Исса Плиев
план-конспект урока (6 класс)
Предварительный просмотр:
Урочы темæ: «Иры кадджын фæдон»
(Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ»-мæ гæсгæ)5-æм кълас
Урочы нысантæ:1.Базонгæ кæнын скъоладзауты Плиты Иссæйы цардвæндагимæ
2.Ныхасы рæзтыл,аив кастыл бакусын.
3.Бæстæзонæн æрмæджы æххуысæй скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ,ирон номдзыд адæммæ.
Урочы фæлгонц:презентативон æрмæг,дзырдуæттæ,нывтæ,къулыл газет,докладтæ.
Урочы эпиграф: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр,уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй»
Петр Павленко
Урочы цыд.
1.Скъоладзауты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ.
Ахуыргæнæг:Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ бинонта,йæ мад!
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ рæзгæ бонты цард!
(«Фыдыбæстæ».Кочысаты М.)
-Æцæгæйдæр,алы адæймагæн дæр зынаргъ сты йæ бинонтæ дæр,йæ мад,йæ цард дæр.Фæлæ фыдгул ныййарæг зæхмæ куы æрбалæбуры,уæд адæймадж æрбайрох вæййы йæ цард дæр æмæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны тыххæй тохы бацæуы.Никуы ферох уыдзысты нæ бæстæйы адæм хæсты быдыры цы сгуыхтытæ равдыстой,зæххы къори фашизмæй куыд фервæзын кодтой,уыдæттæ.
Уæлахизы азфысты сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны сахъгуырдты нæмттæ дæр.Æмæ мах абон сæрыстыр стæм не сгуыхт æмбæстæгтæй,хæсты быдыры лæгдзинад чи равдыста,сæхицæн æмæ Ирыстонæн кад æмæ ном чи скодта,уыдонæй.
Хæдзармæ лæвæрд æрмæг сбæрæг кæнын.
-Абонмæ уæ хъуыди бацæттæ кæнын цыбыр проектон-иртасæн куыстытæ.
Дыууæ къордæн дæр лæвæрд уыди иумæйаг темæ: «Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц».Фæлæ ма уыцы иумæйаг темæйæ уæлдай, алы къорд дæр хъуамæ йæ проектон куыстæн йæхæдæг æрхъуыды кодтаид дæлбар темæ.Равзæрстам алы къордæн дæр разамонджытæ æмæ ныхасы бар уыдонæн.
Скъоладзау:Мах бацæттæ кодта хъусынгæнинаг æмæ мультимедион презентации Доййаты Дауыты тыххæй.Нæ куысты темæ у : «Зæххыл цы стырдæр тох æрцыд,гъе уым ирон туг дæр ныккалд»(Плиты Грис).Нæ ныхас нæ райдайын фæнды Кочысаты Мухарбеджы ныхæстæй:
«Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,
Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр
Дæу хъахъхъæнæг сау айнæг хохау
Æрлæууыдтæн фидар æз дæр».
(Проекты æрмæг:хъусынгæнинаг,презентаци,зарæг).
Ахуыргæнæг:Кæд уæ искæмæ фæрстытæ ис?Кæд исты нæ бамбæрстат?
Скъоладзау:Æз нæ бамбæрстон дзырд –æрдæгсакъадахы нысаниуæг Скъоладзауы дзуапп:Æрдæгсакъадах-полуостров,сакъадах-остров.
Дыккаг къорды проектон куыст . Сколадзау :Махæн та нæ проекты темæ у: «Ирон лæг куд бæрзонд у дæ кад».
(Проекты æрмæг:хъусынгæнинаг,къулы газет,мультимедион презентации,киноныв,зарæг). Скъоладзауты фæрстытæ: Æз нæ бамбæрстон дзырд-балхонæджы нысаниуæг. Скъоладзауы дзуапп:дзырд балхонæг арæзт у дыууæ хайæ(бал+хонæг)=балхонæг.Ома къорд йæ фæстæ кæны.
Ахуыргæнæг:Мæнмæ дæр ис фарст. Уæ ныхасы райдианы загътат,зæгъгæ,Плиты Иссæ райгуырдис зæронд Бæтæхъойы хъæуы.Цымæ кæм ис уыцы хъæу?(Дзуапп)
-Проекты куыст цас æнтысджынæй рауад уый сбæрæг кæнын.
Ахуыргæнæг:Тынг хорз бацæттæ кодтат нæхи нæ урокмæ.Цы æрмæг æрæмбырд кодтат,уымæй раст æмæ иттæг хорз спайда кодтат.Уæ презентацион æрмæг кæрæдзийы фæдыл раст фæткыл равæрдтат.Фæлæ ма мын зæгъут,цы ис иумæйагæй Доййаты Дауыт æмæ Плиты Иссæйы хсæн?
Скъоладзау:Дыууæйæ дæр сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Хъæбатыртæ.Дауыт дæр æмæ Иссæ дæр равдыстой стыр хъæбатырдзинад æмæ хæстон зонындзинæдтæ тохы быдыры.Сæ нæмттæ хæссынц уынгтæ,скъолатæ.Æвæрд сын ис цыртдзæвæнтæ.Дыууæйæ дæр æнæкæрон уарзтæй уарзтой Фыдыбæстæ.
Ахуыргæнæг:Куыд федтам, афтæмæй бацæттæ кодтат Плиты Иссæйы къулыл газет,алыхуызон æрмæг дзы спайда кодтат,афтæмæй.Цымæ Иссæйы хуызæн лæгæн йæ мад æмæ йæ фыд та цавæр адæ уыдысты?(презентацион æрмæг).Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй Иссæ ныгæд ис Хъæбатырты Аллейæйы.Иссæйы портреттæ нывгонд æрцыдысты Ирыстоны къæдзæхтыл дæр.Егъау цыртдзæвæн æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы Плиты Иссæйы номыл фæзуаты.Йæ автортæ –скульптор Тотиты Барис æмæ Ходты Микъала(1997).
Презентацийы æрмæг(цыбыр киноныв «Монумент»).
Ахуыргæнæг:Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны монумент,абоны урочы темæйы æрмæг кæимæ баст уыдзæн?(Дзуæппытæ).
2.Ног æрмæг.
Нæ урочы темæ: «Иры кадджын фæдон»(слайд). Урочы эпиграфæн райстон Петр Павленкойы ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр,уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй»(слайд).
-Куыд æмбарут ацы ныхæстæ?Нæ урочы сæ кæй тыххæй ис зæгъæн? Скъоладзау: Доййаты Дауыт æмæ Плиты Иссæйы тыххæй.Уыдон нæ фæхудинаг кодтой ирон лæджы ном. Сæхи равдыстой намысджын хæстонтæй.
Ахуыргæнæг: Ахæм хæстонтæй кæй равдыстой сæхи,Хъæбатырты зарджытæ дæр сыл уый тыххæй скодтой адæм.Плиты Грис та Иссæйыл ныффыста æмдзæвгæ «Æртхудæгдон».(хистæр кары скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæ).
Дзырдуатон куыст:(слайдтæ).
Ахуыргæнæг:Ацы дзырдтыл фембæлдзыстут радзырды.Æмæ сын кæд исчи зоны сæ нысаниуæг,тæлмац,синонимтæ.
Надвæндаг-утрамбованная дорога
Къæсхуыртæ арæзт-фыдхуыз,мæллæг
Саулагъз-смуглый
Тындзгæ цыд-тагъд
Х.с. Баситы М. радзырд аивадон æрхъуыды æмæ æцæгдзинадыл арæзт кæй у,уый бамбарын кæнын скъоладзаутæн.Бакæсын æмæ равзарын Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ».
3.Беседæ(слайд)
Ахуыргæнæг:Цы зæгъы автор Плиты Иссæйы хæстон курдиаты тыххæй?(Чиныгимæ куыст)
-Цавæр сгуыхтыты тыххæй радтой Иссæйæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном дыууæ хатты?
-Иссæ Ирыстонæн,ирон адæмæн цавæр кад скодта?
-Хæххон цæргæс æй цæмæн хоны фыссæг?
-Адæм Иссæйы ном кæй нæрох кæнынц,уый цæмæй бæрæг у?
Х.с .Радзурын Бекойты Солтаны мысинæгтæй( «Плиты Иссæ»).
Ахуыргæнæг :Афтæмæй Иссæйæн базонгæ стæм йæ царды хабæрттимæ,йе ддаг сурæтимæ.Æмæ цымæ ахæм лæгæн та йæ хъæлæс,йæ ныхасыхъæд та цавæр уыд?(скъоладзауты хъуыдытæ).
Фæлладуадзæн рæстæг(хъусынц Иссæйы хъæлæсмæ).
4.Æрмæг бафидар кæныны куст.
Нæ абоны темæ куыд бамбæрстат, уый мæ сбæрæг кæнын фæнды синквейнты фæрцы.
Хæс.Алчидæр уæ саразæд иу синквейн номдар инæлар-ыл.Æмæ йæ уæ тетрæдты ныффыссут.Ахуыргæнæгæн æххуыссæн дæнцæг.
1.Инæлар 2.Хъæбатыр,фидардзаст 3.Тындзы,хæцы,тох кæны 4. Ирон кадджын лæг 5.Балхонæг.
1.Инæлар 2.Хæрзæлвæст 3.Бæрзонд 4.Уарзы,зоны,тох кæны 5.Командæгæнæг.
5.Хатдзæгтæ.Уæдæ куыд базыдтам,афтæмæй Плиты Иссæ ирон лæджы кадджын ном дæлæмæ не руагъта,фæлæ йæ бæрзонддæр къæпхæнмæ систа.Æмæ махæн та нæ хæс у,уыцы кад дæлæмæ ма æруадзын.Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххай хъæуы æгъдауджын уæвын,хорз ахуыр кæнын,хистæртæн кад кæнын æмæ Райгуырæн бæстæйы патриот уæвын.
6.Рефлекси.
Ахуыргæнæг:Нæ урочы ногæй цы базыдтат?Уæ зæрдæмæ дзы цы фæцыдис,кæнæ цы нæ фæцыдис,зæгъут уæ хъуыдытæ.
Скъоладзауты дзуæппытæ:
-Æз урочы базыдтон, Плиты Иссæйы номыл нæ горæты музей кæй ис,уый.
-Мæнæн та мæ зæрдæмæ фæцыдис музейы кусджытæ Иссæйы хиуæтты ингæнтæм кæй зилынц,уый.
-Æз та базыдтон инæлары ном кæй хæссынц бирæ горæтты уынгтæ.
Скъоладзаутæн бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
7.Хæдзармæ куыст.
1.Уацмыс «Инæлар Плиты Иссæ»-йы аив каст.
2.Ныффыссын цыбыр нывæцæн: «Уæлахизы кадджын бон».
3.Скъоладзаутæн арфæйы ныхæстæ зæгъын æмæ сæ афæндараст кæнын.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Методическое сообщение «Постановка корпуса и плие в народно-сценическом танце» Автор Унгурян Н.А. преподаватель хореографии НГ МБОУ ДОД "ДШИ"
Народная хореография в как сценическое искусство имеет свою специфику и, следовательно, свою систему воспитания и обучения....
Презентация Исса Плиев
Исса Плиев - верный сын осетинского народа....
Ҡол Ғәли "Йософ ҡиссаһы"
Ҡол Ғәли "Йософ ҡиссаһы"...
Презентация "Исса Плиев"
Презентация "Танцы Кавказа"...
Презентация на тему Плиев Грис "Мать"
Презентация на тему Плиев Грис "Мать"...
Тема урока Плиев Грис. Стихотворение "Пепельница"
Исса Александрович Плиев, дважды герой Советского Союза, генерал армии. Он был командующим кавалерией в ВОВ. Внес свой вклад в разгроме фашистов. Один эпизод из его жизни описал его близкий родственни...
"Выдающиеся деятели Осетии. И.А. Плиев" 21.05.2020г.
Исса Александрович Плиев (12 (25) ноября 1903 — 2 февраля 1979) — советский военачальник, генерал армии. Дважды Герой Советского Союза, Герой Монгольской Народной Республики.Родился в селе...