детей....

Разработка урока и презентации к уроку. Тема программы: Огневая подготовка, тема урока: "История создания АК-47, неполная разборка и сборка автомата", тема презентаций:"История АК - 47" и "АК - 47 составные части"

При создании электронной потемной папки мною был собран материал по теме программы "Огневая подготовка", переработав который у меня получилась разработка урока "История создания АК-47, неполная разбор...