Арвы Айдан
план-конспект урока (11 класс) на тему

Дзуцева Римма Болаевна

Арвы Айдан (открытый урок)

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon arvy_aydaen.doc67 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ. «Хæлар зæрдæйы хорзæх æмæ хæрамы фыдæх

                            Бицъоты Гришы роман «Арвы айдæн»-ы.

Урочы нысан.  Сбæлвырд кæнын романы ныхмæвæрд фæлгоцты, раттын    

                          сын характеристикæ.

                          Скъоладзауты ахуыр кæнын  хибарæй хатдзæгтæ кæныныл,

                          хи  хъуыдытæ æргом кæныныл.

                          Æрдзурын адæймаджы фæзминаг миниуджытыл.

Æнцойгæнæн дзырдтæ: хæлар, хæрам.

Урочы пайдагонд цæуы компьютерæй.

                              Эпиграф урокмæ: Хæрамæй кæсын æлгъаг низ у. Адæймаг

                                                             хъуамæ йæ хорздзинæдтæй  фæуæла  -

                                                             хиз уа  йæ фыдгултыл.

                                                                           

                                                                                           ( Цæгæраты Максим)

                                   

                       

                                                      Урочы   цыд.

Бацæттæгæнæн  рæстæг.  

Ног æрмæгыл куыст.  

Ахуыргæнæджы раныхас.

Цард… Зæххыл цы фæзындтæ ис, уыдонæй æппæты вазыгджындæр, æппæты цымыдисагдæр. Дзаг у алы æнæнхъæлæджы цаутæй, зæрдæйыхаттæй алыхуызон чи у, ахæм  адæймæгтæй.  Уыдон хæссынц семæ хæлар зæрдæйы хорзæх дæр æмæ хæрамы фыдæх дæр.

Сымах, æрыгон фæсивæд, тагъд бацæудзыстут уыцы царды гуылфæнмæ.  Уый уæ сисдзæн йæ базыртыл, ахæсдзæн уæ алыхуызон фæндæгтыл. Царды  фæндæгтыл та бирæ алыхуызон адæймæгтыл ис фембæлæн. Мæн фæнды, цæмæй мА фæрæдиат уыдоны  ‘ хсæн  аккаг æмбæлттæ æвзаргæйæ, цæмæй сарæхсат хæлар хæрамæй иртасын.

Уымæн та нын феххуыс  уыдзæн  нæ абоны урочы темæ, кæцы хуыйны «Хæлар зæрдæйы хорзæх æмæ хæрамы фыдæх  Бицъоты Грисы роман «Арвы айдæн»-ы.

Бацархайдзыстæм  характеристикæ раттын хъайтартæн. Сбæрæг кæндзыстæм, чи дзы хауы фыдæх тауджытæм æмæ кæмæй цæуы хæлар зæрдæйы хорзæх.

         

          2. Темæ хуыздæр бамбарынæн спайда кæндзыстæм æнцойгæнæн

               дзырдтæй. Хæдзармæ  куыстæн лæвæрд уыд сбæрæг кæнын уыцы  

            дзырдты   нысаниуæг. Табуафси, хъусын уæм.

   

 3.   Ныр та романы сюжет нæ зæрдыл æрлæууын  кæнæм.

        4.  Скъоладзау  дзуры сюжет.

       Фарст. Ранымайут хъайтарты æмæ зæгъут, куыд сæ фæхицæн кæнын           æмбæлы?

       Дзуапп. Хъайтартæ сæ митæ, сæ хъуыдытæм гæсгæ дих кæнынц дыууæ          

                     къорды  æвæрццаг  æмæ  æппæрццæг.

                                                                                                (схемæ)

      Дзуапп. Æз та сæ адих кæнин хæлар  æмæ хæрам зæрдæйы хицæуттыл.

                                                                                                (схемæ)

      Фарст.  Чи дзы кæцы къордмæ хауы?                            

 

     Дзуапп. Сæрæби,  Ануси, Гацыр, Зæрæбег – уыдон сты хæлар зæрдæйы    

                    хицæуттæ.  Борнæф  æмæ  Дзæмæт та – хæрам зæрдæйы  хи-                                                                                                                

                     цæуттæ.                                                            (схемæ)

     Фарст.  Уæдæ ма дзы  алкæй удыхъæдыл дæр æрдзурæм хицæнæй.

                   Табуафси, хъусын уæм,  чи кæ тыххæй зæгъдзæни?

     Дзуапп. Æз зæгъдзынæн Сæбаны тыххæй. Уый мæм дзы кæсы  æппæты

                   ъæздыгдæр уды хицау. Æркæсæм-ма. У хæстон лæг. Цалдæр

                   онæй æндæр нæма рацыд, тохы быдырæй куы сыздæхт, уæдæй.

                   Здæхгæ дæр скодта цæфæй, къуылыхæй. Фæлæ уыны, йæ сæр

                   хъæуы æххуысæн æмæ йæ сæрмæ нæ хæссы иу ран бадын. Фæраст

                   фæдисы балцы. Сæбан у, адæм сæрыстыр кæмæй вæййынц, ахæм

                   куырыхон адæймаг.

                                                     

                                                      (схемæ)

Фарст. Уæдæ  æмбæлы хатдзæг скæнын схемæиæ гæсгæ, Сæбан кæй уыди

            æфсармджын, æхсарджын, куырыхон, бæрнон адæймаг.

            Æркæсут-ма, ис дзы фарсты нысæнттæ, ома, æмбæлы мА баххæст        

            кæнын. Сæбаны миниуджытæ.  Цавæр  сты уыдон та?

Дзуапп. Æууæнкджын, барон, сыгъдæг уарзондзинады  æнкъарæнты  хицау.

 

Ахуыргæнæг. Бузныг, тынг раст. Фæлæ кæм равдыста уыцы æнкъарæнтæ?

                        Ссарут-ма сæ чиныджы.

Дзуапп.  «Сæбан Анусийы…»   (288 -289 фарс)

Ахуыргæнæг. Раст у. Сæбанæн бирæ гæнæнтæ уыд йæ чизидзинад равдисынæн, фæлæ йын йæ уæздандзинад уый бар нæ  дæтты. Ануси уымæн у Сылгоймаг, уæларвон  æхсинæгау сыгъдæг æмæ адджын, амонд ын чи  ‘рхæсдзæн, ахæм цардæмбал дзы уыны йæхицæн

    ( Æмбæлы бакæсын Хостыхъоты Зинæйы  æмдзæвгæ «Æз-сылгоймаг»).

Фарст. Кæй ма фæнды йæ хъуыдытæ зæгъын?

Дзуапп. Романы персонажтæй цæуынц мæ зæрдæмæ. Фæлæ æрдзурдзынæн Анусийы тыххæй. Ануси у, æппæты фыццаг, хæрзконд сылгоймаг. Ирон сылгоймаджы хæдæфсармдзинадæй æххæст. У хъæлдзæг, кæд æй цард бафхæрдта,уæддæр. Йæ цыргъ æвзаг та дзурæг у йæ зонды фидардзинадыл. Уымæй уæлдай ма æз Анусийы æрæвæрин нæлгоймæгты æмрæнхъ. Сылгоймаг уæвгæйæ нæ фæтарст знагæй, ома, Дзæмæтæй æмæ йыл автомат аскъæрдта. Райста Сæбан æмæ Зæрæбеджы туг. Ануси уарзы Сæбаны, фæлæ у хиуылхæцгæ.

 (Чиныджы ссарын уыцы бынат.  Æрныхас кæнын уарзондзинады тыххæй. Спайда кæнын Дзугаты Г. «Уарзт»-æй).

Фарст. Чи бафидар кæндзæн, Гацыр æмæ Зæрæбег  хæлар зæрдæйы хицæуттæ сты, уый?

Дзуапп. Гацыр æмæ Зæрæбег тынг æнувыд сты кæрæдзийыл. Сæ хæлардзинады бындур у куыстуарзондзинад, æхсæнады фос, цыт æмæ  æгъдауыл иузæрдион кæй сты, уый. Адæймаджы зæрдæ райы сæ ахастдзинæдтæй. Сæ дыууæ дæр, кæд хæсты нæ уыдысты, уæддæр царды бахсыстысты. Зæрæбег Гацыры афтæ уарзы, æмæ æдзухдæр йæ цуры кæй уыдзæн, Гацыр кæм куса, уым кæй кусдзæн, уыцы хъуыдыйыл сахуыр, адæймаг боны рухсыл куыд сахуыр уа , афтæ.

   (Таурæгъ æрдхорддзинады тыххæй.  « Хохы цъуппæй арт цыди  æрдхордмæ...)

 

Фарст. Цавæр хатдзæг скæнæн ис?

 

Скъоладзау. Уæлдæр ранымад персонажтæ  сты хæларзæрдæйы хицæуттæ.

Ахуыргæнæг. Æркæсæм-ма Дзæмæт æмæ Борнæфмæ.

                                       

                                      Схемæ. Хъайтарты  миниуджытæ.

Фарст. Цавæр  удыхъæды  хицæуттæ  сты?

                                  (рольтæм гæсгæ каст 308ф).

Скъоладзау. Мæнмæ гæсгæ ацы дыууæ æнаккаг адæймагыл бирæ дзурын дæр нæ хъæуы: сты хин æмæ кæлæн, цыбыр зонды хицæуттæ. Давын,  лæбурын, æхсæнадон исбонмæ ныхилын – уый у сæ сæйраг нысан. Ацы дыууæ немыцæй фыддæр сты. Æмæ диссаг: иу фæндаг сын къуындæг разынд. Борнæф  Дзæмæты амæттаг фæци.

Фарст. Дзæмæт  æмæ  Борнæфмæ чи хауы, ахæм  цавæр  ирон æмбисонд зонут?

Скъоладзау. Мæсыг хи дурæй хæлы.

 Ахуыргæнæг. Ам мæ фæнды æрлæууын, цæмæй уын бафæдзæхсон иу хъуыддаг.  

  Урочы райдайæны уын загътон, куыд базонат хæлæрттæ ссарын. Уый зын хъуыддаг у. Адæмæй иутæ сты æхгæд зæрдæйы хицæуттæ. Ис æмбисонд, калм, дам, афтæ зæгъы, æз æддæ хъулон дæн, адæм та мидæгæй хъулон сты, зæгъгæ.Уый æцæгæй дæр афтæ у. Бирæтæ   дзургæ   рæсугъд    фæкæнынцæмæ уымæй сусæг кæнынц сæ хæрам зæрдæтæ. Фæлæ равдисын фæхъæуы куырыхондзинад, къæрццхъус уæвын хъæуы, цæмæй фæсмойнаг мА фæуат уе ‘мбæлттæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы, æмбалы хорзæхæй хайджын куыд уат. Уæ зæрдыл бадарут мæнæ ацы зарæджы ныхæстæ.

                                             ( «Æмбалы зарæг»).

Ахуыргæнæг. Мæнмæ та цымыдисаг кæсынц  Бедза æмæ Хъапары фæлгонцтæ.Хæдзармæ уын уыдис  уыцы дыууæ хъайтары тыххæй уæ хъуыдытæ ныффыссын. Табуафси, хъусын уæм.

 

Дзуапп. Мæнæн Хъапар мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Уый у фыдзæрдæ, æгъатыр, Йæ кæстæр æфсымæр Бедзайæн фидис кæны «тæфæйконд», зæгъгæ.Гыццылтыл æй маргæ дæр  кодта. Мæ зæрдыл мын Мулдары æрлæууын кодта.Æз æй ахæссин  æппæрццæг хъайтартæм. Нæ темæмæ гæсгæ та, хæрамы фыдæх чи хæссы, уыдонмæ.

Дзуапп. Æз разы нæ дæн демæ. Хъапар у æвæрццæг хъайтар.О, карз у йе ‘ фсымæрмæ. Фæлæ цæмæн? Нæ йæ фæнды, цæмæй  лæмæгъ, тæппуд уа. Лæгæй хъуамæ лæджы тæф цæуа.Сылгоймаг, мыййаг куы нæ у. Хъапары фæнды, цæмæй йе ‘фсымæр  зындзинæдтæм цæттæ уа. Фыдзæрдæ нæу. Æрхъуыды - ма кæн, Бедза йæм куы фæзынд, уæ йæ цæссыг куыд калди фыр цинæй. Мулдары кой скодтай, æмæ уый дæр æфсымæрмар нæу, ома, у,фæлæ йæ сæрибары охыл  амардта. Æрхъуыды- ма кæ, Мулдары уаллоны цард нæ хъæуы. Мæнæ ма кæс (чиныджы 302ф.) «Стыр афонтæм…    Бедзайы мА ныууадзæм…)

Ахуыргæнæг. Алкæй цæстæнгас дæр уæ у раст. Æхсызгон мын у, хи хъуыдытæ уæм кæй ис.  Ис Бедзайы дыууæ къордмæ дæр ахæссæн. У тæппуд, мæгуыр зæрдæйы хицау.Фæлæ йæм ис хорз миниуджытæ дæр. Уый дунемæ кæсы кусæг лæджы цæстæй. Кусæг лæгæн  та а зæххыл хъуамæ сабыр бынат.Афтæ хъуыды кæны Бедза æмæ чиныгкæсæгæн кæны уарзон.

        Хъапар та у тыхджын, фидар удыхицау. Зын фæндæгтыл  фæцыд, ныр дæр рынчынæй хуыссы, уæддæр бæллы хæстмæ бахауыныл, иу фыдгулы фаг кæд суаин, зæгъгæ, хъуыды кæны.

        Хъапарæн ис фæлмæн зæрдæ, кæд  æргом æвдыст нæ цæуы, уæддæр. Бедза кæй тæрсы, сæхимæ кæй нæ цæуы, ууыл фæсмон кæны. Æмæ, раст цыма уымæ æнхъæлмæ каст, уыйау Бедзайы фæзындимæ йæ адзал ссардта, Ома, йæ мæлæты размæ ма  йе ‘фсымæры кæй федта, уымæй йæ зæрдæ æрæнцад, зæгъгæ, æнæмæтæй ацæудзынæн ме ‘нусон дунемæ.

        Мæнмæ гæсгæ сæ дыууæ дæр сты хæлардзинад  тауджытæ. Сæ хорзæх уыдзæн, сæ алыварс чи уа, уыдон.

Фарст.         Цымыдисаг у Дакийы фæлгонц дæр, мæнмæ гæсгæ. Сымах та куыд хъуыды кæнут?

 

Дзуапп. Цымыдисаг  у, æцæгдæр,  Даки.  Кæд хæрз гыццыл фæзыны, уæддæр хорз фæд ныууагъта. Иузæрдион разамонæг, æхсæнадон хъуыддагыл йæ уд дæр ратдзæн. Мæнæ ма йæ текстæй райсæм  ( 273ф. «Сæбаны размæ…» 278ф.  «278ф. « Цыфæнды…)

Ахуыргæнæг. Дакийы автор равдыста йæ дуджы разамонæгæй. Абарæм ма йæ абоны дуджы разамонджытимæ.

Скъоладзау. Кæй зæгъын æй хъæуы, хицæн кæны абоны хицæуттæй. Абон сæ æппындæр сæхицæй æндæр никæй мæт ис.Æниу , чи ис хицауы бынаты?  Æхцаджынтæ.  Абон сæ Хуыцау у æрмæст  æхца.  Æз уым адæмæн сæхи аххос дæр кæнын. Нæ зонынц сæ бартыл тох кæнын. Æгæр бацыд козбаудзинад сæ туджы.

Ахуыргæнæг.  Уæдæ  Арвы айдæнæй Бицъоты Гриш куыд æркаст зæххон цардмæ, афтæ мах дæр романы хъайтарты зрдæтæм ныккастыстæм æмæ равзæрстам, чи дзы хæссы  хæрамы фыдæх æмæ кæмæй цæуы адæммæ хæлар зæрдæйы хорзæх. Равзæрстам хъайтарты фæлгонцтæ. Ныр та æркæсæм романы æвзагмæ.

Скъоладзау. Автор спайда кодта хъæздыг æвзагæй. Аивадон мадзæлттæй æххæст. Арфæтæ, æмбисæндтæ, æлгъыстытæ дзы ссардтой  бынат.

Чиныгимæ куыст. Ссарын чиныджы аивадон мадзæлттæ.

Арфæтæ: « Дæу немæ цы дуаг рауагъта…»,

                 «Стыр кадджын Хуыцау…»                   (370ф)

                 «Æгайтма æгас хæдзар ссардта…»             

Æмбисæндтæ: «Мæхъæлон хисты дæр ма…»

                           «Иу лæг æгас ком…»                   (371 – 375Ф.)

                           «Йæхи удæн чи нæ у…»

Æлгъыстытæ:  « Дæ дзурæн дзых…»

                          « Уас мыггагскъуыд…»

                                                     Хатдзæгтæ.

Фарст. Цавæр хатдзæгтæ скæндзыстæм нæ урокæй?

1-аг хатдзæг. Абон бæстондæр бамбæрстон романы мидис. Дызæрдыг цы фæрстытыл кодтон, уыдонæн райстон  дзуапп. Зæгъæм, Бедза æмæ Хъапары тыххæй.

2-аг хатдзæг. Мæнæн та мæ хъуыды у ахæм. Арвы  айдæн мæм  кæсы  Хуыцауы хуызæн, ома, арвы  айдæны куыд фæзынынц адæймаджы митæ афтæ, Хуыцаумæ дæр зыны адæймаджы цард йæ райгуырдæй фæстæмæ.  Уымæ гæсгæ адæймаг хъуымæ архайа, цæмæй хæрамæй  мА цæра, фæлæ хæларæй, уæ йæ бынат  уыдзæн дзæнæты.

Фарст. Зæгъут-ма, цавæр литературон  уацмысы  ма  фембæлдыстæм хæларзæрдæ æмæ  хæрам  хъайтартимæ?

Дзуапп. Ахæм хъайтартæ ма ис  «Фæстаг  бæх»  æмæ  «Фæндагсар Уастырджи»-йы.

Ахуыргæнæг. Бузныг уе ‘ ппæтæн дæр. Æз та мæ хатдзæг арфæйы хуызы зæгъдзынæн.

                         

                           Хæрам куы тауа дунейыл йæ фыдæх,

                           Хæрамдзинадæй куы кæна лæг хуыдуг,

                           О, стыр Хуыцау, уæд ратт хæлар зæрдæйы хорзæх,

                           Цæмæй  хæрамæн тагъд фæуа йæ дуг!

Мæн фæнды, цæмæй сымах уат хæлардзинад  тауджытæ, æмæ уæд «дзæмæттæ» æмæ «борнæфтæн» царды бынат нæ уыдзæн.

Зонут, царды хæрамæй æвирхъаудæр нæй, хæлардзинадæй та дзы тæхудиагдæр нæй.

                                ( Æмбæлы сочинени бакæсын ).

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хæдзармæ куыст. Бацæттæ кæнут  пълан  сочиненийæн ахæм темæйыл «Хæрамы фыдæх æмæ хæлары хорзæх».

                       

         


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект к уроку осетинской литературе "Арвы айдан"

Урочы нысантæ:1. Сбæрæг кæнын уацмысы ныхмæвæрд фæлгонцтæ, характеристикæсын раттын.2.Скъоладзауты ахуыр кæнын уацмыс анализ кæнын, хибарæй хатдзæгтæ  кæнын,   хъуыдытæ  раст æргом...