рабочая программа
рабочая программа (8 класс) на тему

Рабочая программа для 8 класса по родному(осетинскому) языку для изучающих как второй

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon rabochaya_programma_8_klass_diff.gr_.doc139 КБ

Предварительный просмотр:

«Согласовано»

Руководитель МО

________/Габуева М.Х./

Протокол №  1  от

«      » августа 201 г.

«Согласовано»

Заместитель директора

МАОУБСОШ № 7

___________ Бибаева М.В.

«      » августа     201 г.

«Утверждаю»

Директор

МАОУБ СОШ№7

__________  Корнаева Т.Л.

Приказ №        от

«       » _________20____ г.

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА

учителя осетинского языка и литературы

Плиевой Ланы Тенгизовны

по предмету

«Родной язык»

(для изучающих осетинский как второй)

8 класс

Рассмотрено на заседании методического объединения

учителей осетинского языка и литературы

Протокол   № 1         от

«        »  августа  2018 г.

             

                                                                2018-2019 учебный год

ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ

8-æм къласы ирон æвзаджы Кусæн программæ цæттæгонд æрцыд  Федералон паддзахадон ахуырадон стандарты домæнтæм гæсгæ. Программæ арæзт у ирон æвзаджы программæйы бындурыл. Автор: Куыдзойты А.Ф. (сфидар æй кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон университеты ЮНЕСКО – йы кафедрæ).

 

Программæйы нысан:

-Ирон æвзаг ахуыр кæныны нысантæ æмæ фæстиуджытæ фæхуыздæр кæнын;  

-ног ахуырадон стандартмæ гæсгæ астæуккаг скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæныны технологитæ  ивд кæй цæуынц, уый хынцгæйæ  ирон æвзаджы уроктæм  ивддзинæдтæ бахæссын;

-астæуккаг скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæныны ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнын.

 

Программæйы мидис:

Астæуккаг скъолайы ахуырдзауты зонгæ кæнынц ирон æвзаджы нормæтимæ, ахуыр сæ кæнынц хи ныхас литературон æвзагмæ гæсгæ аразыныл. Ацы уавæрмæ гæсгæ ирон æвзаджы ахуыртæ дæр арæзт сты ирон литературон æвзаджы тыххæй скъоладзаутæн зонындзинæдтæ раттынæн.

Фæлæ уыимæ, ахуырдзауты зонгæ кæнынц ирон æвзаджы равзæрдимæ, йæ структурон арæзтимæ, æвзаджы иуæгтимæ.

8-æм  къласы  Ирон  æвзаджы  Кусæн программæйы  структурæ:

8-æм къласы ирон æвзаджы кусæн программæ арæзт у системондзинад æмæ наукондзинады принциптыл. Программæйы хъусдард цыд, цæмæй йæ домæнтæ  ахуыргæнджытæн уой æнцон баххæстгæнæн, цы æмбарынæдтæ дзы амынд цæуы, уыдон та скъоладзаутæн  –  æнцон  бамбарæн.

Ныхасы рæзтыл куыст фæпарахатдæр кæныны тыххæй æвзаджы æмбарынæдтæ лæвæрд цæуынц ныхасы рæзтыл куыстытимæ æнгом бастæй, æвзаджы иуæгтæн ныхасы мидæг цы ахадындзинад ис, уый амонгæйæ. Ныхасы рæзтыл куыстытæн сæ ахадгæдæртæ сты тексты бындурыл æххæстгæнæн фæлтæрæнтæ, кæцытæ бæрцæй лæвæрд цæуынц грамматикæ амоныны куысты хуызтимæ.

Программæйы стыр бынат ахсы рацыд æрмæг фæлхат кæныныл куыст. Уымæй уæлдай ма алы ног темæ дæр амынд цæуы рацыд æрмæджы бындурыл, кæронæй та æнæмæнг хъуамæ цæуа рацыд æрмæг фæлхат кæныныл куыст.

Программæйы бæррæггонд æрцыд ахуыры азы сахæтты нымæц, алы темæйæн дæр дзы цас лæвæрд цæуы, уый.

Кусæн программæйы нысан æмæ хæстæ

Программæйы сæйраг нысан: ахуырадон предмет «Ирон æвзаг» 8-æм къласы ахуырдзаутæн дæтты уᴂрᴂхдᴂр зонындзинæдтæ ирон æвзаджы тыххæй, рæзын сын кæны сæ æвзаджы æмæ ныхасы арæхстдзинæдтæ. 8-æм къласы Кусæн программæйы нысан у: ахуырдзауты æвзаджы æмбарынæдтимæ базонгæ кæнын, практикон æгъдауæй сæ пайда кæныныл фæцалх кæнын.

Программæйы сæйрагдæрыл нымад цæуы коммуникативон дифференциаци, культурæамонынады дифференциаци  рæзын кæнын.

 

        Коммуникативон дифференциаци (арæхстдзинад) амоны, цæмæй скъоладзаутæ арæхсой ныхасы хуызтæй (дзургæ, фысгæ, хъусгæ) пайда кæнынмæ, ныхасы уавæртæм гæсгæ арæхсой сæ ныхас аразынмæ.  

        Культурæамонынады (культуроведческая) дифференциаци – ирон æвзаг ирон адæмы культурæимæ зонгæ кæныны фæрæз кæй у, уый æнкъарын;  æвзаджы бастдзинæдтæ иффере æмæ  адæмы культурæимæ, ирон ныхасы этикетон нормæтæ зонын, пайда кæнынмæ сæ арæхсын.  

Иумæйагæй ахуырадон предмет «Ирон æвзаджы» сæйраг хæстæ сты:

  • ахуырты  скъоладзаутимæ хъомыладон куыст кæнын;
  • логикон хъуыдыкæнынады рæзтыл кусын;
  • скъоладзауты фæцалх кæнын хиуыл кусыныл, ирон æвзаг  хибарæй ахуыр кæныныл;  
  • иумæйаг ахуырадон арæхстдзинæдтæ рæзыныл куыст (удгоймагон, регулятивон,  зонындзинæдтæ исыны (познавательный), коммуникативон).

Предметы хицæндзинад:

Ирон æвзаг у ирон адæмы уд æмæ зонд, ирон адæмы культурæйы хæзнадон; ирон æвзаг у  ныхас кæныны, хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз, нæ адæмы царды тыххæй зонындзинæдтæ кæрæдзийæн дæттыны фæрæз.

Æвзаг канд хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз нæу, æвзаг у хъомылады хотых, æмæ уымæ гæсгæ ирон æвзаджы ахуыртæн скъолайы  ис стыр ахадындзинад.  

Ахуырты рæстæг пайдагонд цæуы ахæм  ахуырадон технологитæй:

скъоладзаутæм индивидуалон цæстæй  кæсыны технологи (дифференциаци);

проблемон ахуыртæ;

информацион-коммуникативон технологи;

æнæниздзинад хъахъхъæныны  технологи;

бæрæггæнæнты инновацион  системæ,  «портфолио»;

коллективон  куысты  хуызтæ  (къæйттæй куыст, къордты куыст);

         

Кусæн программæмæ  хаст  ивддзинæдтæ

      Ирон æвзаджы ахуырадон программæйы (Дзæуджыхъæу, «СЕМ»,

2010 аз) 8-æм къласы ирон æвзаг ахуыр кæнынæн лæвæрд цæуы 102 сахаты.         Нæ  Кусæн программæйы  дæр лæвæрд  цæуы ацы сахæтты нымæц.

8-æм къласы ирон æвзаджы  Кусæн программæйы    æрмæг темæтæм гæсгæ лæвæрд цæуы афтæ:

 

Ахуырадон – тематикон пълан

Программæйы мидис

Сахат

Ахуыры азы 1-аг цыппæрæмхай

1.

Рацыд ᴂрмᴂг зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын.

1

2.

Хъᴂлдзᴂг бонтᴂ.

5

3.

Цы зонут Ирыстоны зайᴂгойты тыххᴂй.

3

4.

Контролон куыст.

1

5.

Ӕнахуыр балц.

2

6.

Ацᴂргᴂ адᴂймаджы бон.

4

7.

Хᴂххон стъалы.

3

8.

Сыгъзᴂрин фᴂззᴂг.

4

9.

Контролон куыст.

1

10.

Кавказ – нᴂ иумᴂйаг хᴂдзар.

6

Ахуыры азы 2-аг цыппæрæмхай

11.

«Æвзæгты хох»

5

12.

« Адᴂмты хох»

6

13.

Афæдзы æмбисы контролон куыст.

1

14.

Уары урс – урсид мит.

6

Ахуыры азы 3-аг цыппæрæмхай

15.

Ӕрдзы диссᴂгтᴂ.

9

16.

Хибарᴂй куыст.

1

17.

Спорт ᴂмᴂ рᴂсугъддзинад.

9

18.

Тᴂдзынджытᴂ тᴂдзынц.

9

19.

Контролон куыст.

1

Ахуыры азы 4-æм цыппæрæмхай

20.

Хᴂстон разамонджытᴂ.

11

21.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

11

22.

Афæдзы кæроны контролон куыст.

1

23.

Афæдзы дæргъы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

1

8-æм къласы  Кусæн программæйы нысантæ æмæ хæстæ баххæст кæнынæн ахуырты рæстæг пайдагонд цæудзæн ахæм ахуырадон фæрæзтæй

Ахуыргæнæн чиныг: «Ирон æвзаджы чиныг 8-æм къласæн».   Автор: Куыдзойты А.Ф., Дзæуджыхъæу,  «СЕМ», 2010.

Ахуыргæнæн уæлæмхасæн æрмæг скъоладзаутæн.

 

Ахуырты (урокты) хуызтæ:

Ног æрмæг амоныны урок, рацыд æрмæг (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ) бафидар кæныны урок,   комбинарон урок, урок-беседæ, фæлхат кæныны урок, урок-лекци, урок-хъазт, урок-иртасæн, урок-практикум, ныхасы рæзтыл кусыны урок.

Ахуырты пайда кæнæн ис ахæм методтæй æмæ мадзæлттæй:

- рацыд æрмæджы фæдыл беседæ;

- индивидуалон бафарст;

- фронталон бафарст;  

- индивидуалон куысты хуызтæ;

 - кæрæдзийы куыстыты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын;

 - хи куысты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын (дзырдуатæй, бæрæгуатæй пайда кæнгæйæ);

- грамматикон хъæзтытæ;

- презентаци (компьютерон дæр)  цæттæ кæныныл куыст;

- текстимæ куыст

Ахуырдзауты архæйдтытæ урочы:

- хи æмæ искæй ныхасы анализ, ныхасы рæдыдтытæ раст кæныныл куыст;

- текстæн пълан аразыныл куыст;

- пъланмæ гæсгæ текст хи ныхæстæй радзурын;

- текст  кæронмæ ахæццæ кæнын;

- тексты рæдыдтытæ сраст кæнын;

- ног текст аразыныл куыст;

- диалогон ныхасы архайын;

- аудировани (текстмæ хъусын, алыхуызон текстты информаци иртасын, тексты хъуыды раст æмбарын,   хъуыдытæ кæрæдзиуыл логикон æгъдауæй бæттын зонын;

- фысгæ ныхас (текст) аразын зонын, хи хъуыдытæ фысгæ ныхасы хуызы  раргом кæнынмæ арæхсын;

- темæмæ гæсгæ æнцойгæнæн схемæтæ æмæ таблицæтæ цæттæ кæнын;

- хибарæй (кæнæ къорды кусгæйæ) орфографион æмæ пунктуацион хæслæвæрдтæ бацæттæ кæнын;

- дзырдуæттимæ кусын, хи дзырдуат саразыныл куыст;

-  компьютерон презентацитæ цæттæ кæныныл куыст;

8-æм къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ бæрæггæнæн куыстытæ:

  • тестытæ;
  • тексты иумæйаг æвзæрст;
  • нывмæ гæсгæ сочинени;
  • цардæй ист цауы тыххæй  дзурын,
  • предметы æрфыст  цæттæ кæнын;
  • лингвистикон темæйыл дзургæ/фысгæ дзуапп  цæттæ кæнын.

Рацыд æрмæгæй зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны куысты хуыз:

  • тест;
  • контролон/хибар куыст.

ДОМÆНТÆ

8-æм къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæм ирон æвзагæй

Ахуырдзаутæ хъуамæ зоной:

  • 8-æм къласы цы æмбарынæдтимæ базонгæ сты, уыдоны раиртæстытæ;   ныхасы æмбарынæдтæ, орфографион æмæ пунктуацион æгъдæуттæ; лæвæрд фарстæн дзуапп дæттын, дзуапп дæнцæгтæй фидар кæнын.

 Ӕстᴂмкъласонтæ ахуыры азы кæронмæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:

 

  • дзырды нысаниуæг бацамонын, ныхасы мидæг дзы раст пайда кæнын; ирон æвзаджы орфографион æмæ æмбарынгæнæн дзырдуæттæй пайда кæнын;
  • литературон æвзаджы нормæтæм хъус дарын.

Ныхасы рæзтыл куыстытæй. Тексты темæ, сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын. Таурæгъон тексты мидис текстмæ хæстæг кæнæ æлвæстæй радзурын. Лæвæрд текстæн кæнæ хи арæзт текстæн пълан бацæттæ кæнын,нывы æрфыст.

Хи тексты хъæндзинæдтæ ссарын, сраст ын кæнын йæ ныхасы рæдыдтытæ (цы æрмæг рацыдысты, уымæ гæсгæ).

Æвзаджы мадзæлттæй дзургæ æмæ фысгæ ныхасы раст пайда кæнын.

Дзырдуæттæй пайда кæнын.

Хи зонындзинæдтæй пайда кæнын

- диалог æмæ монолог аразгæйæ;

- контролон куыстытæ æххæст кæнгæйæ.

Скъоладзаутæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:

Ныхас кæнынимæ баст архæйдтытæ:

Хъусын:

тексты хъуыды раст æмбарын,

сæ жанртæм гæсгæ алыхуызон текстты информаци иртасын,

тексты сæйраг хъуыды, йæ аразæг хæйттæ иртасын.

Кæсын:

- раст æмæ аив кæсын;

- тексты ссарын сæйраг æмæ уæлæмхасæн информаци;

- текст хæйттыл адих кæнын, хæйттæм гæсгæ текстæн  пълан бацæттæ кæнын;

- бакаст текстмæ гæсгæ лæвæрд фæрстытæн дзуапп дæттын;

- текст кæсгæйæ дзы хъæугæ информаци ссарын;

- тексты æмæ парагрæфы сæргондмæ базонын, ныхас дзы цæуыл цæудзæн, уый;

- дзырдуаты хъæугæ æрмæг ссарын;

- логикон цавд раст æвæрын, паузæтæ раст кæнын;

- текст раст хъæлæсы уагæй кæсын.

Дзурын:

- ахуыргæнæджы фарстæн дзуапп дæттын;

- дзургæ ныхас раст аразын, хъуыды раст æргом кæнын;

- æвзаджы мадзæлттæй  æмæ интонацийæ раст пайда кæнгæйæ хи хъуыдытæ раст æргом кæнын.  

Фыссын:

- тексты темæ æмæ сæйраг хъуыды иртасын;

- текст абзацтыл дих кæнын;

- чысыл тексттæ фыссын (сочинени-миниатюрæ фыссын);  

- текст аразгæйæ, алыхуызон дзырдуæттæй пайда кæнын;

- хи хъуыды æргом кæнын;

- текстæн æрхъуыды кæнын, йæ  сæйраг хъуыды æмæ темæ æргом чи кæны, ахæм сæргонд;

- хи кæнæ искæй ныхасы рæдыдтытæ раст кæнын.

 

Лексикологи:

- дзырды лексикон нысаниуæг бацамонын алыхуызон мадзæлттæй пайда кæнгæйæ (дзырдуатæй пайда кæнгæйæ, уырыссаг æвзагмæ йæ тæлмац кæнгæйæ,  синонимтæ æмæ йæм антонимтæ ссаргæйæ,  æмуидагон дзырдтæм гæсгæ);

- дзырдтæ тематикон къордтæм гæсгæ дих кæнын;

- дзырдтæй сæ лексикон нысаниуæгмæ гæсгæ раст пайда кæнын;

- дзырды комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæ иртасын;

- ирон ныхасы хуымæтæгдæр этикетон нормæтæй пайда кæнын;

Морфологи:

- ныхасы хæйттæ кæрæдзийæ иртасын;

- дзырдтæ тасындзæг æмæ ифтындзæг кæнын, дзырды формæ аивын зонын;

- рацыд ныхасы хæйттæй ныхас кæнгæйæ раст пайда кæнын.

Орфографи:

- раиртæстмæ гæсгæ дæнцæгтæ ссарын.

Синтаксис æмæ  пунктуаци:

- хъуыдыйады дзырдбæстытæ рахицæн кæнын;

- дзырдбæстытæ аразын;

- хъуыдыйæдтæ аразын;

- рацыд пунктуацион æгъдаумæ дæнцæг ссарын зонын.

                      Къæлиндарон – тематикон пълан.

Темæ

Сах

Куысты хуыз

Цæстуынгæ æрмæг

Æмгъуыд

1.

Рацыд ӕрмӕджы фӕлхат. Лексикон ӕмӕ грамматикон фӕлтӕрӕнтӕ.

1

Ныхасы рæзтыл куыст,

диалогон ныхас

чиныг, фᴂйнᴂг

2.

Хъᴂлдзᴂг бонтᴂ.

(5 сах.)

Райдыдта ног ахуыры аз.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Хур ӕмӕ мӕй. Диалогон ӕмӕ монологон  ныхасы рӕзтыл куыст.

 Тæлмацы техникӕйыл куыст.

1

1

1

1

1

Урок – беседæ,

рольтæм гæсгæ кæсын

Чиныг,ИКТ

3.

Цы зонут Ирыстоны зайᴂгойты тыххᴂй. ( 3 сах.)

Ирыстоны зайᴂгойтᴂ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Аив кᴂсыны ᴂмᴂ тæлмацы техникӕйыл куыст.

1

1

1

Комбинирон урок,

урок- беседᴂ

Нывтæ,дидактикон æрмæг

4.

Контролон куыст.

1

ИКТ

5.

Ӕнахуыр балц.

( 2 сах.)

Ӕнахуыр балц.

Монологон  ныхасы рӕзтыл куыст.

1

1

Комбинирон урок,

урок- беседᴂ

Карточкæтæ, фæйнæг

6.

Ацᴂргᴂ адᴂймаджы бон. (4 сах.)

Иугонд Нациты Организацийы уынаффæ.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Диалогон ныхасы рӕзтыл куыст.

1

1

1

1

Урок-лекци

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

ИКТ, фотоаль-

бом

7.

Хᴂххон стъалы. ( 3 сах.)

Хᴂххон стъалы.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

1

1

1

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Нывтæ, чиныг,ИКТ

8.

Сыгъзᴂрин фᴂззᴂг.( 4 сах.)

Сыгъзᴂрин фᴂззᴂг.

Ӕрᴂгвᴂззᴂг Ирыстоны.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

1

1

1

1

Урок-лекци

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Чиныг, нывтæ,ИКТ

9.

Контролон куыст.

1

ИКТ

10.

Кавказ - нᴂ иумᴂйаг хᴂдзар. ( 6 сах.)

Кавказ - нᴂ иумᴂйаг хᴂдзар.

Æвзæгты хох.

Ирыстон - бирᴂнационалон республикᴂ.

Аив кᴂсыны ᴂмᴂ тæлмацы техникӕйыл куыст.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

1

1

1

1

1

1

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Чиныг, нывтæ,ИКТ

11.

« Адᴂмты хох» ( 6 сах.)

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Кавказы хæстон цыртдзæвæнтæ.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

 Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

1

1

1

1

1

1

Урок-лекци

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Чиныг, нывтæ,ИКТ

12.

Афæдзы æмбисы контролон куыст.

1

13.

Уары урс – урсид мит. ( 6 сах.)

Уары урс – урсид мит.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Диалогон   ныхасы рӕзтыл куыст.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Монологон ныхасы рӕзтыл куыст.

Ӕрзади хъᴂды заз бᴂлас. 

1

1

1

1

1

1

Урок-лекци

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Карточкæтæ, фæйнæг

14.

Ӕрдзы диссᴂгтᴂ. (9 сах.)

Ӕрдзы диссᴂгтᴂ.

Сырдты скъола.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Диалогон   ныхасы рӕзтыл куыст.

Монологон ныхасы рӕзтыл куыст.

Сырдты дуне.

 Аив кᴂсыны ᴂмᴂ тæлмацы техникӕйыл куыст.

1

1

1

1

1

1

1

1

1

Урок-лекци

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ,

15.

Хибар куыст.

1

16.

Спорт ᴂмᴂ рᴂсугъддзинад. ( 9 сах.)

Спорт ᴂмᴂ рᴂсугъддзинад. 

Рагон спортивон дзауматᴂ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Ирыстоны зындгонд спортсментᴂ.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Фыццаг дунеон чемпионат шахмᴂттᴂй.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Рᴂсугъддзинады канонтᴂ рагон дунейы.

Астᴂуккаг ᴂнусты аивад.

1

1

1

1

1

1

1

1

1

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ,

17.

Тᴂдзынджытᴂ тᴂдзынц.( 9 сах.)

Уалдзᴂгᴂн ᴂрцыд йᴂ рад!

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Уалдзᴂг нᴂм худгᴂйᴂ ᴂрхᴂццᴂ.

Диалогон   ныхасы рӕзтыл куыст.

Монологон  ныхасы рӕзтыл куыст.

Йᴂ ном - Уалдзᴂг.

Тᴂдзынджытᴂ тᴂдзынц.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

1

1

1

1

1

1

1

1

1

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ,

18.

Контролон  куыст.

1

19.

Хᴂстон разамонджытᴂ. ( 11 сах.)

Хᴂстон разамонджытᴂ.

Хъᴂбатыр салдат.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Уырыссаг бᴂгъатыр.

Монологон  ныхасы рӕзтыл куыст.

Ӕцᴂг хᴂстон инᴂлар.

Кᴂсыны техникᴂйыл куыст.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

 

1

1

1

1

1

1

1

1

1

1

1

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ,

20.

Фыдыбᴂтᴂйы Стыр хᴂст. (11 сах.)

Хъᴂбатырты кадᴂн.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Фыдыбᴂтᴂйы Стыр хᴂст.

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Кады Мемориал.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Хъᴂбатыр ᴂфсымᴂртᴂ.

Хъазахъхъаг станицᴂйы цыртдзᴂвᴂн.

Диалогон ӕмӕ монологон  ныхасы рӕзтыл куыст.

Советон Цᴂдисы хъᴂбатыр Петр Барбашов.

Лексикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

1

1

1

1

1

1

1

1

1

1

1

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсыны урок

Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ,

21.

Афæдзы кæроны контролон куыст.

1

22.

Афæдзы дæргъы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. (1 сах.)

Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ,


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ПМ 01, 02, 03, 04, 05 Рабочая программа по бух-учету, по налогам, для специальности 080110 и рабочие программы по налогам и бух-учету для специальности 080114 и программа экзаменов для ПМ 01 и 02

Рабочие программы:ПМ 01 -Документирование хозяйственных операций и ведение бухгвалтерского учета имущества организацииПМ 02-Ведение бухучета источников формирования имущества, выполнения работ по инве...

Рабочая программа курса химии 8 класс, разработанная на основе Примерной программы основного общего образования по химии (авторская рабочая программа)

Рабочая программа курса химии 8 класс,разработанная на основеПримерной программы основного общего образования по химии,Программы курса химии для 8-9 классовобщеобразовательных учреждений (а...

Рабочая программа по литературе для 6 класса (по программе В. Коровиной) Рабочая программа по литературе для 10 класса (по программе ]В. Коровиной)

Рабочая программа содержит пояснительную записку, тематическое планирование., описание планируемых результатов, форм и методов, которые использую на уроках. Даётся необходимый список литературы...

Рабочие программы по математике для 5 класса, по алгебре для 8 класса. УМК А. Г. Мордкович. Рабочие программы по геометрии для 7 и 8 класса. Программа соответствует учебнику Погорелова А.В. Геометрия: Учебник для 7-9 классов средней школы.

Рабочая программа содержит пояснительную записку, содержание учебного материала, учебно - тематическое планирование , требования к математической подготовке, список рекомендованной литературы, календа...

Аннотация к рабочей программе по математике (алгебре и началам анализа), 11 класс , профильный уровень; рабочая программа по алгебре и началам анализа профильного уровня 11 класс и рабочая программа по алгебре и началам анализа базового уровня 11 класс

Аннотация к рабочей программе по МАТЕМАТИКЕ (алгебре и началам анализа) Класс: 11 .Уровень изучения учебного материала: профильный.Программа по алгебре и началам анализа для 11 класса составлена на ос...

Рабочая программа по русскому языку 5 класс Разумовская, рабочая программа по литературе 5 класс Меркин, рабочая программа по русскому языку 6 класс разумовская

рабочая программа по русскому языку по учебнику Разумовской, Львова. пояснительная записка, календарно-тематическое планирование; рабочая программа по литературе 5 класс автор Меркин. рабочая программ...

Рабочая программа по Биологии за 7 класс (УМК Сонина), Рабочая программа по Биологии для реализации детского технопарка Школьный кванториум, 5-9 классы, Рабочая программа по Биохимии.

Рабочая программа по биологии составлена в соответствии с требованиями Федерального государственного образовательного стандарта основного общего образования на основании примерной программы по биологи...