Тема урока: "Фæд дзуры. Рувас. Бирæгъ"
план-конспект урока
Предварительный просмотр:
Темæ: «Æмæ урс къæрид кæрцы
Рабадт салдзачъе зымæг».
Фæд дзуры. Рувас. Бирæгъ.
(2 кълас)
45-æм гимназы
Ирон æвзаджы ахуыргæнæг
Хуыгаты Ж.И.
Темæ : Фæд дзуры. Рувас. Бирæгъ.
Нысантæ: 1.Тексты мидис раргом кæнын, бæстæзонæн æрмæгæй
зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæнын.
2.Хъæддаг цæрæгойтæм уарзондзинад гуырын кæнын,
цымыдисдзинад сæм рæзын кæнын.
3. Раст, æмбаргæ æмæ аив кæсын ахуыр кæнын, дзургæ ныхасы
аивдзинадыл кусын.
1.Бацæттæгæнæн рæстæг.
Дзæнгæрæг ныыццагъта,
Райдыдта урок.
Мах ирон æвзагыл
Дзурдзыстæм та ног.
2.Сывæллæтты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ.
- Абон урочы уæ дзуаппытæн аргъ кæндзыстут ахуыргæнæджы
бæсты æмæ куыд бакусат, уымæ гæсгæ уæхæдæг æвæрдзыстут бæрггæ –
нæнтæ.
Фæнды мæ, цæмæй хæларзæрдæ дарат кæрæдзимæ, æххуыс дæр иу
акæнат, чи фæкъуылымпы уа, уыдонæн.
3.Рацыд æрмæгыл кусгæйæ, къуылымпытæ кæм æййафынц, уый сбæрæг
кæнын.
- Баххæст кæнут æмдзæвгæйы рæнхъытæ:
Тар хъæды цæры тæрхъус
Зымæджы бынтон… (ысурс)
Хъуамæ миты хуызæн уа
Æмæ макæмæ…( зына)
Арс йæ лæппынимæ хъазы
Атылд портийау йæ… (разы)
Давы кæрчытæ, хæры,
Фæлæ тар хъæды… (цæры)
- Цæуыл дзурдзыстæм урочы? (хъæддаг сырдтыл)
- Мах абалц кæндзыстæм зымæгон хъæдмæ.
4. Хæдзармæ кустæй афæрсын.
Цалдæр скъоладзауы дзурынц æмдзæвгæ зæрдывæрæй «Митгæлæбу»
- Куыд æмбарут æмбисонд:
- Бирæйы тых бирæ у.
Хатдзæг: митгæлæбутæ бирæ куы вæййынц, уæд зæхх урс-урсид фестын кæнынц, кæд бакæсгæйæ хæрз гыццыл сты, уæддæр.
5.Ног æрмæгмæ бахизæн.
Экраныл æвдыст цæуы зымæджы ныв «Зымæг хъæды»
- Нæ балц у зымæгон хъæдмæ. Тынг уазал у, фæлæ мах фæразон стæм.
- Зымæгмæ адæймагæй уæлдай чи фæцæттæ кæны йæхи?
(Сырдтæ, мæргътæ)
- Кæд бæлæстæ сæхи зымæгмæ рабæгънæг кæнынц æмæ фынæй фæкæнынц, уæд сырдтæ та куыд арвитынц зымæг?
( сывæллæттæ сæ хъуыдытæ дзурынц )
- Кæмæн зындæр цæрæн у зымæджы: хæдзарон цæрæгойтæн æви хъæддаг сырдтæн? ( хъæддаг сырдтæн)
Экраныл куыдз æмæ бирæгъы ныв.
Ахуыргæнæг кæсы Уалыты Лавренты æмдзæвгæ:
Дымгæ зары цары тары,
Дымгæ митуазал хæссы,
Уæртæ кæрты куыдз йæ кæрцы,
Кæс, къуыбылойау хуыссы.
Къуыппыл уæлæ хъæуы уæлæ
Бирæгъ бады ‘мæ кæсы:
Фыстæй нал фæуадзид фист дæр,
Фæлæ Милайæ тæрсы.
Интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуынц хæдзарон цæрæгойтæ æмæ хъæддаг сырдтæ.
- Арвитут- ма хæдзарон цæрæгойты сæ хæдзæрттæм, уыдонæн сæ хъарм бынæттæ æмæ холаг цæттæ сты.
Мах та сырдты фæдыл араст уыдзыстæм зымæгон хъæдмæ.
Релаксаци
Музыкæмæ гæсгæ равдисын уæззау арсы цыд, тæрхъусы гæпп-гæпп, рувасы къæдз-мæдз цыд, бирæгъы хъавгæ сæпп-сæпп.
Скъоладзаутæ æвдисынц сæ проектон куыстытæ « Рувас», Арс».
- Сывæллæттæ, сымах зонут куыд ис базонæн сырдты сæ фæдмæ гæсгæ?
Ныртæккæ текст лæмбынæг бакæсдзыстæм æмæ йæ базондзыстæм.
6. Дзырдуатон куыст:
Рæхыс
Дзæмбы
7.Текст кæсы ахуыргæнæг.
- Куыд базонæн, ис цавæр сырд уыдис ацы ран уый ?
(Фæдмæ гæсгæ)
Ахуырдзаутæ кæсынц текст «Рувас».
- Цавæр фæд ис рувасæн?
( Экраныл æвдыст цæуы рувасы фæд)
- Ссарут- ма тексты рувасы фæды æрфыст æмæ йæ бакæсут.
Хибарæй бакæсын текст «Бирæгъ».
- Цы базыдтат бирæгъы фæды тыххæй?
- Цавæр цæрæгойы фæдты хуызæн сты?
8.Скъоладзау интерактивон фæйнæгыл æвдисы проектон куыст «Куыдз æмæ бирæгъы фæдтæ».
Хъазты хуызы йе ‘мкъласонтæм дæтты фæрстытæ ,уыдон та дзуаппытæ дæттынц, куыдзы фæдтæ хæдзармæ аразынц, бирæгъы фæдтæ – хъæдмæ.
9. Хибарæй куыст.
Скъоладзаутæ дыууæ къордыл дих кæнынц.
- Нæ балц дарддæр кæнæм. Мах уыдзыстæм фæдагурджытæ. Цымæ сарæхсдзыстæм?
Ахуыргæнæг дæтты къордтæн фæйнæ сыфы сырдты фæдты нывтимæ.
Хæс: базонын, цавæр сырды фæдтæ сты? Радзурын уыцы сырды тыххæй.
Цалынмæ къордтæ дзуапп цæттæ кæнынц, уæдмæ хъуысы хъæлдзæг музыкæ. Музыкæ куыддæр æрлæууа, афтæ дзуапп хъуамæ цæттæ уа.
- Куыд кæсын, афтæмæй уæ хорз фæдагурджытæ рауайдзæн.
10. Беседæ « Æрдз хъахъхъæнын хъæуы» ( хъомыл. куыст).
- Сырдты фæдтæ хуыздæр чи фæзоны?
( цуанон, хъæдгæс)
- Куыд уæм кæсы, алкæмæн дæр бар ис сырдтыл цуан кæнын?
(ахуырдзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ)
Хатдзæг: æрдз хъахъхъæнын хъæуы. Сырдтæ дæр æрдзы хай сты.
11. Хæдзармæ куыст.
- Чысыл радзырд хъæддаг сырды тыххæй æрхъуыды кæнын. (1 къорд)
2.Тæрхъуысы тыххæй æрмæг бацæттæ кæнын - презентаци. ( 2 къорд)
12. Рефлекси.
- Нæ урочы нысан цавæр уыди?
- Сæххæст æй кодтам?
- Цы баззыдтат урочы?
- Цавæр хъуыдытæ уæм равзæрд?
- Цымыдисаг уæм цы фæкаст урочы?
13. Бæрæггæнæнтæ.
- Сывæллæттæ, ныр та ма уæхицæн бæрæггæнæнтæ сæвæрут, чи куыд бакуыста урочы, уымæ гæсгæ.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок музыки в VI классе. Тема урока: Сказочные образы в музыке. Опера «Снегурочка» Н.А.Римского-Корсакова. (2-й урок по данной теме)
VIкласс. Тема урока: Сказочные образы в музыке. Опера «Снегурочка» Н.А.Римского-Корсакова. (2-й урок по данной теме)Тип урока: урок-сценарий.Цель: Показать жизнеутверждающую красоту музыки...
План-конспект урока по английскому языку во 2 классе. «Forward». Английский язык: 2 класс: учебник для учащихся общеобразовательных учреждений; под ред. проф. М. В. Вербицкой. Тема урока: «Сафари-парк». Урок №2 по теме.
Развернутый план-конспект с указанием приемов и методов....
Методическая разработка урока литературы по теме «Творчество Сергея Есенина»(11 класс). Тема урока - «Голубая Русь» Сергея Есенина. Тип урока –урок-исследование.
Знакомство со стихотворениями С.Есенина, посвящёнными теме родины, с творческим методом поэта....
Урок в 7 классе Учитель: Беляева Т.А. Тема 1: The World Teenagers\' Competition Тема урока- Учимся описывать людей Разработка урока
Цели урока: совершенствование навыков монологической речи по теме «Описание человека»; закрепление материала по теме «Словообразование: суффиксы прилагательных»;тренировка навыков орфографии....
Урок русского языка в 7 классе. Тема урока: « В стране изученных наречий» Тип урока : обобщающее повторение по теме « Наречие».
Цели урока : 1) обобщить знания по теме « Наречие» ; 2)развивать умения правильно применять изученные правила ; 3) совершенствовать умения и навыки , связанные с нахождением наречий ...
План-конспект открытого урока по астрономии в рамках районного семинара.Тема урока: «Атмосферное давление».Тема урока: «Агрегатные состояния вещества».
«Развитие и поддержка талантливых и одаренных детей в системе воспитания и дополнительного образования детей....
Разработка урока и презентации к уроку. Тема программы: Огневая подготовка, тема урока: "История создания АК-47, неполная разборка и сборка автомата", тема презентаций:"История АК - 47" и "АК - 47 составные части"
При создании электронной потемной папки мною был собран материал по теме программы "Огневая подготовка", переработав который у меня получилась разработка урока "История создания АК-47, неполная разбор...