рабочая программа
рабочая программа (11 класс) на тему
Рабочая программа для 11 класса по родной литературе
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
rp_11_klass_lit-ra.docx | 39.46 КБ |
Предварительный просмотр:
«Согласовано» Руководитель МО ____ /Габуева М.Х./ Протокол № 1 от « » августа 2018 г. | «Согласовано» Заместитель директора МАОУБСОШ № 7 ___________ Бибаева М.В. « » августа 2018 г. | «Утверждаю» Директор МАОУБ СОШ№7 __________ Корнаева Т.Л. Приказ № от « » _________20____ г. |
РАБОЧАЯ ПРОГРАММА
учителя осетинского языка и литературы
Плиевой Ланы Тенгизовны
по предмету
«Родная литература»
11 класс
Рассмотрено на заседании методического объединения
учителей осетинского языка и литературы
Протокол № 1 от
«29» августа 2017 г.
2018-2019 учебный год
ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ
11-æм къласы ирон литературæйы Кусæн программæ цæттæгонд æрцыд
Федералон паддзахадон ахуырадон стандартты домæнтæм гæсгæ.
Программæ арæзт у Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæты бындурыл. Федералон паддзахадон ахуырадон стандартты сæйрагдæр нормативон базæ у Уæрæсейы Федерацийы Конституци æмæ Уæрæсейы Федерацийы закъон «Об образовании», ахуырадон инициативæ «Наша новая школа».
Мадæлон литературæ нымад у федералон, æнæмæнгхъæугæ предметыл, ног ахуырадон стандартты йын ис сæрмагонд бынат.
Ахуыргæнæн чиныг «Ирон литературæ 11 къл. Хрестомати».
Чиныджы автор у: Габысаты А.Н.
Рауагъдад – Дзӕуджыхъӕу,СЭМ, 2012 аз.
Регионалон базисон ахуырадон пъланмæ гæсгæ ирон литературæ ахуыр кæнынæн 10 къласы дихгонд цæуы: 50 сахаты афæдзмæ, къуыримæ та - 2 сахаты.
Ирон литературæ ахуыр кæныны предметон фæстиуджытæ.
Программæйы нысан æмæ хæстæ сты:
- Зонындзинæдтæ райсын ирон литерæтурæйæ аивадон тексты бындурыл;
- Литературон уацмыс анализ кæныны зонындзинæдтæ арфдæр кæнын;
- Аивадон уацмыстæ кæсыны культурæ рæзын кæнын.
- Скъоладзаутæ хъуамæ базоной текст æвзарын, йæ мидис рафæлгъауын æмæ радзурын.
- Раттын зонындзинæдтæ автор æмæ йе сфæлдыстады тыххæй.
- Скъоладзаутæ хъуамæ базоной, аивадон ныв æмæ фæлгонц цы мадзæлттæй арæзт цæуынц, уыдон, хъуамæ иртасой нывæфтыд æвзаджы рæсугъддзинад æмæ йæ аивадон гæнæнтæ.
- Базоной уацмыс æмæ йæ архайджыты тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъын, цаутæн аргъ кæнын, уыдон цардимæ бæттын.
- Аивадон литературæйы фæрцы скъоладзауты удварны хъомылады фарстатыл кусын, абоны рæстæгæн аргъ кæнын зонын, ᴂгъдау, кад, намыс, патриотизм æмæ граждайнаг хæстæ цы сты, уый зонын.
- Ирон адæмы национ культурæйы сæйраг миниуджытæ литературон тексты агурын; ирон литературæйы нысаниуæг æмбарын, йæ бастдзинад æндæр адæмты литературæтимæ, культурæтимæ иртасын.
Ахуырадон архайды хуызтæ:
- Текстмæ байхъусыны фæстæ сбæлвырд кæнын уацмысы жанр. Йæ сæйраг мидис ын бамбарын, рахицæн кæнын сæйраг æмæ уæлæмхæст архæйдтытæ, характеристикæ раттын геройтæн.
- Раттын характеристикæ текстæн: йæ сæргондмæ гæсгæ сбæрæг кæнын темæ,уацмысы сæйраг хъуыды; ссарын тексты авторы хъуыдытæ.
- Сбæлвырд кæнын уацмысы жанр,йæ хицæндзинæдтæ,абарын æй æндæр жанртимæ.
- Бамбарын кæнын авторы равзæрст сæргонд; равзарын уацмысæн ахуыргæнæг кæнæ скъоладзауты лæвæрд сæргæндтæй.
- Саразын текстæн пълан: адих æй кæнын хæйттыл, алы хайæн дæр сæргонд æрхъуыды кæнын; сбæлвырд кæнын уацмысы сæйраг хъуыды.
- Радзурын уацмысы текст цыбыртæй, хайгай, бæстон; сæйраг архайджытæн характеристикæ раттын.
- Диалогон ныхасы архайын.
- Рольтæм гæсгæ кæсын текст. Рахицæн кæнын фрагмент, адих кæнын рольтæ.
- Кæсын хъæрæй, аив.
- Анализ скæнын уацмысы аивадон мадзæлттæн.
Скъоладзаутæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:
- Уацмысы жанр раиртасын, йæ хицæндзинæдтæ йын сбæлвырд кæнын.
- Уацмысы сæйраг æмæ фæрссаг фæлгонцтæ рахицæн кæнын.
- Уацмысы сюжет, йæ хицæндзинæдтæ.
- Архайджытæн характеристикæ дæттын.
- Уацмысы историон бындур сбæрæг кæнын.
- Уацмысы аивадон мадзæлттæ, нывæфтыд æвзаг сбæрæг кæнын.
- Уацмысы композицион арæзт сбæрæг кæнын.
Стандарттæм гæсгæ скъоладзаутæ литературæйæ райсдзысты ахæм зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ:
-иумæйаг культурон-литературон арæхстдзинæдтæ: литературон уацмыс арф æнкъарын; ирон литературæйы бастдзинад æппæтдунеон литературæтимæ æмбарын; кæсыны культурæ бæрзонд кæнын; библиотекæйы, интернеты информаци агурын зонын;
-царды зынаргъдæр цы хæзнатæ сты, уыдон иртасынмæ арæхсын: алыварсы дунемæ уарзон цæстæй кæсын; царды алы фæзындмæ хи цæстæнгас дарын; æмбарын литературæйы нысаниуæг адæймаджы удварны хъомылады; адæймаджы фауинаг миниуджытæм критикон цæстæнгасæй кæсын; литературон уацмысы агурын дзуаппытæ зæрдæагайæг фæрстытæн;
-кæсыны культурæ бæрзонддæр кæнынмæ арæхстдзинад: литературон уацмысмæ сфæлдыстадон цæстæнгасæй кæсын; зæрдæмæ хæстæг темæтыл уацмыстæ æвзарын æмæ сæ кæсын; литературон уацмысы цы дуг æмæ культурæйы кой цæуы, уыдоны фæдыл арæзт диалогон ныхасы архайын; уацмысы сæйраг персонажты миддунейæн æмæ архæйдтытæн аргъ кæнын зонын;
-ныхас кæнын; ныхасы стильтæй раст пайда кæнын зонын.
Ахуырады удгоймаг хъомыл кæныны фæстиуджытæ сты:
-Фыдыбᴂстᴂйᴂн аккаг хъæбул (гражданин) хъомыл кæнын;
- патриотон хъомылад (райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын), - Фыдыбæстæйæ сæрыстыр уæвыны хъуыдытæ хъомыл кæнын;
- зонын хи адæмы истори, культурæ, мадæлон æвзаг, уыимæ зонын Уæрæсейы адæмты культурæ дæр;
- ахуырмæ бæрнон цæстæнгас дарын æмæ хæдахуыр курдиат рæзын кæныныл архайын;
- амонын æхсæнады æгъдау, хи дарыны уагæвæрд;
- архайын скъолайы хæдуынаффæйы куысты æмæ æхсæнады царды дæр.
Ахуырады метапредметон фæстиуджытæ (УУД):
- хъомыл кæнын хибарæй ахуыр кæныны, ахуыры (урочы) нысантæ бæрæг кæнын æмæ химæ ног хæстæ исынмæ арæхстдзинад;
- хибарæй ахуыры эффективондæр мадзæлттæ æмæ фæрæзтæ æвзарынмæ арæхстдзинад;
- урочы архайгæйæ (дзургæйæ, фысгæйæ, алыхуызон логикон хæслæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ æмæ а.д.), хи рæдыдтытæ сраст кæнынмæ арæхсын;
- ахуыргæнæг æмæ æмбæлттимæ ахуырадон æмгуыстад кæнынмæ арæхсын; хибарæй æмæ къордты кусын зонын, хи æмæ искæй хъуыдытæ æргом кæнынмæ арæхсын;
- информацион- коммуникативон технологитæй пайда кæнынмæ арæхсын.
Ахуырады предметон фæстиуджытæ.
- предметæй зонындзинæдтæ, арæхстдзинæдтæ райсын;
- зонындзинæдтæй ахуырты рæстæг æмæ алыхуызон ахуырадон-проектон уавæрты пайда кæнынмæ арæхсын;
- наукон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; наукон терминологи, методтæ зонын.
Литературæ:
1. ФГОС ООО. -М., 2011
2. Григорьев Д.В., Степанов П.В. Внеурочная деятельность школьников. –М.,2011
3. Духовно-нравственное развитие и воспитание школьников.
В 2 частях.- М., 2011.
4. Ирон æвзаг æмæ литературæйы программæтæ,- Дзæуджыхъæу, «Ир», 2005.
5. Кульневич, С.В. Совсем необычный урок. Практическое пособие [Текст] / С.В.Кульневич, Т.П. Лакоценина.- Ростов - на- Дону, 2001, - 160 с.
6. Сафонова В.В. Изучение языков международного общения в контексте диалога культур и цивилизаций. – Воронеж: Истоки, 1996
7.Ахуыргæнæн уæлæмхасæн æрмæг скъоладзаутæн
«Уæлæмхасæн æрмæг (удварны хæзнатæ) ирон литературон кæсынады æмæ ирон литературæйы уроктæм»Автор:Уалыты Татьянæ.
8.Наукон-методикон журнал «Рухстауæг»
Ахуырадон курсы мидис
№ | Сæргæндтæ | Сахаттæ |
1 | Разныхас | 1 |
2 | Гафез | 3 |
3 | Дзугаты Георги | 3 |
4 | Цæгæраты Максим. | 2 |
5 | Цæрукъаты Алыксандр | 1 |
6 | Джусойты Нафи. | 4 |
7 | НРК. Сочинени «Национ иудзинады темæ романы». | 1 |
8 | Дзаболаты Хазби | 1 |
9 | Дзесты Куыдзæг. | 3 |
10 | Бестауты Гиуæрги | 1 |
11 | Æгъуызаты Æхсарбег | 2 |
12 | Хостыхъоты Зинæ. | 1 |
13 | Булкъаты Михаил. | 3 |
14 | Малиты Васо | 1 |
15 | Бицъоты Грис. | 2 |
16 | Дзасохты Музафер. | 4 |
17 | НРК. Сочинени «Сылгоймаджы бынат царды». | 1 |
18 | Дзуццаты Хадзы-Мурат | 1 |
19 | Хæблиаты Сафар | 2 |
20 | Хъодзаты Æхсар. | 1 |
21 | Джыккайты Шамил. | 4 |
22 | Агънаты Гæстæн. | 2 |
23 | Хуыгаты Сергей | 1 |
24 | Æлборты Хадзы-Умар | 1 |
25 | Гуыцмæзты Алеш. | 1 |
26 | Ходы Камал. | 1 |
27 | Фæлхат. Кᴂронбᴂттᴂн урок | 1 |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
ПМ 01, 02, 03, 04, 05 Рабочая программа по бух-учету, по налогам, для специальности 080110 и рабочие программы по налогам и бух-учету для специальности 080114 и программа экзаменов для ПМ 01 и 02
Рабочие программы:ПМ 01 -Документирование хозяйственных операций и ведение бухгвалтерского учета имущества организацииПМ 02-Ведение бухучета источников формирования имущества, выполнения работ по инве...
Рабочая программа курса химии 8 класс, разработанная на основе Примерной программы основного общего образования по химии (авторская рабочая программа)
Рабочая программа курса химии 8 класс,разработанная на основеПримерной программы основного общего образования по химии,Программы курса химии для 8-9 классовобщеобразовательных учреждений (а...
Рабочая программа по литературе для 6 класса (по программе В. Коровиной) Рабочая программа по литературе для 10 класса (по программе ]В. Коровиной)
Рабочая программа содержит пояснительную записку, тематическое планирование., описание планируемых результатов, форм и методов, которые использую на уроках. Даётся необходимый список литературы...
Рабочие программы по математике для 5 класса, по алгебре для 8 класса. УМК А. Г. Мордкович. Рабочие программы по геометрии для 7 и 8 класса. Программа соответствует учебнику Погорелова А.В. Геометрия: Учебник для 7-9 классов средней школы.
Рабочая программа содержит пояснительную записку, содержание учебного материала, учебно - тематическое планирование , требования к математической подготовке, список рекомендованной литературы, календа...
Аннотация к рабочей программе по математике (алгебре и началам анализа), 11 класс , профильный уровень; рабочая программа по алгебре и началам анализа профильного уровня 11 класс и рабочая программа по алгебре и началам анализа базового уровня 11 класс
Аннотация к рабочей программе по МАТЕМАТИКЕ (алгебре и началам анализа) Класс: 11 .Уровень изучения учебного материала: профильный.Программа по алгебре и началам анализа для 11 класса составлена на ос...
Рабочая программа по русскому языку 5 класс Разумовская, рабочая программа по литературе 5 класс Меркин, рабочая программа по русскому языку 6 класс разумовская
рабочая программа по русскому языку по учебнику Разумовской, Львова. пояснительная записка, календарно-тематическое планирование; рабочая программа по литературе 5 класс автор Меркин. рабочая программ...
Рабочая программа по Биологии за 7 класс (УМК Сонина), Рабочая программа по Биологии для реализации детского технопарка Школьный кванториум, 5-9 классы, Рабочая программа по Биохимии.
Рабочая программа по биологии составлена в соответствии с требованиями Федерального государственного образовательного стандарта основного общего образования на основании примерной программы по биологи...