Урок родного языка и литературы.
рабочая программа

Туганова Таиса Астемировна

урок осетинского языка и литературы

Скачать:


Предварительный просмотр:

Ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы уроктӕ  интеграцийы бындурыл аразыны мадзӕлттӕ.

Фӕстаг рӕстӕг иумӕйаг методикӕйы зӕрдиагӕй архайынц скъоладзауы йӕ мадӕлон ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ  сразӕнгардгӕнӕн фӕрӕзтӕ ссарыныл.Ахӕм  мадзӕлттӕй иуыл нымад сты иугонд (интерактивон) уроктӕ, кӕцытӕ аразынц хорз фадӕттӕ ахуырадон предметы бындурыл бацамонынӕн.  Методикӕйы интегративон урокыл нымад у , уыцы иу фарстайыл алыхуызон ахуырадон предметы бындрыл ныхас кӕм  цӕуы, ахӕм.

            Методикӕйы историмӕ  бӕстондӕр ӕркӕсгӕйӕ раиртӕстой скъолайы практкӕйы иугонд уроктӕй предметы хсӕн бастдзинады хуызы рагӕй пайдагонд кӕй цӕуы. Иугонд урокты ӕмбарынад,сӕ хуызтӕ ӕмӕ хицӕндзнӕдты тыххӕй та  ахуырды фарстатыл дзургӕйӕ фыццаг хатт йӕ хъуыды загъта уырыссаг ахуыргонд К. Д. Ушинский. Куырыхон педагог куыд  бафиппайдта, афтӕмӕй сывӕллон цас къаддӕр у,уый бӕрц  фӕлмӕцаг дӕр у уыцы иухуызон архӕйдтытӕ раив-баив кӕнгӕйӕ йӕ бон у фылдӕр рӕстӕг кусын.  Архӕйдтыты ивынад сывӕллонӕн  у хи  ирхӕфсыны  фӕрӕз.   Сывӕллон кӕсынӕй куы  бафӕллайа, уӕд ӕй  бафтауын хъӕуы фыссыныл,ныв кӕныныл, ныманыйыл, ӕмӕ бафиппайдзыстут,ногӕй та кӕсынмӕ раздӕхгӕйӕ бӕлвырд кӕй  фӕрӕвздӕр уыдзӕн.   Ацыфиппаинагӕй К. Д.Ушинский спайда кодта абетӕ кӕсын-фыссын ахуыр кӕнынӕн аналитико- синтетикон метод амонгӕйӕ.  Ахуыргондмӕ гӕсгӕ ацы метод аразы хорз уавӕртӕ кӕсын ӕмӕ  фыссыны процестӕ баиу кӕныныл.   К.Д.Ушинскийы амынд рауад ахадгӕ, пайда дзы кӕнынц нырыккон методикӕйы дӕр, нымайынц ӕй хистӕр кары ахуырдзаутимӕ кусынӕн хорз фӕрӕзыл.

       Зӕрдыл даринаг у ,интегративон  метод зынгӕ бынат кӕй ахсы бирӕ ахуыргӕдты куыстыты.  Сӕ заманы йыл  ӕрдзырдтой Я.А. Каменский ,Д.Локка, И.Гербарта, М.Пестолцци дӕр.  Фӕстӕдӕр, советон дуджы, интегративон урокты ахадындзинадыл фыстой зындгонд ахуыргӕндтӕ  И.Д.Зверева,В.Н.Максимова,Н.М.Скаткина ӕмӕ ӕндӕртӕ,психологтӕЕ.Н.Кабанова Меллер,М.Ф.Тальзина,,методикӕйы фӕрстатыл дзургӕйӕ та йыл бӕстондӕр бакуыстой  М.Р.Львов,Г. Н.Пристпа,Н.Н.Светловская ӕмӕ ӕндӕртӕ.

     Куыд сбӕрӕг кодтам, афтӕмӕй  ахуыргӕндтӕ иузӕрдион не сты иугонд урокты фарста иртасгӕйӕ термин «интегративон урок» -ы ӕмбарынад амонгӕйӕ. Бынтон алыхуызон у ахуыргӕндты цӕстӕгас ацы методы ахадындзинадыл дзургӕйӕ дӕр.Зӕгъӕм,Н.Н.Светловская куыд нымайы,афтӕмӕй скъолайы арӕх  пайдагӕнӕн нӕй интегративон уроктӕй,кӕнӕ та  сӕ пайда кӕнын хъӕуы хъавгӕйӕ, цӕмӕй ахуырты рӕстӕг алы фарстамӕ дӕр каст цӕуа хибарӕй, бӕлвырд дӕрӕй.  Ӕндӕр хуызон  у профессор  М.Р.Львовы хъуыды,кӕцы интегративон уроктӕ нымайы  ахуыртӕ цымыдисондӕр ӕмӕ рӕвздӕр кӕныны мадзалыл,ӕрмӕст сӕ пайда кӕнын хъӕуы  скъоладзауты цӕттӕдзинад ӕмӕиумӕйагӕй ахуыры нысантӕ хынцгӕйӕ.

Иугонд уроктӕ сты  скъоладзауты сфӕлдыстадон курдиат райрӕзыны мадзал. Практикӕ куыд авдисы, афтӕмӕй хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕ нӕ фӕарӕхсынц алыхуызон фӕзындты бастдзинад,сӕ иумӕйаг миниуджытӕ анализ ӕмӕ синтезы бындурыл раиртасынмӕ.  Скъоладзаутӕ нӕ вӕййынц ифтонг алыхуызон логикон  архайдыдтӕй,бӕлвырд ахуырадон уавӕрты нӕ арӕхсынц раст хатцӕг скӕнынмӕ. Ранымад къуылымпытӕ бацамонӕн ис,ахуырадон предметы хсӕн бастдзинад кӕй нӕ  вӕййы, уымӕй дӕр,сӕ алыварс кӕнынӕн та ӕхуысс сты  интегративон уроктӕ.

Нырыккон методикӕйы  цымыдисоныл нымад   у  интеграцийы бындурыл ӕвзаг ӕмӕ  литературӕ амонын , арӕх дзы пайда кӕнынц  хистӕр кълӕсты дӕр.  Фӕзындысты дзырдаивадды уроктӕ, кӕцыты литературӕ фылдӕр иртастгонд  цӕуы   аивады  хуызы нӕ  фӕлӕ ахуырадон предметы хуызы.       Дзырдаивады урок у цалдӕр  филологон предметы ӕмбӕстӕй ӕвзарыны   фӕрӕз:  ӕвзаг ӕмӕ литературӕ, литературӕйы  теории ӕмӕ  истории, культурологи, лингвистикӕ,  стилистикӕ ӕмӕ  риторикӕ.        Ахӕм урокты сӕйраг нысан у ӕвзаг ӕмӕ ныхасы бастдзинад равдисын, сӕ ӕмахастдзинӕдты  ӕрдзурын,ӕвзаджы  иуӕгты функционалон  нысаниуӕг  раргом кӕнын,ома ӕвзаджы алы иуӕгӕн дӕр ныхасы мидӕг йӕхи сӕрмагонд нысан кӕй ис, уый равдисын: хуымӕтӕджы ахуыргонд кӕй нӕ цӕуынц, зӕгъӕм, синтаксисы иртӕстгонд уӕнгтӕ, бавӕргӕ ӕмӕ бахӕсгӕ арӕстытӕ,сидӕнтӕ ,ӕмхуызон уӕнгтӕ, сӕ арӕзтмӕ  гӕсгӕ алыхуызон чи у ахӕм хъуыдыйӕдтӕ; лексикӕйы та синонимтӕ, антонимтӕ, фразеологон дзырдбӕстытӕ ӕмӕ ӕндӕр  ӕмбарынӕдтӕ,фӕлӕ се ппӕтӕн  дӕр кӕй ис бынат нӕ ныхасы мидӕг.      Ныхас куыд  аивгонд цӕуы сӕ фӕрцы,хъуыдыты фӕзилӕнтӕ  сӕ фӕрцы куыд ивынц,  уый бафиппаинӕн та  феххус уыдзысты ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы фӕстытӕ ӕмбастӕй ӕвзӕрст кӕм цӕуынц, уыцы уроктӕ.  Иумӕйагӕй дзырдаивады урокты фӕзынд  баст у В.В. Виноградовы номимӕ, кӕцы йӕ рӕстӕджы фыста:»Нужна особая наука , близкая  к лингвистике и литературоведению, которая  занималась бы изучением проблем жудожественного текста(4,75 ф).     Тексты лингвистикон ӕвзӕрстыл фылдӕр дзурынц Н.М.Шанскийы куыстытӕ.

Литературӕ:

1)Ушинский К.Д.  Собрание сочинений в 10 томах М,Л  АПНРСФСР,1949г

2)ЛьвовМ,Р,  Методика преподавания  русского языка в нач. школе.,М,.1997г.

3)СветловскаяН,Н, Об интеграции как методическом явлении. Ж. Нач. шк. 1990г.№5

4)ВиноградовВ,В,Современный русский язык .Синт., М.,1972г.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Диалог культур на уроках родного языка и литературы.

   Диалог русской и родной культуры является одним из наиболее эффективных подходов к изучению произведений родной и русской литературы учащимися национальных школ...