«Зымæгон райсом» (Челæхсаты Магрез)
учебно-методическое пособие (10 класс)

Урочы  нысантæ.

Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.

Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ дзурын; хатдзæгтæ кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын.

Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын.

Практикон: дзурын зымæгон æрдз æмæ  хи æнкъарæнты тыххæй нывмæ гæсгæ; дзургæ æмæ фысгæ ныхасæй пайда кæнын; дзырдтæ-клишетæй пайда кæнын арæхсын баст текст аразгæйæ; номдары тасындзæг æмæ домгæвазыгджын хъуыдыйад сфæлхат кæнын.

Урочы хуыз.

Нывимæ куыст

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

 Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_10_kl._nevl_fgos_tehn_karta.docx33.73 КБ

Предварительный просмотр:

Кълас:   10 ( ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы скъоладзаутæн)

Ахуыргæнæг: Кцойты М.И.

Темæ: «Зымæгон райсом» (Челæхсаты Магрез)

Урочы  нысантæ.

Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын.

Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; бæлвырд темæйы фæдыл хи хъуыдытæ дзурын; хатдзæгтæ кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын.

Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын.

Практикон: дзурын зымæгон æрдз æмæ  хи æнкъарæнты тыххæй нывмæ гæсгæ; дзургæ æмæ фысгæ ныхасæй пайда кæнын; дзырдтæ-клишетæй пайда кæнын арæхсын баст текст аразгæйæ; номдары тасындзæг æмæ домгæвазыгджын хъуыдыйад сфæлхат кæнын.

Урочы хуыз.

Нывимæ куыст

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын.

Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

 Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон.

 

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Хъуысы классикон музыкæ.   (Вивальди «Афæдзы афонтæ.  Зымæг.»)

Ахуыргæнæджы эмоционалон разныхас нывгæнæг Челæхсаты Магрезы тыххæй. (1-3 слайдтæ)

Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ, бæрæг кæнынц урочы цæуыл дзурдзысты, уый.

 

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

Интерактивон фæйнæгыл цыбыр текст нывгæнæджы тыххæй. Бавæрын дзы хъæуы хъæугæ дзырдтæ.(4слайд)

… зындгонд австриаг нывгæнæг-абстракционист Георг Бранднер уыдис уазæгуаты Ирыстоны. Уый … аивадон симпозиум «Аланикæ»-йы. Фæсарæйнаг нывгæнæджы  зæрдæмæ тынг фæцыдис Магрезы …, æмæ йæ ахуыдта Æппæтадæмон аивадон симпозиуммæ Австримæ. Ирон нывгæнæг … австриæгты йæ куыстытимæ. Магрезы нывтæй иу-цалдæр … фæсарæйнаг коллекционертæ, цалдæр та дзы балæвар кодта йæ …. Æхца сæ кæй нæ бакуымдта, уый сæм тынг диссаг… .

Хъæугæ дзырдтæ: базонгæ кодта; сфæлдыстад; архайдта; æрæджы; балхæдтой; фысымтæн; фæкастис.

Фарст: Цы базыдтат ногæй ацы текстæй нывгæнæджы тыххæй? Куыд уæм фæкастис, æхца йæ фысымтæй кæй нæ райста, уыцы хабар?

Скъоладзаутæ дзуæппытæ дæттынц.

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды)

коммуникативон

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

Чиныгимæ куыст

Диалогон ныхас. Ахуыргæнæг æвдисы скъоладзаутæн Магрезы пейзажтæй цалдæр æмæ сæ фæрсы, цавæр сюжеттæ æмбæлынц арæхдæр нывгæнæджы куыстыты, уымæй.

Ахуырдзауты дзуæппытæй:«райгуырæн зæхх», «хъæуккаг цард», «хуымæтæг адæмы цард», «зымæгон æрдзы нывтæ»… Ахуыргæнæг  бæтты сывæллæтты ныхæстæ урочы темæимæ, æвæры ахуырдзауты размæ  урочы нысантæ, зонгæ сæ кæны ныв «Зымæгон райсом»-имæ. (5-8 слайдтæ)

  1. Дзырдуатон куыст.

(æнахуыр фæлгонц; фенæн ис нывты; ныхмæвæрд ахорæнтæ; райдзаст æнкъарæнтæ; дæтты æнцойдзинад; хохы фахс; æрвылбон цард; кæрты змæлын; фос тæрын; сыгъзæрин цъынатæ)

  1.  Лексикон фæлтæрæн.

Дзырдбæстытæй саразын хъуыдыйæдтæ нывмæ гæсгæ. Зæгъæм: 1.Нывы фенæн ис æнахуыр бæрзонд раст бæлæстæ. 2.Хосы сыгъзæрин цъынатæ æмбæрзт сты урс митæй æмæ а.д.

  1. .Грамматикон хæслæвæрд.

Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй  бæттæгты руаджы саразын вазыгджын хъуыдыйæдтæ (фæлхат). Ацы хæслæвæрды размæ скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын домгæвазыгджын хъуыдыйæдты бæттæгтæ (аххосы уæлæмхæст хъ-д; афоны уæлæмхæст хъ-д æмæ æнд.)

 Бæттæгтæ: цы-уыдоны; уымæн æмæ; куы-уæд.

Ахуырдзаутæдзуæпп дæттынц:

«райгуырæн зæхх», «хъæуккаг цард», «хуымæтæг адæмы цард», «зымæгон æрдзы нывтæ»…

Ахуыргæнæг æмбарын кæны дзырдты нысаниуæг, ахуырдзаутæ дзырдты 2 къордæй аразынц дзырдбæстытæ  (бæттынц сæ фатæгтæй)

Аразынц хъуыдыйæдтæ

Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй  бæттæгты руаджы аразынц вазыгджын хъуыдыйæдтæ

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын)

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын).

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

Къордты куыст:

Диалогон ныхас.

Фæрстытæ:

1.Кæй ныв у ацы ныв? Куыд хуыйны?

2.Чи у Челæхсаты Магрез? Цы зоныс ацы нывгæнæджы тыххæй?

3.Цавæр афæдзы афон у нывгæнæгæн уарзондæр? Цæмæн?

4.Цы ‘вдыст цæуы нывы 1 пъланы?

5.Цавæр сты бæлæстæ? Цæмæн дæм кæсынц æнахуыр? Цы нысан кæнынц?

6.Цы лæууы бæлæсты аууæтты?

7.Цæмæй æмбæрзт сты хосы сыгъзæрин цъынатæ?

8.Куыд æвдыст цæуы хъæуккаг адæмы цард?

9.Цы уынæм нывы фæстаг пъланы?

10.Цавæр ахорæнтæй фыст у ныв?

11.Куыд дæм кæсы, рагон дæснытæй кæй нывты хуызæн у?

12.Дæ зæрдæмæ фæцыдис (нæ фæцыдис) ныв? Цавæр æнкъарæнтæ дæм гуырын кæны?

Монологон ныхас.

Ахуырдзаутæ кæрæдзимæ дæттынц фæрстытæ (карточкæтыл фыст) æмæ сын дзуæппытæ дæттынц.

Фæрстытыл æнцойгæнгæйæ, ахуырдзаутæ аразынц баст текст.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Хатдзæгтæ скæнын.

– Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок?

– Цавæр хатдзæгтæ скодтат?

– Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн ацы дыууæ хъуыдыйадæй иуæй пайда

кæнгæйæ:

   

   Æз ацы урочы бакуыстон хорз.  

  Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз.

дзуапп дæттынц

аргъ кæнынц сæ куыстæн

Зонадон

(анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Хæдзармæ куыст.

ныффыссын нывæцæн нывмæ гæсгæ

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»

                  Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:  Т. Яблонская «Райсом»...

Нывæцæн нывмæ гæсгæ. Челæхсаты Магрез «Зымæгон райсом».

Урочы темæ: Нывимæ куыст. Челæхсаты Магрез «Зымæгон райсом»(2 сах.:1сах. нывæцæнмæ цæттæгæнæн урок, 2 сах.нывæцæн ныффыссын)Урочы хæстæ: Хъомыладон: скъоладзауты ирон аивады номдзыд минæвæ...

Презентация "Челæхсаты Магрез"

ПРезентация к уроку по осетинскому языку в 6 классе...