сценарий ко дню осетинского языка и литературы
классный час на тему
Предварительный просмотр:
Бæрæгбоны райдайæн
15 май , 15 сах
Рæстæг --30 мин бæрц
Архайджытæ 1-4 кълæсты ахуырдзаутæ, драм. къорды архайджытæ, уазджытæ «Фæндыры зæлтæ» ансамбль
хъуысы ирон гимн, æмбæрзæн фæндырддзæгъдджыты ансамбль цæгъды.
1 амонæг: - Уæ бонтæ хорз, зынаргъ æмбæлттæ! Æгас нæм цæут æмæ уыл рæсугъд
бæрæгбæттæ цæуæд!
2 амонæг: - Добрый день дорогие друзья! Добро пожаловать на наш праздник!
1 амонæг: - Абон нæ республикæйы адæм ирон æвзаджы бæрæгбоныл цин кæнынц.
2 амонæг: - Сегодня вся республика празднует день осетинского языка и литературы.
1 амонæг: - Ирон бæрæгбон та æнæ рæсугъд фæндырдзагъдæй, æнæ аив кафтæй нæ
фидауы. Нæ бæрæгбоны уазджытæ сты фæндырдзæгъдджыты
ансамбль ”Фæндыры зæлты” архайджытæ.
Ансамбль цæгъды. Кафынц «Хонгæ»
1 амонæг : - 1899 азы фынддæсæм майы фыццаг
хатт рацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты
æмбырдгонд ”Ирон фæндыр”. Уымæ гæсгæ 2003 азæй фæстæмæ
15 майы бæрæг кæнæн ирон æвзаг æмæ литературæйы
бон.
2 амонæг: - В 1899 году 15 мая впервые вышел в печати первый сборник стихов Коста
Левановича Хетагурова «Осетинская лира». С 2003 года
15 мая мы празднуем день осетинского языка и литературы.
1 амонæг: - Алы адæмы хаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг у се ппæтæй стырдæр хæзна. Ирон
адæмæн се стырдæр хæзна у ирон æвзаг.
2 амонæг: - Богатство каждого народа заключается в знание языка. Самое большое
богатство нашего народа в том, что мы сумели сохранить наш язык, несмотря
ни на что.
Æмдзæвгæ «Ирон æвзаг»
Ирон æвзаг – нæ хæзнаты хæзнадæр,
Æвидигæ, алутонау, йæ тых.
Нæй махæн уымæй а зæххыл зынаргъдæр,
Æнустæм у æнæмæлгæ, хъæддых.
Нæ зарджытæ ирон æвзæгыл зарæм,
Нæ истори ирон дзырдтæй фыссæм.
Зарæг «Мадæлон æвзаг» 1 кълас Диск № 29
Мах нырма стæм сабитæ, Цас уарзæм ирон æвзаг,
Афтæмæй фыссæм. Уый зæгъæн дæр нæй.
Ахуыр кæнæм абетæ, Мады рæвдыд, мады ад
Чингуытæ кæсæм. Базыдтам дæуæй.
Цас аргъæуттæ базыдтам, Бон изæрмæ кадджытæ
Цас диссæгтæ, Цас.мах фæкæсæм фаг
Раст, цыма, зæрватыккау, Зæрдæйæн куыд адджын дæ
Чиныг у æгас Мадæлон æвзаг
1 амонæг: - Адæмы зонд æмæ зæрдæмæ фæндаг ссарыны тæккæ хуыздæр æмæ растдæр
мадзал у уыдонæн се взаг базонын. Адæмæн се взаг цас тыгдæр базонай,
уыйбæрц сын тынгдæр базондзынæ сæ зонд æмæ сæ зæрдæ, - фыста уырыссаг
фыссæг К. Д. Ушинский.
2 амонæг: - Обращаться с языком кое-как – значит и мыслить кое – как: неточно,
приблизительно, - писал русский писатель А.Н.Толстой.
1 амонæг: - Дунейы тæккæ хуыздæр хæрзтæн
У сæ хуыздæр мадæлон æвзаг,
Чи йæм кæсы иунæг боны цæстæй ,
У гъеуый йæ адæмæн знаг, – фыста ирон фыссæг Цæгæраты Гиго.
2 амонæг: - Для познания какого ни есть народа старайся прежде изучить его язык, - писал
великий ученый Пифагор.
Æмдзæвгæ Ирон æвзаг. Соттиты Риммæ
Цæудзысты азтæ, ивдзысты фæлтæртæ,
Æнусты сæрты хиздзæнис æнус,
Фæлæ уæддæр, алайнаг дзырды зæлтæ,
Ирон зæххыл сымах уыдзыстут буц.
1 амонæг: - Ирон æвзагыл дзурынмæ кæддæриддæр тырнырдтой æндæр адæмы
минæвæрдтæ æмæ сын уый сæ кад дæлдæр никуы фæкодта. Сæ
рæстæджы уырыссаг стыр ахуыргæндтæ Шегрен æмæ Миллер
иттæг хорз сахуыр кодтой йæ фыццаг грамматикæ. Ныртæккæ ирон
æвзаг наукон æгъдауæй ахуыр кæнынц бирæ фæсарæйнаг бæстæты.
Дауыраты Харитон.
2 амонæг: - Истинная любовь к своей стране немыслима без любви к своему языку. -
говорил русский писатель К.Г. Паустовский.
1 амонæг: - Нæ зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васо та афтæ фыста: Ахуыргонд
адæймаг æппæты фыццаг йæ мадæлон æвзаг сахуыр кæны, стæй уæд æндæр
адæмы взæгтæ.
Æмдзæвгæ Мадæлон æвзаг
…Сты зондæн уацхæссæг
Æппæт дунейы взæгтæ
Нæ дзы зонын хæстæг æви дæрддаг,
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды – мæ мадæлон æвзаг.
Таурæгъ «Хуыцауы зæхх» Ис ахæм рагон таурæгъ:
Хуыцау, дам, Дуне арæзта. Йæ куыст фæци æмæ загъта: Ныр та ахæм бæстæ аразын, мæхæдæг кæм цæрон. Æмæ сфæлдыста Ирыстон. Кавказы хæхты астæу æрбынат кодта Ирыстон. Йæ иу кæрон Арвыкомы æнусон хæхтæ, иннæ кæрон Мæздæджы æнæкæрон быдыртæ.
Æнусон цъититæ, хæххон æхсæрдзæнтæ, абухгæ цæугæдæттæ, бæркадджын быдыртæ, фыдæлты мæсгуытæ, цъæх – цъæхид арвыл хæххон цæргæс, сыгъдæг уæлдæф, æмæ хосгæнæг суæрттæ, фосы дзуг æмæ хохаг фиййауы уадындзы цагъд.
1 амонæг: - Ацы Хуыцауæй хорзæхгонд зæххыл фæзынди дунемæ ирон
адæмы уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къоста.
Æмдзæвгæ Къостайы лæвар. /Чеджемты Æхсар)
2 амонæг: - Адæмон аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ кадджытæ сдзырдтой
рæсугъд поэтикон хъæлæсæй Къостайы чиныджы.
1 амонæг: - Народные сказания и легенды ожили и были рассказаны
красивым поэтическим языком Коста.
2 амонæг: - Дунейыл цы æвзæгтæ ис, уыдонæй бирæтæ сæфты къахыл лæуд
сты, цæмæй уыдоны ′хсæн ирон æвзаг дæр ма фæуа, уый
тыххæй нæ хъæуы Къостайы рæсугъд æвзаг цæсты гагуыйау
хъахъхъæнын. Тынг цымыдисаг кæсы бирæ ахуыргæндтæм ирон æвзаг.
Суанг ма йæ фæсарæйнаг университетты дæр ахуыр кæнынц.
1 амонæг: - На Земле тысячи языков и многие из них на грани исчезновения.
Нельзя допустить, чтобы язык Коста оказался в их
числе. Во многих зарубежных странах осетинский язык, как
один из самых древних, вызывает интерес ученых языковедов. И
является предметом изучения студентов
2 амонæг: - Афтæ фæзæгъынц æвзаг, дам, бинонты ′хсæн гуыры. Сывæллон
йæ бинонты хсæн фыццаг ныхас иронау куы фехъуса, фыццаг
ирон зарæг куы сахуыр кæна, зæрдæйæ йæ уæд бауарздзæни,
гъеуæд ын уыдзæни мадæлон.
Æмдзæвгæ Авдæны зарæг.
Сабийæн авдæнмæ дзидзи мад дары,
Мидбылты худгæ йын «А – ло – лай» зары.
Саби дæр раст цыма зарæг æнкъары,
Мады ныхæстимæ не ´взаг æмбары.
Æмдзæвгæ Иры зæхх. Чеджемты Æхсар.
Иры зæхх – Нарты фыдыбæстæ.
Иры цот – хурмæ тырнæг.
Ацы бæрзонд хæхты цæргæстæ
Никуы фæтæхынц ныллæг.
Æмдзæвгæ Мадæлон æвзаг. Даурæ.
Дзур, мæ къона, дзур иронау.
Азтæ атæхдзысты бонау.
Хорз лæг уыдзынæ кæддæр.
Бахъæудзæн дæ гъеуæд сæр.
Базон кафын æмæ зарын,
Зон дæ адæмы нымайын.
Ма у не гъдæуттæн ызнаг.
Уарз дæ мадæлон æвзаг.
Зарæг: Гыццыл алантæ 1 кълас Диск № 12
Æмдзæвгæ Ирон дзырд. Чеджемты Æхсар.
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæйы уарзыс,
Гъе уый у дæ хъысмæт, дæ ном
Ирон дзырд у махæн нæ фыдæлты намыс,
Ирон дзырд – нæ Иры цæсгом.
Зарæг - Райгуырæн зæхх. Чедджемты Æхсар
Бæстæтæ бирæ сты ……..
Хъæлдзæг нывтæ скъоладзауты цардæй.
Сценкæтæ:
Хинæйдзаг скъоладзау. 1 - 2 кълас
Гæды лæг 4 кълас
Ирон нæ жони 2- 3 кълас
Кæронбæттæн:
Æмдзæвгæ ”Ирон фæндыр» Чеджемты Æхсар
Фæндырдзæгъдджыты ансамбль цæгъды. Кафт «Симд».
2 амонæг: - Нæ абоны бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Фæлæ нæй кæрон ирон
аив ныхасæн, ирон æгъдауæн, ирон æфсармæн.
1 амонæг: - Цины бæрæгбæтты æмбæлут.
Зарæг Цæгат Ирыстон. 4 кълас
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Электронное портфолио учителя осетинского языка и литературы Тедеевой Анджелы Викторовны
Электронное портфолио...
Использование новых технологий на уроках осетинского языка и литературы.
Использование новых технологий на уроках осетинского языка и литературы. ...
Доклад"Игровые формы обучения на уроках осетинского языка и литературы".
Темæ. «Хъазты хуызты эффективон мадзæлттæ ирон æвзаджы урокты». «Игра – это огромное окно, через которое в духовный мир ребенка вливается живительный поток пре...
Паспорт учебного кабинета осетинского языка и литературы
Паспорт учебного кабинета осетинского языка и литературы...
Беседа о языке.День осетинского языка и литературы
Разговор о важности изучения родного языка....
Методическая разработка по осетинскому языку и литературе «Мотивация учащихся на уроках осетинского языка и литературы с разным уровнем обученности».
Данная разработка предназначена для учителей осетинского языка и литературы....