«Зымæгон сырддоны»
план-конспект урока (5 класс)
Предварительный просмотр:
Урочы темæ: «Зымæгон сырддоны»
Урочы нысан: сфæлхат кæнын рацыд лексикæ лæвæрд темæйæ, сахуыр кæнын раст хъуыдыйæдтæ аразын
Урочы хуыз: виртуалон экскурси хъазты элеметтимæ
Урочы æрмæг :проект-презентаци,пазлтæ,уыци- уыцита,хуызджын нывтæ. . Кълас фæлыстгонд у алыхуызон сырдты æмæ цæрæгойты нывтæй.
Урочы бастдзинад : æрдззонынад, биологи, географи.
Урочы цыд:
Ι.Бацæттæгæнæн хай. Сывæллæттæн салам раттын.
- Уа бон хорз. Абон мын уæлдай æхсызгон у нæ фембæлд. Мæнмæ гæсгæ, сымахæн дæр. Уæ цæстæнгасæй æмбарын, цымыдис уын кæй у нæ фæзуаты фæлыст, уый.
-Сбадут. Уæдæ цымæ цавæр бынат уæ зæрдыл æрлæууыд? /Сырддон.Хъæд.-могут ответить и так/.
-Нæ ныхасы сæр ,уæдæ ,абон цы уыдзæн?/сывæллæттæ дæттынц дзуапп/
- Раст.Мæнæн абон ис æххуысгæнæг. Цæй æмæ байхъусæм ,бакæсæм Алан цы проект бацæттæ кодта ,уымæ
.Индивидуалон хæс. /Ахуырдзау комментаритимæ æвдисы интерактивон фæйнæгыл индивидуалон хæс- иртасæн куыст «…»/
-Бузныг.Кæд , мыййаг, искæмæ фарст ис, уæд раттæд Аланмæ./Сывæллæтты фарстæн дзуапп дæтты/.
Нæ балцы фæндагыл æмбæлдзыстæм алыхуызон сусæгдзинæдтыл.Сымах та сæ æргом кæндзыстут уæ зонындзинæдты фæрцы. Фæндараст. /Уымæй уæлдай, сымахæн хæс уыд- сфæлхат кæнын рацыд лексикæ.Ныртæккæ мах бафæлвардзыстæм нæ ныхасы пайда кæнын уыцы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй.
/Къæйтты куыст./
Уый уыдзæн хъазты хуызы «Экскурси сырддонмæ».Къæйттæй цæуæм сырддонмæ.Равзардзысты кæцы сырды тыххæй дзурдзысты, уый æмæ йæ разы æрлæудзысты. Иу у амонæг, дзуры цæрæгойы тыххæй, иннæ та – йæ уазæг; фæрсы экскурсоводы.Хъазты кæрон равзардзыстæм хуыздæр къай./Алы къайы фæстæ дæр урочы æндæр этап./
Ахуыргæнæг фæлмæн рахызт кæны урочы иннæ этапмæ.
Интерактивон фæйнæгыл куыст .Дыууæ цæджындзæй дзырдтæ.Цæй æмæ бафæлварæм дыууæ цæджындзы дзырдтæ баиу кæнын. Номдартæ миногонтимæ.Сывæллæттæ æххæст кæнынц хæс цæттæ сыфтыл. Иу ахуырдзау та фæйнæджы раз. Фæлæ баззайдзысты НОГ дзырдтæ.
Стай сæрыстыр
Арс зылынкъах
Бирæгъ тугдзых
Саг сыкъаджын
Рувас хинæйдзаг
Тæрхъус тæппуд
Дзæбидыр къæрцхъус
Теуа фæразон
Маймули къæйных
Пыл тыхджын
Сывæллæттæн раттын 3 дзырдуаты : ссарын дзырдтæн сæ тæлмац.Бакусын сæ растдзурынадыл.Баиу сæ кæнын хъæугæ дзырдтимæ. Саразын семæ цыбыр хъуыдыйæдтæ.
Къордты куыст. Ахуыргæнæг дæтты пазлтæ. « Чи тагъддæр». .Æмбырд кæнынц сырдты нывтæ.Зæгъын цавæр хæйттæй арæзт сты./къæдзил,хъустæ,къæхтæ,гуыр,рихитæ/
Зæгъут- ма, цы хæрынц цæрæгойтæ, сырдтæ? Куыд сæм зилынц зымæгон сырддоны?
Улæфты рæстæг. «Реуа-реуа».
Къордты куыст. Текст саразын хъуыдыйæдтæй
Хатдзæгтæ. Цы текст æрæмбырд кодтой, уым æмбæхст ис урокæн йæ хъуыды.
Рефлекси.
Хæдзармæ куыст- ацæуын сырддонмæ, ахæссын холлаг,сисын къамтæ равдыстæн.
Бæрæггæнæнтæ.