"Пришла весна".
план-конспект занятия по краеведению (5 класс) на тему
Предварительный просмотр:
Темæ: «Ралǽууыд уалдзǽг Нǽртон бǽсты!»
15-æм астæуккаг скъола
ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
Хадыхъаты Ларисæйы бакуыст
Практикон хǽстǽ: ахуыр кǽнын скъоладзауты дзургǽ ныхасыл, уǽрǽхдǽр кǽнын скъоладзауты миддуне.
Зонадон: уǽрǽхдǽр кǽнын скъоладзауты дунейы ǽмбарынад, литературон культурǽ.
Хъомыладон:рǽзын кǽнын скъоладзаутǽм сфǽлдыстадон цǽстǽнгас сǽ куыстмǽ, гуырын кǽнын уарзондзинад ǽрдзмǽ.
Сценæйы фæлыст: къулыл сывæллæтты конд нывтæ, газеттæ, чингуыты тæрхæг «Ирон фысджытæ – уалдзæгыл», дидинджытæ.
(хъуысы музыкæ – æрдзы хъæлæстæ)
(Презентаци «Уалдзǽг»)
Эпиграф
Уарзты рухсæй тоны зæрдæ –
Уарзты цинæй райгуырд зарæг.
Уалдзæгæй ныррухс ис бæстæ.
Уалдзæг у мæ цины барæг.
Уалыты Лаврент
Ахуыргæнæджы разныхас:
Æрцыд та нæм уалдзæг! Уалдзæджы ралæудимæ та зæрдæйы ног бæллицтæ райгуырди.
Уалдзæджы хъарм фæтых вæййы хъарм бæстæты хъармыл дæр æмæ бæрæгбонмæ хонæгау фæсиды йæ базырджын бирæ хæлæрттæм. Арсы сыстырзæрдæ кæны йæ ирвæзынгæнæг лæгæтыл, калмы – йæ хуынкъыл, базмæлынц зайæгойтæ.
Афæдзы никæцы æндæр афонимæ абарæн ис уалдзæгæн, уымæн æмæ уалдзæг у царды райдайæн. Адæймагыл цалфæнды уалдзæджы куы ралæууа, уæддæр дзы иу иннæйы хуызæн никуы уыдзæн. Уыдон æрхæссынц махæн амонд, сты зынаргъ æмæ адджын.
Мæнæ куыд рæсугъд ныхæстæ загъта Уалыты Лаврент йе’мдзæвгæ «Уалдзæг»-ы.
Уарзты рухсæй тоны зæрдæ –
Уарзты цинæй райгуырд зарæг.
Уалдзæгæй ныррухс ис бæстæ.
Уалдзæг у мæ цины барæг.
Уары, уары – цины уарын,
Найы хур йæхи йæ тынты
Уарзы зæрдæ – хорз у уарзын,
Райы дуне – хъазт йæ уынгты.
Уалдзæг, уалдзæг, уалдзæг цард у!
Музыкæ ( «Зæрдæйы зарæг» Цæгæраты Г. Гуырдзыбекты Б.)
1 хай
Ралæууыд уалдзæг нæртон бæсты,
Мидбылты бахудт бон.
Мæргъты буц зардæн нæ арф кæмтты.
Бахъырны Терчы дон.
Хуссар фарс фæцъæх,
Дидинæг фестад дон,
Маргъау мæм цырд æртæх,
О мæ цард, о мæ бон.
Базард
Рхаста нын амонд уалдзыгон бон.
Ратоны уарзтæй риу.
Арф кæмтты таджы базары дон,
Къалиуæй та нæм – цъиу.
1 амонæг.
Зæххы цъарыл Хуыцау æппæты рæсугъддæр сылгоймаджы сфæлыста. Йæ цытджын бæрæгбон 8 Мартъи дæр уалдзæджы нæргæ къæсæрыл хуымæтæджы æвæрд не рцыд.
2 амонæг.
Æвæдза, зæрдæйæн куыд æхсызгон вæййы, уалдзæг мæнæ ис, зæгъгæ, нæм дзывылдар хæрзæггурæггаг куы фæвæййы, уæд.
Кæсæг («Уалдзæг» Асаты Реуаз)
Ног та нæм æртахтысты
Дзывылдæрттæ хъарм бæстæй
Ныр æгуыстæй чи бады –
Фенон, фенон дзибаты
Хæдзæртты дæлбазыртæй
Разынынц сæ базыртæ
Тагъд фæзындзæн дидинæг,-
Буц уалдзæджы фидиуæг
Хуры тынтæм худдзæни,
Рухс цырагъау суддзæни.
1амонæг.
Уалдзæджы æрцыдимæ мæргътæ дæр кæрæдзи арфæты бын фæкæнынц, æгайтма ныл уалдзæг сæрæгасæй æрцыди, зæгъгæ. Ахстæттæ бийынмæ сыл цыппæргай базыртæй базайы.
Кæсæг. («Ахстæттæ»)
Уалдзæг! Уалдзæг!
Худы бон.
Æрхы хъæлдзæг
Уайы дон
Тагъд та хъæды
Зардзæн маргъ,
Маргъ йæ фæдыл
Сайдзæн мах
Маргъы дæр
Хъæуы хæдзар:
Уа цæмæй
Рæсугъд йæ цард
Ахстæттæ
Ыскодтам мах,
Ног къуымты
Цæрдзысты тагъд
Рауаддзысты
Уым лæппынтæ,
Зардзысты
Гыццыл лæппутæн!
Музыкæ («Зæрдæйы зарæг» Цæгæраты Г., Гуырдзыбекты Б.)
2 хай
Мысын дæ, мысын, æз, сау лæппу,
Фæзын мæм рæвдздæр ды.
Дæ цæстæнгасæй мæн барæвдау
Уалдзыгон изæрты
Уарзын бирæ дæу,
Де'нгасæй батав мæн,
Мах иумæ азарæм,
Æз дæу дæн, уæд ды – мæн.
Базард:
Уалдзыгон зарæг зылангдæрæй
Сисæм, мæ уарзон, цæй
Уадз æмæ кæмттæ ныццарауой
Абон нæ зарджытæй
Уарзын бирæ дæу,
Де'нгас рæвдауы мæн,
Мах иумæ азарæм,
Æз дæу дæн, уæд ды – мæн.
2 амонæг
Куыд кæсын, афтæмæй мах иууылдæр æнхъæлмæ кæсæм уалдзæджы фæзындмæ. Цæй, æмæ ма уалдзæгмæ фæдзурæм. Æрбахонæм æй уазæгуаты.
1 кæсæг
Хур, дæ дзаг цæстæй æркæс,
Курæм, мах – дæ уазæг!
Ралас карз зымæджы кæрц,-
Ралæууа та уалдзæг.
2 кæсæг
О, кæй нæ хъæуы дæ сæр?
Нал фæразæм митæй
Мысæм къада дæтты хъæр,
Мæргъты зард къуыззиттæй
1 кæсæг
Хур, о, бирæ у дæ бон,
Не взонг удты бацæр!
Рухс цъæх уалдзæджы æрхон
Иры дзыхъмæ тагддæр!
Иумæ
Уалдзæг, курæм дæ, æрцу нæм! ( Сывæллæттæ æппарынц хæрдмæ гæххæттæй цъиутæ. Чызг æрбацыд уалдзæджы фæлысты)
Уалдзæг
Æз дæн уалдзæг!
Мæ минæвар у малусæг,-
Цъæх уалдзæджы æмгар
Мæнгард лæг æмæ магуса –
Мæнæн цæстысындз, марг
Сымах ном мысæм, мадæлтæ,
О, макуы фенут маст
Мыдыкъусау фæстагæттæн
Куы байуарут уæ уарзт.
Зарæг ( «Мады зарæг» Цæгæраты Г., Хаханты Д.)
Мады мах нæ зæххон стъалы хонæм,
Мадыл мах нæ хуыздæр зарæг зарæм.
Мадæн мах сырх дидинджытæ тонæм,
Мады мах сæуæхсидимæ барæм.
Мады хуызæн ничи зоны уарзын,
Бауарзта – мыггагмæ уæд, æнусмæ,
Мад – хъæбатыр, мад – сæрыстыр, барджын,
Уый кæсы, цæуы æрмæстдæр рухсмæ.
Сывæллæттæ зарынц («Сабитæ» Хозиты Я.)
Рауай, рауай, уалдзæг,
Разгъор нæм цæрдæг.
Мах кæнæм дæ зарæг,
Мах ыстæм цæрдæг!
Уалдзæг
О, мæ гыццыл хуртæ,
Бирæ мын цæрут.
Алкæддæр нæм худгæ,
Хъæлдзæгæй цæут.
Сабитæ Асур тагъддæр миты,
Айваз тынгдæр бон
Æмæ та нæм цъиуты
Дард бæстæй æрхон.
Æрдзыл гауыз бамбæрз,
Фæзтæн ратт æвзаг,-
Махæн демæ рахæсс
Дидинджытæ фаг.
Уалдзæг Ногæй та сымахæн
Цин æрхастон æз:
Дарийау уæ хъазæн –
Дидинæгджын фæз.
Ркодтон мемæ мæргъты,
Хурмæ айтынг бон,
Хъæдтыл, фæзтыл, рæгътыл
Скодтон æз хæдон.
Хъæлдзæг - иууыл бæстæ,
Райдзаст æмæ цъæх.
Сабитæ Иууыл, иууыл ардæм!
Уадындз, тынгдæр уас!
Ис дæуæн æрмæстдæр
Мах зæххыл бынат.
Махау у дæуæн дæр
Хуры тын дæ мад.
Махау – буц дæ зæрдæ,
Хъæлдзæг та дæ уынд.
Уалдзæгмæ дæттынц нуазæн.
Уазæг, мидæгдæр – ма рахиз,
Цу нæм алы бон æгас!
Ирмæ рагæй буц у уазæг,
Уазæгимæ рцæуы уалдзæг,
Уазæг – фысымы цин, уарзт,
Уæдæ райс нæ къухæй нуазæн.
(Уалдзæг райста нуазæн æмæ кувы)
Уалдзæг
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ахуыры æнтыстдзинæдтæ. Цы хорз бæллицтæ уæм ис, уыдон уын уалдзыгон дидинæгау райхæлæнт.
1 амонæг
Уалдзæг фæрнджын къах æрбавæрдта,
Дæттæн ыстынг ис сæ загъд.
Ахстæттæ кæнынмæ бавнæлдтам,-
Мæргътæ æртæхдзысты тагъд!
2 амонæг
Мидбылты худгæйæ æрцыдис уалдзæг.
Æрцыдис, фæлæ хъызт зымæджы фæстæ,
Бæлæсты æрæййæфта бæгънæгæй.
Бæлæстæ
Бæгънæгæй нæ фидауæм, уалдзæг!
1 амонæг
Сæ къалиутæ батылдтой бæлæстæ.
2 амонæг
Уалдзæг хъарм уæлдæфæй раулæфыд
æмæ бæлæстæ ныззарыдысты.
Бæлæстæ
Мах нæ уалдзæг сойы надта,
Радта улæфæн сыфтæртæ…
2 амонæг
Цæугæдæтты сыр-сыр ссыдис
Цæугæдæттæ
Махæн ницы? Ницы радта?
Уæд цæмæйты стæм фылдæртæ?
1амонæг
Хæхтæ арвы бынæй æркастысты!
Хæхтæ
Уæд йæ улæфт та кæм уагъта?
Чи нын аскъæфта нæ худтæ?
2 амонæг
Худæгæй бакъæцæл сты быдыртæ!
Быдыртæ
Цæй, цы ма зæгъæм ныр мах та?
Зæхх – æвдисæн æмæ суд дæр.
1 амонæг
Зæхх æхсызгонæй сулæфыд йæ фæтæн риуы дзаг.
Уалдзæг
Сывæллæттæ, хорз мæ суазæг кодтат. Бирæ мæ уарзут. Фæлæ мæн фæнды
базонын – цы зонут мæн тыххæй. Цæй ма, базонут.
- Мит кæд фесты иууыл дон,
Æрдз кæд ыскæны хæдон
Ног цъæх дарийæ? (уалдзæджы)
- Царди-уыди 12 æфсымæры.Уыдонæй æртæ зæхх рæсугъд кодтой. Цавæр
мæйтæ сты?
( Тæргæйтты, Хуымгæнæны, Зæрдæвæрæны.)
- Бирæ бæрæгбæттæ ис уалдзæджы. Зонут сæ?
(хоры бон, лауызгæнæн,куадзæн)
-Цавæр цъиуы æртахтимæ кодтой нæ фыдæлтæ хуым? (дзывылдары)
Цавæр æмбисæндтæ зонут мæн тыххæй?
(«Уалдзæджы минæвар – дзывылдар», «Уалдзæг – уæрыкджын», «Уалдзæг – рæдау у», «Уалдзæг – гуырæн дуг»)
- Сывæллæттæ, тынг хорз зонут алцы дæр. Цæй, æмæ ныр та байхъусæм,
цавæр æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ зонут. (сывæллæттæ дзурынц
æмдзæвгæтæ, зарынц.)
1амонæг
Уалдзыгон къæсæрæй
Малусæг ныххудт
Исын уын мæ сæрæй
Ацы бон мæ худ
2амонæг
Ут рæвдыд Хуыцауæй,
Цардæфсис, хъæрмуд
Бурхилтæ мæ сауæй
Буды тæф кæнут.
1 амонæг
Кæлмæрзæн куыд лæууа
Худæмвæз æдзух
Иу дæр уæ куыд нæ уа
Авд хъæбулæй цух.
2 амонæг
Хъамаджынтæй царды
Макуы фенут маст
Сæвдулæд уæ царвы
Мартъийæн йæ Аст.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Сценарий весеннего развлечения "Пришла Весна" (младшая группа)
Сценарий весеннего развлечения для младших групп.Пришла Весна....
Конспект открытого занятия для младших школьников "Пришла весна!"
Материалы конспекта открытого занятия для младших школьников "Пришла весна!" могут использоваться в начальной школе или 5-6 классах при изучении темы "Весенний пейзаж" или "Стихотворения русских поэто...
Спортивно-оздоровительное мероприятие "Весна пришла- весне дорогу"
Мероприятие посвященное Дню Здоровья, для обучающихся 3-4 х классов....
коррекционное занятие по аппликации "Пришла весна"
занятие по аппликации на тему "Пришла весна", она содержит полный конспект занятия и фотографии на разных стадиях выполнения аппликации....
"ПРИШЛА ВЕСНА" Познавательно - развлекательная программа для учащихся начальных классов.
"ПРИШЛА ВЕСНА." Познавательно - развлекательная программа для учащихся начальных классов.Данный материал можно использовать для проведения внеклассных мероприятий. Цели: Об...
Сценарий весеннего праздника для воспитанников Дома ребенка "Пришла Весна!"
Цели праздника: - доставить детям радость и удовольствие; - организовать непринужде...
Сценарий праздника 8 марта "Весна пришла, весне дорогу!"
В сценарии участвуют учащиеся 2классов ( девочки) танцуют вальс цветов, юноши 10 классов в роли джентельменов ведут диалог о женщинах . Интересным моментов является в исполнении юношей песни и танцева...